АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 43
«Нӕ нифс ма расӕттӕд»
«Хуарз ци ӕй, уой кӕнгӕй нӕ нифс ма расӕттӕд» (ГАЛ. 6:9).
68 ЗАР Итауӕн Паддзахади муггаг
РАЗДЗУРД *
1. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ан, е нин устур цийнӕ ӕма кадӕ цӕмӕн ӕй?
ЙЕГОВИ ӔВДЕСӔНТӔ ке ан, е ӕй хъӕбӕр устур кадӕ. Еци ном ке хӕссӕн, е бӕрӕг ӕй, адӕнӕн Йегови туххӕй ке дзорӕн ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, уомӕй. «Ӕносон царди надбӕл цӕун ке фӕндуй», уӕхӕн адӕймагӕн банхус кӕнун нин ку бантӕсуй, уӕд нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй (Гъуд. 13:48). Мах дӕр Киристей хузӕн фӕццийнӕ кӕнӕн. Еу хатт ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ игъосун кӕнунӕй ку ’рбацудӕнцӕ ӕма ин, ци цаутӕ сӕбӕл ӕрцудӕй, уой ку радзурдтонцӕ, уӕд «ӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг ӕй» (Лук. 10:1, 17, 21).
2. Игъосун кӕнуни гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ке нӕ кӕсӕн, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
2 Мах игъосун кӕнуни гъуддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕн. Апостол Павел Тимофеййи разӕнгард кодта: «Алкӕддӕр дӕхемӕ кӕсӕ, удта дӕ гъос дарӕ, иннетӕн куд ӕма ци амонис, уомӕ... уомӕн ӕма уотемӕй дӕхе дӕр фӕййервӕзун кӕндзӕнӕ ӕма дӕмӕ ка игъосуй, уони дӕр» (1 Тим. 4:16). Мадта Паддзахади хабар адӕнӕн сӕ цард ервӕзун кӕнуй. Уомӕ гӕсгӕ, гъӕуама нӕхемӕ лӕмбунӕг кӕсӕн, уомӕн ӕма мах еци Паддзахади дӕлбарӕ ан. Нӕ алли гъуддагӕй дӕр гъӕуама Йегови кадгин кӕнӕн, цӕмӕй адӕн уинонцӕ, ци хабар игъосун кӕнӕн, цӕргӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ ке кӕнӕн (Фил. 1:27). Иннетӕн ци амонӕн, уомӕ нӕ гъос ке дарӕн, е ба бӕрӕг уодзӕй, игъосун кӕнуни гъуддагмӕ нӕхе дзӕбӕх ку цӕттӕ кӕнӕн, ӕма Йеговӕй ӕнхус ку корӕн, уомӕй.
3. Еуӕй-еухатт Паддзахади хабармӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсунцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
3 Фал фӕууй уотӕ дӕр, ӕма Паддзахади хабармӕ ефстагмӕ еске байгъосуй кенӕ ба ӕппундӕр неке. Ӕркӕсӕн Георг Линдӕли хабармӕ. 1929 анзӕй 1947 анзмӕ Исландий игъосунгӕнӕг ӕрмӕстдӕр е адтӕй. Георг дӕсгай мин киунугутӕ райурста, фал рӕстдзийнадӕмӕ уӕддӕр ӕхе неке рахатта. Георг финста: «Фулдӕр адӕн рӕстдзийнадӕмӕ игъосгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ, еуӕй-еуетӕ ба ма ӕ нихмӕ дӕр адтӕнцӕ». Уой *.
фӕсте ба Исландимӕ ӕрбарвистонцӕ, Галаади скъола ка фӕцӕй, уӕхӕнтти. Фал ма уой фӕсте дӕр фараст анзи багъудӕй, цӕмӕй си еске донаргъуд райстайдӕ4. Адӕн хуарз хабармӕ ку нӕ фегъосунцӕ кенӕ къахдзӕфтӕ ку нӕ фӕккӕнунцӕ, уӕд нин е куд фӕууй?
