Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

28 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй!

Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй!

«Дуйнебӕл хецаудзийнадӕ нур ӕй нӕ Хуцауи ӕма ӕ Киристей къохи» (РАРГ. 11:15).

22 ЗАР Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!

РАЗДЗУРД *

1. Федарӕй ци зонӕн ӕма цӕмӕн?

 АБОНИ цитӕ цӕуй, уой уингӕй федӕнӕй хуарз цӕмӕдӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсун зин ӕй. Адӕнӕн сӕ фулдӕр ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кӕнунцӕ, удта хъӕбӕр ӕнӕхатир иссӕнцӕ. Бийнонтӕ кӕрӕдзей нӕбал лӕдӕрунцӕ, удта хецауадӕбӕл дӕр ӕууӕнкӕ нӕбал ес. Фал дуйне уотӕ змӕнст ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й федарӕй зонӕн, тагъд рӕстӕги гъуддаг хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нур ӕнхӕст кӕнуй пахампарадӕ «фӕстаг бӕнтти» туххӕй (2 Тим. 3:1–5). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, нӕ алливарс цитӕ цӕуй, уомӕ ку ӕркӕсӕн, уӕд ӕй балӕдӕрдзиан, фӕстаг бӕнтти туххӕй пахампарадӕ нӕ рӕстӕги ке ӕнхӕст кӕнуй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Йесо Киристе Хуцауи Паддзахади Паддзах иссӕй. Фал ма уомӕй уӕлдай Хуцауи Паддзахади туххӕй берӕ ӕндӕр пахампарӕдтӕ дӕр ес. Еци пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уомӕ ку ӕркӕсӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бафедардӕр уодзӕй.

Раргомади ӕма Данели киунугути финст пахампарӕдтӕ пазли хецӕн хӕййти хузӕн. Еци хӕйттӕй еу хузӕ рауадӕй ӕма ибӕл зиннуй, тагъд Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕхуӕн хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕнцӕ, е (кӕсӕ 2 абзац)

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан цалдӕр пахампарадемӕ. Етӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй: 1) Хуцауи Паддзахадӕ кӕд ӕрфедар ӕй, уой исбӕрӕг кӕнӕн; 2) балӕдӕрӕн, Киристе уӕлӕрвти Паддзах ке иссӕй ӕма 3) базонӕн, Хуцауи Паддзахади знӕгтӕн сӕ кӕрон куд ӕрцӕудзӕй, уой. Ӕгас еци пахампарӕдтӕ ӕнцӕ пазли хӕйтти хузӕн, ӕма сӕ ку байеу кӕнӕн, уӕд си еу хузӕ рауайдзӕй ӕма ’й фӕууиндзиан, Йегови цӕстӕй кӕсгӕй нур ци рӕстӕги цӕрӕн, уой.

ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДӔ КЕ ӔРФЕДАР ӔЙ, УОЙ КУД ЕС БАЗОНӔН?

3. Данели 7:13, 14 финст дзурдтӕй ци ес базонӕн?

3 Данели 7:13, 14 финст пахампарадӕй бӕрӕг ӕй, Йесо Киристе Хуцауи Паддзахадӕн тӕккӕ хуӕздӕр Паддзах ке ӕй. Уомӕн лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ адӕн «аллихузи адӕнихӕттитӕй» ӕма ӕ паддзахи бартӕ лӕвӕрд некӕмӕн ӕрцӕудзӕнцӕ. Данели киунуги иннӕ пахампаради ба финст ӕй, Киристе ӕ паддзахи бартӕ ке райсдзӕй, «авд рӕстӕги» ку фӕууонцӕ, уӕд. Аци пахампарадӕ кӕд гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ, уой исбӕрӕг кӕнӕн ес?

4. Данели 4:10–17 финст пахампарадӕ нин куд ӕнхус кӕнуй исбӕрӕг кӕнун, Киристе Паддзах кӕд иссӕй, еци анз? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)

4 Бакӕсӕ Данели 4:10–17. «Авд рӕстӕги» ӕнцӕ 2 520 анзи. Райдӕдтонцӕ нӕ эри размӕ 607 анзи, Йерусалими Хуцауӕй ӕвӕрд паддзӕхтӕй фӕстагӕн ӕ бартӕ ку байстонцӕ, уӕд. Ӕма фӕцӕнцӕ 1914 анзи, Йеговӕ, «барӕ кӕмӕн ес», уой, гъома Киристей, ӕ Паддзахади сӕргъи ку исӕвардта, уӕд (Йез. 21:25–27) *.

