7 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Библи уотӕ кӕсӕ, цӕмӕй дин фулдӕр пайда хӕсса
«Ци кӕсис, уой лӕдӕрис?» (ЛУК. 10:26).
97 ЗАР Адӕймаг цӕруй Хуцауи Дзурди фӕрци
РАЗДЗУРД a
1. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма Киристе Финстадӕн аргъ кодта?
РАСАГЪӔС кӕнӕ, Киристе куд ахур кодта, уомӕ игъосун куд ӕхцӕуӕн адтӕй. Финстадӕ гъе уотӕ хуарз зудта, ӕма ӕ бон адтӕй ӕнӕ кӕсгӕй ести скъуддзаг ӕрхӕссун. Зӕгъӕн, донаргъуди фӕсте ӕ дзурдтӕй фиццаг финст ка ’рцудӕй, удта ӕ мӕлӕти хуӕдразмӕ ци дзурдтӕ загъта, етӕ адтӕнцӕ Финстадӕй (Дук. з. 8:3; Пс. 31:5; Лук. 4:4; 23:46) b. Удта ма ӕртӕ ӕма ӕрдӕг анзей дӕргъи арӕх Финстадӕ иннетӕн гъӕрӕй фӕккӕсидӕ, скъуддзӕгтӕ си ӕрхӕссидӕ ӕма ’й лӕдӕрун дӕр кӕнидӕ (Матф. 5:17, 18, 21, 22, 27, 28; Лук. 4:16–20).
2. Киристе Финстадӕ хуарз цӕй фӕрци зудта? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
2 Киристе ӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ арӕх фегъосидӕ, Хуцауи Дзурд куд кӕсунцӕ, уомӕ ӕма ’й ӕхуӕдӕг дӕр фӕккӕсидӕ. Ӕвӕдзи, Марийӕ ӕма Иосиф, хӕдзари дзубандитӕ кӕнгӕй Финстадӕй скъуддзӕгтӕ арӕх ӕрхӕссиуонцӕ (Дук. з. 6:6, 7) c. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Киристе ӕ ниййергути хӕццӕ алли сабати дӕр фӕццӕуидӕ ӕмбурдгӕнӕнмӕ (Лук. 4:16). Уоми ба, ӕвӕдзи, лӕмбунӕг фегъосидӕ, Финстадӕ куд фӕккӕсиуонцӕ, уомӕ. Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд ӕхе бон дӕр иссӕй еци тухтӕнттӕ кӕсун. Гъе уой фӕрци Финстадӕ хуарз базудта, ба ’й уарзта ӕма цӕргӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ кодта. Ӕргъуди кӕнӕн, 12-анздзудӕй ибӕл ковӕндони ци хабар ӕрцудӕй, уой. Моисеййи закъон хуарз ка зудта, еци ахургӕнгутӕ десӕй мардӕнцӕ, куд лӕдӕргӕ ’й ӕма ци дзуӕппитӕ дӕттуй, уобӕл (Лук. 2:46, 47, 52).
3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Мах бон дӕр ӕй Хуцауи Дзурд никки хуӕздӕр базонун ӕма ’й бауарзун, алли бон дӕр ӕй ку кӕсӕн, уӕд. Цума нин никки фулдӕр пайда ба кӕд хӕсдзӕй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Киристе ци загъта, Моисеййи закъон хуарз ка зудта, уонӕн, удта киунугидӕснитӕн, фарисейтӕн ӕма саддукейтӕн. Етӕ, кӕд Финстадӕ хуарз зудтонцӕ, уӕддӕр си нецӕбӕл ахур кодтонцӕ. Ӕма син Киристе дӕр загъта, цӕхуӕн ӕртӕ гъуддагемӕ сӕ гъӕуй се ’ргом раздахун. Ӕ дзурдтӕ махӕн дӕр банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй: 1) ци кӕсӕн, уой никки хуӕздӕр лӕдӕрӕн, 2) исахур уӕн никки фулдӕр хӕзнатӕ ерун ӕма 3) Хуцауи Дзурдӕн барӕ дӕттӕн, цӕмӕй нин нӕ уодигъӕдӕ ӕййева.
