15 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Кӕмӕн игъосун кӕнис, еци адӕнмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис?
«Уӕ цӕститӕбӕл исхуӕцетӕ ӕма ракӕсетӕ хумтӕмӕ – фӕббор ӕнцӕ ӕма цӕттӕ ’нцӕ кӕрдунмӕ» (ИОАН. 4:35).
64 ЗАР Хумгӕрдӕни зӕрдирайгӕй косӕн
РАЗДЗУРД *
1, 2. Йесо Иоанни 4:35, 36 финст дзурдтӕ ку загъта, уӕд цӕй кой кодта?
ЙЕСО цудӕй цъӕх будурти рӕзти. Еци будурти, ӕвӕдзи, хъӕбӕрхуар задӕй (Иоан. 4:3–6). Сӕ кӕрдуни афонӕмӕ ма еу цуппар мӕйи гъудӕй. Уомӕ гӕсгӕ, ӕвӕдзи, ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ дессаг фӕккастӕй Йесо уотӕ ку загъта: «Уӕ цӕститӕбӕл исхуӕцетӕ ӕма ракӕсетӕ хумтӕмӕ – фӕббор ӕнцӕ ӕма цӕттӕ ’нцӕ кӕрдунмӕ». (Бакӕсӕ Иоанни 4:35, 36.) Цума цӕй кой кодта?
2 Йесо ами адӕни кой кодтайдӕ. Минкъий раздӕр самариаг силгоймаги хӕццӕ дзурдта ӕма имӕ еци силгоймаг лӕмбунӕг байгъуста. Уӕди рӕстӕги ба дзиуиттӕгтӕ самариӕгтӕй сӕхе еуварс дардтонцӕ. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн уотӕ ку загъта, хумтӕ «фӕббор ӕнцӕ ӕма цӕттӕ ’нцӕ кӕрдунмӕ», зӕгъгӕ, уӕд самариӕгтӕ ба уой агорӕг рацудӕнцӕ, уомӕн ӕма син еци силгоймаг Киристей туххӕй радзурдта ӕма сӕ фӕндадтӕй фулдӕр базонун (Иоан. 4:9, 39–42). Еу библиртасӕг еци хабари туххӕй уотӕ загъта: «Адӕн Йесой фӕууинунмӕ ӕма имӕ байгъосунмӕ еци фӕдӕй ке рацудӕнцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма, ӕцӕгӕйдӕр кӕрдунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн ӕфсерти хузӕн адтӕнцӕ».
3. Киристе адӕнмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, ду дӕр сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй ку кӕсай, уӕд е дӕ лӕггадӕбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй?
3 Ду кӕмӕн игъосун кӕнис, еци адӕнӕй ба ци ес зӕгъӕн? Кӕрдунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн ӕфсерти цӕстӕй сӕмӕ кӕсис? Кӕд гъо, уӕд е дӕ лӕггадӕбӕл бӕрӕг кӕндзӕй. Кутемӕй? Фиццаг: игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй архайдзӕнӕ. Хумгӕрдӕни афонӕ цубур ӕй ӕма рӕстӕг ивазӕн нӕййес! Дуккаг: адӕн хуарз хабармӕ куд игъосунцӕ, уой уингӕй цийнӕ кӕндзӕнӕ, «адӕн хумгӕрдӕни афонӕ куд фӕццийнӕ кӕнунцӕ», уотӕ (Ис. 9:3). Ӕртиккаг: кӕмӕн игъосун кӕнис, уони нимайдзӕнӕ, Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исун ке бон ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл ӕма алке зӕрдӕмӕ дӕр над агордзӕнӕ.
4. Аци статьяй апостол Павели туххӕй ци базондзиан?
