24 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Уӕ бон ӕй уӕ зундахаст раййевун!
«Басӕттӕн рӕдуд гъудитӕ ӕма, Хуцауи туххӕй ци зонӕн, уой нихмӕ цидӕриддӕр цӕлхдортӕ лӕууй, уони» (2 КОР. 10:5).
124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн
РАЗДЗУРД *
1. Апостол Павел фиццаг ӕноси киристӕнттӕмӕ ци ниффинста?
«АЦИ дуйне мабал фӕнзетӕ»,– финста апостол Павел фиццаг ӕноси киристӕнттӕмӕ (Ром. 12:2). Цума Павел аци дзурдтӕ, ӕ цард Хуцауӕн ка иснивонд кодта ӕма сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ка ’рцудӕй, уонӕн цӕмӕн загъта? (Ром. 1:7).
2, 3. Сайтан нӕ Йеговӕй раидард кӕнунбӕл куд архайуй ӕма нӕ бон куд ӕй, нӕ сӕри федар ци ниббадтӕй, уомӕй исуӕгъдӕ ун?
2 Павел тухстӕй, еуӕй-еу киристӕнттӕ, Сайтани дуйне куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнун ке райдӕдтонцӕ, уобӕл (Еф. 4:17–19). Махӕн дӕр уомӕй тӕссаг ӕй. Аци дуйней хецау Сайтан аллихузи мадзӕлттӕй дӕр пайда кӕнуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕй райеуварс кӕна. Зӕгъӕн, хеуарзагӕ ку уӕн кенӕ ба иннети ӕргом нӕхемӕ ’здахун ку уарзӕн, уӕд Сайтан уомӕй дӕр испайда кӕндзӕй. Ӕ бон ма ӕй испайда кӕнун, кӕми ӕма цӕхуӕн уавӕрти исгъомбӕл ан, уомӕ гӕсгӕ нӕ уодигъӕди ци ниффедар ӕй, уомӕй дӕр.
3 Цума нӕ бон ӕй, нӕ сӕри федар ци ниббадтӕй, уомӕй исуӕгъдӕ ун? (2 Кор. 10:4). Дӕ гъос ӕрдарай, Павел ци ниффинста, уомӕ: «Басӕттӕн рӕдуд гъудитӕ ӕма, Хуцауи туххӕй ци зонӕн, уой нихмӕ цидӕриддӕр цӕлхдортӕ лӕууй, уони, ӕма алли гъуди дӕр уацари есӕн ӕма ’й кӕнӕн Киристейӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:5). Йегови ӕнхуси фӕрци нӕ бон ӕй нӕ зундахаст раййевун. Хуасӕ маргӕн ӕ куст куд ӕрлӕуун кӕнуй, уотӕ нин Хуцауи Дзурд дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, раздӕр ци зундбӕл хуӕст адтан, е нин зиан мабал хӕсса.
«УӔ ЗУНД НӔУӔГ КӔНТӔ»
4. Беретӕ рӕстдзийнадӕ ку базудтонцӕ, уӕд цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ?
4 Библий рӕстдзийнадӕ ку базудтай ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ку исфӕндӕ кодтай, уӕд цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искодтай? Беретӕ сӕ царди устур ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ (1 Кор. 6:9–11). Мах Йеговӕй хъӕбӕр боз ан, рӕдуд над ниууадзунмӕ нин ке банхус кодта, уой туххӕй.
5. Ромӕгтӕмӕ 12:2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ цӕхуӕн дууӕ къахдзӕфи гъӕуй искӕнун?
5 Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нӕ архайун нӕбал гъӕуй. Кӕд уӕззау тӕрегъӕдтӕ нӕбал кӕнӕн, уӕддӕр гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй, раздӕр ке кодтан, еци гъуддӕгтӕмӕ ма раздӕхӕн. Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Павел загъта: «Аци дуйне мабал фӕнзетӕ, фал уӕ зунд нӕуӕг кӕнтӕ ӕма уӕ уодигъӕдӕ ӕййеветӕ» (Ром. 12:2). Мадта гъӕуй дууӕ къахдзӕфи искӕнун. Фиццаг: аци дуйне мабал фӕнзун. Дуккаг: нӕ уодигъӕдӕ ӕййевун, гъома, куд сагъӕс кӕнӕн, уой.
