Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Алцӕй туххӕй дӕр арфӕ кӕнтӕ»

«Алцӕй туххӕй дӕр арфӕ кӕнтӕ»

ДӔХЕ боззӕрдӕ адӕймагбӕл нимайис? Аци фарстабӕл алкедӕр гъӕуй расагъӕс кӕнун. Библий нӕ рӕстӕги туххӕй раги финст ӕрцудӕй, беретӕ «хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун нӕ зондзӕнцӕ», зӕгъгӕ (2 Тим. 3:2). Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма иннетӕ ихӕсгин ӕнцӕ, цӕмӕй син еститӕ дӕттонцӕ ӕма син ӕнхус кӕнонцӕ. Фал боз ке гъӕуама уонцӕ, е ба сӕ сӕри къуми дӕр нӕ фӕууй. Ӕвӕдзи, ду дӕр уӕхӕн адӕни зонис. Адӕймаги уӕхӕнттӕмӕ хӕстӕг цӕун дӕр нӕ фӕффӕндуй.

Фал Йеговӕ ба ӕ лӕггадгӕнгутӕн зӕгъуй: «Боз уотӕ». Мах гъӕуама «алцӕй туххӕй дӕр арфӕ кӕнун» зонӕн (Кол. 3:15; 1 Фес. 5:18). Хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун ку зонӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр пайда уодзӕй. Кутемӕй? Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

БОЗЗӔРДӔ КУ УӔН, УӔД НӔХЕЦӔН ДӔР АРГЪ КӔНДЗИАН

Боззӕрдӕ ку уӕн, уӕд е нӕхецӕн дӕр пайда уодзӕй, уомӕн ӕма уӕд нӕхецӕн фулдӕр аргъ кӕндзиан. Ескӕмӕн ӕ хуарздзийнади туххӕй ку райарфӕ кӕнӕн, уӕд айдагъ еци адӕймагӕн ӕхцӕуӕн нӕ фӕууй, фал нӕхецӕн дӕр. Расагъӕс кӕнӕ: ести хуарздзийнадӕ дин ку ракӕнунцӕ, уӕд дин е уобӕл дзорӕг нӕ фӕууй, ӕма уой аккаг дӕ, цӕмӕй еске дӕу туххӕй ӕхе батухсун кӕна? Уотемӕй дӕхецӕн фулдӕр аргъ кӕнун райдайис. Зӕгъӕн, Вооз Руфӕн ку банхус кодта, уӕд Руфӕн, ӕвӕдзи, хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтай, кадӕр ибӕл уотӕ ке батухстӕй, е (Руф 2:10–13).

Уӕлдайдӕр ба гъӕуама боз уӕн Хуцауӕй. Ӕвӕдзи, арӕх расагъӕс кӕнис, Йеговӕ нин цӕйбӕрцӕ хуарздзийнӕдтӕ искодта ӕма кӕнуй, уобӕл (Дук. з. 8:17, 18; Гъуд. 14:17). Фал хуарз уайдӕ рӕстӕг хецӕн кӕнун, Хуцау дин дӕхе дӕр ӕма дӕ бийнонти дӕр цӕйбӕрцӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, уобӕл арфдӕр расагъӕс кӕнумӕ. Не Сфӕлдесӕг куд хуарз ӕма куд рӕдау ӕй, уобӕл арф ку сагъӕс кӕнай, уӕд ин ӕ хуарздзийнӕдтӕн никки фулдӕр аргъ кӕндзӕнӕ. Удта хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ, куд берӕ дӕ уарзуй ӕма дин куд хъӕбӕр аргъ кӕнуй, уой (1 Иоан. 4:9).

Фал Йегови хуарздзийнӕдтӕбӕл сагъӕс кӕнунӕй уӕлдай ма ин гъӕуама еци хуарздзийнӕдти туххӕй арфӕ дӕр кӕнӕн (Пс. 100:4, 5). Куд фӕззӕгъунцӕ, уотемӕй арфӕ кӕнун ка зонуй, еци адӕймаг амондгун адӕймаг ӕй.

