45 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндони лӕггадӕ кӕнун дӕ бон ке ӕй, уомӕн аргъ кӕнӕ
«Баковетӕ арв, зӕнхӕ, денгиз ӕма сауӕдӕнттӕ Сфӕлдесӕгӕн!» (РАРГ. 14:7).
93 ЗАР Не ’мбурдтӕн нин арфӕ кӕнӕ
РАЗДЗУРД a
1. Изӕд ци дзоруй ӕма ӕ дзурдтӕ махӕн цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?
ДӔ ХӔЦЦӔ изӕд ку дзурдтайдӕ, уӕд имӕ лӕмбунӕг нӕ игъустайсӕ? Зӕгъӕн ес, ӕма абони дӕр изӕд дзоруй «алли адӕнӕн, алли муггагӕн... ӕма алли адӕнихаттӕн». Цума син ци дзоруй? «Тӕрсетӕ Хуцауӕй ӕма ’й искадгин кӕнтӕ... баковетӕ арв, зӕнхӕ, денгиз ӕма сауӕдӕнттӕ Сфӕлдесӕгӕн!» (Рарг. 14:6, 7). Йеговӕ ӕй еунӕг ӕцӕг Хуцау, ӕма ӕгасӕйдӕр гъӕуама уомӕн ковонцӕ. Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, дессаги кадӕй нӕ ке исхайгин кодта: нӕ бон ин ӕй лӕггадӕ кӕнун е ’стур ӕнӕуингӕ ковӕндони!
2. Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ ци ӕй? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ цӕмӕ нӕ амонуй?».)
2 Ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ ци ӕй ӕма уой туххӕй фулдӕр базонун нӕ бон кӕцӕй ӕй? Ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ цӕхуӕндӕр бӕлвурд бунат нӕй. Е ӕй, адӕн Киристей нивонди фӕрци Йеговӕн ци ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ, е. Еци ковӕндони туххӕй апостол Павел ниффинста, Иудейи ка цардӕй, еци дзиуиттаг киристӕнттӕмӕ b.
3, 4. Павел Иудейи дзиуиттаг киристӕнттӕбӕл цӕмӕн тухстӕй ӕма син куд банхус кодта?
3 Павел Иудейи киристӕнттӕмӕ цӕмӕн ниффинста? Тӕккӕ минкъийдӕр дууӕ гъуддагей туххӕй. Фиццагидӕр ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй син сӕ нифс бафедар кодтайдӕ. Сӕ фулдӕр дзиуиттаг ӕгъдӕуттӕ ӕнхӕст кӕнгӕй исирӕзтӕнцӕ. Ӕма нур, киристӕнттӕ ку иссӕнцӕ, уӕд сӕбӕл, ӕвӕдзи, дзиуиттаг дини разамонгутӕ ходун райдӕдтонцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма син нӕдӕр ковӕндонӕ адтӕй, нӕдӕр нивондхӕссӕн, нӕдӕр саугинтӕ. Уой туххӕй, гӕнӕн ес, ӕма Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ сӕхемӕ нийгъустайуонцӕ ӕма ма се ’ууӕндундзийнадӕ дӕр ӕрлӕмӕгъ адтайдӕ (Дзиуит. 2:1; 3:12, 14). Кӕмӕндӕр ба ма, ка ’й зонуй, ӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ дзиуиттаг динмӕ дзорун райдӕдтайдӕ.
4 Дуккаги ба син Павел се ’ргом раздахта, Хуцауи Дзурди «хъӕбӕр хуӕруйнаг», гъома арф гъудитӕ кенӕ нӕуӕг ахурӕдтӕ ӕртасунбӕл ке нӕ архайдтонцӕ, уомӕ (Дзиуит. 5:11–14). Ӕвӕдзи ма киристӕнттӕй кадӕртӕ Моисеййи закъон ӕнхӕст кодтонцӕ. Фал син Павел балӕдӕрун кодта, закъонмӕ гӕсгӕ ци нивӕндтӕ хастонцӕ, уони бон ке н’ адтӕй адӕни тӕрегъӕдӕй кӕронмӕ искӕдзос кӕнун. Гъе уомӕ гӕсгӕ Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕбал гъудӕй. Уой фӕсте син Павел сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, Киристей нивонди фӕрци син «хуӕздӕр нифс» ке фӕззиндтӕй, ӕма еци нифси фӕрци сӕ бон ке ӕй Хуцаумӕ «хӕстӕгдӕр кӕнун» (Дзиуит. 7:18, 19).
5. Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕг кӕсгӕй нӕ бон ци ӕй балӕдӕрун ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
5 Павел дзиуиттаг ӕнсувӕртӕн балӕдӕрун кодта, Йеговӕн нур куд лӕггадӕ кӕнунцӕ, е хуӕздӕр ке ӕй, раздӕр ин куд лӕггадӕ кодтонцӕ, уомӕй. Дзиуиттӕгтӕ рагидзаманти Хуцауӕн куд лӕггадӕ кодтонцӕ, е адтӕй «федӕни хуарздзийнӕдтӕн сӕ аууон, хуарздзийнӕдтӕ сӕхуӕдтӕ ба Киристебӕл баст ӕнцӕ» (Кол. 2:17). Адӕймагӕн ӕ аууон ку фӕууинӕн, уӕд ӕй фӕллӕдӕрӕн, е ӕхуӕдӕг ке нӕй, фал ӕрмӕстдӕр ӕ аууон. Раст гъе уотӕ, дзиуиттӕгтӕ Хуцауӕн куд лӕггадӕ кодтонцӕ, е адтӕй, федӕни ин Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ куд лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ, уомӕн ӕ «аууон». Гъӕуама ’й хуарз лӕдӕрӕн, Йеговӕ ци искодта, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕуонцӕ ӕма ин нӕ бон уа, куд ӕмбӕлуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнун. Мадта ӕркӕсӕн, дзиуиттӕгтӕмӕ ӕрвист финстӕгмӕ ӕма кӕрӕдзей хӕццӕ рабарӕн «хуарздзийнӕдтӕн сӕ аууон», гъома, дзиуиттӕгтӕ куд лӕггадӕ кодтонцӕ, уой ӕма «хуарздзийнӕдтӕ сӕхуӕдтӕ», гъома, киристӕнттӕ куд лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой. Уой фӕрци хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, ци ӕй ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ ӕма махмӕ куд хауй.
ЦАТУР
6. Цатур цӕмӕн гъудӕй?
6 Дзиуиттӕгтӕ. Павел Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндони кой ку кодта, уӕд ӕй рабарста, Моисей нӕ эри размӕ 1 512 анзи ци цатур искодта, уой хӕццӕ. (Кӕсӕ схемӕмӕ «Дзиуиттӕгтӕ. Киристӕнттӕ».) Израилӕгтӕ еу рауӕнӕй иннемӕ ку цудӕнцӕ, уӕд еци цатур дӕр сӕ хӕццӕ хастонцӕ. Пайда си кодтонцӕ еу 500 анзей дӕргъи, цалинмӕ Йерусалими ковӕндонӕ нӕ фӕззиндтӕй, уӕдмӕ (Рац. 25:8, 9; Ним. 9:22). «Ӕмбурди цатурмӕ» дзиуиттӕгтӕ ӕрбацӕуиуонцӕ, цӕмӕй Хуцауӕн уоми кувдтайуонцӕ ӕма ин нивӕндтӕ хастайуонцӕ (Рац. 29:43–46). Фал ма еци цатур амудта хуӕздӕр цӕмӕдӕр. Ӕма еци хуарздзийнадӕй гъӕуама исхайгин адтайуонцӕ киристӕнттӕ.
7. Ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ кӕд фӕззиндтӕй?
7 Киристӕнттӕ. Рагон цатур адтӕй, «уӕлӕрвти ци ес, уони... аууон». Павел загъта, е ке «амонуй нури рӕстӕгмӕ», гъома Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндонӕмӕ (Дзиуит. 8:5; 9:9). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Павел Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕг ку финста, уӕд ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ адтӕй. Е фӕззиндтӕй нӕ эри 29 анзи, Киристе донаргъуд ку райста ӕма сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ку ӕрцудӕй, уӕд. Гъе уӕд иссӕй цитгин Хестӕр саугин ӕма райдӕдта лӕггадӕ кӕнун Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндони (Дзиуит. 4:14; Гъуд. 10:37, 38) c.
