Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

16 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

64 ЗАР Хумгӕрдӕни зӕрдиагӕй косӕн

Игъосун кӕнуни гъуддаг дин фулдӕр цийнӕ хӕссӕд

Игъосун кӕнуни гъуддаг дин фулдӕр цийнӕ хӕссӕд

«Йеговӕн лӕггадӕ кӕнтӕ цийнӕгӕнгӕй» (ПС. 100:2).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нин игъосун кӕнуни гъуддаг фулдӕр цийнӕ хӕсса.

1. Еуӕй-еуети зӕрдӕмӕ игъосун кӕнун цӕмӕннӕ цӕуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

 МАХ, Йегови лӕггадгӕнгутӕ, нӕ уӕларвон Фиди хъӕбӕр берӕ уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой туххӕй иннетӕн дзорун. Берети зӕрдӕмӕ хуарз хабар игъосун кӕнун хъӕбӕр цӕуй. Фал иннетӕ ба еци гъуддаг неци уотӕ уарзунцӕ. Цӕмӕннӕ? Ка ’й зонуй, хъӕбӕр ӕфсӕрмигӕнагӕ ’нцӕ кенӕ иннети хӕццӕ дзорунмӕ сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Кӕмӕн дӕр ба ӕнӕ хонӕгӕй ескӕмӕ ’рбацӕун зин фӕууй. Фӕууй ма уӕхӕнттӕ дӕр, ӕма фӕттӕрсунцӕ, адӕймаг сӕмӕ ку нӕ байгъоса, сӕ хӕццӕ буцӕу кӕнун ку райдайа кенӕ ба ма сӕ уайдзӕфти буни дӕр ку фӕккӕна. Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр Йегови берӕ фӕууарзунцӕ. Фал син ӕнӕзонгӕ адӕни хӕццӕ Библий туххӕй дзубанди кӕнун зин фӕууй. Кӕд уотӕ ’й, уӕддӕр ӕй лӕдӕрунцӕ, е хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ке ’й, ӕма еци гъуддаги ӕдзохдӕр фӕййархайунцӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йеговӕ си хъӕбӕр сӕрустур ӕй!

Дӕ зӕрдӕмӕ игъосун кӕнун цӕуй? (кӕсӕ 1 абзац)


2. Кӕд игъосун кӕнуни гъуддаг дӕ зӕрдӕмӕ неци уотӕ ма цӕуй, уӕддӕр дӕ къохтӕ цӕмӕннӕ гъӕуама уадзай?

2 Ду ба игъосун кӕнунмӕ ескӕд тухтӕрӕгау фӕццӕуис? Кӕд гъо, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма ’руадзӕ. Адӕймаг цӕмӕдӕр ӕ нифс ку нӕ фӕххӕссуй, уӕд е арӕх уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма сӕрниллӕг ӕй. Нӕ ’й фӕффӕндуй еске хӕццӕ буцӕу кӕнун ӕма ӕхемӕ ӕгӕр берӕ ӕргом ӕздахун. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, хилӕ кӕнун ку райдайунцӕ кенӕ нӕмӕ ку нӕ фегъосунцӕ, уӕд е ӕхцӕуӕн некӕмӕн фӕууй, уомӕн ӕма ’й фӕллӕдӕрӕн, адӕнӕн хуарз цидӕр радзорунмӕ ке ’рбацудан. Нӕ уӕларвон Фидӕ дӕр еци зиндзийнӕдтӕ уинуй ӕма нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нин ӕнхус кӕндзӕй (Ис. 41:13). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, цӕхуӕн фондз гъуддаги нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй игъосун кӕнун никки фулдӕр бауарзӕн ӕма нӕ нифс сӕттун ма бауадзӕн.

ХУЦАУИ ДЗУРД ДИН ХЪАУРИТӔ ДӔТТӔД

3. Кӕд Йеремийӕн игъосун кӕнун ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр ин ци ӕнхус кодта?

