Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

33 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл цийнӕ кӕнӕ

Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл цийнӕ кӕнӕ

«Цӕмӕдӕрти бӕллуни бӕсти хуӕздӕр ӕй, нуртӕккӕ ци ес, уой уинун» (ЕККЛ. 6:9).

111 ЗАР Нӕ цийнӕ

РАЗДЗУРД *

1. Беретӕ ци кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕн фулдӕр балӕггадӕ кӕнонцӕ?

АЦИ дуйней кӕрон хъӕбӕр тагъд ӕрбахӕстӕг кӕнуй, ӕма нин куст берӕ ес (Матф. 24:14; Лук. 10:2; 1 Пет. 5:2). Алкедӕр ни фӕндуй Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнун. Беретӕ ни архайунцӕ фулдӕр игъосун кӕнунбӕл. Кадӕр ӕхецӕн нисан исӕвардта пионерӕй кенӕ Вефили лӕггадӕ кӕнун кенӕ ба нӕ организаций арӕзтадон гъуддӕгти архайун. Хъӕбӕр берӕ ӕнсувӕртӕ ба сӕхебӕл косунцӕ, цӕмӕй сӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй кенӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕй иснисан кӕнонцӕ (1 Тим. 3:1, 8). Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, ӕ адӕн ин куд зӕрдиагӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой уинун (Пс. 110:3; Ис. 6:8).

2. Нӕ нисӕнттӕ нӕ къохи ку нӕ фефтуйунцӕ, уӕд нин куд фӕууй?

2 Фал, зӕгъӕн, рӕстӕг цӕуй, нӕ нисӕнттӕ ба нӕ къохи не ’фтуйунцӕ. Кӕмӕндӕр ӕ карӕмӕ гӕсгӕ нӕбал баихӕс кӕнунцӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ, иннетӕн ба сӕ уавӕртӕ нӕ фӕййамонунцӕ, ӕма уой туххӕй сӕ нифс басӕттуй (Ӕмб. 13:12). Зӕгъӕн, Мелисси * фӕндадтайдӕ Вефили лӕггадӕ кӕнун кенӕ Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъола рацӕун, фал зӕгъуй: «Берӕ ӕнзтӕ мӕбӕл цӕуй ӕма ’й лӕдӕрун, еци нисӕнттӕ мӕ къохи ке нӕ бафтуйдзӕнцӕ. Уой туххӕй хатгай мӕ нифс басӕттуй».

3. Ӕмбурди фулдӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун ке фӕндуй, уони ци гъӕуй кӕнун?

3 Цӕмӕй ӕригон ӕнсувӕртӕн ӕмбурди фулдӕр гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнӕн уа, уой туххӕй бал сӕ гъӕуй цӕхуӕндӕр менеугутӕбӕл байархайун. Еуӕрдиги ӕригӕнттӕ фӕуунцӕ сӕрӕн, нифсхаст, удта сӕмӕ хъаурӕ дӕр фулдӕр фӕууй, фал сӕ иннердиги ба, фӕгъгъӕуй архайун, цӕмӕй уонцӕ лӕмбунӕг, бухсун зононцӕ ӕма иннети нимайонцӕ. Мадта дӕхебӕл косӕ, ӕма дин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фулдӕр ихӕстӕ дӕ барӕ бакӕндзӕнцӕ, ӕнгъӕл дӕр ӕй нӕ уодзӕнӕ, уотемӕй. Ӕркӕсӕн Никки хабармӕ. 20 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ин зин адтӕй, кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй ӕй ке нӕ нисан кодтонцӕ, е. «Нӕ ’й лӕдӕрдтӕн, цӕбӕл ма мӕ гъудӕй бакосун, уой»,– зӕгъуй Ник. Фал уӕддӕр ӕ къохтӕ нӕ уагъта. Ник зӕрдиагӕй игъосун кодта, удта ин ке баихӕс кӕниуонцӕ, еци гъуддӕгтӕ дӕр, куд ӕмбӕлуй, уотӕ кодта. Нур Ник лӕггадӕ кӕнуй филиали комитети.

