42 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Коммӕгӕс адӕймаг исхонӕн дӕ ес?
«Уӕллӕй ӕрцӕугӕ зунд... ӕй... коммӕгӕс» (ИАК. 3:17).
101 ЗАР Еумӕ лӕггадӕ кӕнӕн
РАЗДЗУРД a
1. Коммӕ кӕсун нин алкӕд ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?
КОММӔ кӕсун дин ӕнцон ӕй? Кӕд нӕ, уӕд еунӕг нӕ дӕ. Паддзах Давид Йегови берӕ уарзта, фал ин уӕддӕр зин адтӕй коммӕгӕс ун. Уомӕ гӕсгӕ Хуцаумӕ кувта: «Мӕ зӕрди [мин] иссодзӕ зинг, цӕмӕй мӕ фӕндӕуа дӕумӕ игъосун» (Пс. 51:12). Цума адӕнӕн коммӕ кӕсун уотӕ зин цӕмӕн фӕууй? Фиццагидӕр уомӕн, ӕма нӕ тоги ӕгоммӕгӕсдзийнадӕ рахастан. Дуккаги ба уомӕн, ӕма Сайтан ӕппунӕдзох архайуй, цӕмӕй уой хузӕн исуӕн. Е ӕхуӕдӕг дӕр Йегови нихмӕ рацудӕй (2 Кор. 11:3). Ӕртиккаги ба уомӕн, ӕма цӕрӕн хевӕндӕ дуйней (Еф. 2:2). Фал гъӕуама нӕ тӕрегъӕдгун фӕндти фӕдбӕл ма цӕуӕн ӕма ма бауадзӕн, цӕмӕй Сайтани ӕма аци дуйней хузӕн исуӕн. Гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Йеговӕмӕ, удта бартӕ кӕмӕн равардта, уонӕмӕ игъосӕн.
2. Коммӕгӕс ун ци нисан кӕнуй? (Иакови 3:17).
2 Бакӕсӕ Иакови 3:17. Иаков сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинста, ӕцӕг зундгин адӕн коммӕгӕс ке ’нцӕ. Е ци нисан кӕнуй, уобӕл расагъӕс кӕнӕн. Гъӕуама цӕттӕ уӕн, Йеговӕ бартӕ ке къохи бакодта, уонӕмӕ игъосун. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма гъӕуама игъосӕн, ӕ закъӕнтти сӕрти нӕ ка хезун кӕнуй, уонӕмӕ (Гъуд. 4:18–20).
3. Йеговӕ ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл цӕмӕн нимайуй, цӕмӕй бартӕ кӕмӕ ес, уонӕмӕ игъосӕн?
3 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Йеговӕмӕ игъосун адӕнмӕ игъосунӕй ӕнцондӕр ӕй, уомӕн ӕма е ӕнхӕст ӕй. Адӕнӕй ба еуемӕй дӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес (Пс. 19:7). Фал уӕддӕр нӕ уӕларвон Фидӕ цӕхуӕндӕр бартӕ равардта ниййергутӕн, хецауӕдтӕн ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн (Ӕмб. 6:20; 1 Фес. 5:12; 1 Пет. 2:13, 14). Уонӕмӕ ку игъосӕн, уӕд уотӕ зӕгъӕн уодзӕй, ӕма Йеговӕн ӕхемӕ игъосӕн. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, ци нин банхус кӕндзӕй коммӕгӕс ун, е нӕ зӕрдӕмӕ ку нӕ цӕуа кенӕ цӕхуӕндӕр амундти хӕццӕ арази ку нӕ уӕн, уӕд.
НИЙЙЕРГУТӔН КОММӔГӔС УОТӔ
4. Сувӕллӕнттӕй беретӕ сӕ ниййергутӕмӕ цӕмӕннӕ фегъосунцӕ?
4 Сувӕллӕнттӕ ӕма ирӕзгӕ кари ка ӕй, етӕ арӕх сӕ ниййергутӕмӕ нӕ фегъосунцӕ (2 Тим. 3:1, 2). Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма си сӕ ниййергутӕ ци фӕййагорунцӕ, уой сӕхуӕдтӕ нӕ фӕккӕнунцӕ. Иннетӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма сӕ ниййергутӕ нӕ рӕстӕгӕн неци лӕдӕрунцӕ кенӕ ӕгӕр карз ӕнцӕ. Не ’ригон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, сумахмӕ ба уӕхӕн сагъӕстӕ нӕ фӕззиннуй? Абони беретӕн зин ӕй Йегови фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун, «уӕ ниййергутӕмӕ игъосетӕ, Хуцауи фӕндон куд ӕй, уотӕ, уомӕн ӕма е ӕ цӕсти раст ӕй», зӕгъгӕ (Еф. 6:1). Цума уин ӕ коммӕ кӕсун ци банхус кӕндзӕй?
