Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 6

Йеговӕбӕл цийфӕнди гъуддаги дӕр ӕууӕндис?

Йеговӕбӕл цийфӕнди гъуддаги дӕр ӕууӕндис?

«Е ӕй Къӕдзӕх, ӕ гъуддӕгтӕ ӕнцӕ ӕнӕфау, ӕ нӕдтӕ еугурӕйдӕр ӕнцӕ раст. Е ӕй ӕновуд Хуцау, хӕранӕй имӕ неци ес. Е ӕй раст ӕма рӕстзӕрдӕ Хуцау» (ДУК. З. 32:4).

3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Беретӕ хецауадӕбӕл цӕмӕн нӕбал ӕууӕндунцӕ? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

 АБОНИ беретӕ хецауадӕбӕл нӕбал ӕууӕндунцӕ, уомӕн ӕма ’й уинунцӕ, алцидӕр уотӕ арӕзт ке ӕй, цӕмӕй, гъӕздуг ка ӕй ӕма бартӕ ке къохти ’нцӕ, уонӕн хуарз уа, мӕгуртӕ ба нимади дӕр некӕмӕ ’нцӕ. Ӕма Библий дӕр дзӕгъӕли финст не ’рцудӕй: «Адӕймаг адӕймагӕн хецау ке ӕй, е ин хӕссуй зиан» (Еккл. 8:9). Уомӕй уӕлдай ма дини разамонгутӕй еуӕй-еуетӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ кӕнунцӕ. Ӕма уой уингӕй беретӕ Хуцауӕй дӕр фӕффудӕнгъӕл ӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, кӕд адӕймаг Библи ахур кӕнунбӕл исарази уй, уӕддӕр ин зин фӕууй Йеговӕбӕл ӕма, разамунд дӕттунмӕ ке иснисан кодта, уонӕбӕл ӕууӕндун.

2 Ӕма е, Библи ка ахур кӕнуй, айдагъ уонӕмӕ нӕ хауй, фал махмӕ дӕр. Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ дӕр гъӕуама ма иронх кӕнонцӕ, Йеговӕ ци унаффитӕ рахӕссуй, етӕ алкӕддӕр тӕккӕ хуӕздӕр ке фӕуунцӕ. Е ӕхсидзгӕ ’й, уомӕн ӕма кӕцидӕр уавӕрти нин зин фӕууй Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцӕуй, Библи кӕсгӕй цидӕртӕ ку нӕ фӕллӕдӕрӕн ӕма нин Йегови организаци разамунд ку фӕддӕттуй, уӕд. Ӕркӕсдзиан ма, устур бӕллӕхи рӕстӕг, удта уой фӕсте не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцӕудзӕй, уомӕ дӕр.

ЙЕГОВӔБӔЛ ӔУУӔНДЕТӔ: 1. БИБЛИ КӔСГӔЙ

3. Библийӕй цӕхуӕндӕр скъуддзаг ку фӕккӕсӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцӕуй?

 3 Еуӕй-еухатт Библи кӕсгӕй нӕ фӕллӕдӕрӕн, Йеговӕ цӕхуӕндӕр унаффитӕ цӕмӕн рахаста ӕма еуетӕмӕ фӕлмӕн, иннетӕмӕ ба карз цӕмӕн фӕууидӕ, уой. Зӕгъӕн, Нимӕдзти киунуги финст ӕй, Йеговӕ мӕлӕти тӕрхон ке рахаста, сабатбони согтӕ ка ӕмбурд кодта, еу уӕхӕн израилагӕн. 2 Самуили ба финст ӕй, Йеговӕ паддзах Давидӕн ке ниххатир кодта, кӕд Вирсавий хӕццӕ фӕррӕдудӕй, ӕ лӕги ба ин рамарун кодта, уӕддӕр (Ним. 15:32, 35; 2 Сам. 12:9, 13). Кадӕр зӕгъдзӕй: «Е раст ӕй? Давид гъе уӕхӕн уӕззау тӕрегъӕдтӕ искодта, Йеговӕ ба ин ниххатир кодта. Еци израилагӕн ба мӕлӕти тӕрхон рахаста, кӕд уӕхӕн дессагӕй неци ракодта, уӕддӕр?» Цӕмӕй нӕ аци фарстатӕ мабал тухсун кӕнонцӕ, уой туххӕй гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Библи кӕсгӕй нӕ зӕрдӕбӕл цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги гъӕуама дарӕн, уомӕ.