ХЕСТӔР САУГИН
8, 9. Дзиуиттӕгтӕмӕ 7:23–27 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Израили хестӕр саугинтӕ цӕмӕй хецӕн кодтонцӕ цитгин Хестӕр саугин Йесо Киристейӕй?
8 Дзиуиттӕгтӕ. Хестӕр саугини бон адтӕй адӕни номӕй Хуцауи рази ӕрлӕуун. Израилӕгтӕн сӕ фиццаг хестӕр саугин адтӕй Аарон. Йеговӕ ’й ӕхуӕдӕг иснисан кодта, цатурӕй пайда кӕнун ци бон райдӕдтонцӕ, еци бон. Фал Павел куд балӕдӕрун кодта, уотемӕй «саугинтӕ... кӕрӕдзей ӕййивтонцӕ, уомӕн ӕма сӕ мӕлӕт нӕ бауадзидӕ, цӕмӕй ӕдзох уонцӕ саугинтӕ». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 7:23–27.) d Еци саугинтӕ ӕнӕнхӕст ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ гъудӕй сӕхе тӕрегъӕдти туххӕй дӕр нивӕндтӕ хӕссун. Ӕма сӕйрагидӕр гъе уомӕй хецӕн кодтонцӕ цитгин Хестӕр саугин Йесо Киристейӕй.
9 Киристӕнттӕ. Нӕ Хестӕр саугин Йесо Киристе лӕггадӕ кӕнуй «ӕцӕг цатури – еци цатур исӕвардта адӕймаг нӕ, фал Йеговӕ» (Дзиуит. 8:1, 2). Павел куд балӕдӕрун кодта, уомӕ гӕсгӕ Киристей «бӕсти ӕндӕр саугини некӕд багъӕудзӕй ӕвӕрун», уомӕн ӕма «ӕносмӕ цӕруй». Уомӕй уӕлдай ма Павел загъта, Киристе ке ӕй «ӕнӕфау» ӕма имӕ «тӕрегъӕдгунти хӕццӕ еумӕйагӕй ке неци ес», удта ’й «иннӕ хестӕр саугинти хузӕн алли бон [ке] нӕ гъӕуй нивӕндтӕ хӕссун» ӕхе тӕрегъӕдти туххӕй. Нур ба ӕркӕсӕн, цӕмӕ амудтонцӕ рагидзаманти нивондхӕссӕн ӕма нивӕндтӕ.
НИВОНДХӔССӔН ӔМА НИВӔНДТӔ
10. Израилӕгтӕ ӕрхи нивондхӕссӕнбӕл ци нивӕндтӕ хастонцӕ, етӕ цӕмӕ амудтонцӕ?
10 Дзиуиттӕгтӕ. Цатурмӕ бацӕуӕни рази лӕудтӕй, Йеговӕн нивӕндтӕ кӕбӕл хастонцӕ, уӕхӕн ӕрхи нивондхӕссӕн (Рац. 27:1, 2; 40:29). Фал еци нивӕндти фӕрци адӕнӕн сӕ тӕрегъӕдтӕ кӕронмӕ хатиргонд нӕ цудӕнцӕ (Дзиуит. 10:1–4). Адӕн цатури ӕдзох нивӕндтӕ ке хастонцӕ, е амудта, федӕни ӕгас адӕни тӕрегъӕдтӕ дӕр ка нихгӕндзӕй, уӕхӕн нивонд хаст ке ӕрцӕудзӕй, уомӕ.
11. Киристе ӕхе нивонди цӕхуӕн нивондхӕссӕнбӕл ӕрхаста? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:5–7, 10).