4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

4 Дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи ке нӕма ӕфтуйунцӕ, уобӕл тухсис? Кӕд гъо, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ (Пс. 37:5–7). Дӕ бон ма ӕй фӕлтӕрдгун киристӕнтти хӕццӕ дӕр радзубанди кӕнун ӕма сӕ бафӕрсун дӕ лӕггади дӕ фӕххуӕздӕр кӕнун ци гъӕуй, уобӕл. Ка ’й зонуй, гъе уӕд дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ. Фал, цӕхуӕндӕр фӕндтӕ ба, гӕнӕн ес, ӕма уогӕ дӕр ма исӕнхӕст уонцӕ, Мелиссӕн куд адтӕй, уотӕ. Уӕхӕн уавӕри дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ цийнӕ ма фесӕфа? Аци фарстабӕл дзуапп базонуни туххӕй ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ: 1) Нӕ цийнӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й? 2) Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фулдӕр цийнӕ кӕнӕн? 3) Цӕхуӕн нисӕнттӕ нӕ бон ӕй ӕвӕрун, цӕмӕй нӕ цийнӕбӕл ӕфтуйа?

НӔ ЦИЙНӔ ЦӔМӔЙ КӔНГӔ ’Й?

5. Нӕ цийнӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й? (Екклесиаст 6:9).

5 Нӕ цийнӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й, е финст ӕй Екклесиасти 6:9. (Бакӕсӕ.) «Нуртӕккӕ ци ес», уобӕл ка цийнӕ кӕнуй, уӕхӕн адӕймаг ӕ уавӕртӕмӕ раст цӕстӕй кӕсуй. Фал адӕймаг, ӕ къохи ка нӕ бафтуйа, уӕхӕн цӕмӕдӕрти ку бӕлла, уӕдта ӕхе ӕнӕгъӕугӕ мӕстити хай бакӕндзӕй. Мадта цӕмӕй нӕ зӕрди цийнӕ уа, уой туххӕй гъӕуама, ци нӕмӕ ес, уомӕн аргъ кӕнӕн ӕма, нӕ къохи ка бафтуйа, уӕхӕн нисӕнттӕмӕ тундзӕн.

6. Цӕхуӕн хабармӕ ӕркӕсдзиан ӕма нӕ гъос цӕмӕ ӕрдардзиан?

6 Адӕймагӕн еу цидӕр ӕ къохи ку бафтуйуй, уӕд райдайуй ӕндӕр цӕмӕдӕр тундзун. Фал цалинмӕ еци нисан ӕ къохи нӕ бафтуйа, уӕдмӕ цума ӕ бон ӕй, нуриуӕнгӕ ин ци бантӕстӕй, уой фагӕбӕл нимайун? Айдагъ фагӕбӕл нимайун нӕ, фал ма ибӕл нӕ бон ӕй цийнӕ кӕнун дӕр. Кутемӕй? Ӕркӕсӕн, Йесо талантти туххӕй ци фӕсномуг хабар радзурдта, уомӕ (Матф. 25:14–30). Ӕма нӕ гъос ӕрдарӕн, нӕ уавӕрти цийнӕ кӕнун, удта еци цийнӕ фулдӕр кӕнун нӕ бон куд ӕй, уомӕ.

НӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ ФУЛДӔР ЦИЙНӔ КӔНӔН?

7. Йесо цӕхуӕн фӕсномуг хабар радзурдта?

7 Йесо ци фӕсномуг хабар радзурдта, уоми еу гъӕздуг лӕг идард рауӕнмӕ цудӕй ӕма ӕ цагъартӕн таланттӕ * баихӕс кодта. Еци таланттӕ гъӕуама гъуддаги рауагътайуонцӕ, цӕмӕй ма сӕбӕл никкидӕр бафтудайдӕ. Лӕг кастӕй, кӕмӕн цал талантти ӕнгъезуй раттун, уомӕ, ӕма еуемӕн равардта фондз, иннемӕн – дууӕ, ӕртиккагӕн ба – еу. Фиццаг дууӕ сӕ ихӕс, куд ӕмбӕлуй, уотӕ исӕнхӕст кодтонцӕ. Ӕртиккаг ба ӕ талант ести гъуддаги рауадзунбӕл архайгӕ дӕр нӕ бакодта, ӕма имӕ уой туххӕй ӕ хецау исмӕстгун ӕй.

8. Фиццаг цагъар цӕбӕл цийнӕ кодтайдӕ?