5. Лукай 2:46–52 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ, дессаг цӕмӕн ӕй, Йесо ӕ ниййергутӕн коммӕгӕс ке адтӕй, е?
5 Сувӕллӕнттӕ, уӕ бон ӕй Киристейӕй ахур кӕнун, уомӕн ӕма уомӕй хуӕздӕр неке бавдиста, коммӕгӕс ун куд гъӕуй, уой (1 Пет. 2:21–24). Е адтӕй ӕнхӕст адӕймаг, фал ӕй гъомбӕл кодтонцӕ ӕнӕнхӕст ниййергутӕ. Ӕма сӕ Киристе нимадта, сауӕнгӕ ма ку фӕррӕдуиуонцӕ ӕма ’й ку нӕ лӕдӕриуонцӕ, уӕд дӕр (Рац. 20:12). Гъӕйдӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Йесобӕл 12 анзи ку цудӕй, уӕд ци хабар ӕрцудӕй, уой. (Бакӕсӕ Лукай 2:46–52.) Йерусалимӕй фӕстӕмӕ ку цудӕнцӕ, уӕд ӕй Марийӕ ӕма Иосиф не ’рлӕдӕрдтӕнцӕ, Йесо сӕ хӕццӕ ке нӕбал ӕй. Уонӕн сӕ ихӕс адтӕй сӕ сувӕллӕнттӕмӕ сӕ цӕстӕ дарун, цӕмӕй си маке фесӕфа. Гъема ’й ӕппунфӕстаг ку иссирдтонцӕ, уӕд ин Марийӕ бауайдзӕф кодта, уойбӕрцӕ рӕстӕг ӕй агорун ке багъудӕй, уой туххӕй. Фал ин Йесо ба уӕддӕр фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй дзуапп равардта. Кӕд Иосиф ӕма Марийӕ Йесой дзурдтӕ нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕддӕр син идарддӕр дӕр коммӕгӕс адтӕй.
6, 7. Сувӕллӕнттӕн ӕма, ирӕзгӕ кари ка ӕй, уонӕн ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй сӕ ниййергутӕмӕ игъосонцӕ?
6 Сувӕллӕнттӕ ӕма ӕригӕнттӕ, сумахӕн ба уӕ ниййергутӕмӕ игъосун зин нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба син сӕ рӕдудтитӕ ку фӕууинетӕ кенӕ кӕрӕдзей ку нӕ фӕллӕдӕретӕ, уӕд? Ци уин банхус кӕндзӕй? Фиццаг: сагъӕс кӕнтӕ Йегови ӕнкъарӕнтӕбӕл. Библий финст ӕй, уӕ ниййергутӕмӕ ку фегъосетӕ, уӕд е ке «цӕуй нӕ Хецауи зӕрдӕмӕ» (Кол. 3:20). Йеговӕ ’й зонуй, еуӕй-еухатт уӕ уӕ ниййергутӕ ке нӕ фӕллӕдӕрунцӕ кенӕ уин ци арӕнтӕ ӕрфедар кӕнунцӕ, уони ӕнхӕст исхонӕн зинтӕй ке фӕууй. Фал сӕмӕ уӕддӕр ку фегъосетӕ, уӕд уи Йеговӕ хъӕбӕр сӕрустур фӕууй.