4 Адӕн хуарз хабармӕ ку нӕ фегъосунцӕ кенӕ Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, етӕ къахдзӕфтӕ ку нӕ фӕккӕнунцӕ, уӕд нин зин фӕууй. Апостол Павелӕн дӕр хъӕбӕр зин адтӕй, уомӕн ӕма дзиуиттӕгтӕй сӕ фулдӕр нӕ баууӕндтӕнцӕ, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ке адтӕй, уобӕл (Ром. 9:1–3). Зӕгъӕн, кедӕр хӕццӕ Библи ахур кӕнис, дӕхе дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнис ӕма еци адӕймаги туххӕй Йеговӕмӕ дӕр ковис. Фал ӕ цард не ’ййевуй, ӕма ’й ниууагътай. Кенӕ ба, зӕгъӕн, Библи ке хӕццӕ ахур кодтай, уонӕй еу дӕр донаргъуд нӕ райста. Цума е дӕу фуд ӕй? Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма куд игъосун кӕнис, е Йегови зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй? Аци статьяй равзардзиан дууӕ фарстай: 1) Игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгун ан ӕви нӕ, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй? 2) Ци нин банхус кӕндзӕй игъосун кӕнуни гъуддагмӕ раст цӕстӕй кӕсун?
ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГИ ӔНТӔСТГУН АН ӔВИ НӔ, Е ЦӔМӔЙ БӔРӔГ ФӔУУЙ?
5. Игъосун кӕнуни гъуддаги алци, мах куд фӕндуй, уотӕ цӕмӕннӕ фӕууайуй?
5 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, еци адӕймаг «цийфӕнди ма кӕна – алцидӕр ин бантӕсдзӕй» (Пс. 1:3). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги алцидӕр мах куд фӕндуй, уотӕ уайдзӕй. Нӕхуӕдтӕ дӕр ӕнӕнхӕст ан, удта кӕмӕн игъосун кӕнӕн, етӕ дӕр. Уомӕй уӕлдай ма цард дӕр «мастӕй идзаг» ӕй (Иов 14:1). Удта ма нӕ нихмӕ ка цӕуй, уони туххӕй дӕр нӕ бон нӕ фӕууй ӕргом игъосун кӕнун (1 Кор. 16:9; 1 Фес. 2:18). Мадта уӕд Йегови цӕсти ӕнтӕстгунбӕл нимад кӕд фӕууӕн? Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй равзарӕн Библийӕй цалдӕр уагӕвӕрди.
6. Йегови цӕсти ӕнтӕстгун кӕд фӕууӕн?
6Йеговӕ кӕсуй, архайгӕ ке кӕнӕн ӕма федар ке лӕууӕн, уомӕ. Адӕн нӕмӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕддӕр игъосун кӕнуни гъуддаги идарддӕр дӕр ку архайӕн, гъе уӕд Йегови цӕсти ӕнтӕстгун уодзиан. Павел ниффинста: «Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой – сумах лӕггадӕ кодтайтӕ ӕма нур дӕр лӕггадӕ кӕнтӕ сугъдӕгутӕн» (Дзиуит. 6:10). Кӕмӕн игъосун кодтан, уонӕй кӕд донаргъуд неке райста, уӕддӕр Йеговӕ нӕ байронх уодзӕй, ӕ номи туххӕй ин куд бахъиамӕт кодтан, уой. Павел ма ниффинста: «Хецауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй уӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ ’нцӕ» (1 Кор. 15:58). Аци дзурдтӕ ни алкӕмӕдӕр хаунцӕ, кӕд нӕ хъиамӕти тиллӕг нӕ уинӕн, уӕддӕр.
7. Павел ӕ лӕггадӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
7 Апостол Павел ӕнтӕстгун миссионер 2 Кор. 11:23). Павел хъӕбӕр беретӕн банхус кодта Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исунмӕ. Фал ӕ нихмӕ ка дзурдта, уонӕн дзуапп дӕтгӕй, уой кой не ’скодта. Гъӕйдӕ мадта нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, Йеговӕ фиццагидӕр нӕ хъиамӕтӕн ӕма нӕ федардзийнадӕн ке аргъ кӕнуй.