8 Фиццаг цагъар, ӕвӕдзи, ӕхемӕ ниццӕй, ӕ хецау ин фондз талантти ку баихӕс кодта, уӕд. Уойбӕрцӕ ин ке баихӕс кодта, е уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма ибӕл хъӕбӕр ӕууӕндуй. Фал дуккаг цагъарӕй ба ци ес зӕгъӕн? Хецау ин минкъийдӕр ке баихӕс кодта, уой туххӕй ӕ нифс басастӕй?

Киристей фӕсномуг хабарӕй дуккаг цагъар фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй? 1) Ӕ хецау ин дууӕ талантти ӕ барӕ ке бакодта, е ин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй. 2) Зӕрдиагӕй хъиамӕт кодта, цӕмӕй ӕ хецауи есбон фӕффулдӕр кодтайдӕ. 3) Ӕ барӕ ин ци ӕхца бакодта, уомӕй никкидӕр ма уойбӕрцӕ бакуста

9. Дуккаг цагъар ӕхе куд нӕ бадардта? (Матфеййи 25:22, 23).

9 Бакӕсӕ Матфеййи 25:22, 23. Йесо уотӕ некӕми загъта, ӕма цагъарӕн дууӕ таланттӕй ӕндӕр ке нӕ баихӕс кодтонцӕ, уой туххӕй хъур-хъур кӕнун райдӕдта. Уӕхӕн адӕймаг н’ адтӕй, цӕмӕй уотӕ загътайдӕ: «Амӕй ӕндӕр мӕбӕл не ’руадӕй? Фиццаг цагъарӕн ба мадта фондз талантти цӕмӕн равардта? Ӕз ба уомӕй цӕмӕй лӕгъуздӕр дӕн? Кӕд мин мӕ хецау амӕй фулдӕр аргъ нӕ кӕнуй, уӕд бал ин ӕ таланттӕ дӕлӕ ескӕми банигӕндзӕн ӕма бал мӕхе хабӕрттӕ кӕндзӕн».

10. Дуккаг цагъар ӕ таланттӕн ци бакодта?

10 Дуккаг цагъар дӕр ӕ ихӕс куд ӕмбӕлуй, уотӕ бакодта. Ци дууӕ талантти ин лӕвӕрд ӕрцудӕй, уонӕй ма никкидӕр дууӕ бакуста. Уотӕ зӕрдиагӕй ке бахъиамӕт кодта, уой туххӕй ин хецау райарфӕ кодта ӕма ин фулдӕр гъуддӕгтӕ ӕ барӕ бакодта.

11. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй фулдӕр цийнӕ кӕнӕн?

11 Уотӕ махӕн дӕр, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ци гъуддӕгти фӕййархайӕн, етӕ нин фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕнцӕ, зӕрдиагӕй сӕ ку кӕнӕн, уӕд. Гъӕйдӕ мадта «не ’гас хъауритӕ дӕр исаразӕн» хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ ӕма ӕмбурди гъуддӕгти архайунмӕ (Гъуд. 18:5; Дзиуит. 10:24, 25). Алли фембӕлдмӕ дӕр дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ, цӕмӕй дӕ дзуӕппитӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнай. Къуӕрей астӕу ка фӕууй, еци фембӕлди дин ихӕслӕвӕрд ку уа, уӕд ӕй зӕрдиагӕй бацӕттӕ кӕнӕ. Ӕмбурди ӕнсувӕртӕ дин ести гъуддаг ку баихӕс кӕнонцӕ, уӕд имӕ цийфӕнди цӕстӕй ма ракӕсӕ ӕма ’й афойнадӕбӕл бакӕнӕ. Уотӕ макӕд сагъӕс кӕнӕ, ӕма уобӕл рӕстӕг харз кӕнун дзӕгъӕли ӕй. Архайӕ, цӕмӕй арӕхстгундӕр кӕнай (Ӕмб. 22:29). Йегови гъуддӕгти зӕрдиагӕй ку архайай, уӕд имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ ӕма дин дӕ лӕггадӕ фулдӕр цийнӕ хӕсдзӕй (Гал. 6:4). Уомӕй уӕлдай ма дин ӕнцондӕр уодзӕй иннетӕбӕл цийнӕ кӕнун, сӕ барӕ син, ду кӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕ, еци кадгин ихӕстӕ ку бакӕнонцӕ, уӕд (Ром. 12:15; Гал. 5:26).