3 Рагидзаманти дӕр Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн баихӕс кӕнидӕ, ӕнцон ка н’ адтӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ. Цума сӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйиуонцӕ? Хъауритӕ син лӕвардта Хуцауи Дзурд. Цӕветтонӕн райсӕн Йеремий. Йеговӕ ин баихӕс кодта игъосун кӕнун. Фал Йеремимӕ уотӕ кастӕй, ӕма еци гъуддагбӕл не ’схъаурӕ кӕндзӕй. Йеговӕн уотӕ загъта: «Ӕз нурма ӕригон дӕн, ӕма дзорунмӕ дӕр нӕ арӕхсун» (Йер. 1:6). Цума ин ци банхус кодта, цӕмӕй фӕннифсгундӕр адтайдӕ? Хуцауи Дзурд. Йереми загъта: «Ӕ дзурд мӕ зӕрди арти хузӕн сугъдӕй. Арти хузӕн ме стгути медӕг. Ӕма ’й уорамунӕй бафӕлладтӕн» (Йер. 20:8, 9). Ӕцӕгӕйдӕр, кӕд Йеремийӕн ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр, ци хабар игъосун кодта, е ин хъауритӕ лӕвардта, цӕмӕй ӕ ихӕс нифсгунӕй ӕнхӕст кодтайдӕ.

4. Хуцауи Дзурд ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй? (Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10).

4 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн дӕр хъауритӕ лӕвардта, Хуцауи Дзурди ци финст ес, е. Ӕ финстӕги Колоссӕгтӕмӕ апостол Павел ӕнсувӕртӕн загъта, бӕлвурд зонундзийнӕдтӕ сӕмӕ ку уа, уӕд, дан, «цӕрдзиайтӕ, Йеговӕмӕ раст куд кӕсуй, уотӕ ӕма... уин берӕ ӕнтӕсдзӕй алли хуарз гъуддаги дӕр». (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10.) Еци хуарз гъуддӕгтӕй еу ӕй хуарз хабар игъосун кӕнун. Хуцауи Дзурди ци финст ес, уой ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндун райдайӕн ӕма ’й фӕллӕдӕрӕн, Хуцауи Паддзахади туххӕй адӕнӕн игъосун кӕнун цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й, уой.

5. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Библи кӕсун ӕма ӕртасун никки фулдӕр пайда хӕсса?

5 Хуцауи Дзурд ци пайда хӕссуй, уой ӕнхӕстӕй фӕууиндзӕнӕ, ӕнӕ хӕлӕфӕй ӕй ку кӕсай, ку ’й ӕртасай ӕма ибӕл ку сагъӕс кӕнай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Кӕсгӕ-кӕсгӕй цӕхуӕндӕр ӕнахур стихбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд ибӕл ма райевгъуйӕ, фал ци нисан кӕнуй, уомӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕ. Испайда кӕнӕ ӕрмӕгӕй «Индекс публикаций Сторожевой башни» кенӕ «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы». Дӕ нисан Библи тагъд-тагъдӕй ракӕсун ку нӕ уа, фал ӕй лӕмбунӕг ку ’ртасай, уӕд никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзӕнӕ, Хуцауи Дзурди цидӕриддӕр финст ес, е раст ке ӕй (1 Фес. 5:21). Ӕма уобӕл куд федардӕрӕй ӕууӕндай, уотӕ дӕ хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй Библий туххӕй иннетӕн дзорун.

ИГЪОСУН КӔНУНМӔ ДӔХЕ ДЗӔБӔХ ЦӔТТӔ КӔНӔ

6. Игъосун кӕнунмӕ цӕттӕ кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?

