СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙ ЦАРД ӔМА МӔЛӔТИ ТУХХӔЙ ЦИ ФИНСТ ЕС?
Сагъӕси ка ӕфтауй, уӕхӕн фарста
ЦАРД ӔМА МӔЛӔТ. Уой туххӕй адӕн алкӕддӕр фӕйнӕхузи гъуди кодтонцӕ. Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд уой фӕсте ӕндӕр дуйнемӕ бахауй. Кадӕртӕ ба уотӕ гъуди кӕнунцӕ, ӕма адӕймаг мӕлӕти фӕсте нӕуӕгӕй райгуруй ӕндӕр цӕхуӕндӕр бауӕри. Иннетӕ ба зӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, мӕлӕти фӕсте нецибал фӕууй.
Ка ’й зонуй, аци гъуддаги фӕдбӕл ци гъуди кӕнис, е баст ӕй, ци бийнонти исгъомбӕл дӕ кенӕ ци адӕнихаттӕй дӕ, уой хӕццӕ. Мӕлӕти фӕсте ци ӕрцӕуй, уой фӕдбӕл адӕн фӕйнӕхузи гъуди кӕнунцӕ. Мадта кӕми ӕнгъезуй иссерун, ӕууӕндӕн кӕбӕл уа, уӕхӕн дзуапп?
Ӕности дӕргъи дини разамонгутӕ адӕни ахур кодтонцӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес. Устурдӕр динти – киристон, пусулмон, индуизм, иудаизм, ӕма ӕндӕрти – ӕууӕндунцӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, мӕлӕти фӕсте бауӕрӕй ке фӕххецӕн уй ӕма уӕлӕрвти ке фӕццӕруй, уобӕл. Буддиститӕ ба ӕууӕндунцӕ, адӕймаг цалдӕр хатти нӕуӕг хъауритӕ кенӕ нӕуӕг зунди хӕццӕ ке райгуруй, ӕма, дан, уотемӕй царди сагъӕстӕй исуӕгъдӕ уй, гъома нирвани бацӕуй.
Уӕхӕн ахурӕдти туххӕй адӕнӕн сӕ фулдӕр ӕууӕндунцӕ, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ӕндӕр дуйней ке фӕццӕруй. Уомӕ гӕсгӕ беретӕ мӕлӕтмӕ хумӕтӕг цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ, уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма адӕн ке рамӕлунцӕ, е Хуцауи фӕндон ӕй. Фал цума Библи ба ци зӕгъуй? Дӕ хуарзӕнхӕй, иннӕ статья дӕр бакӕсӕ. Аци фарстабӕл си ци дзуапп ес, е дӕмӕ, ӕвӕдзи, дессаг фӕккӕсдзӕй.