УОТӔ КӔСӔ, ЦӔМӔЙ ЦИ КӔСИС, УОЙ ЛӔДӔРАЙ
4. Лукай 10:25–29 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Хуцауи Дзурд кӕсун куд гъӕуй?
4 Цӕмӕй ци кӕсӕн, е нин пайда ӕрхӕсса, уой туххӕй ӕй гъӕуама хуарз лӕдӕрӕн. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн, Киристейӕн ци дзубанди рауадӕй, Закъон хуарз ка зудта, еци нӕлгоймаги хӕццӕ. (Бакӕсӕ Лукай 10:25–29.) Ку ’й бафарста, ци ’й кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ӕносон цардӕй исхайгин уа, уӕд ин Киристе е ’ргом Хуцауи Дзурдмӕ раздахта ӕма ’й бафарста: «Закъони ци финст ес? Куд ӕй балӕдӕрдтӕ?» Еци нӕлгоймаг ин раст дзуапп равардта, ӕма загъта, Хуцауи, удта иннети уарзун ке гъӕуй (Лев. 19:18; Дук. з. 6:5). Фал дӕ гъос ӕрдарӕ, уой фӕсте ӕй цӕбӕл бафарста, уомӕ: «Ӕма, ке гъӕуама уарзон, еци иннетӕ ка ’нцӕ?» Мадта уотӕ уадӕй, ӕма ци кастӕй, е ци нисан кӕнуй, уой ӕцӕгӕй нӕ лӕдӕрдтӕй. Нӕй зудта, ци бакастӕй, уомӕй царди пайда кӕнун куд гъӕуй, уой.
Нӕ бон ӕй нӕхе уотӕ ахур кӕнун, цӕмӕй Библий ци кӕсӕн, уой лӕдӕрӕн
5. Цӕмӕй ци кӕсӕн, уой хуӕздӕр балӕдӕрӕн, уой туххӕй ковун ӕма кӕсгӕ-кӕсгӕй ма тагъд кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?
5 Хуцауи Дзурд хуӕздӕр лӕдӕрун нӕ бон уодзӕй, дӕлдӕр финст унаффитӕй ку пайда кӕнӕн, уӕд. Фиццагидӕр бал бакӕсуни размӕ Йеговӕмӕ раковисӕ. Цӕмӕй Финстадӕ дзӕбӕх лӕдӕрӕн, уой туххӕй нӕ Йегови ӕнхус гъӕуй. Ӕ сугъдӕг хъаурӕ си корӕ, цӕмӕй дӕ гъудитӕ еугурӕйдӕр исаразай, ци кӕсис, уомӕ. Кӕсгӕ-кӕсгӕй тагъд ма кӕнисӕ, уотемӕй ци бакастӕ, уой хуӕздӕр балӕдӕрдзӕнӕ. Ка ’й зонуй, дӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕудзӕй гъӕрӕй кӕсун кенӕ кӕсгӕ-кӕсгӕй аудио ӕрмӕгмӕ игъосун. Уотемӕй Хуцауи дзурдтӕ айдагъ уингӕ нӕ кӕндзӕнӕ, фал ма игъосгӕ дӕр. Удта дӕ зунд ӕма дӕ зӕрдӕмӕ хуӕздӕр багъардзӕнцӕ (Йес. Н. 1:8). Каст ку фӕууай, уӕдта нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ раковӕ ӕма ин райарфӕ кӕнӕ ӕ дессаги лӕвар Библий туххӕй, удта си ракорӕ, цӕмӕй ци бакастӕ, уомӕй дӕ бон уа царди пайда кӕнун дӕр.
