БИОГРАФИ
Унаффӕ хӕсгӕй Йегови некӕд иронх кодтон
1984 анзи еу хорбон сӕумӕй кустмӕ рацудтӕн. Уӕд цардан Венесуэли, Каракӕси еу хъал райони. Надбӕл цӕугӕй сагъӕс кодтон «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ӕрӕги ци статья бакастӕн, уобӕл. Статья разӕнгард кодта, синхонтӕ нӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ, уобӕл расагъӕс кӕнун. Мӕ алливарс ци хӕдзӕрттӕ адтӕй, уонӕмӕ кӕсгӕй мӕхе бафарстон: «Мӕ синхонти цӕсти фиццагидӕр ка дӕн, банкки косӕг ӕви Хуцауи лӕггадгӕнӕг?» Ӕма ’й балӕдӕрдтӕн, сӕ цӕсти фиццагидӕр банкки косӕг ке дӕн. Гъема исфӕндӕ кодтон мӕ царди цидӕртӕ раййевун.
Ӕз райгурдтӕн 1940 анзи, 19 маййи, Ливани горӕт Амьюни. Цалдӕр анзей фӕсте ба нӕ бийнонтӕ ралигъдӕнцӕ Триполимӕ. Дзӕбӕх бийнонти исирӕзтӕн. Еугурӕйдӕр Йегови уарзтонцӕ ӕма адтӕнцӕ амондгун. Ӕдеугурӕй фондз сувӕллони адтан, ӕртӕ кизги ӕма дууӕ биццеуи, ӕз се ’гасемӕй кӕстӕр адтӕн. Мӕ ниййергутӕн куст царди тӕккӕ сӕйрагдӕр некӕд адтӕй. Тӕккӕ сӕйрагдӕр нин адтӕй Библи ӕртасун, ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма адӕнӕн Хуцауи туххӕй дзорун.
Не ’мбурди адтӕй цалдӕр исӕрст киристони. Сӕ еу адтӕй Мишель Абуд ӕма нӕмӕ уагъта, киунуги ахур ке худтан, еци фембӕлд. Е рӕстдзийнадӕ Нью-Йорки базудта, ӕма уой фӕрци 1920-аг ӕнзтӕй райдайгӕ хуарз хабар Ливани дӕр игъустгонд цудӕй. Гъуди ма ’й кӕнун, Галаади скъола ка фӕцӕй, дууӕ уӕхӕн ӕригон хуӕри нӕмӕ ку ’рбарвистонцӕ, уӕд сӕмӕ куд дзӕбӕх фӕккастӕй, уой. Етӕ адтӕнцӕ Энн ӕма Гуэн Бивер. Нӕ бийнонтӕ сӕ хӕццӕ хъӕбӕр балимӕн ӕнцӕ. Берӕ ӕнзти фӕсте Эннбӕл рамбалдтӕн Еугонд Штатти ӕма мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй. Минкъий фӕстӕдӕр ба Гуэни дӕр рауидтон. Гуен ба ӕрцудӕй Уилфред Гучмӕ ӕма еумӕ Лондони Вефили лӕггадӕ кодтонцӕ.
ИГЪОСУН КӔНӔН ЛИВАНИ
Минкъий ма ку адтӕн, уӕд Ливани Йегови Ӕвдесӕнтӕ берӕ н’ адтӕй. Фал уӕддӕр Библийӕй ци базудтан, уой иннетӕн зингзӕрдӕй дзурдтан, кӕд нӕ нихмӕ саугинтӕ карзӕй цудӕнцӕ, уӕддӕр. Еу цалдӕр хабари хъӕбӕр багъуди кодтон.