6 Игъосун кӕнунмӕ дӕхе дзӕбӕх ку цӕттӕ кӕнай, уӕд минкъийдӕр тухсдзӕнӕ ӕма дин дзубанди кӕнун ӕнцондӕр уодзӕй. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгти игъосун кӕнунмӕ ку рарвиста, уӕд бал син уой размӕ бӕлвурд амундтӕ равардта ӕма син загъта, куд ӕма сӕ ци кӕнун гъӕуй, уой (Лук. 10:1–11). Гъема етӕ дӕр испайда кодтонцӕ, цӕбӕл сӕ исахур кодта, уомӕй ӕма уой фӕрци сӕ лӕггадӕ устур пайда ӕрхаста, удта сӕ зӕрдитӕ дӕр цийнӕй байдзаг ӕнцӕ (Лук. 10:17).

7. Дӕ бон куд ӕй дӕхе игъосун кӕнунмӕ бацӕттӕ кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Дӕ бон куд ӕй дӕхе игъосун кӕнунмӕ бацӕттӕ кӕнун? Расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон ци ӕма куд адтайдӕ зӕгъун, уобӕл. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, адӕн дин ци дзуӕппитӕ дӕтдзӕнцӕ ӕма син дӕ бон ци уодзӕй зӕгъун, уой. Уой фӕсте ба мацӕбӕл бал тухсӕ, адӕнмӕ дӕ медбилти ходӕ ӕма зӕрдхӕлар уо.

Дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ (кӕсӕ 7 абзац)


8. Павел киристӕнтти ӕргъӕ дзаумати хӕццӕ цӕмӕн рабарста?

8 Апостол Павел хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ финста: «Фал нин еци хӕзна ӕй ӕргъӕ дзаумати» (2 Кор. 4:7). Цӕхуӕн хӕзнай кой кодта? Еци хӕзна ӕй нӕ лӕггадӕ (2 Кор. 4:1). Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма адӕнӕн Паддзахади туххӕй хуарз хабар ку фегъосун кӕнӕн, уӕд син уотемӕй сӕ цард фӕййервӕзун кӕнӕн. Ӕргъӕ дзауматӕ ба цӕмӕ амонунцӕ? Хуцауи лӕггадгӕнгутӕмӕ. Цума Павел уӕхӕн рабарстӕй цӕмӕн испайда кодта? Уомӕн ӕма уӕди рӕстӕг саудегертӕ, хъазар ци адтӕй, уой уӕхӕн ӕргъӕ дзаумати фӕлласиуонцӕ, зӕгъӕн, аллихузи хуӕруйнӕгтӕ, сӕнӕ ӕма ӕхца. Гъе уотӕ мах дӕр адӕнӕн хъазар цидӕр хӕссӕн – Йеговӕ нин ке бабарӕ кодта, еци хуарз хабар. Ӕма Йеговӕ ӕхуӕдӕг ӕ цӕстӕ даруй, цӕмӕй нӕмӕ еци ихӕс ӕнхӕст кӕнунмӕ хъауритӕ уа.

ЙЕГОВӔЙ НИФСХАСТДЗИЙНАДӔ КОРӔ

9. Адӕни хӕццӕ исдзорунмӕ нӕ нифс ку нӕ хӕссӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Еуӕй-еухатт адӕни хӕццӕ исдзорунмӕ нӕ нифс нӕ фӕххӕссӕн, уомӕн ӕма фӕттӕрсӕн, ци зӕгъдзӕнцӕ кенӕ ци бакӕндзӕнцӕ, уомӕй. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уобӕл ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнӕн? Гъӕйдӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, апостолтӕ куд архайдтонцӕ, игъосун кӕнун сӕ ку нӕбал уагътонцӕ, уӕд. Етӕ Йеговӕй курдтонцӕ: «Дӕ цагъартӕн банхус кӕнӕ, дӕ дзурд дин нифсгунӕй куд дзоронцӕ» (Гъуд. 4:18, 29, 31). Ӕма син Хуцау дӕр еци фӕдбӕл исдзуапп кодта. Еуӕй-еухӕттити адӕнӕй ке тӕрсӕн, е нӕбӕл фӕхъхъӕбӕрдӕр уй. Фал уӕддӕр гъӕуама Йеговӕй корӕн, цӕмӕй нӕ зӕрди ци уарзондзийнадӕ ес, е еци тасӕй хъӕбӕрдӕр уа.