4 Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕй кадӕртӕ, ӕвӕдзи, уотӕ сагъӕс кодтонцӕ, ӕма самариӕгтӕй Киристей ахуркӕнуйнаг неке исуодзӕй, фал Йесо уотӕ нӕ сагъӕс кодта. Е сӕ нимадта, ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ исун ке бон ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл. Мах дӕр кӕмӕн игъосун кӕнӕн, еци адӕнмӕ гъӕуама уӕхӕн цӕстӕй кӕсӕн. Апостол Павел нин хуарз цӕветтон ниууагъта. Цума си цӕбӕл ахур кӕнӕн? Аци статьяй базондзиан: 1) ӕ игъосгути гъуди куд нимадта, 2) цӕбӕл сӕ фӕндадтайдӕ радзорун, уой куд балӕдӕридӕ ӕма 3) Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исун ке бон ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл сӕ куд нимадта.
ЦӔБӔЛ ӔУУӔНДУНЦӔ?
5. Ӕмбурдгӕнӕнмӕ ка ӕрбацӕуидӕ, уони хӕццӕ Павелӕн ӕнцон дзорӕн цӕмӕн адтӕй?
5 Павел дзиуиттаг ӕмбурдгӕнӕнти арӕх игъосун кӕнидӕ. Зӕгъӕн, Фессалоники ӕмбурдгӕнӕни «фӕд-фӕди ӕртӕ сабати адӕни [дзиуиттӕгти] хӕццӕ дзубанди кодта Финстадӕмӕ гӕсгӕ» (Гъуд. 17:1, 2). Бӕрӕг ӕй, ӕмбурдгӕнӕни ин ӕнцон ке адтӕй дзорун, уомӕн ӕма ӕхуӕдӕг дӕр дзиуиттаг адтӕй (Гъуд. 26:4, 5). Павел зудта, дзиуиттӕгтӕ куд сагъӕс кодтонцӕ, уой. Ӕма ин уомӕ гӕсгӕ ӕнцон адтӕй сӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун (Фил. 3:4, 5).
6. Павел Афинити базари кӕмӕн игъосун кодта, еци адӕн, ӕмбурдгӕнӕни кӕмӕн игъосун кодта, уонӕй цӕмӕй хецӕн кодтонцӕ?
6 Павели е знӕгти туххӕй Фессалоникӕй ледзун багъудӕй, уой фӕсте ба Верийӕй дӕр, ӕма уотемӕй равзурдӕй Афинити. Уоми дӕр бабӕй «ӕмбурдгӕнӕнти дзиуиттӕгти хӕццӕ ӕма иннӕ ӕууӕндӕг адӕни хӕццӕ дзубанди кодта» (Гъуд. 17:17). Фал Павел базари ку игъосун кодта, уӕд уоми ба ӕ игъосгутӕ бустӕги ӕндӕрхузи адтӕнцӕ. Еуӕй-еуетӕ си адтӕнцӕ философтӕ. Ӕма уонӕн, удта дзиуиттаг ка н’ адтӕй, ӕндӕр уӕхӕн адӕнӕн дӕр, Павел ци хабар дзурдта, е «нӕуӕг ахурадӕ» адтӕй. Адӕн ин уотӕ дзурдтонцӕ: «Цидӕр ӕнахур хабӕрттӕ дзорис» (Гъуд. 17:18–20).
7. Гъуддӕгти 17:22, 23 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел афинӕгтӕн хуарз хабар куд игъосун кодта?