5. «Авд рӕстӕгей» туххӕй пахампарадӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

5 Аци пахампарадӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма ’й уой фӕрци федарӕй зонӕн, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр афойнадӕбӕл ке исӕнхӕст кӕнуй. Кӕд Йеговӕ Паддзахади туххӕй пахампарадӕ ӕ рӕстӕги исӕнхӕст кодта, уӕд иннӕ пахампарӕдтӕн дӕр сӕ хабар уотӕ уодзӕй. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: Йегови бон «нӕ байрӕги кӕндзӕй» (Ав. 2:3).

КИРИСТЕ ПАДДЗАХ КЕ ИССӔЙ, УОЙ КӔЦӔЙ ЗОНӔН?

6. а) Киристе уӕлӕрвти Паддзах ке ӕй, е зӕнхӕбӕл цӕхуӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй? б) Раргомади 6:2–8 ци пахампарадӕ финст ес, уомӕй дӕр куд зиннуй, Киристе Паддзах ке ӕй, е?

6 Киристе ӕ зӕнхон царди фӕстаг бӕнтти ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн радзурдта, уӕлӕрвти Паддзах ке иссӕй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй. Киристе загъта, тугъдтитӕ, стонгдзийнадӕ ӕма зӕнхинкъуститӕ ке уодзӕй. Удта ма, дан, уӕд еу рауӕн, уӕд иннӕ рауӕн фӕззиндзӕй фуднезтӕ. Ӕма коронавируси пандемийӕ дӕр уой бӕрӕггӕнӕн ӕй. Ӕгас еци хабӕрттӕ Библи хонуй, Киристе уӕлӕрвти Паддзах ке ӕй, уомӕн ӕ нисан (Матф. 24:3, 7; Лук. 21:7, 10, 11). Киристе ку рамардӕй ӕма фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕмӕ ку раздахтӕй, уомӕй еу 60 анзей фӕсте апостол Иоаннӕн цӕстӕбӕлуайӕни бавдиста, еци хабӕрттӕ ӕцӕгӕйдӕр ке ӕрцӕудзӕнцӕ, уой. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 6:2–8.) Ӕма еци хабӕрттӕ еугурӕйдӕр цӕунцӕ 1914 анзӕй, Киристе Паддзах ку иссӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ.

7. Киристе Паддзах кӕдӕй иссӕй, уӕдӕй зӕнхӕбӕл уойбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ цӕмӕн ес?

7 Йесо Киристе уӕлӕрвти Паддзах ку иссӕй, уӕд зӕнхӕбӕл цард цӕмӕн фӕффуддӕр ӕй? Уой туххӕй финст ӕй Раргомади 6:2. Киристе уӕлӕрвти Паддзах ку иссӕй, уӕд фиццагидӕр истухта Сайтан ӕма ӕ сайтӕнтти хӕццӕ. Ӕма Раргомади киунугӕй 12 сӕрӕй куд зиннуй, уотемӕй Сайтан фӕммулд ӕй, ӕма ӕ сайтӕнтти хӕццӕ зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕй. Уой туххӕй хъӕбӕр исмӕстгун ӕй ӕма ӕ маст адӕнбӕл фӕккодта. Гъема зӕнхӕ гъезӕмӕрттӕй байдзаг ӕй (Рарг. 12:7–12).

Лӕгъуз хабӕрттӕ ке цӕунцӕ, е нин зин куд нӕй, фал Библий пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой ке уинӕн, уой фӕрци федарӕй ӕууӕндӕн, Хуцауи Паддзахадӕ ке ӕрфедар ӕй (кӕсӕ 8 абзац)

8. Паддзахади туххӕй пахампарӕдтӕ мах рӕстӕги ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой зонун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

8 Аци пахампарӕдтӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй ӕма адӕн фуддӕрӕй-фуддӕр ке кӕнунцӕ, уомӕ гӕсгӕ ’й лӕдӕрӕн, Киристе Паддзах ке иссӕй. Адӕн хеуарзон ӕма ӕнӕхатир ке иссӕнцӕ, е нин зин куд нӕй. Фал ӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн, уомӕй Библий пахампарӕдтӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ. Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй! (Пс. 37:1). Ӕма Армагеддон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ дуйней уавӕртӕ дӕр фуддӕр кӕндзӕнцӕ (Мар. 13:8; 2 Тим. 3:13). Мах нӕ уӕларвон Фидӕй хъӕбӕр боз ан, уомӕн ӕма нин ӕй базонун кодта, дуйней уавӕр уотӕ лӕгъуз цӕмӕн ӕй, уой.