12. Мелиссӕ ӕма Ник куд архайдтонцӕ, цӕмӕй фулдӕр цийнӕ кодтайуонцӕ?

12 Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ Мелиссӕ лӕдӕруй, Вефили лӕггадӕ кӕнун кенӕ Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъола рацӕун ин ке нӕ бантӕсдзӕй. Фал уӕддӕр зӕгъуй: «Ӕз пионер дӕн ӕма ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун. Архайун, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги аллихузи мадзӕлттӕй пайда кӕнон. Е мин устур цийнӕ хӕссуй». Никкӕн ба ци банхус кодта, ӕ къохтӕ ма ’руадзун, кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй ӕй ку нӕ нисан кодтонцӕ, уӕд? «Мӕ бон ци адтӕй кӕнун, уой бал кодтон,– зӕгъуй Ник,– игъосун кӕнуни гъуддаги архайдтон, ӕмбурдтӕмӕ мӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кодтон, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти мӕ дзуӕппитӕй федар кодтайнӕ. Удта ма Вефилмӕ дӕр анкетӕ байдзаг кодтон, ӕма мӕ анзи фӕсте байагурдтонцӕ».

13. Нӕ барӕ ци ихӕстӕ ес, уони зӕрдиагӕй ку ӕнхӕст кӕнӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? (Екклесиаст 2:24).

13 Кӕд дӕ ихӕстӕ ӕгас зӕрдӕй ӕнхӕст кӕнис, уӕд цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дин никки фулдӕр гъуддӕгтӕ бабарӕ кӕндзӕнцӕ? Никкӕн бабарӕ кодтонцӕ. Фал Мелисси хузӕн кӕцидӕр нисӕнттӕ дӕ къохи ку нӕ бафтуйонцӕ, уӕддӕр дин устур цийнӕ хӕсдзӕй, дӕ бон ци ӕй, уой зӕрдиагӕй ке кӕнис, е. (Бакӕсӕ Екклесиаст 2:24.) Уомӕй уӕлдай ма нӕ Хецау Йесо Киристей зӕрдӕ ке рохс кӕнис, уой зонгӕй дӕр дӕ зӕрдӕ цийнӕ кӕндзӕй.

ЦИЙНӔ КА ХӔССУЙ, УӔХӔН НИСӔНТТӔ

14. Йегови гъуддӕгти нисӕнттӕ ӕвӕруни туххӕй ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн?

14 Фал нин нӕ лӕггади ци ’нтӕсуй, уомӕй арази ке ан, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ фулдӕр цӕмӕдӕрти тундзун нӕ гъӕуй. Йегови гъуддаги нисӕнттӕ ку ӕвӕрӕн, уӕд игъосун кӕнунмӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ никки хуӕздӕр арӕхсдзиан, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр фулдӕр агъаз уодзиан. Ӕма цӕмӕй еци нисӕнттӕ нӕ къохи ӕфтуйонцӕ, уой туххӕй гъӕуама зундӕй архайӕн, бонзонгӕ уӕн ӕма фулдӕр иннети сагъӕс кӕнӕн (Ӕмб. 11:2; Гъуд. 20:35).

15. Цӕхуӕн нисӕнттӕ дин ӕрхӕсдзӕнцӕ фулдӕр цийнӕ?

15 Цӕхуӕн нисӕнттӕ дӕ бон ӕй ӕвӕрун? Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна дӕ уавӕртӕмӕ раст цӕстӕй кӕсун ӕма, дӕ къохи ка бафтуйдзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ исӕвӕрун (Ӕмб. 16:3; Иак. 1:5). Ка ’й зонуй, дӕ бон исуодзӕй ӕнхусгӕнӕг кенӕ ӕнхӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, Вефили кенӕ арӕзтадон гъуддӕгти ӕнхус кӕнун. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, дӕ бон исуодзӕй ӕндӕр ӕвзаг исахур кӕнун, ӕма еци ӕвзагбӕл кӕми дзорунцӕ, уордӕмӕ рандӕ ун. Фулдӕр лӕггадӕ кӕнун дӕ бон куд ӕй, уой туххӕй дӕ бон ӕй ӕркӕсун киунуги «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы» 10 сӕрмӕ, кенӕ ба де ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ радзорун *. Дӕ нисӕнттӕ дӕ къохи куд ӕфтуйгӕ цӕуонцӕ, уотӕ ’й иннетӕ дӕр уиндзӕнцӕ, ци дин ӕнтӕсуй, уой, ӕма дӕ цийнӕ дӕр фулдӕр кӕндзӕй.