7 Дуккаг: уӕ ниййергути ӕнкъарӕнтӕбӕл сагъӕс кӕнтӕ. Коммӕгӕс ку уайтӕ, уӕд син сӕ зӕрдитӕ рохс кӕндзиайтӕ ӕма уӕбӕл фулдӕр ӕууӕнкӕ уодзӕй (Ӕмб. 23:22–25). Уомӕй уӕлдай ма кӕрӕдземӕ никки ӕнгомдӕр исуодзиайтӕ. Бельгийӕй Александр загъта: «Мӕ ниййергутӕ мин ци зӕгъиуонцӕ, уой арӕхдӕр кӕнун ку райдӕдтон, уӕд е хуарзӕрдӕмӕ рабӕрӕг ӕй нӕ бийнонтӕбӕл. Иссан игъӕлдзӕгдӕр ӕма кӕрӕдземӕ никки ӕнгомдӕр» b. Ӕртиккаг: сагъӕс кӕнтӕ, уӕ коммӕгӕсдзийнадӕ уӕ федӕнмӕ куд бацӕттӕ кӕндзӕй, уобӕл. Бразилийӕй Паулу зӕгъуй: «Мӕ ниййергутӕмӕ ке игъустон, е мин устур пайда фӕцӕй. Уой фӕрци исахур дӕн Йеговӕмӕ ӕма, бартӕ кӕмӕ ес, уонӕмӕ игъосун». Ниййергутӕн коммӕгӕс ун цӕмӕн гъӕуй, уой туххӕй Библий хуарз финст ӕй: «„Нимайӕ дӕ фидӕ ӕма дӕ мади“ – е ӕй зӕрдӕвӕрди хӕццӕ лӕвӕрд фиццаг фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд ба ӕй уӕхӕн: „Цӕмӕй дин уа хуарз ӕма зӕнхӕбӕл берӕ цӕрай“» (Еф. 6:2, 3).
8. Ӕригӕнттӕй берети сӕ ниййергутӕмӕ игъосун цӕмӕн фӕндуй?
8 Ӕригӕнттӕ ’й беретӕ сӕхебӕл балӕдӕрдтӕнцӕ, коммӕ кӕсун алкӕддӕр хуӕздӕр ке ӕй. Бразилийӕй еу хуӕрӕ Луизӕ фиццаг нӕ лӕдӕрдтӕй, ӕ ниййергутӕ ин телефон цӕмӕннӕ ’лхӕнунцӕ, уой. Е ’нгӕрттӕй сӕ фулдӕремӕ телефонтӕ адтӕй, уомӕ ба – нӕ. Фал ӕй фӕстӕдӕр балӕдӕрдтӕй, ӕ ниййергути ке фӕндадтӕй, цӕмӕй ӕй багъӕуай кӕнонцӕ. Е ӕй балӕдӕрдтӕй, раст ке н’ адтайдӕ уотӕ сагъӕс кӕнун, ӕма ин ӕгӕр унгӕг арӕнтӕ ӕвӕрунцӕ, уомӕн ӕма ин ци фӕдздзорунцӕ, е ӕхе пайдайӕн фӕууй. Еугонд Штаттӕй еу ӕригон хуӕрӕ Элизабет еуӕй-еухатт арази нӕ фӕууй, ӕ ниййергутӕ ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, уони хӕццӕ. Уӕхӕн уавӕрти ин ци фенхус кӕнуй, уой туххӕй загъта: «Цидӕр кӕнун мӕ ку нӕ фӕууадзунцӕ, уой кӕронмӕ ку нӕ фӕллӕдӕрун, уӕд байархайун, цӕмӕй ӕргъуди кӕнон, сӕ унаффитӕ мин раздӕр куд фӕппайда уиуонцӕ, уой». Арменийӕй еу хуӕрӕ Моникӕ дӕр балӕдӕрдтӕй, ӕхе куд фӕндуй, уотӕ ку нӕ бакӕнуй, фал ин ӕ ниййергутӕ ци зӕгъунцӕ, уомӕ ку байгъосуй, уӕд е алли хатт дӕр хуӕздӕр ке фӕууй.
ХЕЦӔУТТӔН КОММӔГӔС УОТӔ
9. Беретӕ бӕсти хецауӕдти закъӕнттӕмӕ ци цӕстӕй кӕсунцӕ?
