Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуарз ӕмкосӕг исхонӕн дӕ ес?

Хуарз ӕмкосӕг исхонӕн дӕ ес?

«ӔЗ АДТӔН ӕ фарсмӕ куд дӕсни косӕг... ӕма алкӕддӕр цийнӕ кодтон ӕ рази» (Ӕмб. 8:30). Аци стихти финст ӕй, Киристе зӕнхӕмӕ ку нӕма ӕрцудӕй, уӕд уӕлӕрвти ӕ Фиди хӕццӕ берӕ ӕнзти дӕргъи ӕмгуст ке кодта ӕма ин еци куст цийнӕ ке хаста.

Киристе уӕлӕрвти ку адтӕй, уӕд берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ӕй, ӕма уой фӕрци, зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕд иннетӕн дӕр хуарз ӕмкосӕг адтӕй. Киристе ӕхе иннети хӕццӕ куд дардта, уомӕ лӕмбунӕг ку ’ркӕсӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, цӕхуӕн ӕртӕ уагӕвӕрдемӕй пайда кодта, уой. Еци уагӕвӕрдтӕ махӕн дӕр банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй иннетӕн нӕ хӕццӕ ӕнцондӕр ӕмгуст кӕнӕн уа.

Йеговӕ ӕма Йесой хузӕн архайӕ: дӕхуӕдӕг ци зонис ӕма цӕбӕл исахур дӕ, уой иннетӕн дӕр амонӕ

1. КӔРӔДЗЕМӔН КАДӔ КӔНӔН

Хуарз ӕмкосӕг сӕрниллӕг фӕууй ӕма, ӕ хӕццӕ ка ӕмгуст кӕнуй, уонӕн алкӕддӕр фӕййаргъ кӕнуй ӕма нӕ фӕййархайуй, цӕмӕй аллихатт дӕр ӕхе гъуди размӕ тӕра. Сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл Киристе дӕр ӕ Фидӕй исахур ӕй. Кӕд Сфӕлдесӕги ном хӕссуни барӕ ӕрмӕстдӕр Йеговӕн ес, уӕддӕр ӕй бафӕндадтӕй, цӕмӕй ӕй иннетӕ дӕр зудтайуонцӕ, еци гъуддаги ин ӕ Фурт ке ӕнхус кодта. Е бӕрӕг ӕй, ци загъта, уомӕй: «Искӕнӕн адӕймаги нӕхемӕ гӕсгӕ» (Райд. 1:26). Киристейӕн кунӕг ӕхцӕуӕн н’ адтӕй, Йеговӕ ’й сӕрниллӕгӕй е ’мкосӕгбӕл ке банимадта (Пс. 18:35).

Киристе зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕд дӕр адтӕй ӕ Фиди хузӕн сӕрниллӕг. Ку ’й кадгин кодтонцӕ, уӕд ӕхемӕ нӕ ниууидӕ, фал аллихатт дӕр Йегови искадгин кӕнидӕ, уомӕн ӕма уой аккаг ӕрмӕстдӕр е ӕй (Мар. 10:17, 18; Иоан. 7:15, 16). Ӕ ахуркӕнуйнӕгти хӕццӕ дӕр ӕхе уотӕ нӕ дардта, цума ӕ цагъартӕ ’нцӕ, фал сӕ е ’мбӕлттӕбӕл нимадта, ӕма уонӕн дӕр ӕ хӕццӕ ӕнцон фӕууидӕ (Иоан. 15:15). Еухатт ба ма син сӕ къӕхтӕ дӕр нихснадта, ӕма син бавдиста, сӕрниллӕг ун куд гъӕуй, уой (Иоан. 13:5, 12–14). Мах бон ба куд ӕй Киристей хузӕн архайун? Гъӕуама ке хӕццӕ ӕмгуст кӕнӕн, уонӕн аргъ кӕнӕн ӕма нӕхе загъдбӕл ма ницъцъӕх уӕн. Кӕрӕдзей ку нимайӕн ӕма, кусти туххӕй кадӕ кӕмӕ ӕрхаудзӕй, уобӕл ку нӕ мӕтӕ кӕнӕн, уӕд нин дзӕвгарӕ фулдӕр бантӕсдзӕй (Ром. 12:10).