ИННЕТӔЙ БОЗ КУ УӔН, УӔД НӔ Е КӔРӔДЗЕБӔЛ ХЪӔБӔРДӔР БӔТДЗӔЙ

Иннетӕй ма гъӕуама боз уӕн, е нӕ кӕрӕдзебӕл ке бӕттуй, уой туххӕй дӕр. Алкедӕр фӕндуй, цӕмӕй ин аргъ кӕнонцӕ. Еске дин хуарздзийнадӕ ку искӕнуй ӕма ин зӕрдиагӕй ку райарфӕ кӕнис, уӕд кӕрӕдземӕ никкидӕр фенгомдӕр уотӕ (Ром. 16:3, 4). Уомӕй уӕлдай ма хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун ка фӕззонуй, уони сӕхе дӕр фӕффӕндуй иннетӕн хуарздзийнадӕ кӕнун ӕма син ӕнхус кӕнун. Иннетӕн ка фенхус кӕнуй, е ба амондгун фӕууй. Йесо Киристе дӕр загъта: «Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуд. 20:35).

Роберт Эммонс, Калифорний университети профессор, уотӕ загъта: «Цӕмӕй алцӕй туххӕй дӕр боз уӕн, уой туххӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, адӕнӕн ӕнӕ кӕрӕдземӕй цӕрӕн ке нӕййес, уой. Уӕд мах фӕддӕттӕн, уӕд махӕн фӕддӕттунцӕ». Цӕмӕй цӕрӕн ӕма амондгун уӕн, уой туххӕй нӕ иннети ӕнхус берӕ гъуддӕгти фӕгъгъӕуй. Зӕгъӕн, кедӕрти фӕрци нин ес хуӕруйнаг, дохтиртӕ ба нӕ дзӕбӕх кӕнунцӕ (1 Кор. 12:21). Иннетӕй боз ка фӕууй, уӕхӕн адӕймаг аргъ фӕккӕнуй, хуарзӕй ин ка ци ракӕнуй, уомӕн. Ду ба иннетӕн алкӕддӕр райарфӕ кӕнис, хуарзӕй дин ести ку ракӕнунцӕ, уӕд?

БОЗЗӔРДӔ КУ УӔН, УӔД ЦАРДӔЙ ДӔР ЗӔРДӔРОХС УОДЗИАН

Боззӕрдӕ ма никкидӕр уой туххӕй гъӕуама уӕн, ӕма уотемӕй фулдӕр фӕссагъӕс кӕнӕн, хуарз ци ӕй уобӕл, лӕгъуз ци ӕй, уобӕл нӕ, фал. Зӕгъӕн ес, ӕма нӕ сӕримагъз фильтри хузӕн ӕй. Нӕ бон ӕй, нӕ алливарс ци уинӕн, уонӕй цӕмӕдӕрти не ’ргом раздахун, цӕбӕлдӕрти ба райевгъуйун. Уотӕ иннетӕй боз ку фӕууӕн, уӕд фулдӕр хуарз цидӕртӕ уиндзиан. Иннетӕн сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй куд арӕхдӕр арфӕ кӕнай, уотӕ ’й хуӕздӕр уиндзӕнӕ, хуарзӕй ци кӕнунцӕ, уой, ӕма уой фӕрци ба хуарздзийнадӕн никки фулдӕр аргъ кӕндзӕнӕ. Хуарздзийнадӕн аргъ кӕнун ку зонай, уӕд дӕ бон уодзӕй, апостол Павел куд загъта, уотӕ кӕнун: «Хецауи хӕццӕ еудзийнади ке айтӕ, уомӕ гӕсгӕ алкӕддӕр цийнӕ кӕнтӕ» (Фил. 4:4).

Боззӕрдӕ адӕймагӕн лӕгъуз сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун ӕнцондӕр фӕууй, уомӕн ӕма соцъа некӕмӕ фӕккӕнуй, удта ӕ зӕрди маст некӕмӕ фӕддаруй. Уомӕй уӕлдай ма боззӕрдӕ адӕймаг мулк ӕмбурд кӕнунбӕл дӕр нӕ фӕууй. Ци ин ес, уомӕй арази фӕууй ӕма зудӕ некӕд фӕккӕнуй (Фил. 4:12).