адтӕй. Уой фӕрци хъӕбӕр берӕ горӕтти ӕмбурдтӕ фӕззиндтӕй. Фал уӕддӕр еуӕй-еуетӕ ӕ нихмӕ дзурдтонцӕ, удта хуарз ахургӕнӕг ке адтӕй, уобӕл гурусхӕ кодтонцӕ. Фал Павел уӕхӕн адӕнӕн цӕхуӕн дзуапп лӕвардта, е дессаг адтӕй. Павел загъта: «Ӕз берӕ фулдӕр бахъиамӕт кодтон» (8. Игъосун кӕнуни гъуддаги фӕдбӕл ци гъӕуама лӕдӕрӕн?
8Игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, е Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Еухатт Йесо ӕ 70 ахуркӕнуйнаги Паддзахади хабар игъосун кӕнунмӕ рарвиста ӕма фӕстӕмӕ цийнӕгӕнгӕй ӕрбаздахтӕнцӕ. Цӕмӕн? Етӕ Йесойӕн радзурдтонцӕ: «Дӕ ном дин ку исдзорӕн, уӕд сайтӕнттӕ дӕр нӕ дзурдмӕ байгъосунцӕ». Фал син Йесо се ’ргом раздахта, ӕхсидзгӕдӕр ци адтӕй, уомӕ: «Сайтӕнттӕ уин уӕ дзурдмӕ ке игъосунцӕ, уобӕл ма цийнӕ кӕнтӕ – цийнӕ кӕнтӕ, уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвти финст ке ’нцӕ, уобӕл» (Лук. 10:17–20). Йесо ӕй зудта, игъосунгӕнгӕй сӕбӕл алкӕд ке нӕ цӕудзӕй уӕхӕн дессаги цаутӕ. Раст зӕгъгӕй, бӕрӕг дӕр нӕй, гъе уӕд кӕмӕн игъосун кодтонцӕ, уонӕй еске киристон иссӕй ӕви нӕ, е дӕр. Йесой фӕндадтӕй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн еу ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрун кӕнун: нӕ лӕггадӕ нин цийнӕ хӕссуй, фиццаги дӕр Йегови зӕрдӕ ке рохс кӕнӕн, уой туххӕй, адӕн нӕмӕ ке игъосунцӕ, уой туххӕй нӕ, фал.
9. Адӕн нӕмӕ игъосонцӕ ӕви нӕ, уӕддӕр игъосун кӕнуни гъуддаг ку нӕ уадзӕн, уӕд цӕхуӕн хуӕрзеуӕг райсдзиан? (Галатӕгтӕмӕ 6:7–9).
9 Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:7–9. Адӕн нӕмӕ игъосонцӕ ӕви нӕ, уӕддӕр игъосун кӕнуни гъуддаг ку нӕ уадзӕн, уӕд исхайгин уодзиан ӕносон цардӕй. Рӕстдзийнади муггӕгтӕ ку аразӕн ӕма сӕбӕл дон ку ’вгӕнӕн, уӕд, Павел куд загъта, уотемӕй «сугъдӕг хъаури ци фӕндуй», уой итаудзиан. Ӕндӕр дзурдтӕй, сугъдӕг хъаурӕ нӕ ци ’рдӕмӕ араза, еци ’рдӕмӕ цӕудзиан. Йеговӕ ба нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕ къохтӕ ка не ’руадза, уой сугъдӕг хъаурӕ ке ӕркӕндзӕй «ӕносон цардмӕ». Ӕма еци хуӕрзеуӕг, донаргъуд райсунмӕ ескӕмӕн банхус кодтан ӕви нӕ, уомӕй кӕнгӕ нӕ уодзӕй.
ИГЪОСУН КӔНУНИ ГЪУДДАГМӔ РАСТ ЦӔСТӔЙ КӔСӔН
10. Адӕн нӕмӕ байгъосдзӕнцӕ ӕви нӕ, е цӕмӕй кӕнгӕ ’й?
