30 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегови бийнонтӕй ке дӕ, уомӕн аргъ кӕнӕ
«Изӕдтӕй ӕй берӕ дӕлдӕр нӕ исӕвардтай, кадӕ ӕма намуси ходӕ ин ӕркодтай ӕ сӕрбӕл» (ПС. 8:5).
123 ЗАР Хуцауи ӕвӕрд уагӕ ӕма ’гъдаубӕл федар хуӕцӕн
РАЗДЗУРД *
1. Дун-дуйне куд конд ӕй, уомӕ ку фӕккӕсис, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн сагъӕстӕ фӕззиннуй?
ДУН-ДУЙНЕ куд дессаги конд ӕй ӕма цӕййасӕ ӕй, уомӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд мах дӕр, ӕвӕдзи, Давиди хузӕн расагъӕс кӕнӕн: «Ку фӕккӕсун арвмӕ, дӕ къохти хъиамӕтмӕ, де ’сконд мӕйӕмӕ ӕма стъалутӕмӕ, уӕд ци ӕй зӕнхон адӕймаг, цӕмӕй ӕй ду гъуди кӕнай? Ӕма ци ӕй адӕймаги фурт, цӕмӕй ибӕл ду тухсай?» (Пс. 8:3, 4). Ӕма ’цӕгӕйдӕр, стъалутӕ ӕма галактикити хӕццӕ рабаргӕй ругӕй ӕндӕр нӕ ан, ӕма нӕ Йеговӕ ке уинуй, е дессаг ӕй. Фал ӕй аци статьяй базондзиан, Йеговӕ фиццаг дууӕ адӕймагей айдагъ уингӕ ке нӕ кодта, фал ма сӕ ӕ бийнонтӕбӕл дӕр ке банимадта.
2. Йеговӕ Адам ӕма Евӕн ци баихӕс кодта?
2 Йеговӕн зӕнхӕбӕл ӕ фиццаг сувӕллӕнттӕ адтӕнцӕ Адам ӕма Евӕ. Йеговӕ сӕ берӕ уарзта ӕма син баихӕс кодта: «Цӕуӕт уадзетӕ, исберӕ уотӕ ӕма зӕнхӕ байдзаг кӕнтӕ ӕма ин хецау уотӕ» (Райд. 1:28). Ӕндӕр дзурдтӕй, сӕ цӕуӕтӕй гъӕуама зӕнхӕ байдзаг адтайдӕ, ӕма имӕ гъӕуама кастайуонцӕ. Адам ӕма Евӕ Йегови дзурди сӕрти ку нӕ рахизтайуонцӕ, уӕд сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕносмӕ ӕ бийнонтӕй атдайуонцӕ.
3. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Адам ӕма Евӕн Йегови бийнонти кадгин бунат адтӕй?
3 Йеговӕ Адам ӕма Евӕн ӕ бийнонти кадгин бунат искодта. Адӕймаги туххӕй Библий финст ӕй: «Изӕдтӕй ӕй берӕ Пс. 8:5). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, изӕдти хузӕн зунд ӕма хъаурӕ нӕмӕ нӕййес (Пс. 103:20). Фал си уӕддӕр «берӕ дӕлдӕр» нӕ ан. Расагъӕс кӕнӕ, Адам ӕма Евӕн цӕхуӕн дессаги цард адтайдӕ!
дӕлдӕр нӕ исӕвардтай, кадӕ ӕма намуси ходӕ ин ӕркодтай ӕ сӕрбӕл» (4. Адам ӕма Евӕ Хуцауи дзурди сӕрти ке рахизтӕнцӕ, е цӕмӕ ӕркодта ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
4 Гъигагӕн, Адам ӕма Евӕ сӕхе фудӕй Йегови бийнонтӕй фӕххецӕн ӕнцӕ, ӕма е сӕхе дӕр ӕма сӕ байзӕддӕгти дӕр берӕ бӕллӕхтӕмӕ ӕркодта. Фал Йеговӕ ӕ фӕндӕ нӕ раййивта. Нур дӕр ма ’й фӕндуй, цӕмӕй, ка имӕ игъосуй, еци адӕн ӕносмӕ дӕр ӕ сувӕллӕнттӕ уонцӕ. Аци статьяй фиццаг ӕркӕсдзиан, Йеговӕ нӕ цӕхуӕн кадӕй исхайгин кодта, уомӕ. Удта базондзиан, нӕ бон куд ӕй Йеговӕн бавдесун, ӕ бийнонтӕй ун нӕ ке фӕндуй, уой. Фӕстагмӕ ба ма радзордзиан, Хуцауи зӕнхон сувӕллӕнттӕмӕ цӕхуӕн дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл.