16. Цӕхуӕндӕр нисӕнттӕ ӕвӕрунмӕ дӕ уавӕртӕ ку нӕ амононцӕ, уӕд дӕ бон ци ӕй бакӕнун?

16 Фал уӕхӕн нисӕнттӕ ӕвӕрунмӕ дӕ уавӕртӕ ку нӕ амононцӕ, уӕдта дӕ рази исӕвӕрӕ, дӕ къохи ка бафтуйа, уӕхӕн нисӕнттӕ. Цӕхуӕнттӕ? Ӕркӕсӕн си цалдӕремӕ.

Цӕхуӕн нисӕнттӕмӕ нӕ бон ӕй тундзун? (кӕсӕ 17 абзац) *

17. 1 Тимофеймӕ 4:13, 15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕнсувӕр иннети ахур кӕнунмӕ дӕснидӕр цӕй фӕрци кӕндзӕй?

17 Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 4:13, 15. Кӕд донаргъуд ӕнсувӕр дӕ, уӕд архайӕ, цӕмӕй дзорунмӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ дӕснидӕр кӕнай, «дӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр еци гъуддӕгтӕмӕ исаразӕ». Уой фӕрци, ци кӕсис ӕма ци дзорис, е дӕ игъосгути зӕрдӕмӕ хуӕздӕр гъардзӕй. Дӕхецӕн нисан исӕвӕрӕ рартасун брошюрӕ «Хуӕздӕр кӕсӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсӕ». Еу кастӕн ӕй ма ракӕсӕ, фал алли урок дӕр хецӕнӕй рартасӕ. Уой фӕсте ба си ци унаффитӕ ес, уонӕй дӕ ихӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнгӕй испайда кӕнӕ ӕма ’й еу цалдӕр хатти равзарӕ. Дӕ бон ӕй ӕнхус ракорун, «Хуцауи дзурд дзорун ӕма амонуни гъуддаги ка хъиамӕт кӕнуй», еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр, уӕлдайдӕр ба унаффӕ ка фӕддӕттуй, еци ӕнсувӕрӕй * (1 Тим. 5:17). Дӕ нисан айдагъ е ма уӕд, цӕмӕй дӕснидӕр исуай, фал дӕ игъосгути ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнӕ ӕма сӕ архайунмӕ разӕнгард кӕнӕ. Е дӕуӕн дӕр фулдӕр цийнӕ ӕрхӕсдзӕй ӕма дӕмӕ ка игъосуй, уонӕн дӕр.

Цӕхуӕн нисӕнттӕмӕ нӕ бон ӕй тундзун? (кӕсӕ 18 абзац) *

18. Игъосун кӕнунмӕ ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ хуӕздӕр цӕй фӕрци арӕхсдзӕнӕ?

18 Алкӕбӕлдӕр ни ес ӕхсидзгӕ ихӕс – игъосун кӕнун ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун (Матф. 28:19, 20; Ром. 10:14). Фӕндадтайдӕ дӕ еци гъуддаги дӕснидӕр кӕнун? Ами дӕр бабӕй дин банхус кӕндзӕй брошюрӕ «Ахур кӕнӕ». Ескӕци урокбӕл ку косай, уӕд дӕхецӕн бӕлвурд нисӕнттӕ исӕвӕрӕ, ӕма си ци унаффитӕ ес, уонӕй испайда кӕнӕ. Хуарз гъудитӕ ма дӕ бон ӕй иссерун «Косӕн тъетради», удта адӕймаги хӕццӕ радзубанди кӕнӕн куд ес, е ӕвдист кӕми цӕуй, еци видеороликти. Куд фулдӕр унаффитӕй испайда кӕнай, уотӕ дзӕбӕхдӕр лӕдӕрдзӕнӕ, хуӕздӕр си кӕмӕй уайдӕ пайда кӕнун, уой. Уотемӕй иннетӕн Хуцауи Дзурд амонунмӕ дӕснидӕр кӕндзӕнӕ, ӕма ци цийнӕ бавзарай, уой нецӕй хӕццӕ уодзӕй рабарӕн (2 Тим. 4:5).