6. Йесо Матфеййи 12:43–45 ци дзурдтӕ загъта, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
6 Павел, уӕ уодигъӕдӕ раййеветӕ, зӕгъгӕ, ку загъта, уӕд, адӕймаги арф ка ниббадуй, еци менеугути кой. (Кӕсӕ рамкӕ «Дӕ уодигъӕдӕ аййевӕ, айдагъ дӕ бакаст нӕ, фал».) Еци ӕййивддзийнӕдтӕ гъӕуама бӕрӕг кӕнонцӕ нӕ фӕндтӕ ӕма нӕ сагъӕстӕбӕл. Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуама ӕхе бафӕрса: «Цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ кӕнун, уӕлӕнгай ӕви арф?» Аци фарстабӕл дзуапп раттун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й. Матфеййи 12:43–45 Йесо балӕдӕрун кодта, ци нин кӕнгӕ ’й, уой. (Ба сӕ кӕсӕ.) Ӕ дзурдти ес еу ӕхсидзгӕ гъуди: рӕдуд сагъӕстӕй исуӕгъдӕ ун фагӕ нӕй, фал ма гъӕуама нӕ сӕр идзаг кӕнӕн, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн сагъӕстӕй.
«НӔУӔГ КӔНТӔ, УӔ ЗУНД УИН КА РАЗӔНГАРД КӔНУЙ, ЕЦИ ХЪАУРӔ»
7. Нӕ бон куд ӕй нӕ уодигъӕдӕ раййевун?
7 Фал уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй адӕймаг ӕ уодигъӕдӕ раййева? Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Гъӕуама идарддӕр дӕр нӕуӕг кӕнайтӕ, уӕ зунд уин ка разӕнгард кӕнуй, еци хъаурӕ ӕма гъӕуама уӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевайтӕ – еци уодигъӕдӕ конд ӕй Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕма ӕцӕг рӕстдзийнадӕ ӕма еузӕрдондзийнадӕмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:23, 24). Адӕймагӕн уӕхӕн устур ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнун ӕнцон нӕй, фал уӕддӕр уомӕн ес гӕнӕн. Лӕгъуз фӕндтӕ ӕма лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууадзун фагӕ нӕй. Гъӕуама, «нӕ зунд нин ка разӕнгард кӕнуй, еци хъаурӕ» иснӕуӕг кӕнӕн, гъома нӕ уодигъӕдӕ раййевӕн. Уомӕ хауй, нӕхе куд дарӕн, ци фӕндтӕ нӕмӕ ес ӕма нӕ ци разӕнгард кӕнуй, е. Ӕма нӕ уобӕл алкӕддӕр гъӕуй архайун.
8, 9. Еу ӕнсувӕри хабарӕй куд зиннуй, уодигъӕдӕ раййевун куд ӕхсидзгӕ ’й, е?
8 Ӕркӕсӕн, раздӕр нӕмун ка уарзта, еу уӕхӕн ӕнсувӕрбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Рӕстдзийнадӕ ку базудта, уӕд ӕ ниуӕзтӕ ниууагъта, нӕмгӕ нӕбал кодта ӕма фӕстӕдӕр донаргъуд райста. Ци гъӕуи цардӕй, уоми адӕн дес кодтонцӕ, куд раййивта, уобӕл. Фал донаргъуд ку райста, уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй ибӕл еу хабар ӕрцудӕй. Ӕ хӕдзари размӕ еу расуг лӕг ӕрбацудӕй ӕма имӕ ӕндӕмӕ нӕмунмӕ дзурдта. Ӕнсувӕр фиццаг ӕхебӕл хуӕстӕй, фал еци лӕг Йегови туххӕй лӕгъузтӕ дзорун ку райдӕдта, уӕдта имӕ рауадӕй ӕма ’й ранадта. Цума ӕнсувӕр ӕхебӕл цӕмӕннӕ фӕххуӕстӕй? Библий фӕрци ӕ маст уорамун базудта, фал ӕ уодигъӕдӕ ба уӕддӕр кӕронмӕ нӕ раййивта.
