Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

21 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуцауи лӕвӕрттӕн аргъ кӕнис?

Хуцауи лӕвӕрттӕн аргъ кӕнис?

«Берӕ гъуддӕгтӕ искодтай, о Йеговӕ, мӕ Хуцау, берӕ ӕнцӕ дӕ дессаги гъуддӕгтӕ, ӕма дӕмӕ берӕ гъудитӕ ес мах туххӕй» (ПС. 40:5).

5 ЗАР Хуцауи дессаги гъуддӕгтӕ

РАЗДЗУРД *

1, 2. Псаломи 40:5 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ цӕхуӕн лӕвӕрттӕ искодта ӕма сӕмӕ цӕмӕн ӕркӕсдзиан?

ЙЕГОВӔ рӕдау Хуцау ӕй. Расагъӕс кӕнӕ цӕхуӕн дессаги лӕвӕрттӕ нин искодта. Равардта нин дессаги хӕдзарӕ, нӕ рӕсугъд Зӕнхӕ, удта ма, дессаги конд ка ӕй, уӕхӕн сӕримагъз ӕма ӕ Дзурд Библи. Еци лӕвӕртти фӕрци нин ес, кӕми цӕрӕн, е, нӕ бон ӕй сагъӕс кӕнун ӕма иннети хӕццӕ дзорун, удта ма нӕ бон ӕй царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуапп базонун. (Бакӕсӕ Псалом 40:5.)

2 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, ци ӕртӕ лӕварей кой искодтан, уонӕмӕ. Куд фулдӕр сӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, уотӕ син фулдӕр аргъ кӕндзиан ӕма нӕ хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй нӕ уарзӕгой Сфӕлдесӕг Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун (Рарг. 4:11). Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон уодзӕй, эволюцибӕл ка ӕууӕндуй, уони хӕццӕ арӕхстгундӕрӕй дзорун.

НӔ ДЕССАГИ ПЛАНЕТӔ

3. Зӕнхӕ иннӕ планетитӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?

3 Хуцау Зӕнхӕ куд искодта, уомӕй хуарз зиннуй, цӕхуӕн ӕнӕкӕрон зунди хецау ӕй, е (Ром. 1:20; Дзиуит. 3:4). Хори алливарс ма нӕ планетӕй уӕлдай ӕндӕр планетитӕ дӕр зелуй. Фал си Зӕнхи хузӕн ба еу дӕр нӕй, уомӕн ӕма ӕрмӕстдӕр зӕнхӕбӕл ес уӕхӕн уавӕртӕ, цӕмӕй ибӕл адӕймаги бон цӕрун уа.

4. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Зӕнхӕ куд конд ӕй, е Йегови устур зундбӕл дзорӕг ӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

4 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, хъӕбӕр берӕ адӕн кӕми цӕруй ӕма фӕрстӕй ӕхгӕд ка ӕй, уӕхӕн горӕт. Кӕдзос дон имӕ некӕцӕй ес бауадзӕн, удта бугътӕ дӕр некумӕ ес ракалӕн. Цубур рӕстӕгмӕ еци горӕтбӕл ци ’рцӕудзӕй? Фурцъумурӕй имӕ бацӕуӕн нӕбал уодзӕй, удта си цӕрӕг дӕр нӕбал байзайдзӕй. Зӕнхӕ дӕр рабарӕн ес, аллирдигӕй фӕрстӕй ӕхгӕд ка ӕй, уӕхӕн горӕти хӕццӕ. Фал Зӕнхӕбӕл сӕ бон цӕрун ӕй миллиардгай адӕнӕн ӕма цӕрӕгойтӕн. Ес си тауӕггур (кислород), дон ӕма фагӕ хуӕруйнаг ӕма уотӕ некӕд фӕууй, цӕмӕй фӕууонцӕ. Бугътӕ космосмӕ ракалӕн нӕййес, фал уӕддӕр Зӕнхӕ еци рӕсугъдӕй лӕууй ӕма ибӕл ес цӕрӕн. Цума уомӕн куд ес гӕнӕн? Йеговӕ Зӕнхӕ уотӕ искодта, цӕмӕй ӕ бон уа, ци бугътӕ ӕма ибӕл цъумуртӕ ес, уонӕй дӕр, цӕрунмӕ ка гъӕуй, уӕхӕн цидӕртӕ рауайун кӕнун. Нуртӕкки цубуртӕй радзордзиан, тауӕггур куд ӕхсидзгӕ ӕй ӕма ӕрдзи медӕг дон куд зелдогъ кӕнуй, уобӕл ӕма фӕууиндзиан, еци гъуддӕгтӕ, Йеговӕ цӕхуӕн устур зунди хецау ӕй, уой куд ӕвдесунцӕ, уой.