ДӔ АРФӔДЗИЙНӔДТӔБӔЛ САГЪӔС КӔНӔ!

Аци фӕстаг бӕнтти берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн ӕма ’й зонӕн, Сайтани уотӕ ке фӕндуй, цӕмӕй нӕ нифс басӕтта ӕма нӕ къохтӕ ӕруадзӕн. Хъӕбӕр ӕй фӕндуй, цӕмӕй нӕ зундахаст лӕгъузӕрдӕмӕ раййева ӕма алцӕбӕлдӕр дугъ-дугъ кӕнӕн. Ӕма киристон уӕхӕн зундбӕл хуӕст ку уа, уӕд ӕ бон нӕ уодзӕй хуарз хабар ӕнтӕстгунӕй игъосун кӕнун. Боззӕрдӕдзийнадӕ ӕнгом баст ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ка хауй, еци менеугути хӕццӕ. Зӕгъӕн, мах фӕццийнӕ кӕнӕн, Хуцау нин ци хуарздзийнадӕ искӕнуй, уобӕл, удта ин е ’гас зӕрдӕвӕрдтӕбӕл дӕр ӕууӕндӕн (Гал. 5:22, 23).

Куд Йегови Ӕвдесӕн, уотӕ, ӕвӕдзи, арази дӕ, аци статьяй ци гъудитӕ ес, уони хӕццӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнцон нӕй, алкӕддӕр боззӕрдӕ ун ӕма ӕдзох цардбӕл цийнӕ кӕнун. Фал дӕ нифс ма басӕттӕд. Дӕ бон ӕй иннети хуарздзийнадӕн аргъ кӕнунбӕл ахур кӕнун. Алли бон дӕр рӕстӕг хецӕн кӕнӕ, цӕмӕй, боз цӕй туххӕй гъӕуама уай, уобӕл расагъӕс кӕнай. Уотӕ арӕхдӕр ку кӕнай, уӕд дин хуӕздӕр уайдзӕй иннетӕн сӕ хуарздзийнӕдти туххӕй арфӕ кӕнун. Ӕма уӕд ӕрмӕстдӕр царди зиндзийнӕдтӕбӕл ка фӕссагъӕс кӕнуй, уонӕй берӕ амондгундӕр уодзӕнӕ. Сагъӕс кӕнӕ, Хуцау дӕр ӕма дин иннетӕ дӕр ци хуарздзийнӕдтӕ кӕнунцӕ, уобӕл, удта еци хуарздзийнӕдти фӕрци дӕ нифс куд бафедар уй ӕма дӕ зӕрдӕ цийнӕй куд байдзаг уй, уобӕл. Кӕд дӕ фӕндуй, уӕд сӕ финсгӕ дӕр никкӕнӕ. Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй алли бон дӕр финсун, бонидӕргъи боз цӕй туххӕй адтӕ, уӕхӕн дууӕ кенӕ ӕртӕ гъуддаги.

Ахургӕндтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ, уотемӕй, иннетӕн арӕхдӕр ку фӕййарфӕ кӕнӕн, уӕд е нӕ сӕримагъзи кустбӕл дӕр хуарзӕрдӕмӕ рабӕрӕг уй, гъома царди хуарзӕй ци ес, уой уинун райдайӕн. Боззӕрдӕ адӕймаг амондгундӕр фӕууй. Мадта дӕ арфӕдзийнӕдтӕбӕл сагъӕс кӕнӕ, ци хуарз хабӕрттӕ дӕбӕл ӕрцӕуй, уонӕбӕл цийнӕ кӕнӕ ӕма иннетӕй алкӕддӕр боз уо! Дӕ царди хуарзӕй ци ес, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй ма кӕсӕ, фал «арфӕ кӕнӕ Йеговӕн, уомӕн ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ». Гъо, «алцӕй туххӕй дӕр арфӕ кӕнӕ» (1 Анз. 16:34; 1 Фес. 5:18).