4. Райдайӕни 18:20, 21 ӕма Дуккаг закъони 10:17 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй зӕгъун, Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй ке фӕййархайуй?

4 Библий кӕцидӕр хабӕрттӕ листӕг фӕззелӕнти уӕнгӕ финст нӕ фӕуунцӕ. Зӕгъӕн, мах ӕй зонӕн, Давид ӕ тӕрегъӕдбӕл зӕрдӕй ке ӕрфӕсмон кодта (Пс. 51:2–4). Фал сабатбони согтӕ ка ӕмбурд кодта, еци нӕлгоймагӕй ба ци ес зӕгъӕн? Ӕ фудбӕл басастӕй ӕма ӕрфӕсмон кодта? Раздӕр Йегови закъӕнтти сӕрти хизтӕй? Ка ’й зонуй, уой размӕ дӕр ӕй фӕдзахстонцӕ, фал еци фӕдзӕхститӕ нецӕмӕ ӕрдаридӕ. Еци хабари туххӕй Библий неци финст ес, фал еу гъуддаг ба бӕлвурдӕй зонӕн: «Йеговӕмӕ хӕранӕй неци ес» (Дук. з. 32:4). Адӕймаги унаффӕ рахӕссун ку фӕгъгъӕуй, уӕд уавӕрмӕ алкӕд раст цӕстӕй нӕ ракӕсуй. Ӕ унаффӕбӕл рабӕрӕг уй, кадӕр кедӕр фудкой ке ракодта кенӕ кӕмӕдӕр гъолон цӕстӕй ке кӕсуй, уӕхӕн цидӕртӕ. Фал Йеговӕ алцидӕр бӕлвурдӕй фӕззонуй ӕма унаффӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ фӕххӕссуй. (Бакӕсӕ Райдайӕн 18:20, 21; Дуккаг закъон 10:17.) Йегови хуарз ку зонӕн, уӕд ибӕл нӕ гурусхӕ кӕндзиан, цӕхуӕндӕр уавӕри раст унаффӕ ке рахаста, уобӕл, кӕронмӕ ’й ку нӕ лӕдӕрӕн, уӕддӕр. Библи кӕсгӕй дӕмӕ, ка ’й зонуй, цӕхуӕндӕр фарстатӕ фӕззинна, дзуӕппитӕ ба сӕбӕл ма иссерай. Фал уӕддӕр нӕ Хуцауи туххӕй фагӕ зонӕн ӕма нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, алли гъуддаги дӕр рӕстӕй ке архайуй (Пс. 145:17).

5. Ӕнӕнхӕст ке ан, е куд рабӕрӕг уй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн, уобӕл? (Кӕсӕ рамкӕ  «Ӕнӕнхӕст ке ан, уой туххӕй, раст ци ӕй, уой алкӕд кӕронмӕ нӕ фӕллӕдӕрӕн».)

5 Не ’нӕнхӕстдзийнади туххӕй алкӕд нӕ фӕллӕдӕрӕн, раст ци ӕй, уой. Хуцау нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ ке сфӕлдиста, уомӕ гӕсгӕ махӕн дӕр зин фӕууй, еске ӕнӕфудӕй ку бафхуӕрунцӕ, уӕд, нӕ тог дӕр ма рафицуй (Райд. 1:26). Еуӕй-еухатт нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма гъуддагмӕ аллирдиги ӕркастан ӕма раст хатдзӕгмӕ ӕрцудан. Фал гъӕуама ма иронх кӕнӕн, ӕнӕнхӕст ке ан, уой туххӕй алкӕд алци раст ке нӕ балӕдӕрӕн. Зӕгъӕн, нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Ионӕ куд рамӕстгун ӕй, Йеговӕ Ниневий цӕргути ке нӕ фесафта, уой туххӕй (Ионӕ 3:10–4:1). Фал уой фӕрци, 120 000 адӕймагемӕй фулдӕр уодӕгасӕй байзадӕнцӕ! Мадта бӕрӕг ӕй, Йеговӕ уӕхӕн унаффӕ ке рахаста, уомӕй раст ке адтӕй. Е Иони гъудӕй ӕ зундахаст раййевун.

