Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

23 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови хӕццӕ еунӕг некӕд уодзӕнӕ

Йегови хӕццӕ еунӕг некӕд уодзӕнӕ

«Йеговӕ хӕстӕг ӕй, ка имӕ ковуй, уонӕмӕ» (ПС. 145:18).

28 ЗАР Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн

РАЗДЗУРД *

1. Йегови лӕггадгӕнгутӕ арӕх сӕхемӕ еунӕг цӕмӕн фӕккӕсунцӕ?

АБОНИ хъӕбӕр берӕ адӕн сӕхемӕ еунӕг фӕккӕсунцӕ. Кӕмӕдӕр уӕхӕн гъудитӕ ескӕд еухатт фӕззиннунцӕ, кадӕр ба уотемӕй ӕнзгӕйттӕ цӕруй, ӕма адӕни астӕу дӕр ӕхемӕ еунӕг фӕккӕсуй. Кадӕр ба нӕуӕг ӕмбурдбӕл нӕ фӕййахур кӕнуй. Еуӕй-еуетӕ ба ӕндӕр бунатмӕ раледзунцӕ ӕма сӕ бийнонтӕбӕл ферхун кӕнунцӕ. Кенӕ ба адӕймагӕн ӕ цардӕмбал рамӕлуй. Кадӕр ба ӕхемӕ еунӕг фӕккӕсуй, ӕ хеуӕнттӕ ӕма е ’мбӕлттӕ рӕстдзийнади туххӕй ӕ нихмӕ ке исунцӕ, уой туххӕй.

2. Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Йеговӕй хуӕздӕр нӕ неке лӕдӕруй. Нӕхемӕ еунӕг ку фӕккӕсӕн, уӕд Йегови алкӕддӕр фӕффӕндуй банхус кӕнун. Цума нин кутемӕй банхус кӕнуй? Нӕхе бон ба ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕхемӕ еунӕг ма кӕсӕн? Удта нӕ бон куд ӕй, уӕхӕн сагъӕстӕ кӕмӕ фӕууй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнун? Ӕркӕсӕн аци фарстатӕмӕ.

ЙЕГОВӔ НӔБӔЛ ТУХСУЙ

Йеговӕ Илийамӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ (кӕсӕ 3 абзац)

3. Йеговӕ Илийабӕл куд батухстӕй?

3 Йегови фӕндуй, цӕмӕй е ’гас лӕггадгӕнгутӕ дӕр амондгун уонцӕ. Ӕма ескӕмӕн лӕгъуз ку фӕууй, уӕд ӕй алкӕддӕр фӕууинуй (Пс. 145:18, 19). Ӕргъуди кӕнӕн, пахампар Илийабӕл куд батухстӕй, уой. Илийа хъӕбӕр лӕгъуз рӕстӕги цардӕй. Израили хецӕуттӕ Йеговӕй сӕхе рахадтонцӕ ӕма ин ӕ лӕггадгӕнгути хъӕбӕр карзӕй ӕфхуардтонцӕ. Илийа ба сӕ фиццаг знаг адтӕй (1 Пад. 19:1, 2). Илийамӕ уотӕ кастӕй, ӕма Израили уомӕй уӕлдай еузӕрдон пахампартӕ нӕбал байзадӕй, ӕма ин е дӕр хъӕбӕр зин адтӕй (1 Пад. 19:10). Гъема имӕ Йеговӕ ӕ изӕди рарвиста, ӕма ин е балӕдӕрун кодта, Израили ма берӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ ке ес (1 Пад. 19:5, 18).

4. Марки 10:29, 30 финст дзурдтӕй куд зиннуй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл ке тухсуй, е?

