29 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Цотӕ... цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ»
«Цотӕ ӕма мин ӕгас адӕнихӕттитӕй дӕр цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ» (МАТФ. 28:19).
60 ЗАР Уой фӕрци уодзӕй уонӕн цард
РАЗДЗУРД *
1, 2. а) Матфеййи 28:18–20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ киристон ӕмбурдӕн ӕ сӕйраг нисан ци ӕй? б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕ равзардзиан?
АПОСТОЛТӔ Галилейи къолӕбӕл ку ӕрӕмбурд ӕнцӕ, уӕд сӕ сӕри кунӕг берӕ гъудитӕ н’ адтӕй, уомӕн ӕма сӕмӕ уордӕмӕ Киристе фӕдздзурдта, ку райгас ӕй, уой фӕсте (Матф. 28:16). Ӕвӕдзи, «фондзсӕдӕ ӕнсувӕремӕй фулдӕрмӕ» дӕр гъе уӕд фӕззиндтӕй (1 Кор. 15:6). Цума сӕмӕ Йесо цӕмӕн фӕдздзурдта? Цӕмӕй син баихӕс кодтайдӕ еу ӕхсидзгӕ гъуддаг. Йесо син загъта: «Цотӕ ӕма мин ӕгас адӕнихӕттитӕй дӕр цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ». (Бакӕсӕ Матфеййи 28:18–20.)
2 Киристей дзурдтӕ ка фегъуста, еци ахуркӕнуйнӕгтӕй рауадӕй фиццаг ӕноси киристон ӕмбурд. Еци ӕмбурдӕн ӕ сӕйраг нисан адтӕй нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун *. Абони зӕнхӕбӕл мингай киристон ӕмбурдтӕ ес, ӕма уонӕн дӕр сӕ нисан е ӕй. Аци статьяй равзардзиан цуппар фарстай: ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги еугур киристӕнтти дӕр гъӕуй архайун? Ӕма нӕ фӕразондзийнадӕ цӕмӕн гъӕуй?
АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ?
3. Иоанни 14:6 ӕма 17:3 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
3 Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма ӕрмӕстдӕр Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ Иоанни 14:6; 17:3.) Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун устур ихӕс ӕй, фал нӕхе бӕрагӕ уагъд нӕ ан. Апостол Павел ӕхе, удта иннӕ киристӕнтти туххӕй финста: «Мах ан Хуцауи ӕмкосгутӕ» (1 Кор. 3:9). Мадта нӕ Йеговӕ ӕма Киристе дессаги кадӕй исхайгин кодтонцӕ!
исуодзӕнцӕ Хуцауи ӕмбӕлттӕ. Уомӕй уӕлдай ма Киристей ка фӕнзуй, уонӕн абони дӕр сӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ раййевуй, удта ӕносон царди нифсӕй исхайгин унцӕ. (Бакӕсӕ4. Иван ӕма Матильди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
4 Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайун устур цийнӕ хӕссуй. Ӕркӕсӕн, Колумбий ка цӕруй, еу уӕхӕн лӕг ӕма уосӕбӕл, Иван ӕма Матильдӕбӕл, ци цау ӕрцудӕй, уомӕ. Еухатт еу ӕригон лӕхъуӕнӕн игъосун кодтонцӕ, хундтӕй Давьер. Давьер син загъта: «Бӕргӕ мӕ фӕндуй раййевун, фал мӕ бон нӕй». Давьер адтӕй боксер, удта наркотиктӕбӕл фӕццӕфстӕй ӕма ниуазгӕ дӕр хъӕбӕр кодта. Уомӕй уӕлдай ма цардӕй ӕ уарзон Эрики хӕццӕ, коргӕ ’й нӕ ракодта, уотемӕй. Иван загъта: «Давьери хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтан. Идард гъӕуи ке цардӕй, уомӕ гӕсгӕ имӕ велосипедбӕл цӕуианӕ цалдӕр сахатти, лӕкъӕрдӕ нӕдтӕбӕл. Давьер куд ӕййивта, уомӕ кӕсгӕй ба Эрики дӕр бафӕндадтӕй Библи ахур кӕнун». Рӕстӕг рацудӕй ӕма Давьер ниууагъта ӕ наркотиктӕ, ниуӕзтӕ ӕма бокс, удта Эрики дӕр ӕрхудта. Матильдӕ зӕгъуй: «2016 анзи донаргъуд ку райстонцӕ, уӕд нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудтӕнцӕ Давьери дзурдтӕ, бӕргӕ мӕ фӕндуй раййевун, фал мӕ бон нӕй, зӕгъгӕ. Фур цийнӕй кӕугӕ кодтан». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ фӕууй, ескӕмӕн Киристей ахуркӕнуйнаг исунмӕ ку банхус кӕнӕн, уӕд!
АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУНМӔ ЦИ ХАУЙ
5. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг цӕмӕй идайуй?
5 Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг идайуй рӕстзӕрдӕ адӕни агорунӕй (Матф. 10:11). Алкӕмӕндӕр Йегови туххӕй ке дзорӕн, уомӕй ӕвдесӕн, ӕцӕгӕйдӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ан, уой. Киристей фӕдзӕхст ке ӕнхӕст кӕнӕн, гъома хуарз хабар ке игъосун кӕнӕн, уомӕй ба ӕвдесӕн, ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан, уой.
6. Цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр уӕн, уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй?
6 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еуӕй-еуетӕ ӕнцонтӕй райарази унцӕ Библи ахур кӕнунбӕл, фал берети ба фиццаг бакастӕй е гъӕугӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй. Уӕхӕн уавӕри, ӕвӕдзи, гъӕудзӕй байархайун, цӕмӕй адӕймаги фулдӕр базонун бафӕндӕуа. Уой туххӕй ба дӕ гъӕуй дӕхе дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнун. Дӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, адӕни фулдӕр цӕбӕл фӕффӕндуй радзорун, уобӕл. Уой фӕсте ба, дзубанди куд райдайдзӕнӕ, уобӕл расагъӕс кӕнун.
7. Дзубанди цӕмӕй ӕнгъезуй райдайун? Адӕймагмӕ лӕмбунӕг игъосун ӕма ин ӕ гъуди нимайун цӕмӕн гъӕуй?
7 Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй адӕймагӕн зӕгъун: «Ӕгас дуйней адӕн дӕр, зӕгъӕн ес, ӕма еци-еу зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ. Куд дӕмӕ кӕсуй, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр еу хецауадӕ ку адтайдӕ, уӕд нӕ цард хуӕздӕр н’ адтайдӕ?» Уой фӕсте ин дӕ бон ӕй бавдесун Данели 2:44 ӕма ибӕл радзубанди кӕнун. Ӕнгъезуй ма уотӕ дӕр райдайун: «Куд дӕмӕ кӕсуй, сувӕллони раст исгъомбӕл кӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй?» Уой фӕсте бакӕсӕ Дуккаг закъон 6:6, 7 ӕма ибӕл радзубанди кӕнӕ. Цийфӕнди темӕ ма равзарай, уӕддӕр фулдӕр сагъӕс кӕнӕ адӕнбӕл. Сагъӕс кӕнӕ, Библийӕй ци базондзӕнцӕ, е син куд банхус кӕндзӕй, уобӕл. Адӕймаги хӕццӕ ку дзорай, уӕд имӕ лӕмбунӕг игъосӕ ӕма ин ӕ гъуди нимайӕ. Уой фӕрци ӕй хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ, ӕма дӕмӕ, ка ’й зонуй, игъосгӕ дӕр бакӕндзӕй.
8. Адӕймагмӕ нӕуӕгӕй ӕма нӕуӕгӕй цӕун цӕмӕн гъӕуй?
8 Цалинмӕ адӕймаг Библи ахур кӕнунбӕл исарази уа, уӕдмӕти дӕ, ӕвӕдзи, берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъӕудзӕй, цӕмӕй имӕ нӕуӕгӕй ӕма нӕуӕгӕй цӕуай. Цӕмӕн? Адӕни хӕдзари баййафун ӕнцон нӕ фӕууй. Уомӕй уӕлдай ма дӕбӕл цӕмӕй адӕймаг исахур уа ӕма ’й дӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун бафӕндӕуа, уой туххӕй имӕ еу ӕма дууӕ хатти ӕрбацӕун нӕ багъӕудзӕй. Дидинӕг ку ниййаразай, уӕд ибӕл дон кӕнун гъӕуй, цӕмӕй исирӕза. Уотӕ адӕймаг дӕр, цӕмӕй Йегови ӕма Киристей бауарза, уой туххӕй ӕ хӕццӕ гъӕуй, Хуцауи Дзурди ци финст ес, уобӕл дзорун.