9 Библий дзурд «хецӕуттӕ» амонуй бӕсти хецауадӕмӕ (Ром. 13:1). Беретӕ ’й лӕдӕрунцӕ, етӕ дӕр гъӕугӕ ке кӕнунцӕ ӕма бӕсти закъӕнттӕмӕ игъосун ке гъӕуй. Фал еци адӕнмӕ сӕ бӕсти закъӕнттӕй кӕцидӕртӕ ӕнӕраст кенӕ зин ӕнхӕст кӕнӕн ку фӕккӕсунцӕ уӕд сӕ нӕ фенхӕст кӕнунцӕ. Райсӕн налогтӕ федуни хабар. Европи еу бӕсти адӕни налогти туххӕй бафарстонцӕ. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй, ке бафарстонцӕ, уонӕн сӕ цуппӕрӕймаг хаймӕ уотӕ кӕсуй, ӕнӕмӕнгӕ ке нӕй цӕхуӕндӕр налогтӕ федун, раст дӕмӕ ку нӕ кӕсонцӕ, уӕд. Мадта дессаг дӕр нӕй, еци бӕсти хецауадӕ налогтӕн се ’ртиккаг хай дӕр ке не ’рӕмбурд кӕнуй.
10. Нӕ зӕрдӕмӕ ка нӕ фӕццӕуй, уӕхӕн закъӕнттӕ дӕр цӕмӕн фенхӕст кӕнӕн?
10 Библий финст ӕй, зӕнхон хецауӕдтӕ адӕнӕн берӕ зиан ке хӕссунцӕ, Сайтани дӕлбарӕ ке ’нцӕ ӕма тагъд рӕстӕги исӕфт ке ’рцӕудзӕнцӕ (Пс. 110:5, 6; Еккл. 8:9; Лук. 4:5, 6). Фал ма си уотӕ дӕр финст ӕй: «Хецауӕдти нихмӕ ка цӕуй, е цӕуй Хуцауи ӕвӕрд ӕгъдауи нихмӕ». Йеговӕ бауагъта, цӕмӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг зӕнхӕбӕл хецауӕдтӕ уа, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕмӕ игъосӕн. Гъе уомӕ гӕсгӕ алкӕмӕндӕр дӕттӕн, «ци ин ӕмбӕлуй, уой», гъома хъалон федӕн, хецауадӕ нимайӕн ӕма сӕ коммӕ кӕсӕн (Ром. 13:1–7). Фал нӕмӕ, ка ’й зонуй, уотӕ дӕр кӕсуй, ӕма цӕхуӕндӕр закъон раст нӕй кенӕ хъӕбӕр зин ӕнхӕстгӕнӕн ӕй. Фал мах уӕддӕр Йеговӕмӕ игъосӕн. Е ба нин зӕгъуй, цӕмӕй хецауадӕмӕ игъосӕн, ци ни агорунцӕ, е ӕ уагӕвӕрдти нихмӕ ку нӕ уа, уӕд (Гъуд. 5:29).
11, 12. Иосиф ӕма Марийӕ ци бакодтонцӕ, цӕмӕй хецауади закъон исӕнхӕст кодтайуонцӕ ӕма гъуддаг куд рауадӕй? (Лукай 2:1–6). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)
11 Ӕнцон ку нӕ фӕууй, уӕддӕр хецауӕдтӕн коммӕгӕс ун куд гъӕуй, уомӕн фӕнзуйнаг ӕнцӕ Иосиф ӕма Марийӕ. (Бакӕсӕ Лукай 2:1–6.) Марийӕн мӕнӕ-мӕнӕ гъӕуама сувӕллон райгурдайдӕ. Фарӕстӕймаг мӕйӕ ибӕл цудӕй, ӕма син уотемӕй Иосифи хӕццӕ еу ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун гъудӕй. Император Август бардзурд равардта, цӕмӕй Роми паддзахади кадӕриддӕр цӕруй, етӕ сӕхе ниффинсонцӕ. Уой туххӕй Иосифи ӕма Марийи гъудӕй Вифлееммӕ рандӕ ун ӕма 150 километри къубуртӕ надбӕл цӕун. Марийӕ ӕма Иосиф, ӕвӕдзи, тухстӕнцӕ, цума еци балци ӕхецӕн дӕр ӕма сувӕллонӕн дӕр неци зиан ӕрхӕсдзӕй? Уотемӕй ин надбӕл сувӕллон игурун ку райдайа, уӕдта? Е хъӕбӕр тӕссаг адтӕй, уомӕн ӕма еци сувӕллон гъӕуама Мессийӕ иссайдӕ. Цума уотӕ сагъӕс кодтонцӕ, ӕма сӕ сӕ уавӕри еци закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй?