9 Фал ӕнсувӕр идарддӕр ӕхебӕл архайдта (Ӕмб. 24:16). Хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхуси фӕрци ӕцӕгӕйдӕр ӕййевун райдӕдта ӕма фӕстӕдӕр ӕхуӕдӕг дӕр хестӕр нӕлгоймаг иссӕй. Цалдӕр анзей фӕсте бабӕй уӕхӕн хабар нӕуӕгӕй ӕрцудӕй. Еу изӕр, ӕмбурд син кӕми адтӕй, еци зали размӕ еу расуг лӕг хестӕр нӕлгоймаги фӕннӕмунмӕ гъавта. Цума ӕнсувӕр ци бакодта? Фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй еци нӕлгоймаги хӕццӕ радзурдта, ӕр ӕй сабур кодта ӕма ’й сӕхемӕ исхъӕртун кодта. Цума аци хатт ӕнсувӕр ӕндӕр хузи цӕмӕн бакодта? Уомӕн ӕма ӕ уодигъӕдӕ раййивта. Ӕма нур Йегови фӕрци иссӕй фарнӕуарзагӕ ӕма фӕлмӕн адӕймаг.
10. Цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ раййевӕн, уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй?
10 Уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ адӕймаг еунӕг бонмӕ не ’скӕнуй. Ка ’й зонуй нӕ берӕ ӕнзти дӕргъи дӕр багъӕудзӕй «ӕгас хъауритӕй архайун» (2 Пет. 1:5). Уой туххӕй Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнун фагӕ нӕй. Гъӕуама, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй нӕ уодигъӕдӕ раййевӕн. Ӕркӕсӕн, еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй, уомӕ.
НӔ УОДИГЪӔДӔ РАЙЙЕВУНМӔ НИН ЦИ БАНХУС КӔНДЗӔЙ
11. Нӕ уодигъӕдӕ раййевунмӕ нин кувд куд ӕнхус кӕнуй?
11 Фиццаг: гъӕуама Йеговӕмӕ ковӕн. Псаломзаргӕнӕг Йеговӕмӕ кувта: «Искӕнӕ мин мӕ медӕг кӕдзос зӕрдӕ, о Хуцау, ӕма мин раттӕ нӕуӕг зунд, цӕмӕй ӕнӕфӕккеугӕ уон» (Пс. 51:10). Гъӕуама лӕдӕрӕн, нӕ уодигъӕдӕ раййевун нӕ ке гъӕуй, уой. Уой туххӕй ба гъӕуй Йеговӕй ӕнхус корун. Йеговӕ нин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй? Йеговӕ, Йезекили рӕстӕги ка цардӕй, еци хеваст израилӕгти туххӕй загъта: «Ӕз [син] ратдзӕн еу зӕрдӕ ӕма нӕуӕг зунд... ратдзӕн [син] фӕлмӕн зӕрдӕ [гъома Хуцауи амундтӕмӕ ка игъосуй, уӕхӕн зӕрдӕ]» (Йез. 11:19). Йегови фӕндадтӕй, цӕмӕй израилӕгтӕ сӕ уодигъӕдӕ раййивтайуонцӕ, ӕма син еци гъуддаги банхус кӕнунмӕ цӕттӕ адтӕй. Ӕма махӕн банхус кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ ӕй.
12, 13. а) Псалом 119:59 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ цӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун? б) Нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ нӕ бон ӕй раттун?