5. Тауӕггурӕн фӕууӕн цӕмӕннӕ ес ӕма е цӕбӕл дзорӕг ӕй?

5 Тауӕггур ӕй, адӕни дӕр ӕма цӕрӕгойти дӕр цӕрунмӕ ка гъӕуй, уӕхӕн газ. Еу анзмӕ адӕн ӕма цӕрӕгойтӕ исуолӕфунцӕ сӕдӕ миллиард тонни тауӕггур ӕма рауолӕфунцӕ ӕвзалтауӕг газ (углекислый газ). Фал тауӕггур некӕд фӕууй, удта ӕвзалтауӕг газ дӕр уойбӕрцӕ некӕд исуй, цӕмӕй нин уолӕфт мабал уа. Цума уомӕн куд ес гӕнӕн? Йеговӕ ма сфӕлдиста аллихузи зайӕгойтӕ – устур бӕлӕстӕй райдайӕ ӕма листӕг донзайтӕй (водоросли) фӕууо. Ӕма етӕ ӕвзалтауӕг газ сӕхемӕ исцъирунцӕ, фӕстӕмӕ ба тауӕггур раттунцӕ. Гъе уой фӕрци нӕ бон ӕй уолӕфун. Мадта Гъуддӕгти 17:24, 25 финст дзурдтӕ, Хуцау «алкӕмӕндӕр ӕхуӕдӕг дӕттуй цард дӕр, уолӕфт дӕр», зӕгъгӕ, ӕцӕгӕйдӕр раст ӕнцӕ.

6. Дон ӕрдзи медӕг куд зелдогъ кӕнуй ӕма е цӕбӕл дзорӕг ӕй? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Дон ӕй Йегови лӕвар».)

6 Нӕ планетӕ Хормӕ нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг ӕй, нӕдӕр си ӕгӕр идард ӕй, ӕма уой фӕрци Зӕнхӕбӕл ес дон. Хормӕ минкъий хӕстӕгдӕр ку адтайдӕ, уӕд фуртӕвдӕй дон байсустайдӕ, ӕма Зӕнхӕ ӕдзӕрӕг будур иссайдӕ. Хорӕй микъий идарддӕр ку адтайдӕ, уӕдта ибӕл дон ниссалдайдӕ, ӕма ӕнӕгъӕнӕ Зӕнхӕй дӕр ехи къӕрт рауадайдӕ. Йеговӕ Зӕнхӕ, кӕми гъудӕй, уоми ке ниввардта, уой фӕрци ибӕл дон зелдогъ кӕнуй ӕма ибӕл ес цард. Алли анз дӕр хори тӕвдӕй океантӕй ӕма зӕнхӕй ци дон байсусуй, уомӕй байдзаг адтайдӕ, ӕ дӕргъӕ дӕр ӕма ӕ уӕрхӕ дӕр 1 километр кӕмӕн ӕй, удта ӕ ӕрфӕ дӕр 1 километр кӕмӕн ӕй, 500 000 уӕхӕн донуати. Еци донӕй равзурунцӕ мегътӕ, ӕма еу 10 боней фӕсте еци дон зӕнхӕмӕ ӕруаруй дони кенӕ мети хузи. Уотемӕй фӕстӕмӕ океантӕмӕ ӕма ӕндӕр донуӕттӕмӕ раздӕхуй ӕма нӕуӕгӕй зелдогъ кӕнун райдайуй. Аци дессаги гъуддагӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ устур зунд ӕма устур хъаури хецау ке ӕй (Иов 36:27, 28; Еккл. 1:7).