12 Кӕд Марийӕ ӕма Иосиф берӕ цӕбӕлдӕрти тухстӕнцӕ, уӕддӕр закъонмӕ гӕсгӕ бакодтонцӕ ӕма син Йеговӕ сӕ коммӕгӕсдзийнади туххӕй райарфӕ кодта. Етӕ Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй исхъӕрдтӕнцӕ. Уоми Марийӕн биццеу райгурдӕй, ӕма уотемӕй Библий пахампарадӕ исӕнхӕст кӕнунмӕ дӕр банхус кодта (Мих. 5:2).
13. Коммӕгӕс ке ан, е хатгай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд банхус кӕнуй?
13 Хецауадӕн коммӕгӕс ку фӕууӕн, уӕд е пайда ӕрхӕссуй нӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр. Зӕгъӕн, закъӕнтти сӕрти ку нӕ хезӕн, уӕд ӕфхуӕрд дӕр нӕ баййафдзиан (Ром. 13:4). Уомӕй уӕлдай ма коммӕгӕс ке фӕууӕн, уой фӕрци хецауадӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ хуарз цӕстӕй фӕккӕсуй. Ӕркӕсӕн берӕ ӕнзти размӕ Нигерий ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Еухатт ӕмбурди рӕстӕг Паддзахади залмӕ ӕрбампурстонцӕ ӕфсӕддонтӕ. Етӕ агурдтонцӕ, налогти нихмӕ ка дзурдта ӕма уой туххӕй змӕнститӕ ка кодта, уони. Фал ӕй ӕфсӕддонти хестӕр ку базудта, уоми Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ӕрӕмбурд ӕнцӕ, уӕд е ’фсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй рандӕ уонцӕ. Е уотӕ загъта: «Йегови Ӕвдесӕнтӕ налогти нихмӕ некӕд фӕййардаунцӕ». Мадта аллихатт дӕр закъӕнттӕ ку фенхӕст кӕнӕн, уӕд уотемӕй Йегови адӕнӕн хуарз ном фӕккӕнӕн. Ӕма федӕни, гӕнӕн ес, еци хуарз ном нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти багъӕуай кӕндзӕй (Матф. 5:16).
14. Еу хуӕрӕн ци банхус кодта хецауадӕн коммӕгӕс ун?
14 Фӕууй уотӕ, ӕма ’й фӕллӕдӕрӕн, хецауадӕмӕ игъосун ке гъӕуй, фал нӕ уӕддӕр уотӕ архайун ба нӕ фӕффӕндуй. Еугонд Штаттӕй еу хуӕрӕ Джоаннӕ зӕгъуй: «Мӕн хъӕбӕр байархайун гъудӕй, цӕмӕй хецауадӕн коммӕгӕс иссайнӕ. Ӕ рӕстӕги мӕ хеуӕнттӕ уони туххӕй хъӕбӕр берӕ зинтӕ бавзурстонцӕ». Фал Джоаннӕ уӕддӕр архайдта, цӕмӕй ӕ зундахаст раййивтайдӕ. Фиццаг: социалон сетти нӕбал кастӕй, хецауадӕмӕ мӕстгун кӕнун ке туххӕй райдаидӕ, уӕхӕн хабӕрттӕмӕ (Ӕмб. 20:3). Дуккаг: Йеговӕмӕ кувта, цӕмӕй ин банхус кӕна балӕдӕрун, ӕ зӕрдӕ уобӕл ке гъӕуама дара, адӕнбӕл нӕ, фал (Пс. 9:9, 10). Ӕма ӕртиккаг: нӕ публикацити кастӕй статьятӕ, политики хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй нӕхе еуварс ке гъӕуама дарӕн, уой туххӕй (Иоан. 17:16). Джоаннӕ куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ хецауадӕ нимайун ку исахур ӕй, уӕд уотӕ хъӕбӕр нӕбал тухстӕй.
ЙЕГОВИ ОРГАНИЗАЦИЙ АМУНДТӔМӔ ИГЪОСӔ
15. Еуӕй-еухатт нин зин цӕмӕн фӕууй, Йегови организаци ци разамунд раттуй, уомӕ игъосун?