7 Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 17:22, 23. Павел дзиуиттӕгти хӕццӕ куд дзурдта, афинӕгти хӕццӕ уотӕ нӕ дзурдта. Павел бал, ӕвӕдзи, расагъӕс кодта, афинӕгтӕ цӕбӕл ӕууӕндтӕнцӕ, уобӕл. Ӕ алливарс ци адтӕй, уомӕ лӕмбунӕг ӕркастӕй ӕма син сӕ дини ӕгъдӕуттӕмӕ ӕ гъос ӕрдардта. Уой фӕсте ба расагъӕс кодта, Финстади хӕццӕ син еумӕйагӕй ци адтӕй, уобӕл. Еу библиртасӕг Павели туххӕй загъта: «Павел киристон адтӕй ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, грекъӕгтӕ „ӕцӕг“ Хуцауӕн ке нӕ кувтонцӕ, гъома дзиуиттӕгти ӕма киристӕнтти Хуцауӕн. Фал ӕй уотемӕй дӕр фӕндадтӕй бавдесун, ци Хуцауи кой кодта, е афинӕгтӕн бустӕги ӕцӕгӕлон ке н’ адтӕй». Уомӕ гӕсгӕ Павел цӕттӕ адтӕй сӕ зӕрдитӕмӕ над иссерунмӕ. Гъема син радзурдта, ци хабар игъосун кӕнуй, е, ци «Ӕнӕзонгӕ Хуцауӕн» ковунцӕ, уомӕй ке цудӕй. Кӕд еци адӕн Финстадӕ ӕппундӕр нӕ зудтонцӕ, уӕддӕр Павел ӕ къохтӕ не ’руагъта. Е сӕ нимадта, кӕрдунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн ӕфсертӕбӕл ӕма байархайдта, цӕмӕй син хуарз хабар, етӕ ’й хуӕздӕр куд балӕдӕрдтайуонцӕ, уотӕ радзурдтайдӕ.
8. а) Адӕймаг цӕхуӕн динбӕл хуӕст ӕй, уой куд ӕнгъезуй базонун? б) Адӕймаг ӕргом ку зӕгъа, цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст ке ӕй, уӕд ци ӕнгъезуй зӕгъун?
8 Павели хузӕн лӕмбунӕг уотӕ. Байархайӕ, кӕми игъосун кӕнис, уоми адӕн цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой балӕдӕрунбӕл. Зӕгъӕн, адӕймаг ӕ хӕдзарӕ кенӕ ӕ машинӕ цӕмӕйти исрӕсугъд кодта? Ӕ ном, е ’ндаг бакаст кенӕ ци дзурдтӕй фӕппайда кӕнуй, уомӕй ин ӕ дини туххӕй ци ес базонӕн? Ка ’й зонуй дин ӕй ӕргом дӕр зӕгъдзӕй, мӕнӕн мӕхе дин ес, зӕгъгӕ. Уӕхӕн уавӕри еу сӕрмагонд пионер хуӕрӕ уотӕ фӕззӕгъуй: «Ӕз уой туххӕй не ’рбацудтӕн, цӕмӕй дӕ, ӕз цӕбӕл ӕууӕндун, уобӕл баууӕндун кӕнон. Фал мӕ фӕндуй уӕхӕн фарстабӕл радзорун...»
9. Цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст ка ӕй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ еумӕйагӕй ци ӕнгъезуй иссерун?
9 Цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст ка ӕй, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ цӕбӕл ӕнгъезуй радзорун? Еумӕйагӕй уӕмӕ ци ес, уой иссерунбӕл байархайӕ. Ка ’й зонуй, еунӕг Хуцауӕн ковуй кенӕ ба ӕууӕндуй, Киристе адӕни ервӕзунгӕнӕг ке ӕй кенӕ тагъд рӕстӕги фуддзийнадӕн кӕрон ке ӕрцӕудзӕй, уобӕл. Гъема уӕхӕн естӕбӕл дӕ дзубанди исаразӕ ӕма адӕймагӕн Библий хабар радзорӕ. Уой фӕрци дӕмӕ, ка ’й зонуй, игъосгӕ дӕр бакӕндзӕй.
10. Цӕбӕл гъӕуама байархайӕн ӕма цӕмӕн?