Ковӕ, цӕмӕй нифсхаст уай (кӕсӕ 9 абзац)


10. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нӕ бон уа е ’Вдесӕнтӕ ун? (Исай 43:10–12).

10 Йеговӕ нӕ устур кадӕй исхайгин кодта – искодта нӕ е ’Вдесӕнтӕ. Удта ма нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ке нин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа нифсхаст ун. (Бакӕсӕ Исаййи 43:10–12.) Ӕркӕсӕн, уой туххӕй цӕхуӕн цуппар мадзалемӕй пайда кӕнуй, уомӕ. Фиццаг: хуарз хабар ку фегъосун кӕнӕн, уӕд нӕ хӕццӕ фӕууй Йесо Киристе (Матф. 28:18–20). Дуккаг: Йеговӕ нин ӕнхусмӕ рарветуй ӕ изӕдти (Рарг. 14:6). Ӕртиккаг: Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ раттуй, цӕмӕй нӕ бон уа, уой размӕ ци базудтан, уой нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун (Иоан. 14:25, 26). Ӕма цуппӕрӕймаг: ес нин, зӕрдӕдарӕн кӕбӕл ес, уӕхӕн ӕмгустгӕнгутӕ – нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Мадта Йегови, удта нӕ хуӕрти ӕма ӕнсувӕрти ӕнхуси фӕрци алцидӕр нӕ къохи бафтуйдзӕй.

УАВӔРТӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙӔ ӔМА ДӔ КЪОХТӔ МА УАДЗӔ

11. Игъосун кӕнгӕй адӕни хӕдзари ку не ’рбаййафӕн, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

11 Еу хаттӕй иннӕ хатмӕ адӕни хӕдзари ку не ’рбаййафис, уӕд дӕ нифс нӕ расӕттуй? Кӕд гъо, уӕд дӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, нур еци адӕн кӕми ’нцӕ, уобӕл. Гӕнӕн ес, ӕма ма кусти ’нцӕ кенӕ тукӕнттӕбӕл зелунцӕ (Гъуд. 16:13). Уӕхӕн уавӕри, ӕвӕдзи, хуӕздӕр уайдӕ гъӕунги игъосун кӕнун, уомӕн ӕма уоми фулдӕр адӕнбӕл исӕмбӕлдзӕнӕ. Еу ӕнсувӕр Джошуа зӕгъуй: «Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй устур тукӕнтти ӕма машинтти лӕууӕнти игъосун кӕнун». Джошуа ӕма ӕ бийнойнаг Бриджит архайунцӕ, цӕмӕй участоктӕмӕ цӕуонцӕ, фулдӕр адӕн хӕдзари ку фӕуунцӕ, еци афони, зӕгъӕн, изӕригӕнтти кенӕ ба хуцаубони бонигон (Еф. 5:15, 16).

Уавӕртӕмӕ гӕсгӕ архайӕ: кӕд участокки адӕн нӕййес, уӕд, кӕми ’нцӕ, уордӕмӕ цо (кӕсӕ 11 абзац)


12. Ци дзорӕн, е адӕни ку нӕ цӕмӕдес кӕна, уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун?