15 Йеговӕ нин фӕдзӕхсуй: «Разамунд уин ка дӕттуй...[уонӕмӕ] игъосетӕ ӕма сӕ коммӕ кӕсетӕ» (Дзиуит. 13:17). Нӕ Разамонӕг Киристе ӕнхӕст ӕй. Фал разамунд ке фӕрци дӕттуй, етӕ ба хумӕтӕг ӕма ӕнӕнхӕст адӕн ӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ нин сӕмӕ хатгай ӕнцон игъосӕн нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба нин ци фӕдздзорунцӕ, е нӕ зӕрдӕмӕ ку нӕ фӕццӕуй, уӕд. Уӕхӕн уавӕри еухатт адтӕй апостол Петур дӕр. Изӕд ин загъта, цӕмӕй, Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ хуӕрӕн ке н’ адтӕй, еци цӕрӕгойти фид бахуардтайдӕ. Петур не ’сарази ӕй, ӕма еу хатт дӕр нӕ, фал ӕртӕ хатти (Гъуд. 10:9–16). Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма имӕ еци нӕуӕг амундтӕ раст нӕ фӕккастӕнцӕ. Цӕбӕл ахур адтӕй, уомӕй хъӕбӕр хецӕн кодтонцӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Петурӕн ӕнхӕст изӕдмӕ байгъосун зин кӕми адтӕй, уоми махӕн ба цӕйбӕрцӕбӕл зиндӕр фӕууй ӕнӕнхӕст адӕнмӕ игъосун.
16. Павел куд бакодта, ӕ ихӕсмӕ ка нӕ хаудтӕй, уӕхӕн гъуддаг ин ку кӕнун кодтонцӕ, уӕд? (Гъуддӕгтӕ 21:23, 24, 26).
16 Апостол Павел цӕттӕ адтӕй коммӕ кӕсун, сауӕнгӕ е ӕ ихӕсмӕ ку нӕ хаудтӕй, уӕд дӕр. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Дзиуиттаг киристӕнттӕ «фегъустонцӕ уӕхӕн дзурдтӕ, зӕгъгӕ, дан, иннӕ адӕни астӕу ци дзиуиттӕгтӕ цӕруй, уонӕн амонис, цӕмӕй Моисеййи закъонбӕл сӕ къох исесонцӕ» (Гъуд. 21:21). Гъема ин Йерусалими хестӕр нӕлгоймӕгтӕ загътонцӕ, цӕмӕй цуппар нӕлгоймагей хӕццӕ ковӕндонӕмӕ рандӕ уа ӕма уоми закъонмӕ гӕсгӕ сӕхе искӕдзос кӕнонцӕ. Уотемӕй ӕй еугурӕйдӕр фӕууидтайуонцӕ, Павел Моисеййи закъон ке ӕнхӕст кӕнуй. Кӕд ӕй Павел лӕдӕрдтӕй, киристӕнттӕ Моисеййи закъони дӕлбарӕ ке нӕбал ӕнцӕ, уӕддӕр ин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд загътонцӕ, уотӕ бакодта. «Дуккаг бон Павел еци лӕгти ӕ хӕццӕ райста ӕма Закъонмӕ гӕсгӕ сӕ хӕццӕ ӕхе искӕдзос кодта». (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 21:23, 24, 26.) Павел коммӕгӕс ке разиндтӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕмбурди еудзийнадӕ багъӕуай кодта (Ром. 14:19, 21).
17. Стефаний хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис?
17 Еу хуӕрӕ Стефанийӕн хъӕбӕр зин адтӕй исарази ун, филиал ци унаффӕ рахаста, уой хӕццӕ. Ӕ сӕрихецауи хӕццӕ сӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй ӕндӕр ӕвзагбӕл кӕми дзорунцӕ, уӕхӕн къуари лӕггадӕ кӕнун. Фал фӕстӕдӕр филиал загъта, еци къуар ке нӕбал уодзӕй, Стефани ӕма ӕ сӕрихецауи ба сӕхе ’взагбӕл кӕми дзорунцӕ, еци ӕмбурдмӕ ке иснисан кӕндзӕнцӕ. Стефани зӕгъуй: «Е мин хъӕбӕр зин адтӕй. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма нӕхе ӕвзагбӕл ӕмбурди ӕнхус неци уотӕ гъӕуй». Фал уӕддӕр ӕхецӕн загъта, разамундмӕ ке байгъосдзӕй. Стефани ма загъта: «Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, е хъӕбӕр зундгин унаффӕ ке адтӕй. Не ’мбурди, Йеговӕн бийнонтӕй еунӕгӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ берӕ адтӕй. Гъема мах иссан сӕ бийнонтӕ ӕма сӕ федар кодтан. Нур Библи ахур кӕнун, ӕмбурдмӕ ӕрӕги ка ’рбаздахтӕй, еу уӕхӕн хуӕри хӕццӕ. Удта ма мин фулдӕр рӕстӕг фӕззиндтӕй Библи ӕртасунмӕ дӕр». Фӕстӕдӕр ма Стефани загъта: «Мӕ бон ӕй кӕдзос цӕсгонӕй лӕггадӕ кӕнун, уомӕн ӕма ’й зонун, мӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой ке бакодтон, цӕмӕй коммӕгӕс уон».