Цӕхуӕн нисӕнттӕмӕ нӕ бон ӕй тундзун? (кӕсӕ 19 абзац) *

19. Нӕ бон куд ӕй Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн менеугутӕбӕл косун?

19 Иронх ди ма уӕд, тӕккӕ сӕйрагдӕр нисӕнттӕй сӕ еу ке ӕй, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн менеугутӕбӕл косун (Гал. 5:22, 23; Кол. 3:12; 2 Пет. 1:5–8). Уой туххӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун? Зӕгъӕн, фӕндуй дӕ, цӕмӕй де’ ууӕндундзийнадӕ федардӕр исуа. Дӕ бон ӕй, нӕ литератури уой туххӕй ци финст ес, уомӕ ӕркӕсун, удта ма нӕ интернет-телеуинунади бакӕсун, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ хабӕрттӕ кӕми дзорунцӕ, уӕхӕн видеороликтӕмӕ. Расагъӕс кӕнӕ, зин уавӕрти се ’ууӕндундзийнадӕ куд бавдистонцӕ ӕма сӕ дӕ бон фӕнзун куд ӕй, уобӕл. Е дин хъӕбӕр фӕппайда уодзӕй.

20. Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нӕ царди фулдӕр цийнӕ уа?

20 Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, алкедӕр ни фӕндуй, Йегови гъуддаги фулдӕр архайун. Ӕма нӕуӕг дуйней еци фӕндӕ исӕнхӕст уодзӕй. Уӕдмӕти ба бал аргъ кӕнӕн, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ нин ци фадуӕттӕ ес, уонӕн. Ӕма гъе уӕд нӕ царди фулдӕр цийнӕ уодзӕй. Сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма уотемӕй нӕ «амондгун Хуцау» Йегови кадгин кӕндзиан (1 Тим. 1:11). Гъӕйдӕ мадта нӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл цийнӕ кӕнӕн!

82 ЗАР «Уӕ рохс кӕлӕд»

^ 5 абз. Мах Йегови хъӕбӕр берӕ уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй ин ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнун. Уой туххӕй беретӕ архайунцӕ, цӕмӕй фулдӕр игъосун кӕнонцӕ, кадӕртӕ ба архайунцӕ, цӕмӕй син ӕмбурди сӕ барӕ фулдӕр ихӕстӕ бакӕнонцӕ. Фал, зӕгъӕн, ӕгас хъауритӕй архайис, кӕцидӕр нисӕнттӕ ба дӕ къохи уӕддӕр не ’фтуйунцӕ. Ци дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ къохтӕ ма ’руадзай ӕма идарддӕр дӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнай? Цӕмӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, Йесо талантти туххӕй ци фӕсномуг хабар радзурдта, уомӕ.

^ 2 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ 7 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Уӕди рӕстӕги еу талант бакосунмӕ хумӕтӕг адӕймаги еу 20 анзи косун гъудӕй.

^ 15 абз. Библи ӕнсувӕрти разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ кенӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ исунбӕл архайонцӕ. Уой туххӕй ци гъӕуй, уобӕл дзурд цӕуй киунуги «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы» 5 ӕма 6 сӕрти.

^ 17 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Унаффӕ ка фӕддӕттуй, еци ӕнсувӕр ӕй хестӕр нӕлгоймаг. Ӕ ихӕс фӕууй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕн дзорун, цӕбӕл сӕ гъӕуй байархайун, радзубанди син ку фӕууй, фарстатӕ ку фӕддӕттунцӕ кенӕ абзацтӕ ку фӕккӕсунцӕ, уӕд. Унаффӕ фӕддӕттуй хебарӕй ӕма ку фӕгъгъӕуй, уӕд.

^ 64 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕр публикацитӕ ӕртасуй, цӕмӕй иннети ахур кӕнунмӕ дӕснидӕр кӕна.

^ 66 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ исфӕндӕ кодта, фадуат ин кӕми фӕууй, уоми игъосун кӕнун ӕма кафей косӕгӕн нӕ сайти визиткӕ равардта.

^ 68 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ архайуй, цӕмӕй никки рӕдаудӕр исуа, ӕма иннӕ хуӕрӕн цидӕр балӕвар кодта.