Еухатт мӕ хуӕрӕ Сани хӕццӕ игъосун кодтан, ӕма дин нӕмӕ саугин ку нӕ фӕззиннидӕ. Ӕвӕдзи ин мах туххӕй кадӕр фӕххабар кодта. Мӕ хуӕрӕбӕл гъӕр кӕнун райдӕдта ӕма ма ’й къӕпхӕнтӕй дӕр расхуста. Санӕ ӕхе хъӕбӕр ниццавта. Уӕдмӕти кадӕр полицимӕ фӕдздзурдта ӕма ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд Санӕбӕл батухстӕнцӕ, саугини ба участокмӕ фӕлластонцӕ. Уоми имӕ дамбаца иссирдтонцӕ ӕма ’й полиций хецау бафарста: «Ду саугин дӕ ӕви гангстер?»
Еу хабар дӕр ма хуарз нигъгъуди кодтон. Не ’мбурд автобус байхуӕрста ӕма идард рауӕнмӕ игъосун кӕнунмӕ рандӕ ан. Алцидӕр хуарз адтӕй, цалинмӕ бунӕттон саугин мах туххӕй нӕ базудта, уӕдмӕ. Е адӕн ӕрӕмбурд кодта ӕма нӕбӕл дорадзагъд кӕнун райдӕдтонцӕ. Еу дор мӕ фиди сӕрбӕл исуадӕй. Нур дӕр ма ин гъуди кӕнун ӕ тогӕйдзаг цӕсгон. Мӕ мадӕ ’й автобусмӕ бахудта, иннетӕ ба ӕ фӕсте рацудӕнцӕ. Мӕ фиди цӕф сӕрфгӕй дзурдта: «Йеговӕ ниххатир син кӕнӕ. Цитӕ кӕнунцӕ, уой нӕ лӕдӕрунцӕ». Некӕд ми байронх уодзӕй, куд сабур ӕма уӕздан адтӕй, е.
Еухатт ба мӕ бабамӕ рандӕ ан, ӕма имӕ иуазӕги ӕрбаййафтан. Е адтӕй епископ. Е ӕй зудта, мӕ ниййергутӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке адтӕнцӕ. Кӕд мӕбӕл ӕхсӕз анзи цудӕй, уӕддӕр мин бауайдзӕф кодта: «Донаргъуд цӕмӕн нӕма райстай?» Ӕз дӕр ин загътон: «Минкъий ма дӕн ӕма бал мӕ Библи хуӕздӕр базонун гъӕуй». Уӕхӕн дзуапп ӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй ӕма бабайӕн рагъаст кодта, хъӕбӕр ӕнӕдӕнд сувӕллон, дан, ӕй.
Ӕной Ливани уӕхӕн хабӕрттӕ арӕх нӕ уидӕ. Сӕ фулдӕр иуазӕгуарзон адӕн ӕнцӕ. Ӕма нӕмӕ берӕ хӕттити хуарз дзубанди рауаидӕ, удта Библи дӕр берети хӕццӕ ахур кодтан.
ӔНДӔР БӔСТӔМӔ РАЛИГЪДАН
Скъолай ма ку ахур кодтон, уӕд не ’мбурдмӕ Венесуэлӕй еу ӕригон ӕнсувӕр ӕрбацудӕй, ӕма уоми базонгӕ ’й мӕ хуӕрӕ Вафи хӕццӕ. Фӕстӕдӕр сӕ цард байеу кодтонцӕ ӕма Венесуэлӕмӕ рандӕ ’нцӕ. Вафӕ нӕбӕл хъӕбӕр ӕрхун кодта ӕма финстӕгути нӕ фидӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй ӕмбурд бийнонтӕй Венесуэлӕмӕ раледзӕн. Фӕстагмӕ нӕ фидӕ исарази ӕй ӕма нӕхе рӕвдзӕ кӕнун райдӕдтан.