7. Нӕ бон куд ӕй бавдесун, Псаломи 115:16 ци лӕвари кой цӕуй, уомӕн ке аргъ кӕнӕн?

7 Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ дессаги планетӕн ӕма ибӕл ци хуарздзийнӕдтӕ ес, уонӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнӕн? (Бакӕсӕ Псалом 115:16.) Йеговӕ цитӕ искодта, уонӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ фӕнддзӕй, цӕмӕй ин алли бон дӕр ӕ лӕвӕртти туххӕй арфӕ кӕнӕн. Удта ма, Зӕнхӕн ке аргъ кӕнӕн, уой бавдесдзиан, кӕми цӕрӕн, уоми ку нӕ цъумур кӕнӕн, уӕд.

АДӔЙМАГИ СӔРИМАГЪЗ ДЕССАГИ КОНД ӔЙ

8. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма адӕймаги сӕримагъз дессаги конд ӕй?

8 Адӕймаги сӕримагъз хъӕбӕр дессаги конд ӕй. Сувӕллон мади губуни ку фӕууй, уӕд ӕ сӕримагъз ферӕзуй бӕлвурд пъланмӕ гӕсгӕ, ӕма си алли минут дӕр фӕззиннуй мингай нӕуӕг клеткитӕ. Ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ устур адӕймаги сӕримагъзи фӕууй 100 миллиард нейрони бӕрцӕ. Сӕримагъз 1,5 килӕй ӕндӕр нӕ ласуй, фал си еци кълеткитӕ еугурӕйдӕр цӕунцӕ. Ӕркӕсӕн, нӕ сӕримагъз ци дессаги куст кӕнуй, уомӕ.

9. Нӕ бон дзорун ке ӕй, уой Хуцауи лӕвар цӕмӕн исхонисӕ?

9 Нӕ бон дзорун ке ӕй, е дӕр хъӕбӕр дессаг ӕй. Расагъӕс кӕнӕ, цӕмӕй еу дзурд зӕгъай, уой туххӕй дӕ сӕримагъз гъӕуама еу 100 хӕцъӕфи искосун кӕна – ӕвзаги, хорхи, билти ӕма реугудури хӕцъӕфтӕ. Цӕмӕй дин дӕ дзурд иннетӕ лӕдӕронцӕ, уой туххӕй гъӕуама еци хӕцъӕфтӕ бӕлвурд уагӕмӕ гӕсгӕ косонцӕ. Адӕймаги бон цӕхуӕндӕр ӕвзагбӕл дзорун ке ӕй, уой туххӕй 2019-аг анзи ӕртасгутӕ еу статья ниффинстонцӕ. Ӕма си финст адтӕй, нӕуӕгигурд сувӕллӕнттӕн сӕ бон хецӕн дзурдтӕ ӕртасун ке ӕй. Ӕма уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, берӕ ахургӕндтӕ ци гъудибӕл хуӕст ӕнцӕ, е раст ке ӕй, гъома адӕймагӕн ӕ райгурцӕй дӕр ӕ бон ӕй иннети дзурд лӕдӕрун ӕма ӕвзаг ахур кӕнун. Мадта нӕ бон дзорун ке ӕй, е ӕцӕгӕйдӕр ӕй Хуцауи лӕвар (Рац. 4:11).

10. Нӕ бон дзорун ке ӕй, уой туххӕй Хуцауӕй боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

10 Нӕ бон дзорун ке ӕй, уой туххӕй Хуцауӕй боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун? Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй, эволюцибӕл ка ӕууӕндуй, уонӕн дзорун, Хуцаубӕл цӕмӕн ӕууӕндӕн, уой (Пс. 9:1; 1 Пет. 3:15). Уӕхӕн адӕн уотӕ фӕдздзорунцӕ, Зӕнхӕ ӕма, дан, ибӕл цидӕриддӕр ес, етӕ сӕхегъӕди фӕззиндтӕнцӕ. Библий, удта аци статьяй ци гъудитӕ ес, уони фӕрци син нӕ бон ӕй балӕдӕрун кӕнун (байгъосун сӕ ку фӕндӕуа, уӕд), алцидӕр Йеговӕ ке сфӕлдиста, уобӕл цӕмӕн ӕууӕндӕн, уой. Уотемӕй бавдесдзиан Йегови фарс ке ан (Пс. 102:25; Ис. 40:25, 26).