10 Арӕх адӕн сӕ дини ахурӕдтӕй алкӕцибӕл нӕ феууӕндунцӕ, ӕма уой дӕ гъудий дарӕ. Мадта адӕймагӕн ӕ дин ку базонай, уӕд байархайӕ, бӕлвурдӕй цӕбӕл ӕууӕндуй, уой балӕдӕрунбӕл. «Абони беретӕ дин философий хӕццӕ ’схӕлӕмулӕ кӕнунцӕ»,– зӕгъуй, Австралий сӕрмагонд пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн ӕнсувӕр Дэвид. Албанийӕй еу хуӕрӕ Дональтӕ ба зӕгъуй: «Арӕх нӕбӕл рамбӕлунцӕ, сӕхе цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст ка фӕххонуй, уӕхӕн адӕн. Уой фӕсте ба дзубандий медӕг рабӕрӕг уй, Хуцаубӕл ӕппундӕр ке не ’ууӕндунцӕ». Аргентинӕй дӕр еу миссионер ӕнсувӕр загъта, еуӕй-еу адӕн Троицӕбӕл ке ӕууӕндунцӕ, фал Фидӕ, Фурт ӕма сугъдӕг хъаурӕ еу Хуцау ке ӕй, 1 Кор. 9:19–23).
уобӕл ба нӕбал феууӕндунцӕ. Ӕма, дан, уой ку зонай, уӕд сӕ хӕццӕ цӕбӕл радзорай, уой иссерун ӕнцондӕр ӕй. Мадта архайӕ, адӕймаг бӕлвурдӕй цӕбӕл ӕууӕндуй, уой базонунбӕл, ӕма уӕд дӕу бон дӕр уодзӕй апостол Павели хузӕн зӕгъун: «Аллихузи адӕнӕн дӕр исдӕн алцидӕр» (ЦӔБӔЛ СӔ ФӔНДАДТАЙДӔ РАДЗОРУН?
11. Гъуддӕгти 14:14–17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел куд байархайдта, цӕмӕй Листри цӕргутӕ хуарз хабармӕ байгъустайуонцӕ?
11 Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 14:14–17. Павел ӕй базонидӕ, ӕ игъосгути цӕбӕл фӕндадтайдӕ радзорун, ӕма ӕ дзубанди дӕр уомӕ гӕсгӕ аразта. Зӕгъӕн, Листри цӕргутӕ Финстади туххӕй ӕппундӕр неци зудтонцӕ. Ӕма уомӕ гӕсгӕ Павел сӕ хӕццӕ дзурдта, бӕркадгун тиллӕгбӕл ӕма адӕймагӕн цийнӕ ци хӕссуй, уӕхӕн цӕбӕлдӕрти. Ци дзурдтӕй пайда кодта ӕма ци цӕветтонтӕ хаста, етӕ син ӕнцонлӕдӕрӕн адтӕнцӕ.
12. Адӕймаги хӕццӕ цӕбӕл ӕнгъизтайдӕ радзорун, уой дӕ бон куд ӕй базонун?
12 Ду дӕр архайӕ, цӕмӕй, уӕ территорий адӕни хӕццӕ цӕбӕл ӕнгъизтайдӕ радзорун, уой базонай, ӕма дӕ дзубанди уомӕ гӕсгӕ аразӕ. Фал адӕймаги цӕбӕл фӕндадтайдӕ радзорун, уой куд ӕнгъезуй базонун? Ами дӕр бабӕй гъӕуй лӕмбунӕг кӕсун. Зӕгъӕн, адӕймаг дзӕхӕрай куститӕ кӕнуй, машинӕ рӕвдзӕ кӕнуй кенӕ ӕндӕр ести косуй. Ку федауа, уӕд, ци куст кӕнуй, уомӕй дӕр дӕ бон ӕй дзубанди райдайун (Иоан. 4:7). Адӕймагӕн ӕ хъӕппӕли кондӕй дӕр бӕрӕг фӕууй, ци адӕнихаттӕй ӕй, ци куст кӕнуй кенӕ цӕхуӕн спорт уарзуй, е. Еу ӕнсувӕр Густаво радзурдта: «Еухатт рамбалдтӕн еу 19-анздзуд биццеубӕл. Еци биццеуӕн ӕ хӕдонӕбӕл адтӕй еу зундгонд зарӕги хузӕ. Ӕз дӕр ӕй уобӕл рафарстон ӕма мин радзурдта, еци зарӕг ӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуй, уой. Еци дзубандий фӕсте ӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтон, ӕма нур не ’нсувӕр ӕй».