18. Коммӕ кӕсун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
18 Мах бон дӕр ӕй исахур ун, цӕмӕй коммӕгӕс уӕн. Киристе коммӕ кӕсун исахур ӕй, дессаги хуарз уавӕрти ке адтӕй, уой фӕрци нӕ, фал «цитӕ бавзурста», уой фӕрци (Дзиуит. 5:8). Арӕх мах дӕр фӕййахур кӕнӕн, зин уавӕртӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд. Зӕгъӕн, гъуди ма ’й кӕнтӕ коронавируси пандемийӕ ку райдӕдта, уӕд нин уотӕ ку загътонцӕ, цӕмӕй Паддзахади залти мабал ӕмбурд кӕнӕн ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ мабал игъосун кӕнӕн? Уӕд уин еци амундтӕмӕ байгъосун ӕнцон адтӕй? Кӕд нӕ, уӕддӕр сӕмӕ байгъустайтӕ, ӕма уӕ е багъӕуй кодта, удта уӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ никки ӕнгомдӕр искодта, ӕма ма Йегови зӕрдӕ дӕр барохс кодтайтӕ. Е ма нӕ федӕни хабӕрттӕмӕ дӕр хуарз бацӕттӕ кодта. Уой фӕрци нин устур бӕллӕхи рӕстӕг амундтӕмӕ игъосун ӕнцондӕр уодзӕй. Уӕди рӕстӕг ба уомӕй кӕнгӕ уодзӕй нӕ ервӕзундзийнадӕ (Иов 36:11).
19. Фиццагидӕр нӕ цӕмӕн фӕндуй коммӕгӕс ун?
19 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй коммӕгӕс ку уӕн, уӕд нин е ӕрмӕстдӕр пайда хӕсдзӕй. Фал фиццагидӕр ба Йеговӕн коммӕгӕс ан, уомӕн ӕма ’й уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн (1 Иоан. 5:3). Цидӕриддӕр хуарздзийнӕдтӕ нин кӕнуй, уони бафедун нӕ бон некӕд исуодзӕй (Пс. 116:12). Фал нӕ бон ӕй коммӕгӕс ун Йеговӕн дӕр ӕма нин разамунд дӕттунмӕ ке исӕвардта, уонӕн дӕр. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд зундӕй архайдзиан ӕма Йегови зӕрдӕ рохс кӕндзиан (Ӕмб. 27:11).
89 ЗАР Байгъосӕ, ӕма арфӕгонд уай
a Мах еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан. Уомӕ гӕсгӕ нин хатгай ӕнцон нӕ фӕууй коммӕ кӕсун, сауӕнгӕ ма цӕхуӕндӕр амундтӕ дӕттуни барӕ кӕмӕ ес, уонӕмӕ дӕр. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ниййергутӕ, хецауӕдтӕ, удта ӕмбурди разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕмӕ игъосун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уомӕ.
b Кӕд дин зин ӕй, дӕ ниййергутӕ ди ци агорунцӕ, уой кӕнун ӕма ’й нӕ зонис, сӕ хӕццӕ уой туххӕй куд радзорай, уӕд дӕ бон ӕй сайти jw.org бакӕсун статья «Что делать, если родительские правила кажутся слишком строгими?».
c ХУЗТӔ. Иосиф ӕма Марийӕ паддзахи дзурдмӕ байгъустонцӕ ӕма Вифлееммӕ сӕхе ниффинсунмӕ рандӕ ’нцӕ. Абони киристӕнттӕ дӕр «хецӕуттӕмӕ» игъосунцӕ: надбӕл цӕуни ӕгъдӕуттӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ, хъалонтӕ федунцӕ ӕма ӕнӕнездзийнадӕ багъӕуай кӕнуни туххӕй амундтӕмӕ игъосунцӕ.