ЙЕГОВӔ АДӔНИ ЦӔХУӔН КАДӔЙ ИСХАЙГИН КОДТА?
5. Йеговӕ нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ ке сфӕлдиста, уой туххӕй си боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?
5 Йеговӕ адӕймаги «ӕхемӕ гӕсгӕ» сфӕлдиста (Райд. 1:26, 27). Уой фӕрци мах бон дӕр ӕй Йегови хузӕн уарзун, тӕрегъӕд кӕнун, еузӕрдон ун ӕма рӕстӕй архайун (Пс. 86:15; 145:17). Йегови фӕнзунбӕл ку архайӕн, уӕд ӕй уотемӕй кадгин кӕндзиан ӕма ӕвдесдзиан, боз си ке ан, уой (1 Пет. 1:14–16). Нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ ку фӕррохс кӕнӕн, уӕд нӕхе зӕрдӕ дӕр цийнӕйдзаг фӕууй. Йеговӕ нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ ке сфӕлдиста, уой фӕрци нӕ бон ӕй исун, ӕ бийнонти астӕу уинун ӕй ке фӕндуй, уӕхӕн адӕн.
6. Йеговӕ зӕнхӕ куд сфӕлдиста, уомӕй куд зиннуй, адӕймагӕн кадӕ ке искодта, е?
6 Йеговӕ нин рӕсугъд хӕдзарӕ балӕвар кодта. Е адӕнӕн зӕнхӕ рагацау ӕрцӕттӕ кодта (Иов 38:4–6; Йер. 10:12). Алцидӕр си гъе уотӕ искодта, цӕмӕй адӕймаг зӕнхӕбӕл цӕргӕй ӕ цардбӕл цийнӕ кодтайдӕ (Пс. 104:14, 15, 24). Йеговӕ зӕнхӕ ку кодта, уӕд рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕ кустмӕ ракӕсидӕ, ӕма ӕ зӕрдӕ барохс уидӕ (Райд. 1:10, 12, 31). Зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр зайӕгойтӕ ӕма цӕрӕгойтӕ ес, уони еугурейдӕр адӕни туххӕй сфӕлдиста (Пс. 8:6). Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй ӕнхӕст адӕн ӕносмӕ цӕронцӕ, зӕнхӕмӕ зелонцӕ ӕма еци цардӕй сӕ зӕрдӕ рохс кӕна. Ду ба Йеговӕн куд арӕх райарфӕ кӕнис, ци дессаги цардӕй нин зӕрдӕ байвардта, уой туххӕй?
7. Йесо Навини 24:15 финст дзурдтӕй куд зиннуй, адӕймагӕн сӕребарӕдзийнадӕ лӕвӕрд ке ӕй?
7 Йеговӕ нин равардта сӕребарӕдзийнадӕ. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕхе бон ӕй нӕ царди унаффитӕ хӕссун. (Бакӕсӕ Йесо Навин 24:15.) Ӕма нӕ уарзӕгой Фидӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, адӕймаг ин ӕхе зӕрдтӕй лӕггадӕ кӕнун ку райдайуй, уӕд (Пс. 84:11; Ӕмб. 27:11). Нӕ царди ма нӕ бон ӕй берӕ ӕндӕр унаффитӕ хӕссун дӕр. Ӕркӕсӕн, Йесо Киристе ӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кодта, уомӕ.
8. Йесо ӕ сӕребарӕдзийнадӕй куд пайда кодта ӕма ’й нӕ бон куд ӕй фӕнзун?