13. Нӕ бон куд ӕй адӕймаги Библи ахур кӕнунмӕ баразӕнгард кӕнун?
13 Адӕймаги Библий ахур райдайунмӕ ку разӕнгард кӕнай, уӕд ин бавдесӕ, еци ахур ин куд банхус кӕндзӕй, уой (Иоан. 4:13–15). Еухатт нӕ хуӕрӕ еу силгоймаги хӕццӕ дзубанди кодта ӕма ’й еци силгоймаг медӕмӕ ӕрбахудта. Хуӕрӕ хӕдзарӕмӕ ку бацудӕй, уӕд фӕууидта, фарсбӕл диплом ауигъд ке адтӕй ӕма базудта, еци силгоймаг университети ке косуй ӕма профессор ке ӕй. Гъема ин хуӕрӕ радзурдта мах дӕр адӕни ке ахур кӕнӕн Библий ӕма ӕмбурдти фӕрци. Еци силгоймаг Библи ахур кӕнунбӕл исарази ӕй, дуккаг бон ӕмбурдмӕ ӕрбацудӕй, цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба районон конгресмӕ дӕр фӕццудӕй. Еу анзи фӕсте ба донаргъуд райста. Дӕхе бафӕрсӕ: «Нӕуӕгӕй кӕмӕ ӕрбацӕун, еци адӕни цӕбӕл фӕндадтайдӕ радзорун? Ӕма уомӕ гӕсгӕ мӕ бон куд ӕй мӕ дзубанди аразун, Библий ахури кой син ку кӕнон, уӕд?»
14. Дӕ бон куд ӕй адӕймаги хӕццӕ Библий ахур ӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ уадзун?
14 Еске хӕццӕ Библи ахур кӕнун ку райдайай, уӕд алли ахурмӕ дӕр дӕхе цӕттӕ кӕнӕ. Дӕ гъудий дарӕ адӕймаг цӕхуӕн бийнонти исирӕзтӕй, кӕми ахур кодта ӕма ци уарзуй, уой. Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн стихтӕ бакӕсдзиайтӕ, цӕхуӕн видеороликтӕ ин бавдесдзӕнӕ ӕма ин цӕхуӕн цӕветтонтӕ ӕрхӕсдзӕнӕ, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ хуӕздӕр балӕдӕра. Дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕ зӕрдӕбӕл уӕлдай хъӕбӕрдӕр ци бамбӕлдзӕй?» (Ӕмб. 16:23). Албаний еу хуӕрӕ Флорӕ Библи ахур кодта еу силгоймаги хӕццӕ, ӕма еци силгоймагӕн, Библий райгасдзийнади туххӕй ци финст ес, уобӕл зин баууӕндӕн адтӕй. Флорӕ имӕ уой туххӕй нӕ ниббуцӕу ӕй. Е зӕгъуй: «Ӕз расагъӕс кодтон, фиццаг бал ӕй, мӕрдтӕ ка райгас кӕндзӕй, еци Хуцауи хуӕздӕр базонун ке гъӕуй». Ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ Флорӕ алли ахури рӕстӕг дӕр силгоймагӕн е ’ргом ӕздахта Йегови уарзондзийнадӕ, зунд ӕма хъаурӕмӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте еци силгоймаг ӕхуӕдӕг баууӕндтӕй, Йеговӕ мӕрдтӕ ке райгас кӕндзӕй, уобӕл. Ӕма нур Йеговӕн ӕгас зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнуй.
КИРИСТЕЙ АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ИСУН КЕ БОН ӔЙ, УӔХӔН АДӔНБӔЛ СӔ НИМАЙЕТӔ
15. Гъуддӕгти 17:16–18 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Афинитӕ цӕхуӕн горӕт адтӕй, фал сӕбӕл Павел ӕ къох цӕмӕннӕ ракъуӕрдта?