10Адӕймаг нӕмӕ байгъосдзӕй ӕви нӕ, е фиццагидӕр кӕнгӕ ’й, ӕ зӕрдӕ ци уавӕри ӕй, уомӕй. Еци гъуддаг Йесо хуарз балӕдӕрун кодта итауӕги хабарӕй. Итауӕг ци нӕмгутӕ байтудта, етӕ аллихузи зӕнхити ниххаудтӕнцӕ, ӕма ӕрмӕстдӕр хуарз зӕнхи ка ниххаудтӕй, етӕ ӕрхастонцӕ тиллӕг (Лук. 8:5–8). Йесо балӕдӕрун кодта, аллихузи зӕнхитӕ адӕнмӕ ке амонунцӕ, ӕма еци адӕн хуарз хабармӕ аллихузи цӕстӕй ке ракӕсунцӕ (Лук. 8:11–15). Итауӕги хузӕн мах бон дӕр нӕй, нӕмгутӕ ци адӕни зӕрдити байтудтан, уони тухӕй исирӕзун кӕнун. Е кӕнгӕ ’й, адӕймагӕн ӕ зӕрдӕ ци уавӕри ӕй, уомӕй. Махӕн ба нӕ ихӕс ӕй идарддӕр дӕр хуарз хабари нӕмгутӕ итаун. Ӕма апостол Павел куд загъта, уотемӕй «алкедӕр райсдзӕй ӕхе хуӕрзеуӕг, куд бахъиамӕт кӕна, уомӕ гӕсгӕ», ӕ хъиамӕт ци тиллӕг ӕрхӕсса, уомӕ гӕсгӕ нӕ, фал (1 Кор. 3:8).
11. Йеговӕ Ноййи ӕнтӕстгун игъосунгӕнӕгбӕл цӕмӕн нимадта? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
11 Хуцауи хабармӕ ка нӕ игъуста, уӕхӕн адӕн алкӕддӕр адтӕй. Зӕгъӕн, Ной адтӕй «рӕстдзийнадӕ игъосунгӕнӕг». Йеговӕ ин ке баихӕс кодта, еци хабар игъосун кодта 2 Пет. 2:5). Ӕвӕдзи, ӕ зӕрдӕ дардта, еске ке байгъосдзӕй, фал ин Йеговӕ уомӕй зӕрдӕ нӕ байвардта. Уомӕй уӕлдай ма ин уотӕ дӕр загъта: «Ду гъӕуама бацӕуай науӕмӕ, ӕма дӕ хӕццӕ еумӕ гъӕуама бацӕуонцӕ дӕ фурттӕ, дӕ уосӕ ӕма дӕ фуртти уоститӕ» (Райд. 6:18). Науӕ цӕййасӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ’й, ӕвӕдзи, Ной лӕдӕрдтӕй, ци хабар игъосун кодта, уомӕ беретӕ ке нӕ байгъосдзӕнцӕ (Райд. 6:15). Куд ӕй зонӕн, уотемӕй уӕхӕн адӕн уогӕ дӕр н’ адтӕй (Райд. 7:7). Цума Йеговӕ Ноййи лӕгъуз игъосунгӕнӕгбӕл нимадта? Йегови цӕсти Ной адтӕй ӕнтӕстгун игъосунгӕнӕг, уомӕн ӕма ин цидӕриддӕр баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кодта (Райд. 6:22).
40–50 анзей бӕрцӕ (12. Йереми идарддӕр дӕр цийнӕгӕнгӕй цӕй фӕрци игъосун кодта?
12 Пахампар Йереми дӕр дӕсгай ӕнзти дӕргъи игъосун кодта, ка имӕ нӕ игъуста ӕма ӕ нихмӕ ка цудӕй, уӕхӕн адӕнӕн. Еу рӕстӕг адӕни ӕфхуӕрд ӕма гиризӕй гъе уотӕ бафӕлладӕй, ӕма ’й нӕбал фӕндадтӕй идарддӕр игъосун кӕнун. Фал ӕ бон не ’ссӕй ӕнцад лӕуун (Йер. 20:8, 9). Цума ӕ къохтӕ цӕй фӕрци не ’руагъта ӕма ин ци банхус кодта идарддӕр дӕр цийнӕгӕнгӕй игъосун кӕнун? Йереми ӕ зӕрдӕбӕл дардта дууӕ гъуддаги. Фиццаг: ци хабар игъосун кодта, е адӕнӕн лӕвардта «федӕн ӕма нифс» (Йер. 29:11). Дуккаг: Йегови номӕй ке дзурдта, е адтӕй устур кадӕ (Йер. 15:16). Мах дӕр абони аци талингӕ дуйней адӕнӕн игъосун кӕнӕн, нифс син ка дӕттуй, уӕхӕн хабар. Удта ма Йегови номӕй дзорӕн ӕма ан е ’Вдесӕнтӕ. Еци дууӕ гъуддаги ку нӕ иронх кӕнӕн, уӕд нӕ цийнӕ нӕ фесӕфдзӕй, адӕн нӕмӕ ку нӕ игъосонцӕ, уӕддӕр.