6. Йеговӕ ци унаффитӕ рахӕссуй, уони туххӕй дзуапп дӕттунмӕ ихӕсгин цӕмӕннӕ ’й?

6 Йеговӕ ци унаффитӕ рахӕссуй, уони туххӕй ӕй адӕни рази дзуапп дӕттун нӕ фӕгъгъӕуй. Рагидзаманти уотӕ фӕууидӕ, ӕма Йеговӕ ци унаффитӕ рахӕссидӕ, етӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕй кедӕрти тухсун кӕниуонцӕ, ӕма сӕмӕ уӕд Йеговӕ фӕразонӕй байгъосидӕ (Райд. 18:25; Ионӕ 4:2, 3). Хатгай ба ма син ӕй лӕдӕрун дӕр бакӕнидӕ, уотӕ цӕмӕн бакодта, уой (Ионӕ 4:10, 11). Фал уӕддӕр ӕ унаффити туххӕй адӕни рази дзуапп дӕттунмӕ ба ихӕсгин нӕй. Йеговӕ ӕй не Сфӕлдесӕг ӕма уой гъӕуагӕ нӕй, цӕмӕй ин еске зӕгъа, раст унаффӕ рахастай, зӕгъгӕ (Ис. 40:13, 14; 55:9).

ЙЕГОВӔБӔЛ ӔУУӔНДЕТӔ: 2. ЕСТИ РАЗАМУНД КУ РАЦӔУЙ

7. Хатгай нин зин ци фӕууй ӕма цӕмӕн?

7 Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй ке фӕййархайуй, уобӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн. Фал зӕнхӕбӕл ӕ номӕй ка архайуй, уонӕбӕл ба нин нӕ зӕрдӕ дарун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, ӕмбурди разамунд ка фӕддӕттуй, етӕ цӕхуӕндӕр унаффӕ рахастонцӕ, махмӕ ба уой туххӕй фарста фӕззиндтӕй: «Цума ӕнсувӕртӕ ӕцӕгӕйдӕр Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайунцӕ ӕви сӕхемӕ растдӕр куд кӕсуй, уотӕ кӕнунцӕ?» Гӕнӕн ес, ӕма уӕхӕн гъудитӕ фӕззиндтайуонцӕ, рагидзаманти ка цардӕй, уонӕмӕ дӕр. Гъӕйдӕ ма  3 абзацмӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсӕн. Сабатбони туххӕй закъон ка фехалдта, еци адӕймаги хеуӕнттӕмӕ, гӕнӕн ес, ӕма фарста фӕззиндтайдӕ: «Цума Моисей, мӕлӕти тӕрхон рахӕссуни размӕ ӕцӕгӕйдӕр Йегови бафарста?» Урий ӕмбӕлттӕй ба кӕмӕдӕрти, ка ’й зонуй, уотӕ фӕккастайдӕ, ӕма Давид ӕ паддзахи бартӕй испайда кодта, цӕмӕй ӕфхуӕрд ма баййафтайдӕ. Мадта федарӕй ес зӕгъӕн: Йеговӕ ӕхуӕдӕг кӕбӕл ӕууӕндуй, гъома, ӕ организаций ӕма ӕмбурдти разамунд дӕттунмӕ ке иснисан кодта, уонӕбӕл ку не ’ууӕндӕн, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма Йеговӕн ӕхебӕл дӕр не ’ууӕндӕн.

8. Фиццаг ӕноси разамонӕг совет куд архайдта ӕма абони ӕмбурдтӕ куд архайунцӕ, е ӕмхузӕн цӕмӕй ӕй? (Гъуддӕгтӕ 16:4, 5).

8 Абони Йеговӕ ӕ организаций зӕнхон хаййӕн разамунд дӕттуй «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» фӕрци (Матф. 24:45). Фиццаг ӕноси разамонӕг совет куд адтӕй, уотӕ абони дӕр еци «цагъар» Хуцауи адӕнбӕл тухсуй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕн разамунд дӕттуй. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 16:4, 5.) Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба еци разамундӕй ӕмбурдти пайда кӕнунцӕ. Мадта Йеговӕбӕл ке ӕууӕндӕн ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ ке дарӕн, е бӕрӕг уодзӕй, ӕ организаций ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд.

9. Хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ байгъосун ӕнцон кӕд нӕ фӕууй ӕма цӕмӕн?

9 Фал хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ байгъосун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, фӕстаг ӕнзти рӕстӕг кӕцидӕр районтӕ ӕма ӕмбурдтӕ ниддехтӕ кодтонцӕ кенӕ ба байеу кодтонцӕ. Уой туххӕй кедӕрти багъудӕй ӕндӕр ӕмбурдмӕ рахезун. Фал еци гъуддаги фӕрци нӕ залтӕй, куд хуӕздӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнун нӕ бон иссӕй. Нур, зӕгъӕн, махӕн дӕр загътонцӕ, ӕндӕр ӕмбурдмӕ рахезун нӕ ке гъӕуй. Уӕд нин, ӕвӕдзи, зин уодзӕй, нӕ хеуӕнтти хӕццӕ ӕма не ’мбӕлтти хӕццӕ еумӕ ке нӕбал уодзиан, е. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ уӕлӕрвтӕй неке ӕрдзоруй ӕма син неке фӕззӕгъуй, ке цӕхуӕн ӕмбурдмӕ иснисан кӕнун гъӕуй, уой. Уой туххӕй нин алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, ци разамунд нин раттунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун. Фал сӕбӕл кӕд Йеговӕ ӕууӕндуй, уӕд сӕбӕл гъӕуама мах дӕр ӕууӕндӕн *.

10. Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ цӕмӕн гъӕуама игъосӕн?

10 Хестӕр нӕлгоймӕгти разамунд нӕ зӕрдӕмӕ ку неци уотӕ цӕуа, уӕддӕр сӕмӕ игъосун цӕмӕн гъӕуй? Уой фӕрци Хуцауи адӕни астӕу уодзӕй еудзийнадӕ (Еф. 4:2, 3). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, хестӕр нӕлгоймӕгти совет ци унаффӕ рахӕссуй, уомӕ гӕсгӕ ку архайонцӕ, уӕд ӕмбурди уодзӕй фарнӕ ӕма ӕгасей бон дӕр уодзӕй цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:17.) Сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма уотемӕй ӕвдесдзиан, Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ке дарӕн ӕма ибӕл ке ӕууӕндӕн, уомӕн ӕма син Йеговӕ ӕхуӕдӕг баихӕс кодта, цӕмӕй нӕбӕл тухсонцӕ (Гъуд. 20:28).

11. Хестӕр нӕлгоймӕгти разамундмӕ игъосун нин ӕнцондӕр цӕй фӕрци уодзӕй?

11 Хестӕр нӕлгоймӕгти разамундмӕ игъосун нин ӕнцондӕр цӕй фӕрци уодзӕй? Еу гъуддаг дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ: ӕнсувӕртӕ, ӕмбурдмӕ ка хауй, уӕхӕн гъуддаг ниллух кӕнуни размӕ алкӕддӕр Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ фӕккорунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма лӕмбунӕг ӕркӕсунцӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ, удта Йегови организаци ци разамунд равардта, уомӕ дӕр. Хестӕр нӕлгоймӕгти фӕндуй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ӕма ин ӕ адӕнмӕ, куд хуӕздӕр ӕй, уотӕ кӕсун. Еци еузӕрдон нӕлгоймӕгтӕ ’й зонунцӕ, сӕ ихӕстӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой туххӕй сӕ Хуцауи рази дзуапп раттун ке гъӕудзӕй (1 Пет. 5:2, 3). Расагъӕс кӕнӕ: аци дуйней адӕн кӕрӕдземӕ знаги цӕстӕй кӕсунцӕ берӕ цӕйдӕрти туххӕй, зӕгъӕн, динти, политики кенӕ ба, фӕйнӕхузи адӕнихаттӕй ке ’нцӕ, уой туххӕй. Йегови адӕни астӕу ба ес еудзийнадӕ ӕма ӕцӕг Хуцауӕн фӕрсӕй-фарсмӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ. Уомӕн ба гӕнӕн ес, Йеговӕ ӕ организацийӕн ке арфӕ кӕнуй, ӕрмӕстдӕр уой фӕрци!

12. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд гъӕуама архайонцӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕронцӕ, адӕймаг ӕ тӕрегъӕдбӕл фӕсмон кӕнуй ӕви нӕ?