12 Дуккаг: гъӕуй сагъӕс кӕнун. Библи алли бон дӕр лӕмбунӕг ку фӕккӕсӕн, уӕд ма гъӕуама рӕстӕг рахецӕн кӕнӕн, цӕмӕй расагъӕс кӕнӕн, ци гъудитӕй ӕма ӕнкъарӕнтӕй исуӕгъдӕ ун нӕ гъӕуй, уобӕл. (Бакӕсӕ Псалом 119:59; Дзиуит. 4:12; Иак. 1:25.) Гъӕуама ’й балӕдӕрӕн, нӕ фӕндтӕ ӕма нӕ гъуддӕгтӕбӕл аци дуйней зундахаст куд рабӕрӕг уй, уой, удта исарази уӕн, цӕхуӕндӕр гъӕндзийнӕдтӕ нӕмӕ ке ес ӕма не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй сӕ исраст кӕнӕн.
13 Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй дӕхе бафӕрсун: «Еу минкъий дӕр некӕд некӕмӕ фӕссоцъа кӕнун?» (1 Пет. 2:1). «Ци адӕнихаттӕй дӕн, ци ахур фӕддӕн кенӕ мӕмӕ ци мулк ес, уой туххӕй мӕ сӕр бӕрзӕндти хӕссун нӕ райдӕдтон?» (Ӕмб. 16:5). «Мӕн бӕрцӕ кӕмӕ нӕййес кенӕ, ӕндӕр адӕнихаттӕй ка ӕй, уонӕмӕ ӕнӕнвӕрсон каст нӕ кӕнун?» (Иак. 2:2–4). «Сайтани дуйней мӕ зӕрдӕмӕ цӕун неци райдӕдта?» (1 Иоан. 2:15–17). «Ӕнӕгъдау миутӕ ӕма фудгъуддӕгтӕ кӕми фӕууй, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕун нӕ райдӕдтонцӕ?» (Пс. 97:10; 101:3; Амос 5:15). Аци фарстатӕбӕл ку расагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй исбӕрӕг кӕнун, байархайун нӕ цӕбӕл гъӕуй, уой. Нӕ медӕг арф ка ниббадтӕй, еци лӕгъуз менеугутӕ ӕд едӕгтӕ ку истонӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ барохс кӕндзиан (Пс. 19:14).
14. Ӕмбӕлттӕ раст ӕвзарун цӕмӕн гъӕуй?
14 Ӕртиккаг: гъӕуама ӕмбӕлттӕ ӕвзарун зонӕн. Лӕдӕрӕн ӕй ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ рӕстӕг ке хӕццӕ ферветӕн, е нӕбӕл хъӕбӕр бӕрӕг кӕнуй (Ӕмб. 13:20). Скъолай дӕр ӕма кусти дӕр ци адӕни астӕу фӕууӕн, етӕ нин нӕ банхус кӕндзӕнцӕ, нӕ зунд Хуцауи зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн гъудитӕй идзаг кӕнун. Фал ӕмбурди ба нӕ бон ӕй хуарз ӕмбӕлттӕ иссерун. Уоми нӕ фӕрразӕнгард кӕнунцӕ «уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ» (Дзиуит. 10:24, 25).
«ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДИ ӔРФЕДАР УОТӔ»
15, 16. Сайтан нин нӕ сӕртӕ исдзӕгъӕл кӕнунбӕл куд архайуй?
15 Ма иронх кӕнӕ: Сайтан архайуй, цӕмӕй нин нӕ зунд фехала, ӕма нӕмӕ Хуцауи Дзурди гъудитӕ мабал гъаронцӕ. Уой туххӕй ба пайда кӕнуй, аци дуйней фулдӕр адӕн хуӕст кӕбӕл ӕнцӕ, еци гъудитӕй.