13. Йесо Марки 4:26–29 ци хабар радзурдта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
13Цӕмӕй адӕймагӕн е ’ууӕндундзийнадӕ исирӕза, уой туххӕй гъӕуй рӕстӕг. Уой дӕр Йесо хуарз балӕдӕрун кодта итауӕги хабарӕй. (Бакӕсӕ Марки 4:26–29.) Цалинмӕ итауӕг фунӕй кодта, уӕдмӕ, ци нӕмгутӕ байтудта, етӕ сабургай ирӕзун райдӕдтонцӕ, ӕма еци гъуддаг фӕттагъддӕр кӕнун ӕ бон некуд адтӕй. Итауӕги хузӕн мах дӕр, ка ’й зонуй, дзӕвгарӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсун багъӕудзӕй, цалинмӕ Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, е ӕййивддзийнӕдтӕ кӕнун нӕ райдайа, уӕдмӕ. Удта мах куд фӕндуй, уотӕ тагъд нӕ ирӕздзӕй, фал ӕ бон куд ӕй, уотӕ. Мадта дӕ нифс ма сӕттӕд ӕма дӕ къохтӕ ма уадзӕ, адӕймаги ӕ цард раййевунмӕ, ду куд ӕнгъӕл адтӕ, уомӕй фулдӕр рӕстӕг ку багъӕуа, уӕд. Итауӕги хузӕн мах дӕр ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй гъӕуама фӕразон уӕн (Иак. 5:7, 8).
14. Нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг тиллӕг кӕд ӕрхӕсдзӕй, уомӕ еуӕй-еухатт ӕнзгӕйттӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун ке фӕгъгъӕуй, е цӕхуӕн хабарӕй бӕрӕг ӕй?
14 Еуӕй-еу рауӕнти, ӕнзгӕйттӕ игъосун кӕнун фӕгъгъӕуй, цалинмӕ си еске донаргъуд райса, уӕдмӕ. Е бӕрӕг ӕй хуӕртӕ Глэдис ӕма Руби Аллени хабарӕй. 1959 анзи сӕ пионертӕй иснисан кодтонцӕ Канади провинций Квебекмӕ *. Уоми адӕн, синх ци зӕгъдзӕнцӕ, уомӕй хъӕбӕр тарстӕнцӕ, удта ма католикон аргъауӕни саугинтӕмӕ дӕр хъӕбӕр игъустонцӕ. Глэдис зӕгъуй: «Бонмӕ аст сахатти хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнианӕ ӕма нин дуар дӕр неке райгон кӕнидӕ, ӕма гъе уотӕ дууӕ анзей дӕргъи. Адӕймаг дуармӕ бацӕуидӕ ӕма, ка ан, уой ку балӕдӕридӕ, уӕд нӕмӕ кӕсгӕ дӕр нӕбал ракӕнидӕ. Фал мах нӕ къохтӕ нӕ уагътан». Рӕстӕг рацудӕй ӕма еци адӕн Йегови Ӕвдесӕнтӕмӕ хуӕздӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ ӕма ма си кадӕртӕ Библи ахур кӕнун дӕр райдӕдта. Нур еци горӕти ӕнӕгъӕнӕ ӕртӕ ӕмбурди ес (Ис. 60:22).
15. 1 Коринфӕгтӕмӕ 3:6, 7 ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни туххӕй ци ес базонӕн?
