Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

17 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови ӕнхуси фӕрци сайтӕнтти нихмӕ федар лӕууӕ

Йегови ӕнхуси фӕрци сайтӕнтти нихмӕ федар лӕууӕ

«Махӕн нӕ тох [ӕй]... аци талингӕ дуйней хецӕутти нихмӕ, уӕлӕрвти ка ӕй, еци фудгӕнӕг изӕдти нихмӕ» (ЕФ. 6:12).

55 ЗАР Ма си тӕрсетӕ!

РАЗДЗУРД *

1. Ефесӕгтӕмӕ 6:10–13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕбӕл Йеговӕ куд тухсуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

ЙЕГОВӔ нӕбӕл аллихузи дӕр тухсуй. Зӕгъӕн, ӕнхус нин кӕнуй, цӕмӕй нӕ фуддӕр знӕгти, Сайтани, ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти нихмӕ федар лӕууӕн. Лӕдӕрун нин ӕй кӕнуй, цӕмӕй тӕссаг ӕнцӕ, уой, ӕма нин сӕ хӕццӕ тох кӕнунмӕ алцидӕр дӕттуй. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 6:10–13.) Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн ӕма си ӕнхус ку агорӕн, уӕд Сайтани нихмӕ федар фӕллӕудзиан. Ӕма мах бон дӕр уодзӕй апостол Павели хузӕн федарӕй зӕгъун: «Кӕд Хуцау нӕ хӕццӕ ӕй, уӕд нӕ нихмӕ ка уодзӕй?» (Ром. 8:31).

2. Аци статьяй ци базондзиан?

2 Ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ нӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст хабӕрттӕ деси не ’фтаунцӕ. Мах фиццагидӕр фӕндуй Йегови туххӕй фулдӕр базонун ӕма ин лӕггадӕ кӕнун (Пс. 25:5). Фал нӕ уӕддӕр гъӕуй зонун, Сайтан адӕни куд сайуй, уой, цӕмӕй махбӕл дӕр хийнӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:11). Аци статьяй базондзиан, Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ тӕккӕ арӕхдӕр цӕхуӕн скъӕппӕгӕй фӕппайда кӕнунцӕ ӕма нӕ бон куд ӕй сӕ нихмӕ фӕллӕуун.

САЙТӔНТТӔ АДӔНИ КУД САЙУНЦӔ

3, 4. а) Спиритизм ци ӕй? б) Спиритизм куд парахат ӕй?

3 Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ кӕмӕй фӕппайда кӕнунцӕ, еци скъӕппӕгутӕй ма сӕ еу ӕй спиритизм. Еци гъуддӕгтӕ ка кӕнуй, уонӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма, иннетӕ ци нӕ зонунцӕ, уой атӕ зонунцӕ кенӕ, иннети барӕ цӕбӕл нӕ цӕуй, уобӕл ани барӕ цӕуй. Зӕгъӕн, уотӕ фӕззӕгъунцӕ, ӕма дӕсни фӕрсуни, удта астрологий фӕрци сӕ бон ӕй федӕни хабӕрттӕ радзорун. Кадӕртӕ ба сӕхе уотӕ февдесунцӕ, цума мӕрдти хӕццӕ дзорунцӕ. Ес ма, адӕймагӕн ниххинттӕ кӕнун ке бон ӕй, уӕхӕнттӕ дӕр *.

4 Цума спиритизм куд парахат ӕй? Бӕрӕггӕнӕнтӕ куд бавдистонцӕ, уомӕ гӕсгӕ Латинаг Америки ӕма Кариби денгизи 18 бӕстеми ци адӕн цӕруй, уонӕн се ’ртиккаг хай ӕууӕндунцӕ хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсунбӕл, удта мӕрдти хӕццӕ дзорӕн ке ес, уобӕл. Африки 18 бӕстеми ци адӕн цӕруй, уонӕн ба сӕ фулдӕр ӕрдӕг ӕууӕндунцӕ, хинттӕн устур хъаурӕ ке ес, уобӕл. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, кӕмифӕнди ма цӕрӕн, уӕддӕр гъӕуама уӕхӕн гъуддӕгтӕй нӕхе гъӕуай кӕнӕн, уомӕн ӕма Сайтан «зӕнхӕбӕл ӕгас адӕни дӕр... сайуй» (Рарг. 12:9).