16 Зӕгъӕн ес, ӕма Сайтан Евӕмӕ ци фарста равардта, еци фарста махмӕ дӕр дӕттуй: «Хуцау уин ӕцӕгӕйдӕр загъта...?» (Райд. 3:1). Сайтани къохи ка ӕй, еци дуйней арӕх фегъосӕн, нӕ сӕртӕ нин ка исдзӕгъӕл кӕнуй, уӕхӕн фарстатӕ, зӕгъӕн: «Хуцау ӕцӕгӕйдӕр лӕгъуз цӕстӕй кӕсуй, дууӕ нӕлгоймаги кенӕ дууӕ силгоймаги сӕ цард ке байеу кӕнунцӕ, уомӕ? Ӕцӕгӕйдӕр ӕй фӕндуй, цӕмӕй игурӕнбӕнттӕ ӕма ӕндӕр бӕрӕгбӕнттӕ ма кӕнай? Ӕцӕгӕйдӕр ӕй фӕндуй, цӕмӕй дӕхемӕ тог ма бауадзай? Адӕни ка уарзуй, еци Хуцауи ӕцӕгӕйдӕр уотӕ фӕндуй, цӕмӕй, ӕмбурдӕй ке рацох кодтонцӕ, еци хеуӕнтти хӕццӕ мабал дзорай?»
17. Не ’ууӕндундзийнадӕн фӕлварӕн ка исуа, уӕхӕн фарстатӕ нин ку дӕттонцӕ, уӕд нин ци кӕнгӕ ’й ӕма уой туххӕй Колоссӕгтӕмӕ 2:6, 7 ци финст ес?
17 Гъӕуама не ’ууӕндундзийнадӕ федар уа. Цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл дзуапп ку нӕ агорӕн, уӕд рӕстдзийнадӕбӕл гурусхӕ кӕнун райдайдзиан. Е ба нӕ фӕстагмӕ уомӕ ӕркӕндзӕй, ӕма аци дуйней зундӕй фегъӕстӕ уодзиан, ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ фесафдзиан. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ма ’рцӕуа? Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй нӕ зунд нӕуӕг кӕнунмӕ, цӕмӕй ӕй федарӕй лӕдӕрӕн, «ци ӕй Хуцауи фӕндон: ци имӕ кӕсуй хуарз, ци ин ӕй ӕхцӕуӕн ӕма ци ӕй ӕ цӕсти ӕнхӕст» (Ром. 12:2, феп.). Библи ӕдзох ку ’ртасӕн, уӕд ӕй никки хуӕздӕр лӕдӕрдзиан, цидӕриддӕр си финст ес, е раст ке ӕй. Удта Йегови уагӕвӕрдтӕ раст ке ’нцӕ, уобӕл дӕр федарӕй ӕууӕнддзиан. Ӕма гъе уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ уодзӕй, арф ӕма федар едӕгтӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн бӕласи хузӕн. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 2:6, 7.)
18. Сайтани дуйней нихмӕ федар цӕй фӕрци фӕллӕудзиан?
18 Де ’ууӕндундзийнадӕ федар уодзӕй, ӕви нӕ, е дӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Мадта идарддӕр дӕр дӕ уодигъӕдӕ ӕййевӕ, Йеговӕмӕ ковӕ ӕма си сугъдӕг хъаурӕ корӕ. Библий ци бакӕсис, уобӕл арф сагъӕс кӕнӕ ӕма лӕмбунӕг кӕсӕ, ци фӕндтӕ ӕма дӕмӕ ци сагъӕстӕ ес, уомӕ. Ӕмбӕлттӕ раст ӕвзарӕ ӕма дӕ рӕстӕг ӕрветӕ, хуӕздӕрӕрдӕмӕ дӕбӕл ка бӕрӕг кӕна, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Ӕма гъе уӕд нӕ бон уодзӕй Сайтани дуйней нихмӕ федар лӕуун, удта «рӕдуд гъудитӕ ӕма, Хуцауи туххӕй ци зонӕн, уой нихмӕ цидӕриддӕр цӕлхдортӕ лӕууй, уони» сӕттун (2 Кор. 10:5).
50 ЗАР Мӕхе дӕуӕн нивонд кӕнун
^ 5 абз. Алкӕбӕлдӕр ни бӕрӕг кӕнуй нӕ раздӕриккон цард, ци адӕни астӕу исгъомбӕл ан ӕма, ци ахур райстан, е. Ка ’й зонуй, рӕдуд гъудитӕ нӕ сӕри федар ниббадтӕнцӕ. Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, нӕ бон син ци ӕй бакӕнун, уобӕл.