1 Коринфӕгтӕмӕ 3:6, 7.) Зӕгъӕн, ӕнсувӕр адӕймагӕн буклет ниууагъта ӕма ин зӕрдӕ байвардта, иннӕ хатт дӕр имӕ ке ӕрбацӕудзӕй. Фал ин не ’ссӕй ӕма ӕндӕр ӕнсувӕри ӕ бӕсти рарвиста. Еци ӕнсувӕр ба адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдта. Ӕма алли ахурмӕ дӕр ӕ хӕццӕ аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти райсуй. Уонӕй алкедӕр адӕймагӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй Йегови хуӕздӕр базона. Уотемӕй рӕстдзийнади муггагбӕл еугурӕйдӕр дон ӕвгӕнунцӕ. Еци адӕймаг донаргъуд ку райсуй, уӕд «итауӕг дӕр ӕма хумгӕрдӕг дӕр» фӕццийнӕ кӕнунцӕ (Иоан. 4:35–38).
15Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун еумӕйаг куст ӕй. Цалинмӕ адӕймаг донаргъуд нӕ райсуй, уӕдмӕ ин ӕгас ӕмбурд дӕр фенхус кӕнуй. (Бакӕсӕ16. Берӕ игъосун кӕнун нӕ бон ку нӕ уа, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ цийнӕ ма фесафӕн?
16 Еуӕй-еуетӕн сӕ бон нӕ фӕууй, се ’нӕнездзийнадӕмӕ кенӕ сӕ карӕмӕ гӕсгӕ игъосун кӕнуни гъуддаги берӕ архайун. Фал уотемӕй дӕр сӕ бон ӕй цийнӕ кӕнун, игъосун кӕнуни гъуддагӕн агъаз цӕмӕй ӕнцӕ, уобӕл. Ӕргъуди кӕнӕн Давиди хабар. Ӕхуӕдӕг ӕма ӕ 600 ӕфсӕддони ку базудтонцӕ, амаликӕгтӕ син сӕ бийнонти ӕма сӕ мулк ке байстонцӕ, уӕд сӕ фӕдбӕл ранӕхстӕр ӕнцӕ. Уонӕй 200 ӕфсӕддони хъӕбӕр бафӕлладӕнцӕ ӕма идарддӕр ледзун сӕ бон нӕбал адтӕй. Фал амаликӕгти ку ниддӕрӕн кодтонцӕ ӕма син сӕ мулк ку байстонцӕ, уӕд ӕй Давид еугуребӕлдӕр ӕмхузӕн райурста (1 Сам. 30:21–25). Аци хабар хуарз ӕвдесуй, еске рӕстдзийнади надбӕл ку ислӕууй, уӕд е ӕгас ӕмбурди хъиамӕт ке фӕууй. Ӕма еци гъуддаги нӕ бон ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд федарӕй зӕгъӕн уодзӕй, ӕма мах дӕр иннети хузӕн бахъиамӕт кодтан.
17. Йеговӕй боз цӕй туххӕй ан?
17 Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, нӕ хъиамӕтӕн нин ке аргъ кӕнуй, уой туххӕй. Е ӕй лӕдӕруй, нӕ бон ке нӕй адӕни хуарз хабармӕ тухӕйдӕр байгъосун кӕнун. Йеговӕ аргъ кӕнуй, ци зӕрдӕй ин лӕггадӕ кӕнӕн, уомӕн, ӕма нин арфӕ дӕр уой туххӕй кӕнуй. Уомӕй уӕлдай ма нин амонуй, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ игъосун кӕнуни гъуддаги нӕ цийнӕ ма исафӕн, нӕ бон берӕ ку нӕ уа, уӕддӕр (Иоан. 14:12). Ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕ: дӕ къохтӕ ку нӕ уадзай, уӕд ди Йеговӕ хъӕбӕр боз уодзӕй!
67 ЗАР «Игъосун кӕнӕ Хуцауи дзурд»
^ 5 абз. Адӕн хуарз хабармӕ ку байгъосунцӕ, уӕд нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, ку нӕ, уӕдта нин зин фӕууй. Ка ’й зонуй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, е къахдзӕфтӕ нӕма кӕнуй. Кенӕ ба, ке хӕццӕ ахур кодтай, уонӕй донаргъуд неке ма райста. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ’нцӕ? Аци статьяй базондзиан, игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгун ан ӕви нӕ, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй. Ӕма нӕ бон куд ӕй идарддӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун, адӕн ку нӕ игъосонцӕ, уӕддӕр.
^ 14 абз. Кӕсӕ 2002 анзи 1 сентябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и Глэдис Аллени биографи, 25–29 фӕрстӕ (урус.).