8 Мах бон дӕр ӕй Киристей хузӕн фулдӕр иннети сагъӕс кӕнун, нӕхе сагъӕс нӕ, фал. Еухатт Йесо ӕма ӕ апостолтӕ хъӕбӕр бафӕлладӕнцӕ ӕма еу сабур рауӕнмӕ бауолӕфунмӕ ӕрбацудӕнцӕ. Фал сӕ адӕн уоми дӕр иссирдтонцӕ. Йесо сӕмӕ уой туххӕй нӕ рамӕстгун ӕй. Тӕрегъӕд дӕр ма син ӕркодта ӕма син «райдӕдта берӕ цидӕртӕ амонун» (Мар. 6:30–34). Мах дӕр Йесой хузӕн нӕ рӕстӕг ӕма нӕ хъауритӕ иннетӕн ку не ’вгъау кӕнӕн, уӕд уотемӕй нӕ уӕларвон Фиди кадгин кӕндзиан (Матф. 5:14–16). Удта ма Йеговӕн бавдесдзиан, ӕ бийнонтӕй ун нӕ ке фӕндуй, уой.
9. Йеговӕ ма адӕни цӕхуӕн кадӕй исхайгин кодта?
9 Йеговӕ адӕни уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй сӕ бон уа цӕуӕт уадзун. Удта син баихӕс кодта сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй ӕй бауарзонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнонцӕ. Ниййергутӕ, еци лӕварӕн аргъ кӕнтӕ? Кӕд Йеговӕ ӕ изӕдти берӕ цӕмӕйдӕрти исхайгин кодта, уӕддӕр цӕуӕт уадзун ба ӕрмӕстдӕр адӕни бон ӕй. Расагъӕс кӕнӕ, Сфӕлдесӕг Хуцау адӕни уӕхӕн кадӕй исхайгин кодта, ӕма сӕ бон ӕй ескӕмӕн нӕуӕг цард раттун! Ниййергутӕн Хуцауи рази сӕ ихӕс ӕй сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнун, «Йеговӕ куд амонуй, уотӕ» (Еф. 6:4; Дук. з. 6:5–7; Пс. 127:3). Еци гъуддаги мадтӕлтӕн ӕма фидтӕлтӕн устур ӕнхус фӕууй, Хуцауи организаци ке уадзуй, еци ӕрмӕг. Уомӕ хаунцӕ Библибӕл арӕзт публикацитӕ, видеотӕ, зартӕ ӕма интернет-статьятӕ. Бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕма Йесо нӕ минкъий хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ ке уарзунцӕ (Лук. 18:15–17). Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти, куд ӕмбӕлуй, уотӕ ку фӕгъгъомбӕл кӕнунцӕ, уӕд Йегови зӕрдӕ фӕррохс кӕнунцӕ. Уӕхӕн ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнттӕн фадуат дӕттунцӕ, цӕмӕй Йегови бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ ӕма еци бийнонти ӕносмӕ дӕр уонцӕ!
10, 11. Йеговӕ ци нивонд ӕрхаста, уой фӕрци нин цӕхуӕн нифс фӕззиндтӕй?
10 Йеговӕ, хъазардӕр ин ка адтӕй, еци Фурти нивонди ӕрхаста, цӕмӕй нӕуӕгӕй ӕ бийнонтӕй уӕн. 4 абзацци куд финст адтӕй, уотӕ Адам ӕма Евӕ Йегови бийнонтӕй айдагъ сӕхе нӕ фӕххауӕггаг кодтонцӕ, фал ма сӕ байзӕддӕгти дӕр (Ром. 5:12). Адам ӕма Евӕ Йегови дзурди сӕрти зонгӕ-зонгӕй рахизтӕнцӕ, ӕма сӕ уой туххӕй ӕ бийнонтӕй ратардта. Фал сӕ байзӕддӕгтӕ ба? Йеговӕ батухстӕй, цӕмӕй син фадуат фӕззиндтайдӕ нӕуӕгӕй ӕ бийнонтӕмӕ ӕрбайеу ун. Уой туххӕй ӕ фиццаг Фурт Йесо Киристей нивонди ӕрхаста (Иоан. 3:16; Ром. 5:19). Еци нивонди фӕрци 144 000 еузӕрдон адӕймаги ӕ фурттӕбӕл банимадта (Ром. 8:15–17; Рарг. 14:1).