4 Йеговӕ ’й зонуй, нӕхе цӕмӕйти фӕццох кодтан, лӕггадӕ кӕнун ин ку райдӕдтан, уӕд. Зӕгъӕн, кӕмӕйдӕр хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ сӕхе рахадтонцӕ. Еухатт апостол Петур Йесой бафарста: «Мах алцидӕр нӕ ниууагътан ӕма дӕ фӕдбӕл нӕ рацудан? Ци нин уодзӕй хуарзӕй?» (Матф. 19:27). Ӕвӕдзи, ибӕл бӕрӕг адтӕй, цидӕр тухст фарст ӕй ке бакодта. Ӕма ин Йесо зӕрдӕ байвардта, ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ кӕрӕдземӕн бийнонти хузӕн ке исуодзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Марки 10:29, 30.) Нӕ уӕларвон Фидӕ Йеговӕ дӕр зӕрдӕ ӕвӕруй, лӕггадӕ кӕнун ин ке фӕндуй, уонӕн алкӕддӕр сӕ фарсмӕ ке уодзӕй (Пс. 9:10). Мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин Йеговӕ банхус кӕна, нӕхемӕ еунӕг ку кӕсӕн, уӕд?

ДӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ ДӔХЕМӔ ЕУНӔГ МА КӔСАЙ?

5. Йеговӕ нин куд ӕнхус кодта, уобӕл сагъӕс кӕнун хуарз цӕмӕн ӕй?

5 Йеговӕ дин куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ (Пс. 55:22). Ӕ бийнонтӕ Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн нӕ ’нцӕ, еу уӕхӕн хуӕрӕ Кэрол * зӕгъуй: «Зин рӕстӕгути мин Йеговӕ куд ӕнхус кодта, уой ку ӕргъуди кӕнун, уӕд мӕхемӕ еунӕг нӕбал фӕккӕсун. Уой фӕрци ’й балӕдӕрун, идарддӕр дӕр мӕ хӕццӕ ке уодзӕй».

6. 1 Петури 5:9, 10 финст дзурдтӕ куд федар кӕнунцӕ, ӕхемӕ еунӕг ка кӕсуй, уони?

6 Сагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ ӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл. (Бакӕсӕ 1 Петури 5:9, 10.) Хиросийӕн ӕ бийнонтӕ Ӕвдесӕнтӕ нӕ ’нцӕ, фал уӕддӕр берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнуй. Хироси зӕгъуй: «Ӕмбурди уотӕ зӕгъӕн некӕмӕй ес, ӕма аци адӕймаг ӕ царди ӕппундӕр нецӕбӕл тухсуй. Уотемӕй ба алкедӕр Хуцауи гъуддаги ӕгас зӕрдӕй архайуй. Ӕма е хъӕбӕр федар кӕнуй, ӕ бийнонти Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн нӕййес, уони».

7. Йеговӕмӕ ке раковис, е дин куд ӕнхус кӕнуй?

7 Йеговӕмӕ арӕх ковӕ, Библи кӕсӕ ӕма ӕмбурдтӕмӕ цо. Йеговӕн дӕ сагъӕстӕ радзорисӕ (1 Пет. 5:7). Хуӕрӕ Масиель Йегови Ӕвдесӕн ку иссӕй, уӕд си ӕ бийнонтӕ сӕхе рахадтонцӕ. Масиель зӕгъуй: «Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй ке кувтон, уой фӕрци мӕхемӕ еунӕг нӕ кастӕн. Йеговӕ мин ӕцӕг ӕмбал иссӕй. Бони дӕргъи имӕ цалдӕр хатти исковинӕ ӕма ин алцидӕр радзоринӕ».

Беретӕ нӕ сайти аудиоӕрмӕгмӕ ке фегъосунцӕ, е син хъӕбӕр фенхус кӕнуй, цӕмӕй сӕхемӕ еунӕг ма кӕсонцӕ (кӕсӕ 8 абзац) *

8. Библи ку кӕсай ӕма ибӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд дин е куд банхус кӕндзӕй?