5. Йеговӕ хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсунмӕ ци цӕстӕй кӕсуй?

5 Йеговӕ «рӕстдзийнади Хуцау» ӕй (Пс. 31:5). Цума Йеговӕ спиритизммӕ ци цӕстӕй кӕсуй? Е ’сӕфт си уинуй! Йеговӕ израилӕгтӕн загъта: «Уе ’хсӕн гъӕуама ма уа уӕхӕн адӕймаг, ӕ фурти кенӕ ӕ кизги арти ка басугъта, дӕсни ка фӕрсуй, кӕлӕнтӕ ка кӕнуй, нисӕнттӕ ка ихалуй, хинттӕ ка кӕнуй ӕма, мӕрдти хӕццӕ ка дзоруй, уони хӕццӕ ка цӕуй, федӕни ци уодзӕй, уони ка дзоруй кенӕ мӕрдти ка фӕрсуй. Уӕхӕн миутӕ кадӕриддӕр кӕнуй, е Йегови цӕсти илгъаг ӕй» (Дук. з. 18:10–12). Киристӕнттӕ, израилӕгтӕн ци закъон лӕвӕрд адтӕй, уой дӕлбарӕ нӕ ’нцӕ. Фал Йеговӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун нӕ райдӕдта (Мал. 3:6).

6. а) Спиритизммӕ ка хауй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ тӕссаг цӕмӕн ӕнцӕ? б) Екклесиаст 9:5 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ?

6 Йеговӕ нӕ фӕдзӕхсуй, цӕмӕй спиритизммӕ ка хауй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй нӕхе гъӕуай кӕнӕн, уомӕн ӕма ’й зонуй, Сайтан еци гъуддӕгти фӕрци адӕнӕн цӕйбӕрцӕ зиан ӕрхаста, уой. Сайтан архайуй, цӕмӕй адӕн ӕууӕндонцӕ, мӕрдти цидӕр ке ес, уобӕл. (Бакӕсӕ Екклесиаст 9:5.) Уомӕй уӕлдай ма ин спиритизми фӕрци ӕнтӕсуй адӕнбӕл тас ӕфтаун, ӕма сӕ Йеговӕй никки идарддӕр кӕнун. Уотӕ ’й фӕндуй, цӕмӕй, дӕсни ка фӕрсуй, етӕ сӕ зӕрдӕ сайтӕнттӕбӕл даронцӕ, Йеговӕбӕл нӕ, фал.

НӔ БОН КУД ӔЙ САЙТӔНТТӔЙ НӔХЕ БАГЪӔУАЙ КӔНУН

7. Йеговӕ нин ци лӕдӕрун кӕнуй?

7 Минкъий раздӕр куд загътан, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ лӕдӕрун кӕнуй, ци кӕнун нӕ гъӕуй, цӕмӕй Сайтани мӕнгӕттӕй нӕхе багъӕуай кӕнӕн. Ӕркӕсӕн, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ искӕнун гъӕуй, уомӕ.

8. а) Сайтӕнтти нихмӕ фӕллӕуунмӕ нин фиццагидӕр ци банхус кӕндзӕй? б) Псалом 146:4 финст дзурдтӕ Сайтани мӕнгӕттӕ мӕрдти туххӕй куд ӕргом кӕнунцӕ?

8 Хуцауи Дзурд кӕсӕ ӕма ибӕл сагъӕс кӕнӕ. Сайтани мӕнгӕттӕй нӕхе багъӕуай кӕнунмӕ нин амӕй хуӕздӕр мадзал нӕййес. Библи хъӕмай хузӕн Сайтани мӕнгӕттӕ Хуцауи рӕстдзийнадӕй рахецӕн кӕнуй (Еф. 6:17). Зӕгъӕн, Хуцауи Дзурди ӕргом финст ӕй, мӕрдти бон уодӕгӕсти хӕццӕ дзорун ке нӕй. (Бакӕсӕ Псалом 146:4.) Уомӕй уӕлдай ма нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, федӕни ци уодзӕй, уой ӕрмӕстдӕр Йегови бон ке ӕй раргом кӕнун (Ис. 45:21; 46:10). Библи алли бон дӕр ку кӕсӕн ӕма ибӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд Сайтани мӕнгӕттӕй не ’сӕфт уиндзиан ӕма си нӕхе еуварс дардзиан.