11 Уонӕй уӕлдай ма Хуцауи бийнонтӕмӕ ӕндӕр коммӕгӕс адӕн дӕр ӕрбайеу уодзӕнцӕ. Еци хабар ӕрцӕудзӕй Киристей минанзон хецаудзийнади кӕрон, фӕстаг фӕлварӕни еузӕрдонӕй ку байзайонцӕ, уӕд (Пс. 25:14; Ром. 8:20, 21). Уӕхӕн нифс син ке ес, уомӕ гӕсгӕ абони дӕр се Сфӕлдесӕги, Йеговӕ Хуцауи, сӕ Фидӕ хонунцӕ (Матф. 6:9). Ка райгас уа, уонӕн дӕр Йеговӕ фадуат ратдзӕй, цӕмӕй ӕй базононцӕ ӕма ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕронцӕ. Гъема ин коммӕгӕс ка уа, етӕ ӕ бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уодзӕнцӕ.
12. Идарддӕр цӕхуӕн фарстамӕ ӕркӕсдзиан?
12 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй Йеговӕ адӕни хъӕбӕр устур кадӕй исхайгин кодта. Исӕрст киристӕнттӕ ӕ фурттӕ иссӕнцӕ. «Хъӕбӕр берӕ адӕн» ба ӕ сувӕллӕнттӕ нӕуӕг дуйней исуодзӕнцӕ (Рарг. 7:9). Нӕ бон куд ӕй Йеговӕн бавдесун, ӕ бийнонтӕй ун нӕ ке фӕндуй?
ЙЕГОВӔН ӔВДЕСӔ, Ӕ БИЙНОНТӔЙ УН ДӔ КЕ ФӔНДУЙ
13. Цӕмӕй нӕ Йеговӕ ӕ бийнонтӕмӕ ӕрбакӕна, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? (Марки 12:30).
13 Йегови уарзӕ ӕма ин ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕ. (Бакӕсӕ Марки 12:30.) Йеговӕ нин ци берӕ лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй сӕ еу ӕй, нӕ бон ин лӕггадӕ кӕнун ке ӕй, е. Ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ку ӕнхӕст кӕнӕн, уӕд уомӕй бавдесдзиан ке ’й уарзӕн, уой (1 Иоан. 5:3). Йесо дӕр нин Йегови номӕй бафӕдзахста ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ӕма син донаргъуд дӕттун (Матф. 28:19). Удта ма нин бафӕдзахста кӕрӕдзей уарзун дӕр (Иоан. 13:35). Аци фӕдзӕхститӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд нӕ Йеговӕ ӕ устур бийнонтӕмӕ ӕрбакӕндзӕй (Пс. 15:1, 2).
14. Нӕ бон куд ӕй иннети уарзун? (Матфеййи 9:36–38; Ромӕгтӕмӕ 12:10).
14 Адӕни уарзӕ. Уарзондзийнадӕ Йеговӕн ӕ сӕйраг менеуӕг ӕй (1 Иоан. 4:8). Йеговӕ нӕ уарзта, мах ӕй ку нӕма базудтан, уӕд дӕр (1 Иоан. 4:9, 10). Мах дӕр адӕни ку уарзӕн, уӕд уотемӕй Йегови фӕнздзиан (Еф. 5:1). Зӕгъӕн, нӕ бон син ӕй ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йегови базононцӕ, цалинмӕ ма рӕстӕг ес, уӕдмӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 9:36–38.) Уотемӕй уонӕн дӕр фадуат дӕттӕн, цӕмӕй Йегови бийнонтӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ. Фал сӕ донаргъуди фӕсте дӕр гъӕуама уарзӕн ӕма син аргъ кӕнӕн (1 Иоан. 4:20, 21). Зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр гъуддаг цӕмӕн бакодтонцӕ, уой ку нӕ лӕдӕрӕн, уӕддӕр сӕбӕл лӕгъуз нӕ сагъӕс кӕндзиан, фал сӕ нимайдзиан ӕма сӕ нӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзиан. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:10; Фил. 2:3.)