12 Йеговӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг бабарӕ кодта – ӕмбурди кӕдзосдзийнадӕ гъӕуай кӕнун. Киристӕнттӕй еске уӕззау тӕрегъӕд ку искӕнуй, уӕд фӕгъгъӕуй ниллух кӕнун, идарддӕр ӕмбурди уодзӕй ӕви нӕ. Уӕхӕн уавӕрти хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама исбӕрӕг кӕнонцӕ, адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр ӕ тӕрегъӕдбӕл фӕсмон кӕнуй ӕви нӕ. Гӕнӕн ес, ӕма ӕхуӕдӕг дзора, ке фӕсмон кӕнуй, фал цума ӕцӕгӕйдӕр ӕ тӕрегъӕдӕй е ’сӕфт уинуй? Фӕндфедарӕй архайуй, цӕмӕй уӕхӕн тӕрегъӕд макӕдбал искӕна? Кӕд ӕй тӕрегъӕдмӕ ӕ лӕгъуз ӕмбӕлттӕ ӕркодтонцӕ, уӕд си цӕттӕ ӕй ӕхе райеуварс кӕнунмӕ? Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Йеговӕмӕ фӕкковунцӕ, удта лӕмбунӕг ӕркӕсунцӕ ӕгас гъуддӕгтӕмӕ дӕр ӕма, Библий ци финст ес, уомӕ дӕр. Удта байархайунцӕ, цӕмӕй ӕй балӕдӕронцӕ, адӕймаг ӕ тӕрегъӕдмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, уой. Уой фӕсте сӕ фӕгъгъӕуй унаффӕ рахӕссун, адӕймаг идарддӕр дӕр Хуцауи адӕни астӕу уодзӕй ӕви нӕ. Еуӕй-еу уавӕрти адӕймаги фӕгъгъӕуй ӕмбурдӕй рацох кӕнун (1 Кор. 5:11–13).

13. Ӕмбурдӕй нӕ хеуӕнттӕй еске ку рацох кӕнунцӕ, уӕд цӕбӕл фӕттухсӕн?

13 Разамундмӕ гӕсгӕ архайун нин зин цӕхуӕн уавӕрти фӕууй? Ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, е не ’мбал кенӕ нӕ хӕстӕг ку нӕ уа, уӕд нин хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун ӕнцон уодзӕй. Фал ке рацох кодтонцӕ, е нӕ хеуон ку уа, уӕдта? Гӕнӕн ес, ӕма нӕмӕ уӕхӕн фарстатӕ фӕззинна: «Цума хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъуддагмӕ аллирдиги дӕр ӕркастӕнцӕ? Йеговӕ дӕр уӕхӕн унаффӕ рахастайдӕ?» Цума нин ци банхус кӕндзӕй уӕхӕн уавӕри хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун?

14. Ӕмбурдӕй нӕ хеуӕнттӕй еске ку рацох кӕнонцӕ, уӕд нин хестӕр нӕлгоймӕгти унаффӕбӕл исарази унмӕ ци банхус кӕндзӕй?

14 Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн еу гъуддаг: ӕ тӕрегъӕдбӕл ка нӕ фӕсмон кӕнуй, еци адӕймаги ӕмбурдӕй рацох кӕнун Йегови фӕдзӕхст ӕй. Ӕма е алкӕмӕндӕр пайда ӕрхӕссуй – ӕмбурдӕн дӕр ӕма тӕрегъӕд ка ракодта, уомӕн дӕр. Уӕхӕн адӕймаг Хуцауи адӕни астӕу ку байзайа, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр фӕррӕдуйун кӕна (Гал. 5:9). Ку ’й нӕ рацох кӕнонцӕ, удта, ка ’й зонуй, адӕймаг лӕдӕргӕ дӕр ма бакӕна, цӕхуӕн уӕззау тӕрегъӕд ракодта, уой. Удта ’й нӕ балӕдӕрдзӕй, ӕ зундахаст ӕй раййевун ке гъӕуй, цӕмӕй Йегови хӕццӕ нӕуӕгӕй бафедауа (Еккл. 8:11). Мах ӕй федарӕй зонӕн: адӕймаги ӕмбурдӕй рацох кӕнунмӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ. Етӕ ’й лӕдӕрунцӕ, цӕхуӕн устур ихӕс сӕбӕл ес, уой. Рагон Израили тӕрхонгӕнгути хузӕн етӕ дӕр «адӕни номӕй нӕ тӕрхон кӕнунцӕ, фал Йегови номӕй» (2 Анз. 19:6, 7).