9. Нӕхе еуварс цӕмӕй дарӕн?

9 Хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсуни хӕццӕ цидӕриддӕр баст ӕй, уомӕй уӕхе хезетӕ. Ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсуни хӕццӕ цидӕриддӕр баст ӕй, уомӕй нӕхе еуварс дарӕн. Зӕгъӕн, мӕрдти хӕццӕ ка фӕдздзоруй, уӕхӕн дӕснитӕмӕ нӕ фӕццӕуӕн. Удта мӕрдти цидӕр ке ес, уобӕл ка ӕууӕндуй, етӕ ци ӕгъдӕуттӕ фӕккӕнунцӕ, уони дӕр нӕ кӕнӕн. Уой туххӕй дзурдтан айразиккон статьяй. Уомӕй уӕлдай ма федӕни ци уодзӕй, уобӕл дӕснитӕ ӕма астрологти нӕ фӕффӕрсӕн (Ис. 8:19). Мах ӕй лӕдӕрӕн, е хъӕбӕр тӕссаг ке ӕй, уомӕн ӕма уотемӕй нӕхе сайтӕнтти дӕлбарӕ кӕнӕн.

Фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн ду дӕр ракалӕ, хинттӕ, дӕсни фӕрсун ӕма кӕлӕнти хӕццӕ баст дзаумӕуттӕй дӕмӕ цидӕриддӕр ес, уони, удта дӕхе хезӕ, уӕхӕн гъуддӕгтӕ кӕми ес, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕй (кӕсӕ 10–12 абзацтӕ)

10, 11. а) Ефеси цӕргутӕй рӕстдзийнадӕ ка базудта, етӕ ци бакодтонцӕ? б) 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:21 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ фиццаг ӕноси киристӕнтти цӕмӕн гъӕуама фӕнзӕн ӕма сӕ нӕ бон куд ӕй фӕнзун?

10 Хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсуни хӕццӕ цидӕриддӕр баст ӕй, еци дзаумӕуттӕ ракалетӕ. Фиццаг ӕноси Ефеси цӕргутӕй беретӕ кӕлӕнтӕ кодтонцӕ. Фал рӕстдзийнадӕ ку базудтонцӕ, уӕд федарӕй архайун райдӕдтонцӕ. Гъуддӕгти 19:19 уой туххӕй финст ӕй: «Дӕснифӕрсгутӕй ба беретӕ сӕ киунугутӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕма сӕ се ’гасей рази басугътонцӕ». Етӕ ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй сӕхе райеуварс кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Сӕ киунугутӕ аслан киунугутӕ н’ адтӕнцӕ, фал Ефеси киристӕнттӕ, кӕмӕн сӕ рауӕйӕ кӕнонцӕ кенӕ сӕ кӕмӕн балӕвар кӕнонцӕ, уобӕл нӕ сагъӕс кодтонцӕ, фал сӕ басугътонцӕ. Етӕ фиццагидӕр сагъӕс кодтонцӕ, Йегови зӕрдӕ куд барохс кӕнонцӕ, уобӕл, сӕ киунугутӕ куд хъазардӕр рауӕйӕ кӕнонцӕ, уобӕл нӕ, фал.

11 Нӕ бон куд ӕй еци киристӕнтти фӕнзун? Кӕд дӕмӕ хинттӕ ӕма дӕсни фӕрсуни хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн дзаумӕуттӕй ести ес, уӕд сӕ ракалӕ. Уонӕмӕ хаунцӕ амулеттӕ, талисмантӕ ӕма адӕн сӕхе сайтӕнттӕй багъӕуай кӕнунмӕ кӕмӕй фӕппайда кӕнунцӕ, ӕндӕр уӕхӕн дзаумӕуттӕ. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:21.)