11 Киристӕнттӕ. Киристе ӕй зудта, Йеговӕ ’й зӕнхӕмӕ уой туххӕй ке рарвиста, цӕмӕй ӕ цард адӕни туххӕй нивондӕн ӕрхӕсса (Матф. 20:28). Ӕма Киристе донаргъуд ке райста, уомӕй бавдиста, Йегови фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй (Иоан. 6:38; Гал. 1:4). Рахӕсгӕ хузи ци нивондхӕссӕнбӕл ӕрхаста ӕ цард, еци нивондхӕссӕн амудта Хуцауи «фӕндонмӕ». Еци фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо гъӕуама е ’нхӕст адӕймаги цард нивондӕн ӕрхастайдӕ. Ӕма Киристе «ӕхе ӕрмӕстдӕр еу хатт нивондӕн ӕрхаста», цӕмӕй ибӕл ка ӕууӕндуй, уони тӕрегъӕдтӕ нимбӕрза. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:5–7, 10.) Нур ба ӕркӕсӕн, цатури хурфи ци адтӕй, уомӕ.
СУГЪДӔГ БУНАТ ӔМА ТӔККӔ СУГЪДӔГДӔР БУНАТ
12. Цатури уӕттӕмӕ бацӕуни барӕ кӕмӕн адтӕй?
12 Дзиуиттӕгтӕ. Цатурӕн ӕма фӕстӕдӕр Йерусалими ци ковӕндӕнттӕ адтӕй, уонӕн сӕ конд ӕмхузӕн адтӕй. Медӕгӕй адтӕй дууӕ уати: Сугъдӕг бунат ӕма Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунат. Хецӕн ба сӕ кодта ӕмбӕрзӕн (Дзиуит. 9:2–5; Рац. 26:31–33). Сугъдӕг бунати адтӕй сугъзӕрийнӕ цирагъдарӕн, нивондхӕссӕн бодӕ содзунмӕ ӕма стъолӕ нивонди дзолтӕн. Уордӕмӕ бацӕуни барӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр «исӕрст саугинтӕн», цӕмӕй сӕ ихӕстӕ исӕнхӕст кодтайуонцӕ (Ним. 3:3, 7, 10). Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунати ба адтӕй сугъзӕрийнӕ бадзурди кирӕ. Е амудта, Йеговӕ ӕ адӕни астӕу ке ӕй, уомӕ (Рац. 25:21, 22). Ӕмбӕрзӕни фӕстемӕ бацӕуни барӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр хестӕр саугинӕн ӕма ӕрмӕстдӕр Кӕдзосгӕнӕни бон ку ралӕууидӕ, уӕд (Лев. 16:2, 17). Хестӕр саугин медӕмӕ бацӕуидӕ нивӕндти тоги хӕццӕ, цӕмӕй ӕхе дӕр ӕма адӕни дӕр тӕрегъӕдтӕй искӕдзос кодтайдӕ. Уотӕ кӕнун гъудӕй анзӕй-анзмӕ. Фӕстӕдӕр Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ӕ лӕггадгӕнгутӕн балӕдӕрун кодта, цатури алли уат дӕр цӕмӕ амудта, уой (Дзиуит. 9:6–8) e.
13. Сугъдӕг бунат ӕма Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунат цӕмӕ амонунцӕ?
13 Киристӕнттӕ. Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕй 144 мини ӕ хӕццӕ саугинтӕй лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ уӕлӕрвти (Рарг. 1:6; 14:1). Зӕнхӕбӕл ку фӕуунцӕ, уӕд сӕ Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕй байсӕрдуй ӕма сӕ ӕхецӕн фурттӕ искӕнуй. Сугъдӕг бунат амонуй, исӕрстити ӕма Хуцауи астӕу ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕ (Ром. 8:15–17). Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунат ба амонуй, Йеговӕ кӕми цӕруй, уомӕ – уӕларвмӕ. Сугъдӕг бунат Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунатӕй ци ӕмбӕрзӕн хецӕн кӕнуй, е ба амонуй Киристей зӕнхон бауӕрмӕ. Цалинмӕ адӕймаги бауӕри адтӕй, уӕдмӕти ӕ бон н’ адтӕй уӕлӕрвтӕмӕ иссӕун. Ӕ цард адӕни туххӕй нивондӕн ку ӕрхаста, уӕд иссудӕй уӕлӕрвтӕмӕ ӕма ӕгас исӕрст киристӕнттӕн дӕр еци над байгон кодта. Ӕма цӕмӕй сӕ уӕларвон хуӕрзеуӕгӕй исхайгин уонцӕ, уой туххӕй уони дӕр гъӕудзӕй сӕ зӕнхон бауӕртӕ ниууадзун (Дзиуит. 10:19, 20; 1 Кор. 15:50). Киристе ку райгас ӕй, уӕд бацудӕй ӕнӕуингӕ ковӕндони Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунатмӕ. Уордӕмӕ имӕ сабургай ӕрбайеу уодзӕнцӕ ӕгас исӕрст киристӕнттӕ дӕр.