АХУРКӔНУЙНӔГТӔ ЦӔТТӔ КӔНУНИ ГЪУДДАГИ ӔГАС КИРИСТӔНТТӔ ДӔР ГЪӔУАМА АРХАЙОНЦӔ?
9, 10. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ агоруни гъуддаги алли киристони хъиамӕт дӕр ес?
9 Киристей ахуркӕнуйнаг исун ке бафӕндӕуа, уӕхӕн адӕни агорун алли киристони ихӕс дӕр ӕй. Еци куст ӕнгъезуй рабарун, ка фӕдздзӕгъӕл ӕй, уӕхӕн сувӕллони куд фӕййагорунцӕ, уой хӕццӕ. Еухатт еу 3-анздзуд сувӕллон фесавдӕй ӕма ’й агорунмӕ февналдтонцӕ еу 500 адӕймаги. 20 сахаттей фӕсте ӕй сӕ еу нартихуари будури иссирдта. Еци адӕймаг, уотӕ нӕ рагъуди кодта, ӕз ӕй иссирдтон, зӕгъгӕ, фал загъта: «Цалдӕр сӕдемӕй ӕй агурдтан ӕма ’й еумӕ иссирдтан».
10 Аци дуйней адӕнӕй дӕр беретӕ ӕнцӕ, ка фӕдздзӕгъӕл ӕй, уӕхӕн сувӕллони хузӕн – нециуавӕр нифс син ес ӕма сӕ фӕндуй, цӕмӕй син банхус кӕнонцӕ (Еф. 2:12). Ӕма уӕхӕн адӕни агорунбӕл архайунцӕ 8 милиуанӕй фулдӕр Йегови Ӕвдесӕни. Ка ’й зонуй, дӕхецӕн нӕма бантӕстӕй, Библи ахур кӕнун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги иссерун, фал уӕ территорий кӕмӕндӕрти ба е бантӕстӕй. Еске ни, Киристей фӕдбӕл цӕун ке фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги ку иссеруй, уӕд е ӕгасемӕндӕр устур цийнӕ ӕрхӕссуй, уомӕн ӕма ’й ӕмбурдемӕй дӕр агурдтан.
11. Библи ку неке хӕццӕ ахур кӕнай, уӕддӕр дӕ бон куд ӕй ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддагӕн дӕхе хъиамӕти хай дӕттун?
11 Библи ку неке хӕццӕ ахур кӕнай, уӕддӕр дӕ бон ӕй ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддагӕн дӕхе хъиамӕти хай дӕттун. Зӕгъӕн, ӕмбурдмӕ фиццаг хатт ка ’рбацӕуй, уонӕн зӕрдиагӕй салам раттун ӕма сӕмӕ естӕмӕй фӕккӕсун. Уотемӕй ӕй сӕхуӕдтӕ фӕууиндзӕнцӕ, ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан ӕма нӕ астӕу уарзондзийнадӕ ке ес (Иоан. 13:34, 35). Ӕмбурди цубур дзуӕппитӕ дӕр ку дӕттай, уӕд етӕ дӕр дӕумӕ кӕсгӕй исахур уодзӕнцӕ уӕздан ӕма хумӕтӕг дзурдтӕй дзорун, цӕбӕл ӕууӕндунцӕ, уой туххӕй. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй, нӕуӕг игъосунгӕнгути хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ дӕр фӕццӕун, цӕмӕй етӕ дӕр ахур кӕнонцӕ адӕни хӕццӕ дзоргӕй Библий стихтӕй пайда кӕнун. Уотӕ ку кӕнай, уӕд етӕ дӕр ахур кӕндзӕнцӕ Киристей фӕнзунбӕл (Лук. 10:25–28).
12. Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ цӕхуӕндӕр дессаги искурдиӕдтӕ гъӕуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
12 Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ цӕхуӕндӕр дессаги искурдиӕдтӕ нӕ гъӕуй. Зӕгъӕн, Фаустинӕ цӕруй Боливий, ӕма Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ ку базонгӕ ӕй, уӕд кӕсун дӕр нӕ зудта. Нур кӕсуй, фал хъӕбӕр зинтӕй. Фаустинӕ донаргъуд райста ӕма цийнӕгӕнгӕй иннетӕн рӕстдзийнадӕ амонуй. Алли къуӕре дӕр Библи ахур кӕнуй фондз адӕймагей хӕццӕ. Ӕма кӕд сӕ фулдӕр Фаустинӕй хуӕздӕр кӕсунцӕ, уӕддӕр еци хуӕри фӕрци фондз адӕймаги донаргъуд райстонцӕ (Лук. 10:21).
13. Цийфӕнди зинӕй дӕр ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ рӕстӕг ку агорӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?
13 Киристӕнттӕй беретӕн аллихузи ихӕстӕ ес. Фал уӕддӕр рӕстӕг иссерунцӕ адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнунмӕ, ӕма син е устур цийнӕ хӕссуй. Еу хуӕрӕ Мелӕни цӕруй Аляски минкъий горӕти. Ӕ 8-анздзуд кизги еунӕгӕй гъомбӕл кодта, ӕгас бон куста, удта ма раккӕй сӕйгӕ фидӕмӕ дӕр кастӕй. Еци горӕти Йегови Ӕвдесӕн еунӕг Мелӕни адтӕй ӕма ’й хъӕбӕр фӕндадтӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кодтайдӕ, уӕхӕн еске иссерун. Уомӕ гӕсгӕ Йеговӕмӕ кувта, цӕмӕй ин еци уазалти дӕр игъосун кӕнунмӕ хъауритӕ равардтайдӕ. Уотемӕй кӕддӕр-некӕд Мелӕни базонгӕ ’й Сари хӕццӕ. Сарӕ хъӕбӕр цийнӕ кодта, Хуцауӕн ном ке ес, уой
ку базудта, уӕд. Рӕстӕг рацудӕй ӕма Библи ахур кӕнунбӕл дӕр исарази ӕй. Мелӕни зӕгъуй: «Алли майрӕнбон дӕр мӕ кизги хӕццӕ Библий ахурмӕ цудан, кӕд фур фӕлладӕй мӕ къӕхтӕбӕл туххӕй лӕууинӕ, уӕддӕр. Е нӕ дууемӕн дӕр устур пайда ӕрхаста. Сарӕмӕ берӕ фарстатӕ адтӕй ӕма ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй еци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ агорун. Йеговӕмӕ куд хӕстӕгдӕр кодта, уой уингӕй мӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй!» Сарӕн ӕ нихмӕ дӕр цудӕнцӕ, фал уӕддӕр нӕ басастӕй, ӕ аргъауӕнӕй рандӕ ’й ӕма донаргъуд райста.ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ НӔ ЦӔМӔН ГЪӔУЙ
14. а) Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг кӕсалгахӕссӕги кусти хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? б) Павел 2 Тимофеймӕ 4:1, 2 ке ниффинста, еци дзурдтӕ уӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
14 Уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма дӕ хъиамӕт неци тиллӕг хӕссуй, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма уадзӕ, фал идарддӕр дӕр архайӕ. Киристе ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг рабарста кӕсалгахӕссӕги кусти хӕццӕ. Кӕсалгахӕссӕги арӕх берӕ хезун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ести ниййахӕсса. Уой туххӕй ӕй фӕгъгъӕуй ӕмбесӕхсӕвӕ кенӕ сӕумӕцъӕхӕй рацӕун, хатгай ба ӕй билӕй идардмӕ банакӕ кӕнун дӕр багъӕуй (Лук. 5:5). Уотӕ еуӕй-еу игъосунгӕнгутӕ дӕр фӕразонӕй берӕгай сахӕттӕ «кӕсалгдзауӕн» кӕнунцӕ, аллихузи рӕстӕг ӕма аллихузи бунӕтти игъосун кӕнгӕй. Уотемӕй син адӕни хӕццӕ радзорунмӕ фулдӕр фадуӕттӕ фӕууй. Уӕлдай зингзӕрдӕ ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ арӕх иссерунцӕ, рӕстдзийнадӕ базонун ке фӕффӕндуй, уӕхӕн адӕни. Дӕу бон ба н’ адтайдӕ, фулдӕр адӕн сӕ хӕдзӕртти ку фӕуунцӕ, еци рӕстӕг игъосун кӕнун, кенӕ ба сӕ ӕнцондӕр иссерӕн кӕми ӕй, уӕхӕн рауӕнти? (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 4:1, 2.)
15. Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй фӕразон ун цӕмӕн гъӕуй?
15 Адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй фӕразон ун цӕмӕн гъӕуй? Мах фӕндуй, цӕмӕй адӕймаг Библий ахурӕдтӕ базона ӕма сӕ бауарза, фал уомӕй сӕйрагдӕр ба ӕй, цӕмӕй бауарза, Библи нин ка равардта, еци Хуцау Йегови. Уомӕй уӕлдай ма нӕ гъӕуй адӕймагӕн балӕдӕрун кӕнун, Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ци ниффӕдзахста, уой, удта еци фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнун куд гъӕуй, уой дӕр. Гъӕуама ин фӕразонӕй ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй ӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ӕййевун райдайа. Кӕмӕндӕр, ӕ зундахаст ӕма ӕ гъуддӕгтӕ раййевунмӕ къуар мӕйи дӕр фагӕ фӕууй, кедӕрти ба дзӕвгарӕ фулдӕр рӕстӕг фӕгъгъӕуй.
16. Рауль ци хабар радзурдта, е дӕ цӕбӕл ахур кӕнуй?
16 Перуй ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн миссионер ӕнсувӕр еу хабар радзурдта: «Раули хӕццӕ Библи ахур кодтон ӕма дууӕ киунуги дӕр фӕцан, фал ин е уӕддӕр ӕ цард раййевунмӕ нӕ банхус кодта. Ӕ бийнонти хӕццӕ нӕ федудта, лӕгъуз цъухӕй дзурдта, удта ’й ӕ сувӕллӕнттӕ дӕр нецӕмӕ дардтонцӕ. Фал ӕмбурдтӕмӕ ке цудӕй, уомӕ гӕсгӕ имӕ уӕддӕр цудтӕн ӕма ин ӕхецӕн дӕр, удта ӕ бийнонтӕн дӕр банхус кӕнунбӕл архайдтон. Фиццаг хатт ку фембалдан, уӕдӕй ӕртӕ анземӕй фулдӕр рацудӕй, цалинмӕ донаргъуд райсунмӕ не ’рцӕттӕ ’й, уӕдмӕ».
17. Иннӕ статьяй цӕбӕл радзордзиан?
17 Йесо нин бафӕдзахста: «Цотӕ ӕма мин ӕгас адӕнихӕттитӕй дӕр цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ». Аци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнгӕй арӕх исӕмбӕлӕн, махӕй хъӕбӕр ка хецӕн кӕнуй, уӕхӕн адӕнбӕл. Беретӕ си Хуцаубӕл не ’ууӕндунцӕ ӕма сӕ нецӕхуӕн динӕй фӕндуй ун. Иннӕ статьяй радзордзиан, уӕхӕн адӕни хӕццӕ куд дзоргӕ ’й, уобӕл.
68 ЗАР Итауӕн Паддзахади муггаг
^ 5 абз. Киристон ӕмбурдӕн ӕ сӕйраг нисан ӕй адӕнӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ исуонцӕ. Аци статьяй базондзиан, еци гъуддаг ӕнхӕст кӕнунмӕ нин ка банхус кӕндзӕй, уӕхӕн унаффитӕ.
^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ: Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ, Йесо цӕбӕл ахур кодта, уой базонунӕй уӕлдай ма, ци базудтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ цӕргӕ дӕр кӕнунцӕ. Етӕ ӕгас хъауритӕй архайунцӕ, цӕмӕй Киристей къахвӕдтӕбӕл цӕуонцӕ, ӕма ’й алли гъуддаги дӕр фӕнзонцӕ (1 Пет. 2:21).