12 Арӕх уотӕ фӕууй, ӕма адӕни хӕццӕ дзубанди цӕмӕй райдайӕн, е сӕ нӕ бацӕмӕдес кӕнуй. Уӕхӕн уавӕри байархайӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ ӕма сӕ ци тухсун кӕнуй, уой. Ӕркӕсӕн, Джошуа ӕма Бриджит куд фӕййархайунцӕ, уомӕ. Етӕ сӕ дзубанди райдайунцӕ, нӕ буклетти фиццаг фарсбӕл ци фарста фӕууй, уомӕй. Зӕгъӕн, буклетӕй «Библи цӕхуӕн киунугӕбӕл нимайис?» ку фӕппайда кӕнунцӕ, уӕд бал адӕймагӕн уотӕ фӕззӕгъунцӕ: «Еуӕй-еуетӕ Библи Хуцауи киунугӕбӕл нимайунцӕ, иннетӕ ба уобӕл гурусхӕ кӕнунцӕ. Дӕумӕ ба куд кӕсуй?» Гъема арӕх уой фӕрци адӕймаги хӕццӕ дзӕбӕх радзубанди кӕнунцӕ.

13. Адӕн нӕмӕ ку нӕ фегъосунцӕ, уӕддӕр нӕ цийнӕ цӕмӕннӕ исафӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 27:11).

13 Игъосун кӕнгӕй ӕнтӕстгун уодзиан ӕви нӕ, е, куд нӕмӕ игъосунцӕ, уомӕй кӕнгӕ нӕй. Сӕйрагидӕр е ӕй, ӕма нин Йеговӕ, удта ӕ Фурт Киристе ци зӕгъунцӕ, уой ке кӕнӕн, гъома хуарз хабар игъосун кӕнӕн (Гъуд. 10:42). Еске хӕццӕ радзубанди кӕнун нин ку нӕ бантӕсуй, уӕддӕр нӕ цийнӕ нӕ исафӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, нӕ уӕларвон Фидӕ ни арази ке ӕй. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 27:11.)

14. Рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги мах нӕ, фал ӕндӕр еске ку иссеруй, уӕд нӕ бон цӕбӕл фӕууй цийнӕ кӕнун?

14 Рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги мах нӕ, фал ӕндӕр еске ку иссеруй, уӕд нӕ бон цӕбӕл фӕууй цийнӕ кӕнун? Ци куст кӕнӕн, е еу «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» барст цудӕй, ка фесавдӕй, уӕхӕн сувӕллони куд фӕййагорунцӕ, уой хӕццӕ. Еци гъуддаги беретӕ фӕййархайунцӕ ӕма алкӕмити ӕрзелунцӕ. Ӕма ’й кӕд еунӕг еске иссеруй, уӕддӕр цийнӕ ба еугурӕйдӕр еумӕ фӕккӕнунцӕ. Гъе уотӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг дӕр нӕ еумӕйаг гъуддаг ӕй. Ӕмбурди еугурӕйдӕр адӕймагӕн фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг исуа. Еугур хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр зингзӕрдӕй фӕййархайунцӕ ӕмбурди территорий игъосун кӕнгӕй. Ӕма ӕмбурдмӕ нӕуӕг адӕймаг ку ’рбацӕуй, уӕдта еугурӕйдӕр фӕццийнӕ кӕнунцӕ.

УАРЗӔ ЙЕГОВИ ӔМА АДӔНИ

15. Матфеййи 22:37–39 ци уагӕвӕрд финст ес, е нин куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нин игъосун кӕнуни гъуддаг фулдӕр цийнӕ хӕсса? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ .)

15 Мах уарзӕн Йегови ӕма адӕни. Сӕйрагидӕр уой туххӕй ке игъосун кӕнӕн, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд еци гъуддаги никки зингзӕрдӕйдӕр архайдзиан. (Бакӕсӕ Матфеййи 22:37–39.) Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕн куд ӕхцӕуӕн фӕууй, игъосун кӕнунмӕ ку рацӕуӕн. Удта Библи ахур кӕнун ка райдайуй, еци адӕймаг дӕр хъӕбӕр амондгун фӕууй. Уомӕй уӕлдай ма ди иронх ма уӕд, хуарз хабармӕ ка байгъоса, еци адӕнӕн ӕносмӕ цӕруни нифс ке фӕззиндзӕй (Иоан. 6:40; 1 Тим. 4:16).