14. Дзиуиттӕгтӕмӕ 9:12, 24–26 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ хуӕздӕр цӕмӕн ӕй?
14 Бӕрӕг ӕй, Киристе ци нивонд ӕрхаста ӕма, Хестӕр саугин ке ӕй, е дзӕвгарӕ хуӕздӕр ке ӕй, израилӕгтӕ Йеговӕн ци ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кодтонцӕ, уомӕй. Израили хестӕр саугин, адӕни къохӕй конд ка адтӕй, еци цатури Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунатмӕ бацӕуидӕ нивӕндти тоги хӕццӕ. Киристе ба бацудӕй «комкоммӕ уӕларвмӕ» – ӕгасемӕй сугъдӕгдӕр бунатмӕ, цӕмӕй Йегови рази ӕрлӕудтайдӕ е ’нхӕст царди аргъи хӕццӕ ӕма «тӕрегъӕдӕн кӕрон искодтайдӕ». (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 9:12, 24–26.) Киристей нивонди фӕрци адӕн сӕ тӕрегъӕдтӕй кӕронмӕ искӕдзос уодзӕнцӕ. Ӕма ’й фӕстӕдӕр куд фӕууиндзиан, уотемӕй не ’гасей бон дӕр ӕй Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндони лӕггадӕ кӕнун, фӕнди нин уӕлӕрвти цӕруни нифс уа, фӕнди ба – зӕнхӕбӕл.
ТУРГЪТӔ
15. Цатури тургъи ка лӕггадӕ кодта?
15 Дзиуиттӕгтӕ. Цатури алливарс адтӕй ӕхгӕд тургъӕ. Уоми саугинтӕ сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кодтонцӕ. Еци тургъи адтӕй устур ӕрхи нивондхӕссӕн, удта ӕрхи агӕ дони хӕццӕ. Еци аги донӕй саугинтӕ сӕхе нихсниуонцӕ сӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнуни размӕ (Рац. 30:17–20; 40:6–8). Фӕстӕдӕр ци ковӕндӕнттӕ искодтонцӕ, уонӕми ба ма адтӕй ӕндаг тургъӕ дӕр, цӕмӕй ӕнӕуой адӕни бон дӕр адтайдӕ ӕрбацӕун Хуцауӕн баковунмӕ.
16. Ӕнӕуингӕ ковӕндони медӕггаг ӕма ӕндаг тургъи ка лӕггадӕ кӕнуй?
16 Киристӕнттӕ. Цалинмӕ исӕрст киристӕнттӕ уӕлӕрвти Киристей хӕццӕ саугинтӕй лӕггадӕ кӕнун нӕма райдайунцӕ, уӕдмӕти фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ ӕнӕуингӕ ковӕндони медӕггаг тургъи. Устур агӕ дони хӕццӕ уонӕн дӕр ӕма ӕгас киристӕнттӕн дӕр сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй ӕгъдаугин цард кӕнонцӕ ӕма мӕнгӕ динӕй сӕхе еуварс даронцӕ. Киристей исӕрст ӕнсувӕртӕн ка ӕнхус кӕнуй, еци «хъӕбӕр берӕ» адӕнӕй ба ци ес зӕгъӕн? Етӕ ба ӕнӕуингӕ ковӕндони кӕми лӕггадӕ кӕнунцӕ? Апостол Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта, хъӕбӕр берӕ адӕн ке «лӕудтӕнцӕ паддзахбадӕни... размӕ», гъома зӕнхӕбӕл ӕнӕуингӕ ковӕндонӕн е ’ндаг тургъи ӕма уоми Хуцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ» (Рарг. 7:9, 13–15). Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, уӕхӕн кадӕй нӕ ке исхайгин кодта, ӕма ин нӕ бон ке ӕй е ’нӕуингӕ ковӕндони лӕггадӕ кӕнун!