ХУЦАУИ ПАДДЗАХАДИ ЗНӔГТӔН СӔ КӔРОН КУД ӔРЦӔУДЗӔЙ?

9. Данели 2:28, 31–35 фӕстаг дуйнеуон паддзахади туххӕй ци финст ес ӕма еци паддзахадӕ кӕд фӕззиндтӕй?

9 Бакӕсӕ Данели 2:28, 31–35. Мах ӕй уинӕн, аци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, уой. Хуцау «паддзах Навуходоносорӕн бавдиста, фӕстаг бӕнтти ци уодзӕй, уой», гъома Киристе Паддзах ку исуа, уой фӕсте. Киристейӕн уодзӕй знӕгтӕ – сӕ еу ӕй фӕстаг дуйнеуон паддзахадӕ. Библий еци знаг ӕвдист ӕй гумерий къӕхтӕй, фадигъолтӕй дӕлӕмӕ. Ӕнцӕ «кӕми ӕфсӕйнагӕй кӕми ба ӕргъӕй» конд. Еци дуйнеуон паддзахадӕ нӕ рӕстӕги хецауеуӕг кӕнуй ӕма имӕ хауй дууӕ бӕсти: Великобритани ӕма Америки Еугонд Штаттӕ. Е фӕззиндтӕй Фиццаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг, Великобритани ӕма Америки Еугонд Штаттӕ кӕрӕдзей хӕццӕ уӕлдай ӕнгом ку иссӕнцӕ, уӕд. Навуходоносори фунӕй ма базонӕн адтӕй, еци дуйнеуон паддзахадӕ, ӕ размӕ ка адтӕй, уонӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уӕхӕн дууӕ гъуддаги дӕр.

10. а) Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма Данели пахампаради Великобритани ӕма Америки Еугонд Штаттӕ хуарз ӕвдист ӕнцӕ? б) Нӕхе цӕмӕй гъӕуама гъӕуай кӕнӕн? (Кӕсӕ рамкӕ « Дӕхе ӕргъӕй гъӕуай кӕнӕ!».)

10 Фиццаг: иннӕ дуйнеуон паддзахӕдтӕй уӕлдай Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ нӕдӕр сугъзӕрийнӕй, нӕдӕр ӕвзестӕй ӕвдист ӕй, фал ӕфсӕйнаг ӕргъи хӕццӕ хӕлӕмулӕй. Ӕргъӕ амонуй хумӕтӕг адӕнмӕ (Дан. 2:43). Еци бӕстити хумӕтӕг адӕн архайунцӕ ӕвзарӕнти, естӕй хӕццӕ арази ку нӕ фӕуунцӕ, уӕд ӕй ӕргом фӕдздзорунцӕ ӕма сӕ бартӕбӕл фӕттох кӕнунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ фӕстаг дуйнеуон паддзахадӕн ӕ бон нӕй, куд ӕй фӕндадтайдӕ, уотӕ архайун.

11. Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ ке фӕззиндтӕй, уомӕй куд зиннуй, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ке цӕрӕн, е?

11 Дуккаг: ӕнахур устур гумерий къӕхтӕ Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕмӕ ке амонунцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Библий пахампарӕдтӕмӕ гӕсгӕ е ӕй фӕстаг дуйнеуон паддзахадӕ. Ӕ фӕсте зӕнхон паддзахӕдтӕ нӕбал уодзӕй. Хуцауи Паддзахадӕ уой дӕр ӕма иннӕ паддзахӕдтӕ дӕр Армагеддони фесафдзӕй (Рарг. 16:13, 14, 16; 19:19, 20) *.

12. Данели пахампарадӕй ма куд зиннуй, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ке цӕрӕн ӕма нин е нӕ нифс куд федар кӕнуй?