Венесуэлӕмӕ ралигъдан 1953 анзи ӕма си ӕрцардан Каракӕси президенти галауанмӕ хӕстӕг. Ӕз ма уӕд минкъий адтӕн ӕма нӕ рӕзти президенти машинӕ ку рацӕуидӕ уӕд имӕ хӕлеу гъӕлӕсӕй кӕсинӕ. Мӕ ниййергутӕн ӕнцон н’ адтӕй, уомӕн ӕма сӕ алцӕбӕл
дӕр ахур кӕнун гъудӕй – нӕуӕг ӕвзаг, нӕуӕг ӕгъдӕуттӕ, нӕуӕг хуӕруйнаг ӕма нӕуӕг климӕт. Гъема минкъийгай ахур кӕнун кӕми райдӕдтонцӕ, уоми ба нӕбӕл зиан ӕрцудӕй.ЗИАН НӔБӔЛ ӔРЦУДӔЙ
Мӕ фидӕ ӕвваст фӕссӕйгӕ ’й. Раздӕр некӕд нецӕмӕй садӕй, нур ба ин дохтиртӕ ӕ дӕлахсӕни рӕзунӕги (поджелудочная железа) рак иссирдтонцӕ. Операци дӕр ин бӕргӕ искодтонцӕ, фал уӕддӕр еу къуӕрей фӕсте рамардӕй.
Гъе уотӕ хъӕбӕр ибӕл фӕрристан, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес. Уӕд мӕбӕл 13 анзи цудӕй. Раст нӕбӕл цума дуйне батар ӕй, уотӕ. Цӕйбӕрцӕ дӕр рӕстӕг нӕ мадӕ ӕхе кеми нӕ цудӕй. Фал ӕй лӕдӕрдтан, идарддӕр цӕрун ке гъӕуй, ӕма Йегови фӕрци еци рист исфӕразтан. 16 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд скъола фӕдтӕн ӕма мӕ фӕндадтӕй мӕ бийнонтӕн ӕнхус кӕнун.
Еци рӕстӕг мӕ хуӕрӕ Санӕ дӕр лӕгмӕ ӕрцудӕй. Кӕмӕ ӕрцудӕй, е адтӕй, Галаади скъолай фӕсте Венесуэлӕмӕ ка раздахтӕй, еу уӕхӕн ӕнсувӕр Рубен Араухо, ӕма еумӕ Нью-Йоркмӕ ралигъдӕнцӕ. Уой фӕсте ба мӕн дӕр Нью-Йоркмӕ университети ахур кӕнунмӕ рарвистонцӕ. Уоми Санӕ ӕма Рубени хӕццӕ цардтӕн ӕма мин Йегови гъуддӕгти къахдзӕфтӕ кӕнунмӕ хъӕбӕр ӕнхус кодтонцӕ. Нью-Йорки ци ӕмбурдмӕ цудтӕн, е хундтӕй «Бруклин, Испайнаг». Еци ӕмбурди базонгӕ дӕн Вефили ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн ӕнсувӕрти хӕццӕ, Милтон Хеншели ӕма Фредерик Френци хӕццӕ.
Университети еу анз ку райахур кодтон, уӕд гурусхӕ кӕнун райдӕдтон, раст унаффӕ ке рахастон, уобӕл. «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и финст адтӕй, ӕ рази хуарз нисӕнттӕ ка ӕвардта, берӕ уӕхӕн киристӕнтти хабӕрттӕ. Еци статьятӕбӕл лӕмбунӕг расагъӕс кодтон. Уомӕй уӕлдай ма, не ’мбурди пионертӕ ӕма вефилӕгтӕ куд амондгун адтӕнцӕ, уой дӕр уидтон, ӕма мӕн дӕр бафӕндадтӕй уони хузӕн нисӕнттӕмӕ тундзун. Фал уӕд донаргъуд дӕр нӕма райстон. Гъе уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, мӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой. Гъема 1957 анзи 30 мартъий донаргъуд райстон.
ӔХСИДЗГӔ УНАФФИТӔ
Донаргъуди фӕсте мӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, фал университети ахур кӕнгӕй, е уотӕ ӕнцон н’ адтӕй. Гъема исфӕндӕ кодтон мӕ ахур ниууадзун ӕма фӕстӕмӕ Венесуэлӕмӕ раздӕхун, цӕмӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайнӕ. Мӕ фӕндӕ мӕ бийнонтӕн ку фегъосун кодтон, уӕд нӕ кӕрӕдзей финстӕгути буни фӕккодтан.