АБОНИ ЙЕГОВӔБӔЛ НӔ ЗӔРДӔ КУ ДАРӔН, УӔД ФЕДӔНИ ДӔР УОТӔ АРХАЙУНМӔ ЦӔТТӔ УОДЗИАН

Ци нин банхус кӕндзӕй устур бӕллӕхи рӕстӕг разамундмӕ гӕсгӕ архайун? (кӕсӕ 15 абзац)

15. Абони уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр цӕмӕн ӕй нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун?

15 Аци дуйней кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнуй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нин абони уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Цӕмӕн? Гӕнӕн ес, ӕма устур бӕллӕхи рӕстӕг ци разамунд уа, е нӕмӕ ӕнахур фӕккӕса. Кенӕ ба ма уотӕ дӕр гъуди кӕнӕн, ӕма мах кӕми цӕрӕн, уоми еци разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн нӕййес. Фал ӕй гъӕуама лӕдӕрӕн: Йеговӕ нӕ хӕццӕ лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ дзордзӕй. Е нин разамунд дӕтдзӕй, ӕ номӕй архайунмӕ ке иснисан кодта, еци нӕлгоймӕгти фӕрци. Уӕд нин рӕстӕг нӕбал уодзӕй салла-уалла кӕнунмӕ ӕма уотӕ сагъӕс кӕнунмӕ: «Аци разамунд ӕцӕгӕйдӕр Йеговӕй ӕй ӕви ӕнсувӕртӕ сӕхуӕдтӕ уотӕ гъуди кӕнунцӕ?» Еци рӕстӕг дӕхе куд бадардзӕнӕ? Е кӕнгӕ уодзӕй, ӕнсувӕрти разамундмӕ абони ци цӕстӕй кӕсис, уомӕй. Кӕд син абони сӕ разамундмӕ гӕсгӕ уайтагъддӕр архайун райдаис, уӕд дин устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр уотӕ кӕнун зин нӕ уодзӕй (Лук. 16:10).

16. Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн ӕви нӕ, е федӕни цӕхуӕн хабӕртти рабӕрӕг уодзӕй?

16 Гъӕуй ма нӕ еу цӕбӕлдӕр расагъӕс кӕнун: аци фуддуйней кӕрон ку ралӕууа, уӕд Йеговӕ ци тӕрхӕнттӕ рахӕсдзӕй, уонӕмӕ ци цӕстӕй ракӕсдзиан? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах нӕ зӕрдӕ дарӕн, беретӕ ма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ке райдайдзӕнцӕ, уой хӕццӕ ба нӕ хеуӕнттӕ дӕр. Фал Армагеддони рӕстӕг Йеговӕй ӕвӕрд тӕрхонгӕнӕг, Йесо Киристе, ӕгас адӕнӕн дӕр фӕстаг тӕрхон рахӕсдзӕй (Матф. 25:31–33; 2 Фес. 1:7–9). Ӕма уӕд, Йеговӕ кӕмӕн гъӕуама фӕттӕрегъӕд кӕна, кӕмӕн ба – нӕ, е махӕй кӕнгӕ нӕ уодзӕй (Матф. 25:34, 41, 46). Йеговӕ ци унаффӕ рахӕсса, уобӕл исарази уодзиан ӕви нин е къахкъуӕрӕн исуодзӕй ӕма си нӕхе рахатдзиан? Мадта бӕрӕг ӕй: Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун абони ку исахур уӕн, уӕд нин федӕни дӕр ӕнцондӕр уодзӕй ӕнӕ фӕстӕмӕ фӕккӕсгӕй уотӕ бакӕнун.

17. Йеговӕ аци фуддуйнейӕн ци тӕрхон рахаста, уой ку исӕнхӕст кӕна, уӕд е цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй?