12. Цӕхуӕн фарстати фӕрци нӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, цӕхуӕн ерхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн, уобӕл?

12 Дӕ ерхӕфсӕнтӕбӕл расагъӕс кӕнӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Кӕлӕнтӕ кӕнуни туххӕй журналтӕ кенӕ интернети статьятӕ нӕ фӕккӕсун? Ци зартӕмӕ фегъосун, ци кинотӕ ӕма передачитӕмӕ фӕккӕсун кенӕ ци видеогъӕзтитӕй фӕгъгъазун, уонӕй ба ци ес зӕгъӕн? Вампиртӕ, зомбитӕ кенӕ ести ӕнахур хабӕртти туххӕй нӕ ’нцӕ? Дӕсни фӕрсун кенӕ хинттӕ кӕнун си дессаги цӕбӕлдӕр нимад нӕй? Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнахур хабӕрттӕ кенӕ аргъӕуттӕ ӕвдист кӕми цӕуй, еци ерхӕфсӕнтӕ еугурӕйдӕр сайтӕнтти хӕццӕ баст нӕ ’нцӕ. Ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй дӕхе хезӕ, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уинуй, уомӕй. Цӕмӕй нин Йегови рази кӕдзос цӕсгон уа, уой туххӕй гъӕуй ӕгас хъауритӕй архайун (Гъуд. 24:16) *.

13. Нӕхе цӕмӕй гъӕуама хезӕн?

13 Сайтӕнтти хӕццӕ хабӕрттӕ ма дзорӕ. Еци гъуддаги нӕ фӕндуй Йесо Киристей фӕнзун (1 Пет. 2:21). Зӕнхӕмӕ ӕрцӕуни размӕ Йесо уӕлӕрвти цардӕй, ӕма Сайтани, удта ӕ лӕгъуз изӕдти туххӕй берӕ цидӕртӕ зудта. Фал син сӕ хабӕрттӕ некӕд кодта. Йесой фӕндадтӕй адӕнӕн Йегови туххӕй дзорун, Сайтани туххӕй нӕ, фал. Мах дӕр Киристей ку фӕнзӕн, уӕд сайтӕнтти хабӕрттӕ нӕ парахат кӕндзиан, фал архайдзиан, цӕмӕй «[нӕ] цъухӕй цӕуа зунди дзурдтӕ», гъома рӕстдзийнади хабӕрттӕ (Пс. 49:3).

Мах сайтӕнттӕй тӕрсун нӕ гъӕуй. Йеговӕ, Йесо ӕма изӕдтӕ уонӕй берӕ хъаурӕгиндӕр ӕнцӕ (кӕсӕ 14 ӕма 15 абзацтӕ) *

14, 15. а) Сайтӕнттӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй? б) Йеговӕ ӕ адӕни ке гъӕуай кӕнуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

14 Сайтӕнттӕй ма тӕрсетӕ. Аци дуйней цӕргӕй ни фидбилизӕй, незтӕй кенӕ мӕлӕтӕй хизт неке ӕй. Уомӕ гӕсгӕ алци сайтӕнтти фуд кӕнун нӕ гъӕуй. Библий финст ӕй: «Кӕд кӕбӕл ци ’рцӕудзӕй, уой неке зонуй» (Еккл. 9:11). Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр Йеговӕмӕ сайтӕнттӕй берӕ фулдӕр хъаурӕ ес. Зӕгъӕн, Сайтани нӕ бауагъта Иови рамарун (Иов 2:6). Моисеййи рӕстӕг ба Йеговӕ ӕ хъаурӕ бавдиста, кӕлӕнтӕ ка кодта, еци египеттаг дзиуарилӕгтӕбӕл (Рац. 8:18; 9:11). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти ӕ Фурти дӕлбарӕ бакодта, ӕма сӕ Йесо уӕлӕрвтӕй зӕнхӕмӕ ӕргӕлста. Тагъд рӕстӕги ба Йесо Сайтани ӕма ӕ лӕгъуз изӕдти дӕлзӕнхӕмӕ ниггӕлдздзӕй ӕма зиан некӕмӕнбал хӕсдзӕнцӕ (Рарг. 12:9; 20:2, 3).