Гъема 1957 анзи июни Каракӕсмӕ раздахтӕн. Нӕ бийнонтӕ мӕгур цард кодтонцӕ ӕма сӕ ӕнхус куд нӕ гъудӕй. Гъе уӕд мин, банкки ӕгас бон косун кӕми гъудӕй, уӕхӕн куст лӕвардтонцӕ. Фал мӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнун дӕр хъӕбӕр фӕндадтӕй. Мадта ма Венесуэлӕмӕ цӕй туххӕй раздахтӕн? Уомӕ гӕсгӕ банкки кустбӕл дӕр исарази дӕн ӕма пионерӕй
лӕггадӕ кӕнун дӕр райдӕдтон. Уӕгъдӕ рӕстӕг мин еу минут дӕр н’ адтӕй, фал уӕд куд амондгун адтӕн, уотӕ некӕдма!Никки амондгундӕр ба исдӕн, мӕ цард Сильвий хӕццӕ ку байеу кодтон, уӕд. Сильви ӕ ниййергути хӕццӕ Венесуэлӕмӕ Германийӕй ралигъдӕй. Фӕстӕдӕр нин дууӕ сувӕллони райгурдӕй, биццеу Мишель (хонӕн ӕй Мик) ӕма кизгӕ Самирӕ. Мӕ мади дӕр нӕхемӕ ракодтан, ӕма имӕ нӕхуӕдтӕ кастан. Бийнонтӕ дарун мӕ ке гъудӕй, уой туххӕй пионерӕй нӕбал лӕггадӕ кодтон, фал мӕ зинг ба уӕддӕр нӕ ниххустӕй. Сильвий хӕццӕ, фадуат нин куддӕр фӕззиннидӕ, уотӕ ӕнхусгӕнӕг пионертӕй балӕггадӕ кӕнианӕ, зӕгъӕн, отпуски рӕстӕг.
НӔ НИСАН САБУРГАЙ НӔ КЪОХИ ӔФТУДӔЙ
Райдайӕни ци хабар радзурдтон, е ӕрцудӕй, нӕ сувӕллӕнттӕ ма скъолай ку ахур кодтонцӕ, уӕд. Уӕди рӕстӕги мӕгур цард нӕ кодтан. Банкки косгути цӕсти дӕр нимад лӕг адтӕн, фал мӕн ба фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ адӕн фиццагидӕр Йегови лӕггадгӕнӕгбӕл нимадтайуонцӕ. Еци сагъӕс мин ӕнцойнӕ нӕ лӕвардта, ӕма еу бон Сильвий хӕццӕ ӕрбадтан ӕма нӕ хӕрзтӕ нӕуӕгӕй банимадтан. Ӕфстӕуттӕ некӕмӕй дардтан, удта банккӕй ку рандӕ адтайнӕ, уӕддӕр мӕ ревӕд къохӕй нӕ рарвистайуонцӕ. Еци ’хца нин берӕ рӕстӕгмӕ рафагӕ адтайуонцӕ, нӕ цард ку фӕххумӕтӕгдӕр кодтайанӕ, уӕд.
Еци унаффӕ рахӕссун ӕнцон н’ адтӕй, фал мин мӕ хъазар бийнойнаг ӕма мӕ мадӕ мӕ къохтӕ бафедар кодтонцӕ. «Кӕдӕй-уӕдӕй пионер исуодзӕн»,– загътон мӕхецӕн. Алцидӕр хъӕбӕр хуарз уадӕй. Фал ӕй фӕстӕдӕр куд базудтан, уотемӕй нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕндӕр цийни хабар.