6. Кӕсгӕ-кӕсгӕй дӕхемӕ фарстатӕ ку дӕттай ӕма дӕ гъудитӕ цубуртӕй ку финсай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
6 Ӕркӕсӕн ма никкидӕр дууӕ унаффемӕ. Кӕсгӕ-кӕсгӕй дӕхемӕ фарстатӕ дӕттисӕ. Зӕгъӕн: «Ами ке кой цӕуй? Ка дзоруй? Ке хӕццӕ дзоруй ӕма цӕмӕн? Ци хабӕртти кой си цӕуй, етӕ кӕд ӕрцудӕнцӕ?» Уӕхӕн фарстатӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕйраг гъудитӕ фӕууинай ӕма сӕ кӕрӕдзей хӕццӕ рабӕттай. Дӕ гъудитӕ цубуртӕй рафинсисӕ. Ци бакастӕ, уой фӕдбӕл, дӕхемӕ ести ку рафинсай, уӕд ибӕл никки фулдӕр сагъӕс кӕндзӕнӕ, ӕма ’й уой фӕрци никки хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ. Дӕ бон ӕй рафинсун ести фарстатӕ, сӕйраг гъудитӕ, испайда кӕнун дӕ цӕмӕй фӕндуй, уой кенӕ уотид дӕ гъудитӕ. Уой фӕрци дин ӕнцондӕр уодзӕй Библи нимайун, Йеговӕ дӕуӕн ке ниффинста, уӕхӕн финстӕгбӕл.
7. Библи кӕсгӕй нӕ цӕхуӕн менеуӕг фӕгъгъӕуй ӕма цӕмӕн? (Ӕмбесӕндтӕ 2:2–5).
7 Цӕмӕй нӕ бон уа Хуцауи Дзурд лӕдӕрун, уой туххӕй ма нӕ гъӕуй еу ӕхсидзгӕ менеуӕг. Е ӕй арфуинундзийнадӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 2:2–5.) Еци менеуӕги фӕрци нӕ бон ӕй гъудитӕ кӕрӕдзей хӕццӕ рабӕттун, кӕрӕдземӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ, уой балӕдӕрун, удта фиццаг бакастӕй ци нӕ зиннуй, уой фӕууинун. Уомӕй уӕлдай ма Киристе куд загъта, уотемӕй еци менеуӕги фӕрци нӕ бон уодзӕй Библий пахампарӕдтӕ цӕхуӕн хабӕрттӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ, уони уинун ӕма сӕ лӕдӕрун. Удта ма нӕ аци менеуӕг гъӕуй, цӕмӕй нӕ бон уа, Библий ци бакӕсӕн, уомӕй нӕ царди никки фулдӕр пайда кӕнун.
8. Кӕсгӕ-кӕсгӕй нӕ бон куд ӕй арфуинӕг ун?
8 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн арфуинундзийнадӕ дӕттуй. Мадта имӕ ковӕ ӕма си корӕ, цӕмӕй арфуинӕг уай (Ӕмб. 2:6). Дӕхе бон ба куд ӕй дӕ кувдмӕ гӕсгӕ архайун? Ци кӕсис, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Нур ци бакастӕ, уой рабӕттисӕ, раздӕр ци зудтай, уой хӕццӕ. Пайда кӕнӕ, Библи ӕртасунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй. Зӕгъӕн: «Путеводитель по публикациям Свидетелей Иеговы». Уоми ци ӕрмӕг иссерай, е дин банхус кӕндзӕй, ци скъуддзаг бакастӕ, уой хуӕздӕр балӕдӕрун ӕма си дӕ царди испайда кӕнун дӕ бон куд ӕй, уой фӕууинун (Дзиуит. 5:14). Мадта кӕсгӕ-кӕсгӕй арфуинӕг ку уай, уӕд Финстадӕ хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ.
УОТӔ КӔСӔ, ЦӔМӔЙ ХӔЗНАТӔ ЕРАЙ
9. Саддукейтӕ Хуцауи Дзурди цӕхуӕн ӕхсидзгӕ ахурадӕ нӕ уидтонцӕ?
9 Саддукейтӕ Дзиуиттаг Финстити фиццаг фондз киунуги хуарз зудтонцӕ, фал си ци ӕхсидзгӕ ахурӕдтӕ адтӕй, уонӕбӕл ба райевгъуйиуонцӕ. Ӕргъуди кӕнӕн, саддукейтӕ Киристемӕ райгасдзийнади туххӕй цӕхуӕн къахӕн фарста равардтонцӕ, уой ӕма сӕ Киристе дӕр бафарста: «Моисеййи киунуги, синдзи къотӕри кой кӕми кӕнуй, уоми нӕ кастайтӕ, Хуцау ин уотӕ ке загъта: „Ӕз дӕн Авраами Хуцау, Исакки Хуцау ӕма Иакови Хуцау“?» (Мар. 12:18, 26). Саддукейтӕ еци хабар, ӕвӕдзи, еу ӕма дууӕ хатти нӕ бакастӕнцӕ, фал сӕмӕ Киристе ци фарста равардта, уомӕй ба рабӕрӕг ӕй, Финстади ци ӕхсидзгӕ ахурадӕ финст ес, гъома райгасдзийнади туххӕй ахурадӕ, уой ке нӕ уидтонцӕ (Мар. 12:27; Лук. 20:38) d.