Сӕрниллӕг адӕймаг ӕй фӕллӕдӕруй, «берӕ унаффӕгӕнгутӕ кӕми уа, уоми... алцидӕр [ке] рауайдзӕй» (Ӕмб. 15:22). Цийфӕнди арӕхстгун ма уӕн ӕма нӕмӕ цӕйбӕрцӕфӕнди фӕлтӕрддзийнадӕ ма уа, уӕддӕр алци зонун нӕ бон нӕй. Киристе дӕр алци нӕ зудта (Матф. 24:36). Уомӕй уӕлдай ма ӕ ахуркӕнуйнӕгти дӕр арӕх сӕ гъудибӕл бафӕрсидӕ, кӕд ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ, уӕддӕр (Матф. 16:13–16). Мадта дессаг нӕй, адӕнӕн Йесой хӕццӕ ӕмгуст кӕнун ӕхцӕуӕн ке фӕууидӕ. Мах дӕр ӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, алци ке нӕ зонӕн ӕма, иннетӕ ци дзорунцӕ, уомӕ байгъосунмӕ цӕттӕ уӕн. Уотемӕй бӕрӕг уодзӕй, сӕрниллӕг ке ан. Ӕма уӕд иннети хӕццӕ дӕр хуӕздӕр федаудзиан, удта нин еумӕ ӕнтӕсгӕ дӕр фулдӕр кӕндзӕй.

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн уӕлдай ӕхсидзгӕ ӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕг ун. Зӕгъӕн, еумӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ, цӕмӕй цӕхуӕндӕр фарста ниллух кӕнонцӕ. Ӕма уӕд алке гъудимӕ дӕр гъӕуама байгъосонцӕ, уомӕн ӕма сугъдӕг хъаурӕн ӕ бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй кефӕндидӕр баразӕнгард кӕнун гъӕугӕ гъуди зӕгъунмӕ. Уӕхӕн фембӕлдти алкедӕр гъӕуама архайа, цӕмӕй иннетӕ сӕ гъуди дзорунмӕ ма ’фсӕрми кӕнонцӕ. Ӕма син уӕд ӕнтӕсдзӕй, ӕгас ӕмбурдӕн дӕр пайда ка уа, уӕхӕн унаффитӕ хӕссун.

2. «УӔ ЛӔДӔРГӔДЗИЙНАДӔЙ УӔ ЗОНӔД АЛКЕДӔР»

Хуарз ӕмкосӕг ма фӕууй лӕдӕргӕ, гъома иннети гъудийӕн фӕййаргъ кӕнуй ӕма уавӕртӕмӕ гӕсгӕ ӕ унаффӕ раййевунмӕ дӕр цӕттӕ фӕууй. Йеговӕ дӕр алкӕддӕр лӕдӕргӕй фӕййархайуй, ӕма Киристе уой еу ӕма дууӕ хатти нӕ фӕууидта. Зӕгъӕн, кӕд адӕн мӕлӕти тӕрхони аккаг адтӕнцӕ, уӕддӕр сӕмӕ ӕ Фурти рарвиста, цӕмӕй сӕ еци тӕрхонӕй фӕййервӕзун кодтайдӕ (Иоан. 3:16).