17 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума нӕуӕг дуйне ралӕудтӕй ӕма Йеговӕ е ’гас тӕрхӕнттӕ дӕр исӕнхӕст кодта. Нӕбал ес нӕдӕр мӕнгӕ динтӕ, нӕдӕр коммерци. Сӕ къохтӕ адӕни тоги кӕмӕн нивдулдӕнцӕ, еци хецауӕдтӕн дӕр сӕ кой нӕбал ес. Адӕймаги цард нӕбал ӕнадӕ кӕндзӕнцӕ незтӕ, ӕнзтӕ ӕма зиани хабӕрттӕ. Сайтан ӕма ӕ сайтӕнттӕ ба 1 000 анземӕ баст ӕрцӕудзӕнцӕ ӕма ци зиан ӕрхастонцӕ, уомӕй ба фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй (Рарг. 20:2, 3). Ӕма гъе уӕд нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ уодзӕй, уомӕн ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дардтан ӕма ин ӕ разамундмӕ игъустан!

18. Израилӕгтӕ сӕхе куд бадардтонцӕ, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Нимӕдзтӕ 11:4–6; 21:5).

18 Гӕнӕн ес, ӕма нӕуӕг дуйней дӕр цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн ӕма нин уӕд Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун ӕнцон нӕ уодзӕй. Гъӕйдӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, израилӕгтӕ сӕхе куд бадардтонцӕ, Египети цагъайрадӕй ку исуӕгъдӕ ’нцӕ, уӕд. Еуӕй-еуетӕ си ӕрхун кӕнун райдӕдтонцӕ, Египети ци хуӕруйнӕгтӕ хуардтонцӕ, уонӕбӕл. Йеговӕ син дессаги хузи ци маннӕ лӕвардта, уой туххӕй ба дзурдтонцӕ: «Аци ӕнадӕ дзолӕй нӕ зӕрдӕ хӕссуй». (Бакӕсӕ Нимӕдзтӕ 11:4–6; 21:5.) Цума уомӕн гӕнӕн ес, ӕма устур бӕллӕхи фӕсте мах дӕр нӕхе уотӕ дарун райдайӕн? Бӕрӕг нӕй, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъӕудзӕй, цӕмӕй зӕнхӕ кӕлӕддзӕгтӕй искӕдзос кӕнӕн ӕма си минкъийгай дзенет рауайун кӕнӕн. Ӕнгъӕлдӕн, ӕма фиццӕгти зӕнхӕ дзенети хузӕн неци уотӕ уодзӕй ӕма нӕмӕ хъӕбӕр берӕ куст ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй. Цума еци рӕстӕг ку ралӕууа, уӕд хъур-хъур кӕнун нецӕбӕл райдайдзиан? Цӕмӕй уотӕ ма рауайа, уой туххӕй абони гъӕуама исахур уӕн, Йеговӕ нин ци дӕттуй, уомӕй боз ун.

19. Ранимайӕ аци статьяй сӕйраг гъудитӕ.

19 Йеговӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕййархайуй. Уобӕл гъӕуама федарӕй ӕууӕндӕн. Удта ма гъӕуама ӕууӕндӕн, разамунд дӕттунмӕ ке иснисан кодта, уонӕбӕл дӕр. Гъӕйдӕ мадта нӕ зӕрдӕбӕл алкӕддӕр дарӕн Йегови дзурдтӕ: «Уӕ хъаурӕ уой медӕг уодзӕй, ку нӕ тухсайтӕ ӕма мӕбӕл уӕ зӕрдӕ ку дарайтӕ» (Ис. 30:15).

98 ЗАР Сугъдӕг Финстадӕ ӕй Хуцауӕй

^ 5 абз. Аци статьяй дзурд цӕуй, куд ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй Йеговӕбӕл ӕма, разамунд ке фӕрци дӕттуй, уонӕбӕл ӕууӕндӕн. Мах базондзиан, е нин абони ци пайда хӕссуй, уой. Удта ма ӕркӕсдзиан, нӕ зӕрдӕ дарун сӕбӕл нур ку исахур уӕн, уӕд нин федӕни зиндзийнӕдтӕн исфӕразун ӕнцондӕр цӕмӕн уодзӕй, уомӕ.

^ 9 абз. Фӕууй уотӕ, ӕма игъосунгӕнӕги бон нӕ фӕууй ӕндӕр ӕмбурдмӕ рахезун цӕхуӕндӕр уавӕртӕмӕ гӕсгӕ. Кӕсӕ 2002 анзи ноябри «Нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг», 7 фарс (урус.).