15. Хӕларзӕрдӕ кӕмӕ гъӕуама уӕн?
15 Хӕларзӕрдӕ уо ӕма хатир кӕнун зонӕ. Кӕд дӕ фӕндуй Йегови бийнонтӕй ун, уӕд нӕ гъӕуй алли гъуддаги дӕр Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайун. Йесо куд ахур кодта, уомӕ гӕсгӕ алкӕмӕдӕр гъӕуама хӕларзӕрдӕ уӕн, сауӕнгӕ ма не знӕгтӕмӕ дӕр (Лук. 6:32–36). Фал е ӕнцон нӕй. Уой туххӕй гъӕуама базонӕн Киристей хузӕн сагъӕс кӕнун ӕма уой хузӕн архайун. Мадта алкӕддӕр Йеговӕмӕ ку игъосӕн ӕма Йесо Киристей ку фӕнзӕн, уӕд ӕй бавдесдзиан, нӕ уӕларвон Фиди устур бийнонтӕй ун нӕ ке фӕндуй, уой.
16. Нӕ бон куд ӕй Йегови бийнонти хуарз ном гъӕуай кӕнун?
16 Йегови бийнонти хуарз ном гъӕуай кӕнӕ. Бийнонти медӕг кӕстӕртӕ хестӕрти фӕффӕнзунцӕ. Зӕгъӕн, хестӕр ӕнсувӕр Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕра, уӕд е кӕстӕрбӕл дӕр хуарзӕрдӕмӕ рабӕрӕг уодзӕй. Ӕнӕгъдау цард ку кӕна, уӕдта кӕстӕр ӕнсувӕр дӕр, гӕнӕн ес, ӕма уой хузӕн исуа. Йегови бийнонти астӕу дӕр гъуддаг уотӕ ’й. Фӕууй уотӕ, ӕма кӕддӕр еузӕрдон ка адтӕй, уӕхӕн киристон раст дин ниууадзуй ӕма ӕнӕгъдау цард кӕнун райдайуй. Уомӕ кӕсгӕй хатгай иннетӕ дӕр уӕхӕн над равзарунцӕ, ӕма Йегови бийнонти хуарз ном ницъцъумур кӕнунцӕ (1 Фес. 4:3–8). Фал мах гъӕуама уони ма фӕнзӕн ӕма кедӕр туххӕй нӕ уӕларвон Фидӕй ма раидард уӕн.
17. Нӕхе цӕхуӕн гъудийӕй гъӕуама хезӕн ӕма цӕмӕн?
17 Дӕ зӕрдӕ дарӕ Йеговӕбӕл, мулк ӕма ӕхцабӕл нӕ, фал. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, Паддзахади гъуддӕгтӕ нӕ царди фиццаг бунати ку ӕвӕрӕн, удта ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд нин хуӕруйнаг, хъӕппӕл ӕма цӕрӕнбунатбӕл ба ӕхуӕдӕг ке батухсдзӕй (Пс. 55:22; Матф. 6:33). Уомӕ гӕсгӕ аци дуйней адӕни хузӕн уотӕ нӕ сагъӕс кӕндзиан, цума амондгун цард мулк ӕма ӕхцайӕй кӕнгӕ ’й. Йегови фӕндон ку ӕнхӕст кӕнӕн, ӕрмӕстдӕр гъе уӕд уодзӕй нӕ зӕрди ӕцӕг фарнӕ (Фил. 4:6, 7). Кӕд ӕхцайӕй нӕ тухсӕн ӕма нӕ бон берӕ цидӕртӕ ӕй балхӕнун, уӕддӕр гъӕуама нӕхе бафӕрсӕн: «Рӕстӕг ӕма мин хъауритӕ уодзӕй, цӕмӕй еци дзаумӕуттӕй пайда кӕнон ӕма сӕмӕ зелон? Мӕ зӕрдӕн ӕгӕр хъазар не ’суодзӕнцӕ?» Йегови фӕндуй, цӕмӕй, ци гъуддаг нин баихӕс кодта, уой дзӕбӕх ӕнхӕст кӕнӕн. Мадта нӕ рӕстӕг гъӕуама дзӕгъӕли ма харз кӕнӕн, цӕмӕй Йесомӕ ка бацудӕй еци ӕригон хецауи хузӕн ма исуӕн. Еци лӕгӕн фадуат фӕззиндтӕй, цӕмӕй Йегови лӕггадгӕнӕг иссайдӕ, фал ӕ мулкӕн фулдӕр аргъ искодта (Мар. 10:17–22).