8 Алли бон дӕр Хуцауи Дзурд кӕсӕ. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба де ’ргом раздахисӕ, Йеговӕ дӕ куд берӕ уарзуй, уой ка ӕвдесуй, еци скъуддзӕгтӕмӕ. Хуӕрӕ Бьянкӕ ӕ бийнонтӕй ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ арӕх фегъосуй. Бьянкӕ зӕгъуй: «Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй, рагидзаманти ка цардӕй ӕма мӕн хузӕн уавӕрти ка адтӕй, еци лӕггадгӕнгути хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнун. Е мӕ хъӕбӕр бафедар кӕнуй». Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, сӕ нифс син ка бафедар кӕнуй, еци стихтӕ Библийӕй исахур кӕнунцӕ, зӕгъӕн, Псалом 27:10 кенӕ Исаййи 41:10. Иннетӕн ба фенхус кӕнуй, ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнгӕй кенӕ Библи ӕртасгӕй аудиоӕрмӕгмӕ ке фегъосунцӕ, е.

9. Ӕмбурдтӕ дин ци пайда хӕссунцӕ?

9 Архайӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕ макӕд цох кӕнай. Уоми дӕ программӕ дӕр бафедар кӕндзӕй, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр хуӕздӕр базондзӕнцӕ (Дзиуит. 10:24, 25). Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Масиель зӕгъуй: «Кӕд хъӕбӕр ӕфсӕрмигӕнагӕ адтӕн, уӕддӕр алли ӕмбурдмӕ дӕр цудтӕн ӕма дзуӕппитӕ дӕр лӕвардтон. Уой фӕрци ӕй лӕдӕрдтӕн, ӕз дӕр ӕмбурдӕй ке дӕн».

10. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ лимӕн кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

10 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕхе бӕттӕ. Ӕмбурди балимӕн уо, естӕбӕл кӕмӕй исахур уодзӕнцӕ, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ. Сӕ карӕмӕ ӕма кӕцӕй ӕнцӕ, уомӕ ма кӕсӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ ӕ кари ка бацудӕй, уонӕмӕ лӕдӕргӕдзийнадӕ ес (Иов 12:12). Фал ӕригӕнттӕй дӕр дӕ бон ӕй ахур кӕнун. Давид Ионафанӕй берӕ кӕстӕр адтӕй, фал сӕ е некуд хъор кодта лимӕн кӕнунмӕ (1 Сам. 18:1). Етӕ зин уавӕрти кӕрӕдземӕн алкӕддӕр ӕнхус кодтонцӕ, ӕма уой фӕрци Йеговӕбӕл дӕр еузӕрдон адтӕнцӕ (1 Сам. 23:16–18). Иринӕ ӕ бийнонти еунӕг Ӕвдесӕн ӕй ӕма зӕгъуй: «Ӕмбурди мин ци ӕмбӕлттӕ ес, етӕ мин хуӕртӕ ма ӕнсувӕрти, удта ниййергути хузӕн дӕр ӕнцӕ. Йеговӕ нин алкӕддӕр раттуй, ци нин нӕ фӕхъхъӕртуй, уой».

11. Цӕмӕй еске хӕццӕ балимӕн уай, уой туххӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй?

11 Фал нӕуӕг ӕмбӕлттӕ иссерун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба ӕфсӕрмигӕнагӕ адӕнӕн. Хуӕрӕ Ратнӕ Йегови Ӕвдесӕн ку иссӕй, уӕд ӕ нихмӕ хъӕбӕр цудӕнцӕ. Ратнӕ зӕгъуй: «Лӕдӕрдтӕн ӕй, ӕнӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусӕй еци зин рӕстӕг ке нӕ бафӕраздзӕн». Ӕнцон нӕ фӕууй, ескӕмӕн дӕ хурфи ци ес, уой радзорун, фал уотӕ ку архайай, уӕд еци адӕймаги хӕццӕ хӕстӕг ӕмбӕлттӕ исуодзиайтӕ. Де ’мбӕлтти фӕффӕндуй зин уавӕри дӕ фарсмӕ балӕуун, фал син ку неци дзорай, уӕд дин кутемӕй банхус кӕндзӕнцӕ?