11. Адӕймаги сӕри магъз ма никкидӕр дессаг цӕмӕн ӕй?

11 Нӕ бон берӕ цидӕртӕ нигъгъуди кӕнун ке ӕй, е дӕр устур дессаг ӕй. Кӕддӕр еу ахургонд уӕхӕн гъудимӕ ӕрцудӕй, ӕма адӕймагӕн ӕ бон ӕй, 20 милиуан киунугеми цӕйбӕрцӕ информаци ес, уой нигъгъуди кӕнун. Фал нур куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба нӕ бон берӕ фулдӕр ӕй. Ӕма ма уой фӕрци никкидӕр нӕ бон ӕй еу цидӕр кӕнун. Цума ци?

12. Адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?

12 Зӕнхӕбӕл цӕрӕгӕй цидӕриддӕр ес, уонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймаги бон ӕй, евгъуд хабӕрттӕ нигъгъуди кӕнун ӕма еци хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй царди цӕбӕлдӕр исахур ун. Уой фӕрци нӕ бон ӕй нӕ зундахаст ӕма нӕ цардиуагӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевун (1 Кор. 6:9–11; Кол. 3:9, 10). Нӕ бон ӕй не ’фсарӕ ахур кӕнун, цӕмӕй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ӕртасун зонӕн (Дзиуит. 5:14). Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй нӕхе ахур кӕнун, цӕмӕй иннети уарзӕн, удта хатиргӕнагӕ ӕма хӕларзӕрдӕ уӕн. Удта ма нӕ бон ӕй Йегови хузӕн рӕстӕй архайун.

13. Псаломи 77:11, 12 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон цидӕртӕ нигъгъуди кӕнун ке ӕй, уомӕй куд гъӕуама пайда кӕнӕн?

13 Нӕ бон цидӕртӕ нигъгъуди кӕнун ке ӕй, е Йегови лӕвар ӕй. Ӕма си уой туххӕй боз ке ан, уой бавдесдзиан, куд нин ӕнхус кодта ӕма нин нӕ нифс куд федар кодта, еци хабӕрттӕ нигъгъуди кӕнунбӕл ку архайӕн, уӕд. Уой фӕрци федарӕй ӕууӕнддзиан, федӕни дӕр нин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл. (Бакӕсӕ Псалом 77:11, 12; 78:4, 7.) Уомӕй уӕлдай ма нин иннетӕ хуарзӕй ци ракӕнунцӕ, уой дӕр нӕ бон ӕй нигъгъуди кӕнун ӕма син уой туххӕй арфӕ кӕнун. Ӕртасгути гъудимӕ гӕсгӕ иннетӕй боз ка фӕууй, етӕ амондгундӕр фӕуунцӕ. Фал еуӕй-еухатт ба хуӕздӕр фӕууй цидӕртӕ феронх кӕнун, Йеговӕ куд феронх кӕнуй, уотӕ. Зӕгъӕн, кӕд Йегови бон ӕй алцидӕр нигъгъуди кӕнун, уӕддӕр нин нӕ рӕдудтитӕ байронх уй, ку сӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнӕн, уӕд (Пс. 25:7; 130:3, 4). Йегови фӕндуй, цӕмӕй мах дӕр уотӕ кӕнӕн, еске нин нӕ зӕрдихудти ку бацӕуа, уӕд (Матф. 6:14; Лук. 17:3, 4).