15 Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 17:16–18. Павел афинӕгтӕбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕрдта, кӕд сӕ горӕт мӕнгӕ хуцӕуттӕй, ихӕлд гъуддӕгтӕй ӕма философийӕй идзаг адтӕй, уӕддӕр. Ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ин ке кодтонцӕ, е дӕр ӕй нӕ уорӕдта. Павел киристон ку нӕма иссӕй, уӕд ӕхуӕдӕг дӕр Хуцауи фаудта, ӕ адӕни ин ӕфхуардта ӕма адтӕй ӕдзӕсгон адӕймаг (1 Тим. 1:13). Йесо ӕй зудта, Павели бон ке адтӕй ӕ фӕдбӕлдзӕуӕг исун ӕма Павел дӕр афинӕгтӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кастӕй ӕма сӕбӕл нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй (Гъуд. 9:13–15; 17:34).
16, 17. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Библий рӕстдзийнадӕ аллихузи адӕни зӕрдитӕмӕ багъаруй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
16 Фиццаг ӕноси киристон дин аллихузи адӕн райсиуонцӕ. Павел Греций город Коринфи цӕргутӕмӕ ци финстӕг ниффинста, уоми загъта, кадӕртӕ си раздӕр фудгӕнгутӕ ке адтӕнцӕ ӕма хъӕбӕр ӕнӕгъдау цард ке кодтонцӕ, фал, дан, «ӕхснад ӕрцудайтӕ» (1 Кор. 6:9–11). Ду ба баууӕндтайсӕ, уӕхӕн адӕни бон дӕр ке ӕй сӕ цард раййевун ӕма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исун?
17 Абони берети фӕндуй сӕ цард раййевун ӕма Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг исун. Зӕгъӕн, Австралий сӕрмагонд пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Юкинӕ ӕхуӕдӕг фӕууидта, Библий рӕстдзийнадӕ аллихузи адӕни зӕрдитӕмӕ куд багъаруй, уой. Еухатт кӕмидӕр адтӕй ӕма си фӕууидта, татуировкитӕ кӕбӕл адтӕй, уӕхӕн кизги. Юкинӕ зӕгъуй: «Фиццаг имӕ мӕ нифс нӕ хастон, фал имӕ уӕддӕр бацудтӕн ӕма ӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун райдӕдтон. Гъема рабӕрӕг ӕй, хъӕбӕр ӕй ке фӕндадтӕй Библи базонун. Сауӕнгӕ ма ӕ татуировкитӕй кӕцидӕртӕ адтӕнцӕ *.
стихтӕ Псаломтӕй!» Еци кизгӕ Библи ахур кӕнун ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдта18. Адӕнӕй уотӕ цӕмӕн гъӕуама ма сагъӕс кӕнӕн, ӕма си неци рауайдзӕй?
18 Йесо уотӕ ку загъта, хумтӕ кӕрдунмӕ цӕттӕ ’нцӕ, зӕгъгӕ, уӕд цума уой кой кодта, ӕма адӕнӕн сӕ фулдӕр хуарз хабармӕ байгъосдзӕнцӕ? Нӕ, уомӕн ӕма Финстади раги финст ӕрцудӕй, ка баууӕнддзӕй, уӕхӕнттӕ берӕ ке нӕ уодзӕнцӕ (Иоан. 12:37, 38). Уомӕй уӕлдай ма Йесой бон адтӕй, адӕймагӕн ӕ зӕрди ци ес, уой уинун (Матф. 9:4). Ӕма кӕд, ка ибӕл баууӕндтайдӕ, фулдӕр уонӕн банхус кӕнунбӕл архайдта, уӕддӕр алкӕмӕндӕр зингзӕрдӕй игъосун кодта. Мах адӕни зӕрдитӕ нӕ уинӕн, ӕма уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕуама архайӕн, цӕмӕй нӕ территорий адӕнбӕл уотӕ ма сагъӕс кӕнӕн, неци си рауайдзӕй, зӕгъгӕ. Гъӕуама нӕмӕ нифс уа, еу бон етӕ дӕр Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ ке исуодзӕнцӕ. Марк лӕггадӕ кӕнуй миссионерӕй Буркина-Фасой ӕма зӕгъуй: «Уотӕ ӕнгъӕл кӕмӕй фӕуун, ӕма си цидӕр рауайдзӕй, етӕ арӕх Библи нӕбал фӕййахур кӕнунцӕ. Фал уотӕ кӕмӕй фенгъӕлун, ӕма си неци рауайдзӕй, етӕ ба Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун райдайунцӕ. Уотемӕй ӕй балӕдӕрдтӕн, растдӕр ке ӕй Йегови сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун, цӕмӕй нӕ бон уа, рӕстдзийнадӕ зӕрдиагӕй ка агоруй, уони иссерун».