12. Нӕ лӕггадӕ нин хуарз ӕмбӕлттӕ иссерунмӕ куд ӕнхус кӕнуй?

12 Ӕмбӕлттӕ иссерунмӕ еу хуарз мадзал ӕй сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ цӕун. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Кэрол зӕгъуй: «Хуцауи гъуддӕгти ке хӕццӕ архайдтон, еци хуӕртӕй беретӕ мӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ иссӕнцӕ. Абони дӕр ма мӕ Йеговӕ еци хуӕрти фӕрци бафедар кӕнуй». Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл нӕхе ку бӕттӕн, уӕд уотемӕй Йеговӕн барӕ дӕтдзиан, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна, нӕхемӕ еунӕг ку кӕсӕн, уӕд (Ӕмб. 17:17).

ИННЕТӔН ӔНХУС КӔНӔ, ЦӔМӔЙ ӔЙ ЛӔДӔРОНЦӔ, ЕУ БИЙНОНТӔ КЕ АН

13. Ӕмбурди алкӕбӕлдӕр цӕхуӕн ихӕс ес?

13 Алкӕмӕндӕр ни нӕ ихӕс ӕй, цӕмӕй ӕмбурди фарнӕ уа ӕма ӕхемӕ еунӕг маке кӕса (Иоан. 13:35). Нӕ фӕлмӕн дзурд кенӕ хуарз гъуддаг, гӕнӕн ес, ӕма ескӕбӕл базуртӕ базайун кӕна. Еу хуӕрӕ зӕгъуй: «Библи ку ахур кодтон, уӕд мин ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мӕхе бийнонти хузӕн иссӕнцӕ. Ӕнӕ уони ӕнхусӕй, ӕвӕдзи, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун нӕ райдӕдтайнӕ». Дӕу бон ба куд ӕй, ӕ бийнонти Ӕвдесӕнтӕ кӕмӕн нӕййес, уонӕн банхус кӕнун, цӕмӕй ӕй лӕдӕронцӕ, ӕмбурди сӕ берӕ ке уарзунцӕ?

14. Дӕ бон куд ӕй ӕмбурди нӕугути хӕццӕ балимӕн ун?

14 Фиццаг къахдзӕф дӕхуӕдӕг искӕнӕ. Фиццагидӕр бал гъе уобӕл байархайӕ, цӕмӕй ӕмбурди алкӕмӕндӕр хуарз уа, Библи ка ахур кӕнуй ӕма ӕрӕги донаргъуд ка райста, уонӕн, удта ӕндӕр ӕмбурдӕй ка ӕрбахизтӕй, уонӕн дӕр (Ром. 15:7). Фал уой туххӕй адӕймагӕн зӕрдиагӕй расалам кӕнун фагӕ нӕй. Гъӕуама ӕ хӕццӕ балимӕн уай. Естӕбӕлти ӕй рафӕрститӕ кӕнӕ. Уотемӕй ӕй базондзӕнӕ, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлуй, уой. Фал ди иронх ма уӕд, алкӕмӕн ӕнцон нӕ фӕууй, ӕ зӕрди ци ес, уой ескӕмӕн дзорун. Уомӕ гӕсгӕ лӕмбунӕг уо ӕма уӕлдай фарстатӕ ма дӕттӕ, цӕмӕй имӕ уотӕ ма фӕккӕса, ӕма ’й хинцфӕрсӕ кӕнис. Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй адӕймаги бафӕрсун, рӕстдзийнадӕ куд базудта, уобӕл. Ести дин ку дзора, уӕдта имӕ лӕмбунӕг байгъосӕ.

15. Фӕлтӕрдгун кирисӕтӕнтти бон куд ӕй ӕмбурди иннетӕн ӕнхус кӕнун?