ЙЕГОВӔН ЛӔГГАДӔ КӔНУН УСТУР КАДӔ ’Й!
17. Йеговӕн цӕхуӕн нивӕндтӕ хӕссӕн?
17 Абони еугур киристӕнттӕ дӕр уӕхӕн кадӕй хайгин ӕнцӕ, ӕма сӕ бон ӕй Йеговӕн нивӕндтӕ хӕссун. Еци нивӕндтӕмӕ хӕунцӕ, Паддзахади гъуддагӕн ци рӕстӕг, хъауритӕ ӕма фӕрӕзтӕ бахарз кӕнӕн, етӕ. Апостол Павел куд ниффинста, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй «Хуцауӕн алкӕддӕр хӕссун кади нивонд, гъома ин нӕ цъухидзурдӕй адӕни астӕу ӕ ном кадгин кӕнун» (Дзиуит. 13:15). Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ бон ке ӕй, уомӕн ке аргъ кӕнӕн, уой бавдесдзиан, хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой ин ку дӕттӕн, уӕд.
18. Иронхуати уадзӕн кӕмӕн нӕййес, еци гъуддӕгтӕмӕ ци хауй ӕма ци гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:22–25).
18 Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:22–25. Апостол Павел ӕ Финстӕги дзиуиттӕгтӕмӕ фӕстагмӕ ранимадта, иронхуати уадзӕн кӕмӕн нӕййес, еци гъуддӕгтӕ: гъӕуама ӕдзох ковӕн, игъосун кӕнуни гъуддаги архайӕн ӕма кӕрӕдзей нифс федар кӕнӕн. Ӕма еци «бон куд хӕстӕг кӕнуй, уой цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр уинӕн, уойбӕрцӕ никки хъӕбӕрдӕр» гъӕуама архайӕн еци гъуддӕгти. Раргомади киунуги фӕстаг сӕрти дууӕ хатти финст ӕй Йегови изӕд куд дзоруй: «Хуцауӕн баковӕ» (Рарг. 19:10; 22:9). Изӕд еци дзурдтӕ дууӕ хатти ке загъта, уомӕй бӕрӕг ӕй, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй сӕмӕ игъосӕн. Гъӕйдӕ мадта макӕд иронх кӕнӕн, Йегови ӕнӕуингӕ ковӕндони туххӕй ци рӕстдзийнадӕ зонӕн, уой ӕма аргъ кӕнӕн, нӕ кадгин Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ бон ке ӕй, уомӕн!
88 ЗАР Байамонӕ мин дӕ нӕдтӕ
a Йегови устур ӕнӕуингӕ ковӕндони туххӕй Библий ци финст ес, уой хуарз уайдӕ лӕмбунӕгдӕр рартасун. Еци ковӕндонӕ ци ӕй? Мах ӕркӕсдзиан, уой туххӕй Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги ци финст ес, уомӕ. Нифс нӕ ес, аци статьяй фӕрци никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун ке райдайдзӕнӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун дӕ бон ке ӕй, уомӕн.
b Кӕсӕ видеороликмӕ «Раздзурд Дзиуиттӕгтӕмӕ» сайти jw.org.
c Киристон Грекъаг Финстити ӕрмӕстдӕр Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги Киристе хунд цӕуй Хестӕр саугин.
d Еу киунугӕмӕ гӕсгӕ, цалинмӕ нӕ эри 70 анзи Йерусалими ковӕндонӕ нӕ ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕдмӕ Израили кӕрӕдзей раййивтонцӕ еу 84 хестӕр саугини.
f Кӕсӕ киунугӕ «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 240 фарс.
g Кӕсӕ 2010 анзи 15 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг» 22 фарс (урус.).