12 Аци пахампарадӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ке цӕрӕн, уомӕн ма Данели пахампаради еу ма бӕлвурдгӕнӕн дӕр ес. 2 500 анзей размӕ Данел загъта, Вавилони фӕсте ма цуппар дуйнеуон паддзахади ке фӕззиндзӕй. Етӕ уодзӕнцӕ, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ берӕ кӕми цӕруй кенӕ сӕ фӕдбӕл карзӕй кӕми зелунцӕ, уӕхӕн паддзахӕдтӕ. Ӕма Англо-Америкаг дуйнеуон паддзахадӕ уодзӕй фӕстаг. Уой ке зонӕн, уой фӕрци федарӕй ӕууӕндӕн, тагъд рӕстӕги Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхон хецауӕдтӕн кӕрон ке искӕндзӕй ӕма ӕгас бартӕ дӕр ӕхе къохтӕмӕ ке райсдзӕй (Дан. 2:44).

13. Раргомади 17:9–12 «ӕстӕймаг паддзах» ӕма «дӕс паддзахи» кӕмӕ амонунцӕ ӕма аци пахампарадӕ мах рӕстӕги куд ӕнхӕст кӕнуй?

13 Бакӕсӕ Раргомадӕ 17:9–12. Фиццаг дуйнеуон тугъд устур зиан ӕрхаста. Уомӕ гӕсгӕ хецауӕдти бафӕндадтӕй искӕнун, ӕгас дуйней сабурдзийнадӕмӕ ӕ гъос ка дардзӕй, уӕхӕн организаци. Гъе уомӕй ба исӕнхӕст ӕй Библий иннӕ пахампарадӕ фӕстаг бӕнтти туххӕй. 1920 анзи январи фӕззиндтӕй Нацити Лигӕ, 1945 анзи октябри ба ӕ бӕсти фӕззиндтӕй Еугонд Нацити Организаци. Еци организаци иссӕй «ӕстӕймаг паддзах», фал дуйнеуон паддзахадӕ ба нӕй, уомӕн ӕма имӕ ци бартӕ ес, етӕ ин лӕвӕрд ӕнцӕ зӕнхон хецауӕдтӕй. Библи сӕ хонуй «дӕс паддзахи».

14, 15. а) Раргомади 17:3–5 «Устур Вавилони» туххӕй ци финст ес? б) Мӕнгӕ динтӕн абони сӕ хабар куд ӕй?

14 Бакӕсӕ Раргомадӕ 17:3–5. Апостол Иоанн цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта хӕтагӕ силгоймаги, гъома «Устур Вавилон». Е амонуй ӕгас дуйней мӕнгӕ динтӕмӕ. Аци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй? Мӕнгӕ динтӕ рагӕй нурмӕ дӕр паддзахӕдти хӕццӕ еумӕ архайунцӕ, удта сӕ нихмӕ некӕд фӕдздзорунцӕ ӕма ма сӕ сӕрбӕл дӕр рахуӕцунцӕ. Фал син тагъд рӕстӕги Хуцау сӕ зӕрдити байвӕрдзӕй «ӕ фӕндӕ исӕнхӕст кӕнун». Е цӕмӕ ӕркӕндзӕй? «Дӕс паддзахи», гъома хецауӕдтӕ, мӕнгӕ динтӕбӕл сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ ӕма сӕ фесафдзӕнцӕ (Рарг. 17:1, 2, 16, 17).

15 Устур Вавилонӕн ӕ кӕрон хӕстӕг ке ӕй, уой кӕцӕй зонӕн? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп раттӕн, уой туххӕй рагидзамантӕмӕ не ’ргом раздахӕн. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн рагон горӕт Вавилон. Еци горӕт гъӕуай кодтонцӕ цӕугӕдон Евфрати дӕнттӕ. Раргомади киунугӕ ба Устур Вавилони фӕдбӕлдзӕугути баруй, ка ’й гъӕуай кӕнуй, еци дӕнтти хӕццӕ (Рарг. 17:15). Фал ма си уотӕ загъд дӕр ес, ӕ дӕнттӕ ке байсусдзӕнцӕ, гъома ӕгас дуйней мӕнгӕ динтӕй адӕн сӕхе ке рахатдзӕнцӕ (Рарг. 16:12). Абони аци пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнуй, уомӕн ӕма берӕ адӕн сӕ фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ не ’ссерунцӕ, ӕма сӕ динтӕй сӕхе рахатунцӕ.