15 Йеговӕ ӕ адӕни ке гъӕуай кӕнуй, уомӕн берӕ бӕлвурдгӕнӕнтӕ ес. Расагъӕс кӕнӕ: мах ӕгас дуйнебӕл дӕр хуарз хабар игъосун кӕнӕн ӕма адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амонӕн (Матф. 28:19, 20). Уотемӕй Сайтани цъамар миутӕ адӕнӕн ӕргом кӕнӕн. Ӕма нин нӕ куст бӕргӕ ӕрлӕуун кодтайдӕ, фал ин уӕхӕн бартӕ нӕййес. Уомӕ гӕсгӕ нӕ нӕ гъӕуй тӕрсун, нӕдӕр Сайтанӕй, нӕдӕр ӕ лӕгъуз изӕдтӕй. Еу гъуддаг федарӕй зонӕн: «Йегови цӕститӕ кӕсунцӕ ӕнӕгъӕнӕ зӕнхӕмӕ дӕр, цӕмӕй, ӕ зӕрдӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕ хӕццӕ кӕмӕн ӕй, уони туххӕй ӕ хъаурӕ равдеса» (2 Анз. 16:9). Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уӕн, уӕд нин сайтӕнттӕ, исраст кӕнӕн кӕмӕн нӕбал уа, уӕхӕн зиан некӕд ӕрхӕсдзӕнцӕ.

ЙЕГОВӔ АРФӔ КӔНУЙ, Е ’НХУСМӔ КА ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУЙ, УОНӔН

16, 17. Еу хуӕрӕ сайтӕнтти нихмӕ федар куд фӕллӕудтӕй?

16 Цӕмӕй лӕгъуз изӕдти нихмӕ федар лӕууӕн, уой туххӕй нӕ нифсхастдзийнадӕ гъӕуй, уӕлдайдӕр ба, нӕ хеуӕнттӕ ӕма нӕ зонгитӕ нӕ нихмӕ ку уонцӕ, уӕд. Фал нифсхаст ка ӕй, уонӕн Йеговӕ арфӕ кӕнуй. Ӕркӕсӕн, Ганӕй еу хуӕрӕ Эрикӕбӕл ци хабар ӕрцудӕй, уомӕ. 21-анздзудӕй райдӕдта Библи ахур кӕнун. Ӕ фидӕ дзиуарилӕг ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ уой дӕр се ’гъдӕутти архайун кодтонцӕ. Еци ӕгъдӕуттӕй сӕ еуеми, ка син рамардӕй, еци фиддӕлти хуарзӕнхӕ иссерунмӕ гъӕуама фид нивонди ӕрхастайуонцӕ, уой фӕсте ба ’й бахуардтайуонцӕ. Фал Эрикӕ еци фидӕй хуӕрун нӕ бакумдта ӕма уомӕй, ӕ хеуӕнтти гъудимӕ гӕсгӕ, сӕ фиддӕлти нӕ банимадта. Етӕ фӕттарстӕнцӕ, Эрики туххӕй сӕмӕ сӕ фиддӕлтӕ ке исмӕстгун уодзӕнцӕ ӕма син сӕ сӕри зунд ке фӕццӕун кӕндзӕнцӕ кенӕ сӕбӕл ести незтӕ ке бафтаудзӕнцӕ, уомӕй.

17 Хеуӕнттӕ тухӕй дӕр Эрикӕн еци ӕгъдау ӕнхӕст кӕнун кодтонцӕ, фал син нӕ бакумдта, ӕма ’й уой туххӕй хӕдзарӕй рандӕ ун багъудӕй. Фал гъӕунги нӕ байзадӕй – Ӕвдесӕнтӕ ’й баиуазӕг кодтонцӕ. Йеговӕ ин райарфӕ кодта, ӕма ин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ иссӕнцӕ ӕхе бийнонти хузӕн (Мар. 10:29, 30). Ӕма ’й кӕд ӕ хӕстӕгутӕ сӕ хеуонбӕл нӕбал нимадтонцӕ ӕма ин ӕ дзаумӕуттӕ дӕр басугътонцӕ, уӕддӕр Эрикӕ Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй, донаргъуд райста ӕма нур пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй. Сайтӕнттӕн нӕ бантӕстӕй Эрики фӕттӕрсун кӕнун. Ӕ бийнонти туххӕй ба зӕгъуй: «Алли бон дӕр ковун, цӕмӕй мӕ хеуӕнттӕ Йегови базононцӕ ӕма, нӕ уарзӕгой Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕн ци сӕребарӕдзийнадӕ ес, еци сӕребарӕдзийнадӕй етӕ дӕр исхайгин уонцӕ».

18. Нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан?

18 Алкӕмӕн ни не ’ууӕндундзийнадӕ уотӕ фӕлвӕрд не ’рцӕудзӕй, фал ни алкедӕр гъӕуй сайтӕнтти нихмӕ фӕллӕуун ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан ӕма нӕбӕл Сайтан хийнӕй нӕ рацӕудзӕй. Удта кӕд сайтӕнттӕ хъӕбӕр архайунцӕ, цӕмӕй ни тас бауадзонцӕ, уӕддӕр мах нӕ лӕггадӕ нӕ ниууадздзиан. Сӕйрагидӕр ба е ӕй, ӕма Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр кӕндзиан. Гъӕйдӕ мадта нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн Иакови 4:7, 8 финст дзурдтӕ: «Уӕхе Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, Сайтанӕн ба ӕ нихмӕ ислӕууетӕ, ӕма уи раледздзӕй. Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй».

150 ЗАР Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай

^ 5 абз. Йеговӕ нӕ уарзуй ӕма нин лӕдӕрун кӕнуй, сайтӕнттӕй нӕхе ку нӕ гъӕуай кӕнӕн, уӕд нин ци знаггадӕ ракӕндзӕнцӕ, уой. Цума адӕни куд сайунцӕ? Нӕ бон куд ӕй сӕ нихмӕ фӕллӕуун? Аци статьяйӕй базондзиан, Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй се скъӕппӕгути ма бахауӕн.

^ 3 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Спиритизммӕ хаунцӕ сайтӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ ӕма еци гъуддӕгти хӕццӕ баст ахурӕдтӕ. Еци ахурӕдтӕй еу е ӕй, ӕма, дан, адӕймаг ку рамӕлӕуй, уӕд ӕ уод цӕргӕ байзайуй ӕма, дан, ӕ бон фӕууй уодӕгӕсти хӕццӕ дзорун дӕсний фӕрци. Спиритизммӕ ма хауй хинттӕ ӕма кӕлӕнтӕ кӕнун, дӕсни фӕрсун, астрологи ӕма аллихузи мӕнгӕ гъуддӕгтӕ. Аци гъуддӕгтӕмӕ нӕ хаунцӕ, кадӕртӕ иннети деси бафтауни туххӕй ци фокустӕ фӕккӕнунцӕ, етӕ.

^ 12 абз. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ иннетӕн нӕ унаффӕ кӕндзӕнцӕ, цӕхуӕн ерхӕфсӕнтӕ син ӕнгъезуй равзарун цӕхуӕнттӕ ба нӕ. Алли киристон дӕр гъӕуама, Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке исахур кодта, еци ӕфсарӕмӕ игъоса ӕма уотемӕй ӕвзара, ци кӕсдзӕй, цӕмӕ кӕсдзӕй ӕма ци гъазтӕй гъаздзӕй, уой. Бийнонти хестӕртӕ дӕр гъӕуама сӕ гъос даронцӕ, цӕмӕй сӕ бийнонтӕ ци ерхӕфсӕнтӕ ӕвзарунцӕ, етӕ Библий уагӕвӕрдти нихмӕ ма уонцӕ. (Кӕсӕ сайти jw.org® статья «Запрещены ли у Свидетелей Иеговы какие-то фильмы, книги или песни?» вкладкӕ О НАС > ЧАСТО ЗАДАВАЕМЫЕ ВОПРОСЫ.)

^ 54 абз. ХУЗӔ. Йесо Киристе ӕй хъаурӕгин Паддзах ӕма уӕларвон ӕфсади сӕргълӕууӕг.