15 Ӕмбурди кӕрӕдзебӕл ку тухсӕн, уӕд алкӕмӕндӕр е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕндзӕй. Иннетӕбӕл фиццагидӕр гъӕуама тухсонцӕ фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ, уӕлдайдӕр ба хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Рӕстдзийнади ӕрмӕстдӕр ӕ мадӕ кӕмӕн адтӕй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Мелиссӕ зӕгъуй: «Берӕ ӕнзти дӕргъи мӕмӕ ӕмбурди ӕнсувӕртӕ сӕхе кизги цӕстӕй кастӕнцӕ ӕма мин сӕ рӕстӕг не ’вгъау кодтонцӕ. Уой туххӕй си куд боз дӕн, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! Мӕ тухститӕ мӕ ескӕмӕн радзорун ку гъӕуидӕ, уӕд мӕмӕ алкӕддӕр байгъосиуонцӕ». Еу ӕригон ӕнсувӕр Маурисиойӕн ба хъӕбӕр зин адтӕй, ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, еци ӕнсувӕр ӕмбурдтӕ ку ниууагъта, уӕд. «Еци рӕстӕг мин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хъӕбӕр банхус кодтонцӕ,– зӕгъуй Маурисио.– Мӕ хӕццӕ арӕх дзубанди кодтонцӕ, игъосун кӕнунмӕ мӕ худтонцӕ, удта Библи ӕртасгӕй ци гъудитӕ иссериуонцӕ, уони мин радзориуонцӕ. Футболӕй дӕр ма еумӕ гъазианӕ». Нур Мелиссӕ, удта Маурисио дӕр Йеговӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнунцӕ.

Дӕу ӕмбурди ба ес, де ’нхус ке гъӕуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ? (кӕсӕ 16–19 абзацтӕ) *

16, 17. Иннетӕн гъуддагӕй ӕнхус кӕнун нӕ бон куд ӕй?

16 Гъуддагӕй ӕнхус кӕнӕ (Гал. 6:10). Ӕ райгурӕн бӕстӕй идард ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн миссионер Лео зӕгъуй: «Багъӕуаги рӕстӕг минкъий гъуддаг дӕр адӕймагӕн устур ӕнхус фӕууй. Гъуди ма кӕнун, еухатт мӕ машинӕ ниццавтон. Еци бон цалинмӕ хӕдзарӕмӕ бахъӕрдтӕн, уӕдмӕ хъӕбӕр бафӕлладтӕн. Фал мӕ еу бийнонтӕ сӕхемӕ ракомидзаг кӕнунмӕ фӕххудтонцӕ. Фингӕбӕл ци адтӕй, уой гъуди дӕр нӕбал кӕнун, фал мӕбӕл куд батухстӕнцӕ, е ба ми некӕд феронх уодзӕй».

17 Конгресстӕ ни алке зӕрдӕмӕ дӕр хъӕбӕр цӕунцӕ. Уоми нӕ бон ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл бацийнӕ кӕнун ӕма ци фегъустан, уобӕл радзубанди кӕнун. Фал уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Кэролӕн ба конгресстӕ ӕцӕг фӕлварӕн исунцӕ. Цӕмӕн, уой туххӕй ба зӕгъуй: «Ӕрбацудтӕ, ӕма уинис дуйне адӕн. Фал сӕ фулдӕр ӕнцӕ бийнонтӕ кӕмӕн ес уӕхӕнттӕ, ӕз ба еунӕгӕй. Уӕхӕн рӕстӕгути мӕхемӕ уӕлдай хъӕбӕрдӕр фӕккӕсун еунӕг». Зин ма фӕууй, ӕрӕги ӕ цардӕмбал кӕмӕн фӕззиан ӕй, уонӕн дӕр. Ду ба зонис, конгресстӕмӕ цӕун зин кӕмӕн фӕууй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти? Кӕд гъо, уӕд сӕ дӕ бон н’ адтайдӕ иннӕ хатт дӕ хӕццӕ райсун?

18. Нӕ бон куд ӕй 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:11–13 финст дзурдтӕй испайда кӕнун, не ’мбӕлтти хӕццӕ рабадун ку испълан кӕнӕн, уӕд?