16. Еугонд Нацити Организаци ке фӕззиндтӕй ӕма Устур Вавилон исӕфт ке ӕрцӕудзӕй, еци пахампарӕдтӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

16 Аци пахампарӕдтӕ лӕдӕрун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Еугонд Нацити Организаци ке фӕззиндтӕй ӕма адӕн мӕнгӕ динтӕй ке рагулф кодтонцӕ, уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ке цӕрӕн. Кӕд адӕнӕй беретӕ Устур Вавилон ниууагътонцӕ, уӕддӕр е ’сӕфт ба уой туххӕй не ’рцӕудзӕй. Йеговӕ «дӕс паддзахей», гъома Еугонд Нацити Организаций фарс ка ӕй, еци хецауӕдти баразӕнгард кӕндзӕй «ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнун». Етӕ Устур Вавилонбӕл сӕхе ку ниццӕвонцӕ, уӕд е ӕгасемӕндӕр ӕнӕнгъӕлти уодзӕй ӕма ма, гӕнӕн ес, берӕ бӕллӕхтӕмӕ дӕр ӕркӕндзӕй (Рарг. 18:8–10) *. Фал е Хуцауи адӕнӕн цийни хабар уодзӕй дууӕ гъуддагей туххӕй. Фиццаг: Йегови рагон знаг, Устур Вавилон, ӕносмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕй. Дуккаг: еци хабӕрттӕ уобӕл дзорӕг уодзӕнцӕ, ӕма нӕ ервӕзундзийнадӕ ӕрхӕстӕг ӕй (Лук. 21:28).

ФЕДӔНИ ХАБӔРТТӔЙ МА ТӔРСЕТӔ

17, 18. а) Нӕ бон куд ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ идарддӕр дӕр федар кӕнун? б) Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

17 Данел загъта, «раст зонундзийнӕдтӕ исберӕ уодзӕнцӕ». Ӕма е уотӕ ’й, уомӕн ӕма мах рӕстӕгмӕ ка хауй, еци пахампарӕдтӕ лӕдӕрӕн (Дан. 12:4, 9, 10). Листӕг хабӕртти уӕнгӕ ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой фӕрци ба Йеговӕбӕл ӕма ӕ Дзурдбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн ӕма син аргъ кӕнӕн (Ис. 46:10; 55:11). Уомӕ гӕсгӕ гъӕйдӕ идарддӕр дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕн! Уомӕн куд ес гӕнӕн? Библи арф ӕртасетӕ ӕма иннетӕн Йегови бауарзунмӕ ӕнхус кӕнтӕ. Йеговӕбӕл ӕ зӕрдӕ ка даруй, уони гъӕуай кӕндзӕй ӕма сӕ «ӕнӕкӕрон фарнӕй» исхайгин кӕндзӕй (Ис. 26:3).

18 Иннӕ статьяй ба радзубанди кӕндзиан, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг киристон ӕмбурд куд архайдзӕй, уой туххӕй Библий цӕхуӕн пахампарӕдтӕ финст ес, уобӕл. Куд ӕй фӕууиндзиан, уотемӕй еци пахампарӕдтӕй дӕр бӕрӕг ӕй, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг ке цӕрӕн, е. Мах ӕркӕсдзиан, нӕ уӕларвон Паддзах Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн разамунд ке дӕттуй, е ма никкидӕр цӕмӕй бӕрӕг ӕй, уомӕ.

61 ЗАР Размӕ, Ӕвдесӕнтӕ!

^ Мах цӕрӕн хъӕбӕр дессаги рӕстӕг. Библий пахампарӕдти куд финст адтӕй, уотемӕй Хуцауи Паддзахадӕ бартӕ ӕ къохмӕ райста. Аци статьяй ӕркӕсдзиан еци пахампарӕдтӕй еуӕй-еуетӕмӕ. Уой фӕрци Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан ӕма ибӕл нӕ зӕрдӕ дардзиан, абони дӕр, удта федӕни дӕр цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр.

^ Кӕсӕ киунугӕ «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!» 32 урок, 4 дӕлсӕргонд. Удта ма сайти jw.org бакӕсӕ видеороликмӕ «Царство Бога начало править в 1914 году».

^ Тагъд рӕстӕги ци хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕй, уой туххӕй фулдӕр кӕсӕ киунуги «Царство Бога правит!», 21 сӕр.