Йегови ӕма адӕни ку уарзай, уӕд дин игъосун кӕнун фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕй (кӕсӕ 15 абзац)


16. Хӕдзарӕй рацӕун нӕ бон ку нӕ уа, уӕддӕр нин нӕ лӕггадӕ цийнӕ цӕй фӕрци хӕсдзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.

16 Ка ’й зонуй, цӕмӕдӕр гӕсгӕ дӕ бон хӕдзарӕй рацӕун нӕй. Фал уӕхӕн уавӕрти дӕр дӕ бон ӕй ӕвдесун, Йегови ӕма адӕни ке уарзис, уой. Коронавируси пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд еу лӕг ӕма уосӕ Самвел ӕма Данийӕн сӕ бон хӕдзарӕй рацӕун н’ адтӕй. Фал уӕддӕр игъосун кодтонцӕ телефонӕй, финстӕгутӕ финстонцӕ ӕма зуми фӕрци Библий ахуртӕ уагътонцӕ. Еци рӕстӕг ма Самвел ӕхе раккӕй дзӕбӕх кодта ӕма сӕйгӕдонӕмӕ ку ’рбацӕуидӕ, уӕд си кӕбӕл исӕмбӕлидӕ, уонӕн игъосун кодта. Е зӕгъуй: «Адӕймаг зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлуй, уӕд ӕ нифс басӕттуй, хъӕбӕр бафӕллайуй ӕма ма хатгай е ’ууӕндундзийнадӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ уй. Цӕмӕй уотӕ ма рауайа, уой туххӕй ба нин гъӕуама, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнӕн, е цийнӕ хӕссӕ». Еци рӕстӕг ма, гъигагӕн, Дани рахаудтӕй ӕма ӕртӕ мӕйей дӕргъи хуссӕнӕй нӕ истадӕй. Уой фӕсте ба ’й анзи ’рдӕги бӕрцӕ гъудӕй инвалиди креслобӕл цӕун. Е зӕгъуй: «Ме ’ргом раздахтон, мӕ уавӕрти мӕ бон ци адтӕй, уомӕ. Хуарз хабар игъосун кодтон, ци медицинон хуӕрӕ нӕмӕ ӕрбацӕуидӕ уомӕн, удта курьертӕн. Удта ма телефонӕй дзӕбӕх радзубанди кӕнинӕ медицинон фирми ка куста, еу уӕхӕн силгоймаги хӕццӕ». Кӕд Самвел ӕма Даний бон н’ адтӕй, раздӕр цӕйбӕрцӕ кодтонцӕ, уойбӕрцӕ кӕнун, уӕддӕр син цийнӕ хаста, сӕ уавӕрти сӕ бон ци адтӕй, уой ке кодтонцӕ, е.

17. Аци статьяй унаффитӕ нин фулдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕнцӕ?

17 Аци статьяй ци унаффитӕ адтӕй, етӕ нин фулдӕр пайда ӕрхӕсдзӕнцӕ, еугуремӕй си еумӕ ку пайда кӕнӕн, уӕд. Цӕмӕй нӕ хуӕруйнаг адгин рауайа, уой туххӕй ибӕл гъӕуама рецептмӕ гӕсгӕ алцидӕр никкӕнӕн. Аци статьяй цидӕриддӕр унаффитӕ адтӕй, уонӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн, фал нин игъосун кӕнуни гъуддаг никки фулдӕр цийнӕ хӕсса.

ЦӔМӔЙ НИН НӔ ЛӔГГАДӔ ФУЛДӔР ЦИЙНӔ ХӔССА, УОЙ ТУХХӔЙ НӔ ЦӔМӔН ГЪӔУЙ...

  • нӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнун?

  • Йеговӕй нифсхастдзийнадӕ корун?

  • Йегови ӕма адӕни уарзун?

80 ЗАР «Бафӕлварӕ ӕма базонӕ, Йеговӕ куд хуарз ӕй, уой»