19. Нӕ территорий адӕнмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?
19 Ӕвӕдзи нӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма нӕ территорий берӕ нӕййес, кӕрдунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн ӕфсерти хузӕн адӕн. Фал ӕргъуди кӕнай, Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ци загъта, уой: хумтӕ, дан, фӕббор ӕнцӕ, гъома кӕрдуйнаг ӕнцӕ. Адӕнӕн сӕ бон ӕй раййевун ӕма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исун. Йеговӕ дӕр сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсуй ӕма сӕ нимайуй «хъазар хӕзнатӕбӕл» (Аг. 2:7). Мах дӕр адӕнмӕ Йегови ӕма Йесой цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд архайдзиан, цӕмӕй базонӕн, адӕймаг цӕхуӕн бийнонти исирӕзтӕй, цӕхуӕн ахурадӕ имӕ ес, удта ’й радзорун цӕбӕл бафӕнддзӕй, уой. Ӕма сӕ ӕцӕгӕлӕнттӕбӕл нӕ нимайдзиан, фал нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ исун ке бон ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл.
57 ЗАР Игъосун кӕнӕн аллихузи адӕнӕн
^ 5 абз. Кӕмӕн игъосун кӕнӕн, еци адӕнмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн, е нӕ лӕггадӕбӕл куд бӕрӕг кӕнуй? Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Йесой ӕма апостол Павели нӕ бон фӕнзун куд ӕй, уомӕ. Етӕ сӕ гъос дардтонцӕ, адӕн цӕбӕл ӕууӕндтӕнцӕ ӕма сӕ цӕбӕл фӕндадтайдӕ радзорун, уомӕ. Удта сӕ нимадтонцӕ, ахуркӕнуйнӕгтӕ исун ке бон ӕй, уӕхӕн адӕнбӕл.
^ 17 абз. Киристон ка иссӕй, етӕ сӕ царди цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ фулдӕр иссерӕн ес статьяти рубрикӕй «Библия меняет жизнь». Еци статьятӕ раздӕр мухургонд цудӕнцӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», 2017 анзӕй фӕстӕмӕ ба сӕ иссерӕн ес сайти jw.org®. (Иссерӕн сӕ ес уруссагау. Кӕсӕ О НАС > СЛУЧАИ ИЗ ЖИЗНИ.)
^ 57 абз. ХУЗТӔ. Лӕг ӕма уосӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнгӕй уинунцӕ: 1) хуарз кӕмӕ зелунцӕ ӕма дидингутӕй ке исрӕсугъд кодтонцӕ, уӕхӕн хӕдзарӕ; 2) сувӕллони хӕццӕ бийнонтӕ кӕми цӕрунцӕ, уӕхӕн хӕдзарӕ; 3) медӕгӕй дӕр ӕма ӕндегӕй дӕр ӕдзӕллаг ка ӕй, уӕхӕн хӕдзарӕ; 4) цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст бийнонтӕ кӕми цӕрунцӕ, уӕхӕн хӕдзарӕ. Куд дӕмӕ кӕсуй, кӕци хӕдзари разиндзӕй, Киристей ахуркӕнуйнаг ка исуодзӕй, уӕхӕн адӕймаг?