Ку фӕгъгъӕуидӕ, уӕд Киристе иннетӕмӕ дӕр байгъосидӕ, ӕхе дзурдбӕл нӕ ниллӕууидӕ. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, еу финикийаг силгоймагӕн куд банхус кодта, уой, кӕд ӕма ӕрмӕст Израили адӕнмӕ ӕрвист адтӕй, уӕддӕр (Матф. 15:22–28). Киристе лӕдӕргӕй ке архайдта, е ма бӕрӕг адтӕй, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй ӕгӕр берӕ ке нӕ агурдта, уомӕй дӕр. Зӕгъӕн, ӕ хуарз ӕмбал Петур си цалдӕр хатти ку загъта, нӕ ’й зонун, зӕгъгӕ, уӕд дӕр ин ниххатир кодта, уой фӕсте ба ма ин ӕ бӕрагӕ ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ дӕр бакӕнидӕ (Лук. 22:32; Иоан. 21:17; Гъуд. 2:14; 8:14–17; 10:44, 45). Мадта Филиппӕгтӕмӕ 4:5 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ архайун нӕ бон куд ӕй, уой Киристе хуарз бавдиста.

Лӕдӕргӕ ку уӕн, уӕд махӕн дӕр ӕнцондӕр уодзӕй иннети хӕццӕ федаун ӕма сӕ хӕццӕ ӕмгуст кӕнун. Йесо дӕр аллихузи адӕни хӕццӕ цӕрун зудта. Уой туххӕй имӕ е ’знӕгтӕ хъӕбӕр мӕстгун кодтонцӕ ӕма ма ин уотӕ дӕр фӕззӕгъиуонцӕ, зӕгъгӕ, дан, хъалонесгутӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнгути хӕццӕ лимӕн кӕнуй (Матф. 11:19). Махӕн ба фӕууайуй иннети хӕццӕ ӕмгуст кӕнун? Еу ӕнсувӕр Луис адтӕй районон цӕстӕдарӕг, уой фӕсте ба Вефили дӕр лӕггадӕ кодта, ӕма ’й аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст кӕнун гъудӕй. Е загъта: «Фарс ку амайай ӕма дортӕй еуетӕ иннетӕй устурдӕр ку уонцӕ, уӕд дӕ гъӕудзӕй фулдӕр бахъиамӕт кӕнун, цӕмӕй си алкӕцийдӕр ӕ бунати исӕвӕрай ӕма дӕ фарс ӕррӕстӕ рауайа. Гъе уотӕ дӕхе хузӕн ӕнӕнхӕст адӕни хӕццӕ ку ӕмгуст кӕнай, уӕд дӕр дӕ гъӕудзӕй фулдӕр хъиамӕт кӕнун. Ӕз дӕр архайдтон, цӕмӕй иннетӕн мӕ хӕццӕ ӕнцон адтайдӕ ӕма куст размӕ цудайдӕ». Аци ӕнсувӕр махӕн дӕр фӕнзуйнаг ӕй.

Фӕууй уотӕ, ӕма, адӕймаг ци фӕззонуй, уой ӕй ӕндӕр некӕмӕнбал фӕффӕндуй дзорун, цӕмӕй иннетӕмӕ уотӕ кӕса, ӕма ӕнӕ уомӕй сӕ бон не ’суодзӕй. Фал хуарз ӕмкосӕг уотӕ некӕд кӕндзӕй

Цӕхуӕн уавӕрти ма фӕгъгъӕуй лӕдӕргӕй архайун? Зӕгъӕн, нӕ игъосун кӕнуни къуари хӕццӕ ку фӕллӕггадӕ кӕнӕн, уӕд. Нӕ бон ӕй аллихузи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ игъосун кӕнун, уӕлдай нӕй, ци кари ’нцӕ кенӕ син бийнонтӕ ес ӕви нӕ. Дӕ бон н’ адтайдӕ игъосун кӕнгӕй архайун, ду куд ахур дӕ, уотӕ нӕ, фал иннетӕн куд ӕнцондӕр уа, уотӕ, цӕмӕй син уӕ лӕггадӕ фулдӕр цийнӕ ӕрхӕсса?