ЙЕГОВИ СУВӔЛЛӔНТТӔ ӔНОСМӔ ЦИЙНӔ КӔНДЗӔНЦӔ
18. Хуцаумӕ ка игъоса, еци адӕнмӕ цӕхуӕн кадӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
18 Йеговӕмӕ ка игъоса, еци адӕн хъӕбӕр устур кадӕй исхайгин уодзӕнцӕ – ӕносмӕ уодзӕнцӕ е ’мбӕлттӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, етӕ зӕнхӕмӕ зелдзӕнцӕ ӕма ’й исрӕсугъд кӕндзӕнцӕ. Хуцауи Паддзахади фӕрци ӕгас зӕнхӕ дӕр исуодзӕй дзенет, ка ибӕл цӕра, еци адӕн ба уодзӕнцӕ амондгун. Адам ӕма Евӕ Хуцауи бийнонтӕй ке рандӕ ’нцӕ, е ци бӕллӕхтӕмӕ ӕркодта, уонӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй. Йеговӕ милиуангай адӕни райгас кӕндзӕй ӕма уони бон дӕр уодзӕй ӕнӕнезӕй ӕносмӕ дзенети цӕрун (Лук. 23:42, 43). Адӕн алцӕмӕйдӕр ӕнхӕст ку исуонцӕ, гъе уӕдта, Давид ке кой кодта, еци «кадӕ ӕма намус» ӕнхӕстӕй ӕвдесдзӕнцӕ (Пс. 8:5).
19. Ци гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн?
19 Кӕд ду дӕр «хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ» хауис, уӕд дин ес дессаги нифс. Йеговӕ дӕ уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕй уай. Мадта ин алли бон дӕр дӕ цардӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕ ӕма ин ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ макӕд иронх кӕнӕ. Дӕ бон нӕ уӕларвон Фидӕн ӕносмӕ дӕр лӕггадӕ кӕнун ке ӕй, уомӕн аргъ кӕнӕ!
107 ЗАР Хуцауи уарзт – махӕн фӕнзуйнаг
^ 5 абз. Цӕмӕй бийнонтӕ амондгун цард кӕнонцӕ, уой туххӕй си алкедӕр гъӕуама лӕдӕра, цӕхуӕн ихӕстӕ ибӕл ес, уой. Фидӕ гъӕуама хуарз бийнонти хестӕр уа, мадӕ ин гъӕуама ӕнхус кӕна, сувӕллӕнттӕ ба сӕмӕ гъӕуама игъосонцӕ. Йегови бийнонти астӕу дӕр уотӕ ’й. Ӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд мах дӕр ӕносмӕ ӕ бийнонтӕй уодзиан.
^ 55 абз. ХУЗӔ. Йеговӕ нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста, ӕма нӕ бон ӕй уой хузӕн иннети уарзун ӕма син тӕрегъӕд кӕнун. Лӕг ӕма уосӕ дӕр уарзунцӕ Йегови, кӕрӕдзей ӕма сӕ сувӕллӕнтти. Сӕ биццеутӕн ӕнхус кӕнунцӕ Йегови бауарзун ӕма ин лӕггадӕ кӕнун райдайун. Видеоролик син ӕвдесунцӕ, ӕма син лӕдӕрун кӕнунцӕ, Йегови нивонд ӕрхӕссун цӕмӕн багъудӕй, уой. Удта ма син дзорунцӕ, дзенети цард цӕхуӕн уодзӕй ӕма зӕнхӕмӕ, удта цӕрӕгойтӕмӕ куд зелдзиан, уой.