ӔНӔНГЪӔЛТИ ЦИЙНИ ХАБАР
Еу бон нин дохтир фегъосун кодта, сувӕллон бабӕй нин ке уодзӕй! Кӕд еци хабармӕ цӕттӕ н’ адтан, уӕддӕр хъӕбӕр бацийнӕ кодтан. Фал расагъӕс кодтон, пионерӕй ма куд лӕггадӕ кӕндзӕн, уобӕл. Нӕ сувӕллонмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кастан, фал еци сагъӕс ба мӕ сӕрӕй нӕ цудӕй.
Нӕ бийнонти хӕццӕ ку радзубанди кодтан, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, мӕ бон ке уодзӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Габриель нин райгурдӕй апрели, 1985 анзи. Еци анзи банкки куст ниууагътон ӕма июни мӕйи пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба мӕ филиали комитетмӕ иснисан кодтонцӕ. Фал Вефиль Каракӕсӕй 80 километри
идарддӕр адтӕй, къуӕрей медӕг ба мӕ уордӕмӕ дууӕ кенӕ ӕртӕ хатти цӕун гъудайдӕ.ӔНДӔР РАУӔНМӔ БАБӔЙ РАЛИГЪДАН
Филиал адтӕй минкъий горӕт Ла-Викторий, ӕма уордӕмӕ ралигъдан. Алкӕмӕндӕр ни е цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти хӕццӕ баст адтӕй. Фал мӕ бийнонтӕ алцӕмӕдӕр цӕттӕ адтӕнцӕ. Мӕ хуӕрӕ Бахӕ мӕ мадӕмӕ кастӕй Микӕн ӕхе бийнонтӕ адтӕй, фал Самирӕ ӕма Габриель ба ма нӕ хӕццӕ цардӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ Ла-Викторимӕ ку ралигъдан, уӕд се ’мбӕлтти нӕбал уидтонцӕ. Мӕ бийнойнаг Сильвийӕн дӕр гъудӕй исахур ун минкъий горӕти сабур цардбӕл. Удта нӕ нӕуӕг хӕдзарӕ дӕр, нӕ зӕронди хузӕн устур нӕбал адтӕй. Еу загъдӕй нин ӕнцон н’ адтӕй.
Фӕстӕдӕр Габриель уосӕ ракурдта, Самирӕ ба хецӕнӕй цӕрун райдӕдта. 2007 анзи ба нӕ Сильвий хӕццӕ Вефильмӕ фӕххудтонцӕ. Абони уӕнгӕ дӕр уоми лӕггадӕ кӕнӕн. Нӕ хестӕр фурт Мик ӕй хестӕр нӕлгоймаг ӕма ӕ бийнойнаг Моники хӕццӕ еумӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ. Габриель дӕр хестӕр нӕлгоймаг ӕй ӕма ӕ бийнойнаг Амбри хӕццӕ Италий цӕруй. Самирӕ ба нин пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй, удта Вефилӕн дӕр ӕнхус кӕнуй.
НЕЦӔБӔЛ ФӔСМОН КӔНУН
Мӕ цард цӕхгӕрмӕ арӕх раййевидӕ, фал ци унаффитӕ рахастон, уонӕй еунӕгебӕл дӕр нӕ фӕсмон кӕнун. Рӕстӕг фӕстӕмӕ раздахӕн ку уайдӕ, уӕддӕр мӕ царди неци раййивтайнӕ. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй мин ци баихӕс кӕниуонцӕ, еци гъуддӕгтӕн хъӕбӕр аргъ кӕнун. Еци ӕнзти дӕргъи ӕй балӕдӕрдтӕн куд ӕхсидзгӕ ӕй, Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой гъӕуай кӕнун. Царди дӕ цийфӕнди унаффитӕ хӕссун ма багъӕуа, уӕддӕр дин Йеговӕ ратдзӕй фарнӕ ӕма еци фарнӕ нецӕй хӕццӕ ес рабарӕн (Фил. 4:6, 7). Вефили лӕггадӕ кӕнун нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй ӕй уинӕн, Йеговӕ нин ке ӕнхус кодта, уомӕн ӕма нин унаффитӕ хӕсгӕй сӕйрагдӕр адтӕй уой зӕрдӕ рохс кӕнун.