3. УО ЦӔСТУАРЗОН ӔМА ДӔМӔ ЦИ ЕС, УОМӔЙ ИННЕТӔН ХАЙ КӔНӔ

Хуарз ӕмкосӕг, иннетӕн дӕр пайда ка уа, уӕхӕн цидӕртӕ нӕ басосӕг кӕндзӕй (1 Тим. 6:18). Киристе дӕр ӕ Фиди хӕццӕ уӕлӕрвти ку адтӕй, уӕд ӕй уидта, Йеговӕ си ке неци римӕхсуй. Йеговӕ арв ку цӕттӕ кодта, уӕд Йесо дӕр ӕ фарсмӕ адтӕй ӕма си берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ӕй (Ӕмб. 8:27). Фӕстӕдӕр ба Йесо ӕхуӕдӕг зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕд, ӕ Фидӕй цидӕриддӕр фегъуста, уони ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн дзурдта (Иоан. 15:15). Мах бон дӕр ӕй Йегови хузӕн архайун, ӕма нӕмӕ ци зонундзийнӕдтӕ ӕма фӕлтӕрддзийнадӕ ес, уой хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ма ’вгъау кӕнун. Фӕууй уотӕ, ӕма, адӕймаг ци фӕззонуй, уой ӕй ӕндӕр некӕмӕнбал фӕффӕндуй дзорун, цӕмӕй иннетӕмӕ уотӕ кӕса, ӕма ӕнӕ уомӕй сӕ бон не ’суодзӕй. Фал хуарз ӕмкосӕг уотӕ некӕд кӕндзӕй. Уомӕн ӕхцӕуӕн уодзӕй, ӕхуӕдӕг ци базудта, уой иннетӕн дӕр байамонун.

Цӕстуарзон адӕймаг ма иннети фӕлмӕн дзурдӕй дӕр барӕвдауй. Нӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй нин еске ку райарфӕ кӕнуй, уӕд нин ӕхцӕуӕн нӕ фӕууй? Киристе дӕр, ке хӕццӕ ӕмгуст кодта, уонӕн хуарз ци уадӕй, уой туххӕй сӕ растауидӕ (Рабарӕ Матфеййи 25:19–23; Лукай 10:17–20). Еу хатт ба син уотӕ дӕр загъта, мӕнӕй, дан, уин «устурдӕр гъуддӕгтӕ» бантӕсдзӕй (Иоан. 14:12). Ӕ мӕлӕти размӕ ба ӕ еузӕрдон апостолти растудта ӕма син загъта: «Сумах мӕ фӕлварӕнти рӕстӕг адтайтӕ мӕ фарсмӕ» (Лук. 22:28). Еци дзурдтӕ син сӕ нифс куд нӕ бафедар кодтайуонцӕ. Ӕма нин Киристе уомӕй фӕнзуйнаг ӕй. Ке хӕццӕ косӕн, уони арӕхдӕр ку ’стауӕн, уӕд сӕбӕл базуртӕ базайдзӕй ӕма сӕмӕ еу гъуддаг дӕр зин нӕбал кӕсдзӕй.

ДӔ БОН ӔЙ ХУАРЗ ӔМКОСӔГ УН!

Еу ӕнсувӕр Кайоде загъта: «Цӕмӕй хуарз ӕмкосӕг уай, уой туххӕй дӕ ӕнхӕст адӕймаг ун нӕ гъӕуй. Уотид иннети естӕмӕйти ку баигъӕлдзӕг кӕнай, уӕд сӕ куст дӕр хуӕздӕр цӕудзӕй ӕма уотӕ нӕ фӕллайдзӕнцӕ». Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Дӕ бон ӕй, ке хӕццӕ ӕмгуст кӕнис, уони рафӕрсун. Апостолтӕн Киристей хӕццӕ куд ӕнцон адтӕй, уотӕ мах дӕр фӕндуй, цӕмӕй, ке хӕццӕ косӕн, уонӕн нӕ хӕццӕ ӕнцон уа. Ӕма гъе уӕд Павели дзурдтӕ махмӕ дӕр хаудзӕнцӕ: «[Мах] ан уе ’мкосгутӕ, цӕмӕй уин уӕ цийнӕбӕл цийнӕ ӕфтауӕн» (2 Кор. 1:24).