18 Рӕстӕг еумӕ ӕрвететӕ. Еумӕ рабадунмӕ аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хонӕ, уӕлдайдӕр ба еунӕгӕй ка ӕй, уони. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 6:11–13.) Мелиссӕ зӕгъуй: «Алкӕддӕр мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн уидӕ, не ’мбӕлттӕ мӕн ӕма мӕ мади иуазӕгуати ку ’рбахониуонцӕ кенӕ нӕ сӕ хӕццӕ ескумӕ уолӕфунмӕ ку райсиуонцӕ». Дӕу ӕмбурди ба ес, уотӕ батухсун дӕ бон кӕбӕл ӕй, уӕхӕнттӕ?

19. Ӕмбурди уӕлдай хъӕбӕрдӕр ке фӕгъгъӕуй, цӕмӕй сӕ фарсмӕ уӕн?

19 Еуӕй-еухатт хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти уӕлдай хъӕбӕрдӕр фӕгъгъӕуй, цӕмӕй сӕ фарсмӕ уӕн. Еуӕй-еуетӕн ӕнцон нӕ фӕууй, сӕ хеуӕнттӕ ести бӕрӕгбӕнттӕ ку фӕббӕрӕг кӕнунцӕ, уӕд. Иннетӕ ба уӕлдай хъӕбӕрдӕр фенкъард кӕнунцӕ, сӕ уарзон адӕймаг ци бон рамардӕй, еци бон ку ралӕууй, уӕд. Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ хӕццӕ рӕстӕг ку ’рветӕн, уӕд ӕй уиндзӕнцӕ, ӕцӕгӕйдӕр сӕбӕл ке тухсӕн, уой (Фил. 2:20).

20. Матфеййи 12:48–50 финст дзурдтӕ, ӕхемӕ еунӕг ка кӕсуй, уони куд федар кӕнунцӕ?

20 Нӕ царди арӕх фӕууй уӕхӕн рӕстӕгутӕ, ӕма нӕхемӕ еунӕг фӕккӕсӕн. Фал ӕй гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн, Йеговӕ нӕ хуарз ке лӕдӕруй. Алкӕддӕр нӕ бафедар кӕнуй ӕма нин уодӕнцойнӕ раттуй, арӕхдӕр нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци. (Бакӕсӕ Матфеййи 12:48–50.) Нӕхуӕдтӕ дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн банхус кӕнунмӕ нӕ бон ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд Йеговӕн бавдесдзиан, ке нӕбӕл тухсуй, уой туххӕй си боз ке ан, уой. Ӕма нӕ уавӕр кудфӕнди ма уа, уӕддӕр еунӕгӕй некӕд уодзиан, уомӕн ӕма Йеговӕ алкӕддӕр нӕ хӕццӕ уодзӕй!

46 ЗАР Устур арфӕ дин, Йеговӕ

^ 5 абз. Ескӕд дӕхемӕ еунӕг фӕккӕсис? Кӕд гъо, уӕд ӕй зонӕ, Йеговӕ дӕ хуарз лӕдӕруй ӕма ’й фӕндуй дӕуӕн банхус кӕнун. Аци статьяй базондзиан, уӕхӕн гъудитӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нӕ ци кӕнун гъӕуй, уой, удта ӕхемӕ еунӕг ка кӕсуй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн нӕ бон банхус кӕнун куд ӕй, уой дӕр.

^ 5 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ 60 абз. ХУЗӔ. Ӕ бийнойнаг кӕмӕн рамардӕй, уӕхӕн ӕнсувӕр нӕ сайти аудиоӕрмӕгмӕ игъосуй, ӕма ин уой фӕрци ӕнцондӕр ӕй.

^ 62 абз. ХУЗӔ. Фидӕ ӕ кизги хӕццӕ каргун ӕнсувӕри бабӕрӕг кодтонцӕ ӕма ин сӕ хӕццӕ цидӕр ӕрбахастонцӕ, цӕмӕй ӕй еу минкъий баигъӕлдзӕг кӕнонцӕ.