10. Библи кӕсгӕй не ’ргом цӕмӕ гъӕуама ӕздахӕн?
10 Еци хабар нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Библи кӕсгӕй гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, ци бакастан, уомӕй ци ес базонӕн ӕма си цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ. Кӕсгӕ-кӕсгӕй айдагъ сӕйраг ахурӕдтӕмӕ гъӕуама не ’ргом ма ’здахӕн, фал ма хӕзнати хузӕн арф римӕхст ка ӕй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕмӕ дӕр.
11. 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ Библий хӕзнатӕ ерун?
11 Библи кӕсгӕй нӕ бон куд ӕй хӕзнатӕ ерун? Ӕркӕсӕн уой туххӕй 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 ци финст ес, уомӕ (ба сӕ кӕсӕ). Дӕ гъос ӕрдарӕ, «Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр» пайда ке ӕй. Е нин ӕнхус кӕнуй: 1) ахур кӕнунмӕ, 2) уайдзӕф кӕнунмӕ, 3) раст кӕнунмӕ ӕма 4) раст зундбӕл аразунмӕ. Аци дзурдтӕ хаунцӕ, Библийӕй уотӕ арӕх ке нӕ фӕккӕсӕн, еци киунугутӕмӕ дӕр. Расагъӕс кӕнисӕ, ци бакастӕ, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнис, уобӕл. Ци си базудтай Йегови, ӕ фӕндони ӕма ӕ уагӕвӕрдти туххӕй? Цума уайдзӕф кӕнунмӕ ба куд ӕнхус кӕнуй? Дӕ гъос ӕрдарисӕ, ци стихтӕ бакӕсис, етӕ дин куд ӕнхус кӕнунцӕ, дӕхебӕл дӕ бакосун кӕми гъӕуй, уой исбӕрӕг кӕнун ӕма Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун. Ра ма сагъӕс кӕнӕ, ци скъуддзаг бакастӕ, уой фӕрци дӕ бон куд ӕй игъосун кӕнгӕй ескӕмӕн ӕ рӕдуд гъуди исраст кӕнунмӕ банхус кӕнун. Удта ма де ’ргом раздахӕ, ци стихтӕ бакастӕ, етӕ дӕ раст зундбӕл куд аразунцӕ, цӕмӕй, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнай. Аци цуппар унаффемӕй ку пайда кӕнай, уӕд дӕ бон уодзӕй аллихузи хӕзнатӕ ерун ӕма дин Библи кӕсун никки фулдӕр пайда хӕсдзӕй.
ЦИ КӔСИС, Е ДИН ДӔ УОДИГЪӔДӔ ӔЙЙЕВӔД
12. Киристе фарисейти цӕмӕн бафарста, «Закъони нӕ кастайтӕ», зӕгъгӕ?
12 Киристе фарисейтӕмӕ дӕр уӕхӕн фарста равардта, «нӕ кастайтӕ», зӕгъгӕ. Уотемӕй ӕй фӕндадтӕй бавдесун, Финстадӕ раст ке нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, уой (Матф. 12:1–7) e. Уой размӕ фарисейтӕ Киристей ахуркӕнуйнӕгти фӕффудгин кодтонцӕ, сабатбони закъон, дан, ихалунцӕ. Ӕма син Йесо дӕр Финстадӕй дууӕ цӕветтони ӕрхаста ӕма син пахампар Осий дзурдтӕмӕ сӕ гъос ӕрдардта. Уотемӕй син бавдиста, сабатбони туххӕй закъон лӕвӕрд цӕмӕн адтӕй, уой раст ке нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ ӕма адӕнӕн дӕр тӕрегъӕд кӕнун гъе уой туххӕй ке нӕ зудтонцӕ. Цума Хуцауи Дзурд ке кастӕнцӕ, е син сӕ уодигъӕдӕ цӕмӕннӕ ӕййивта? Уомӕн ӕма адтӕнцӕ сӕрбӕрзонд ӕма сӕхемӕ ци хаудтӕй, уобӕл нӕ сагъӕс кодтонцӕ. Сӕ нисан адтӕй иннетӕн бауайдзӕф кӕнун кенӕ син сӕ цӕстӕмӕ бадарун, раст ци нӕ кӕнунцӕ, уой. Гъе уӕхӕн зундахаст син ке адтӕй, е сӕ бахъор кодта, Закъонӕн е ’цӕг гъуди цӕй медӕг ӕй, уой балӕдӕрун (Матф. 23:23; Иоан. 5:39, 40).