Йеговӕй нӕ сӕримагъзи туххӕй боз ке ан, уой бавдесдзиан, кадгин ӕй ку кӕнӕн, уӕд (кӕсӕ 14 абзац) *

14. Йеговӕ нин ци дессаги сӕримагъз равардта, уой туххӕй си боз ке ан, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

14 Нӕ сӕримагъзи туххӕй Йеговӕй боз ке ан, уой цӕмӕй бавдесӕн, уой туххӕй си гъӕуама уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй кадӕ хӕссӕн, ка нин ӕй равардта, уомӕн. Еуӕй-еуети сӕхе фӕффӕндуй ӕвзарун, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой. Фал мах Йеговӕ сфӕлдиста ӕма ’й е хуӕздӕр зонуй, пайда нин ци ӕй ӕма ци нӕй, уой (Ром. 12:1, 2). Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд нӕ зӕрди уодзӕй фарнӕ (Ис. 48:17, 18). Удта цӕмӕн цӕрӕн, уой дӕр лӕдӕрдзиан – цӕмӕй не Сфӕлдесӕг ӕма нӕ Фиди кадгин кӕнӕн, ӕ зӕрдӕ ни куд рохс кӕна, уотӕ (Ӕмб. 27:11).

БИБЛИ – ХЪАЗАР ЛӔВАР

15. Йеговӕ нин Библи ке балӕвар кодта, уомӕй нин ӕ уарзондзийнадӕ куд бавдиста?

15 Библи хъазар лӕвар ӕй. Нӕ уӕларвон Фидӕ нин ӕй балӕвар кодта, уомӕн ӕма нӕ берӕ уарзуй. Библий нин Йеговӕ дзуапп дӕттуй царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл, зӕгъӕн: адӕн зӕнхӕбӕл куд фӕззиндтӕнцӕ? Адӕймаг цӕмӕн цӕруй? Федӕни нӕмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй? Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ сувӕллӕнттӕ еци фарстатӕбӕл дзуапп базононцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ӕности дӕргъи адӕни разӕнгард кодта, цӕмӕй Библи аллихузи ӕвзӕгтӕмӕ тӕлмац кодтайуонцӕ. Абони Библи ӕнӕгъӕнӕй кенӕ ӕ кӕцидӕр хӕйттӕ тӕлмацгонд ӕнцӕ 3 000 ӕвзагемӕй фулдӕрмӕ. Уал ӕвзагемӕ еунӕг киунугӕ дӕр некӕд ратӕлмац кодтонцӕ, удта уой хузӕн парахат еунӕг киунугӕ дӕр н’ адтӕй. Фулдӕр адӕнӕн ес фадуат, цӕмӕй Библи сӕхе ӕвзагбӕл кӕсонцӕ, кӕмифӕнди ма цӕронцӕ ӕма цийфӕнди ӕвзагбӕл ма дзоронцӕ, уӕддӕр. (Кӕсӕ рамкӕ « Библи африкаг ӕвзӕгтӕбӕл».)

16. Матфеййи 28:19, 20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй, Библий туххӕй Йеговӕй боз ке ан, уой бавдесун?

16 Библий туххӕй Йеговӕй боз ке ан, уой бавдесдзиан, алли бон дӕр ӕй ку кӕсӕн, ку ибӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма си ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр ку кӕнӕн, уӕд. Боз ке ан, е ма бӕрӕг уодзӕй, адӕнӕн Библий хабар радзорунмӕ алли фадуатӕй дӕр ку пайда кӕнӕн, уӕд (Пс. 1:1–3; Матф. 24:14; бакӕсӕ Матфеййи 28:19, 20).

17. Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кодтан ӕма иннӕ статьяй цӕбӕл дзордзиан?

17 Аци статьяй радзубанди кодтан, Йеговӕ нин ци дессаги лӕвӕрттӕ искодта, уонӕй цалдӕребӕл – нӕ дессаги Зӕнхӕ ӕма сӕримагъз куд конд ӕнцӕ, уобӕл, удта Библибӕл. Фал ма нин Йеговӕ, цӕстӕй ке нӕ уинӕн, уӕхӕн лӕвӕрттӕ дӕр искодта. Уонӕбӕл ба радзордзиан иннӕ статьяй.

12 ЗАР ’Стур Хуцау Йеговӕ

^ 5 абз. Аци статья нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови лӕвӕрттӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнӕн. Удта ма базондзиан, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндуй, уони хӕццӕ нӕ бон дзорун куд ӕй, уой.

^ 64 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ ӕндӕр ӕвзаг ахур кӕнуй, цӕмӕй ӕрцӕуӕггӕгтӕн Библий рӕстдзийнадӕ базонунмӕ ӕнхус кӕна.