13. Библи цӕхуӕн зӕрдиуагӕй гъӕуама кӕсӕн?
13 Киристей дзурдтӕ нӕ ахур кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕмӕ Библи кӕсгӕй раст зӕрдиуагӕ уа. Кӕд нӕ нӕ фӕндуй фарисейти хузӕн исун, уӕд гъӕуама ахур кӕнунмӕ цӕттӕ уӕн ӕма рӕстдзийнади нӕмгутӕ «сӕрниллӕгӕй [нӕ] зӕрдити итаун бауадзӕн» (Иак. 1:21). Гъе уӕд Хуцауи Дзурд нӕ зӕрдити едӕгтӕ рауадздзӕй. Мадта сӕрбӕрзонд ку нӕ уӕн ӕма ци кӕсӕн, е иннетӕмӕ нӕ, фал нӕхемӕ куд хауй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй иннети уарзун, тӕрегъӕд син кӕнун ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ун.
14. Библи нин нӕ уодигъӕдӕ ӕййевуй ӕви нӕ, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
14 Библи нин нӕ уодигъӕдӕ ӕййевуй ӕви нӕ, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Иннетӕмӕ ци зӕрдӕ дарӕн, уомӕй. Фарисейтӕ Хуцауи Дзурд сӕ зӕрдӕмӕ ку бауагътайуонцӕ, уӕд «ӕнӕфуд адӕнӕн не ’стӕрхон кодтайуонцӕ» (Матф. 12:7). Гъе уотӕ мах дӕр иннетӕмӕ ци зӕрдӕ дарӕн, уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи Дзурд нин нӕ уодигъӕдӕ ӕййевуй ӕви нӕ. Зӕгъӕн, арӕхдӕр цӕбӕл фӕдздзорӕн: иннетӕн сӕ хуарз менеугутӕбӕл ӕви сӕмӕ лӕгъузӕй ци ес, уобӕл? Иннетӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ фӕууӕн ӕма син ӕнцонтӕй ниххатир кӕнӕн ӕви син сӕ рӕдудтитӕмӕ никкомкоммӕ уӕн ӕма нӕ зӕрди маст ниддарӕн? Уӕхӕн цӕбӕлдӕрти ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕй уиндзиан, ци кӕсӕн, е нин нӕ сагъӕстӕ, нӕ зӕрди уагӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕ ӕййевуй ӕви нӕ (1 Тим. 4:12, 15; Дзиуит. 4:12).
БИБЛИ КЕ КӔСӔН, УОЙ ФӔРЦИ АН АМОНДГУН
15. Киристе Хуцауи Дзурдмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дардта?
15 Киристе уарзта Хуцауи Дзурд. Ӕма уотӕ ке уодзӕй, уой туххӕй рагацау финст адтӕй Псалом 40:8: «О мӕ Хуцау, дӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун мин ӕй цийни хуасӕ. Дӕ закъон ӕй мӕ зӕрди». Гъе уой фӕрци, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй адтӕй амондгун ӕма ӕнтӕстгун. Мах дӕр Киристей хузӕн Хуцауи Дзурд ку кӕсӕн ӕма ’й ку уарзӕн, уӕд уодзиан амондгун ӕма ӕнтӕстгун (Пс. 1:1–3).
16. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дин Библи кӕсун никки фулдӕр пайда хӕсса? (Кӕсӕ рамкӕ « Киристей дзурдтӕ дин ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй ци кӕсис, уой лӕдӕрай».)
16 Гъӕйдӕ мадта Киристей дзурдтӕ нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн ӕма ӕ цӕветтонмӕ гӕсгӕ архайӕн, цӕмӕй нин Библи кӕсун никки фулдӕр пайда хӕсса. Бакӕсуни размӕ Йеговӕмӕ ку раковӕн, кӕсгӕ-кӕсгӕй тагъд ку нӕ кӕнӕн, нӕхемӕ фарстатӕ ку дӕттӕн ӕма нӕ гъудитӕ цубуртӕй ку финсӕн, уӕд Хуцауи Дзурд хуӕздӕр лӕдӕрдзиан. Библи лӕмбунӕг ку кӕсӕн ӕма ’й нӕ публикацити фӕрци ку ӕртасӕн, уӕд ин ӕ арф гъудитӕ дӕр лӕдӕрдзиан. Библий ци римӕхст хӕзнатӕ ес, уони ку агорӕн, уӕд уотӕ хуарз ке нӕ зонӕн, еци стихтӕй дӕр нӕ бон уодзӕй хуӕздӕр пайда кӕнун. Удта Хуцауи Дзурд кӕсгӕй нӕ зӕрдиуагӕ раст ку уа ӕма ин барӕ ку дӕттӕн, цӕмӕй нӕ зӕрди едӕгтӕ рауадза, уӕд нӕ уодигъӕдӕ ӕййевдзӕй. Гъӕйдӕ мадта аци унаффитӕй пайда кӕнӕн. Гъе уӕд Библий ци кӕсӕн, е нин никки фулдӕр пайда хӕсдзӕй ӕма Йеговӕмӕ дӕр хӕстӕгдӕр кӕндзиан (Пс. 119:17, 18; Иак. 4:8).
95 ЗАР Рохс хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕнуй
a Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй етӕ архайунцӕ, цӕмӕй Хуцауи Дзурд алли бон дӕр кӕсонцӕ. Библи ӕндӕр адӕн дӕр кӕсунцӕ, фал уонӕй уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма ’й хуарз лӕдӕрунцӕ. Киристей рӕстӕги дӕр гъе уотӕ адтӕй. Гъӕйдӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн Киристе, Финстадӕ ка кастӕй, уонӕн ци загъта, уомӕ. Е нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нин Библи кӕсун никки фулдӕр пайда хӕсса.
b Киристе донаргъуд ку райста ӕма сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ку ӕрцудӕй, уӕд, ӕвӕдзи, ӕ зӕрдӕбӕл ӕрӕфтудӕй, уӕлӕрвти куд цардӕй, е (Матф. 3:16).
c Марийӕ Финстадӕ хуарз зудта ӕма си цӕхуӕндӕр дзурдтӕ арӕх ӕрхӕссидӕ (Лук. 1:46–55). Иосиф ӕма Марийӕмӕ уойбӕрцӕ ӕхца н’ адтӕй, цӕмӕй сӕхецӕн Хуцауи Дзурд фӕййамал кодтайуонцӕ. Ӕма син ӕй ӕмбурдгӕнӕни ку фӕккӕсиуонцӕ, уӕд, ӕвӕдзи, хъӕбӕр лӕмбунӕг фегъосиуонцӕ, цӕмӕй уой фӕсте сӕ бон адтайдӕ еци дзурдтӕ сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун.
d Кӕсӕ 2013 анзи, 1 феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 7 фарс (урус.).
e Матфеййи 19:4–6 финст ӕй, Киристе ма никкидӕр фарисейти ке бафарста, «нӕ кастайтӕ», зӕгъгӕ. Кӕд Финстади кастӕнцӕ, Хуцау фиццаг нӕлгоймаг ӕма фиццаг силгоймаги цӕмӕн сфӕлдиста, уӕддӕр ӕй нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Хуцау бийнонти цардмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой.
f ХУЗӔ. Аппаратурӕбӕл ка бадуй, еци ӕнсувӕртӕй еу ӕмбурди рӕстӕг цалдӕр хатти фӕррӕдудӕй. Кӕд уотӕ рауадӕй, уӕддӕр ин ӕнсувӕртӕ ӕ рӕдудтитӕмӕ нӕ никкомкоммӕ ’нцӕ, фал ӕй ӕмбурди фӕсте растудтонцӕ, ке архайдта, уой туххӕй.