Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ федӕн дӕхецӕй кӕнгӕ ’й!

Дӕ федӕн дӕхецӕй кӕнгӕ ’й!

ЦУМА ДӔ ФЕДӔН ӔЦӔГӔЙДӔР ДӔХЕЦӔЙ КӔНГӔ ’Й? Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма сӕ цард куд рацӕудзӕй, е рагацау кӕмидӕр финст ӕй, ӕма уой туххӕй сӕ цардбӕл сӕ барӕ нӕ цӕуй. Сӕ нисӕнттӕ сӕ къохи ку нӕ бафтуйунцӕ, уӕд фӕззӕгъунцӕ, мӕ бон неци ӕй, мӕ адзал уӕхӕн адтӕй, зӕгъгӕ.

Иннетӕн ба сӕ нифс басӕттуй аци ӕнӕхатир дуйней фуддзийнадӕ ӕма хӕран гъуддӕгтӕмӕ кӕсгӕй. Сӕ цард фӕххуӕздӕр кӕнунбӕл дӕр куд нӕ архайдтонцӕ, фал син тугъдтитӕ, фудракӕндтӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕма незтӕ сӕ пълӕнттӕ ӕма сӕ фӕндтӕ фехалунцӕ. Ӕма уӕхӕн адӕн арӕх сӕхецӕн фӕззӕгъунцӕ: «Цӕбӕл ма мӕхе марун, уӕддӕр мин си неци рауайдзӕй».

Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, уавӕрти туххӕй адӕймагӕн ӕ пълӕнттӕ дӕр раййевунцӕ (Екклесиаст 9:11). Фал дзурд дӕ федӕнбӕл ку цӕуа, уӕдта дӕ цард дӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ дӕ федӕн, дӕхуӕдӕг ци равзарай, уомӕй кӕнгӕ ’й. Ӕркӕсӕн, уой туххӕй си ци финст ес, уомӕ.

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхи къӕсӕрбӕл ку лӕудтӕнцӕ, уӕд син Моисей Хуцауи номӕй загъта: «Уӕ рази ес цард ӕма мӕлӕт, арфӕдзийнадӕ ӕма ӕлгъист. Равзаретӕ цард, цӕмӕй цӕрайтӕ уӕхуӕдтӕ дӕр ӕма уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзетӕ уӕ Хуцау Йегови, игъосетӕ имӕ ӕма ибӕл ӕновуд уотӕ» (Дуккаг закъон 30:15, 19, 20).

«Уӕ рази ес цард ӕма мӕлӕт, арфӕдзийнадӕ ӕма ӕлгъист. Равзаретӕ цард» (Дуккаг закъон 30:19)

Хуцау израилӕгти Египети уацарӕй исуӕгъдӕ кодта ӕма син фадуат равардта, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕбӕл сӕребарӕй ӕма амондгунӕй цардайуонцӕ. Фал сӕ уой туххӕй цидӕр кӕнун гъудӕй. Цӕмӕй еци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин адтайуонцӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй «равзарун цард». Кутемӕй? Гъӕуама Хуцауи уарзтайуонцӕ, игъустайуонцӕ имӕ ӕма ибӕл ӕновуд адтайуонцӕ.

Абони ба дӕу гъӕуй равзарун. Ӕма ци равзарай, уомӕй кӕнгӕ уодзӕй дӕ федӕн. Цӕмӕй ӕносмӕ зӕнхӕбӕл дзенети цӕрай, уой туххӕй дӕ гъӕуй Хуцауи уарзун, игъосун имӕ ӕма ибӕл ӕновуд ун. Фал аци ӕртӕ гъуддагемӕ ци хауй?

ХУЦАУИ УАРЗУН

Уарзондзийнадӕ Хуцауи сӕйраг менеуӕг ӕй. Апостол Иоанн Хуцауи фӕндӕй ниффинста: «Хуцау ӕй уарзондзийнадӕ» (1 Иоанни 4:8). Уомӕ гӕсгӕ, Йесой ку бафарстонцӕ, фӕдзӕхститӕй тӕккӕ сӕйрагдӕр кӕци ӕй, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй ӕма ӕгас зундӕй» (Матфеййи 22:37). Адӕймаг гъӕуама Хуцаумӕ игъоса, уарзгӕ ’й ке кӕнуй, уой туххӕй, ӕфхуӕрд ке баййафдзӕй, уой тӕссӕй нӕ, фал. Мадта Хуцауи цӕмӕн гъӕуама уарзӕн?

Йеговӕ адӕни куд уарзуй, уой рабарӕн ес, ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти куд фӕууарзунцӕ, уой хӕццӕ. Кӕд ӕнӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнунцӕ, ба сӕ федар кӕнунцӕ ӕма син зунд байамонунцӕ, уомӕн ӕма сӕ берӕ фӕууарзунцӕ ӕма сӕ фӕффӕндуй, цӕмӕй амондгун ӕма ӕнтӕстгун уонцӕ. Сӕ сувӕллӕнттӕмӕ ба цӕмӕ фенгъӕлмӕ кӕсунцӕ? Цӕмӕй сӕ етӕ дӕр уарзонцӕ ӕма син ци амонунцӕ, уой кӕнонцӕ, уомӕн ӕма е сӕхе пайдайӕн ӕй. Мадта нӕ уӕларвон Фиди дӕр фӕндуй, цӕмӕй аргъ кӕнӕн, мах туххӕй цидӕриддӕр кӕнуй, уомӕн.

ХУЦАУМӔ ИГЪОСУН

Хуцаумӕ игъосун нисан кӕнуй, ци нин дзоруй, уой ӕнхӕст кӕнун. Кӕд нӕ бон Хуцауи фегъосун нӕй, уӕддӕр ӕй фегъосӕн, ӕ Дзурд Библи ку фӕккӕсӕн, ӕма си ци базудтан, уомӕ гӕсгӕ ку фӕййархайӕн, уӕд (1 Иоанни 5:3).

Хуцаумӕ игъосун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой туххӕй еухатт Киристе уотӕ загъта: «Адӕймаг айдагъ дзолӕй нӕ цӕруй, фал цӕруй Йеговӕй рацӕугӕ алли дзурдӕй дӕр» (Матфеййи 4:4). Адӕймаг ӕнӕ хуӕргӕй нӕ фӕццӕрдзӕй. Фал ин уомӕй ӕхсидзгӕдӕр ба ӕнцӕ зонундзийнӕдтӕ Хуцауи туххӕй. Цӕмӕн? Зундгин паддзах Соломон загъта: «Зунд адӕймаги гъӕуай кӕнуй, ӕхца ӕй куд гъӕуай кӕнуй, уотӕ. Фал зонундзийнӕдтӕ ӕма зунд хуӕздӕр уомӕй ӕнцӕ, ӕма сӕ хецауӕн ӕ цард гъӕуай кӕнунцӕ» (Екклесиаст 7:12). Хуцау нин ци зунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ дӕттуй, е нӕ гъӕуай кӕнуй ӕма нин раст унаффитӕ хӕссунмӕ ӕнхус кӕнуй. Ӕма нин уой фӕрци ес ӕносмӕ цӕруни нифс.

ХУЦАУБӔЛ ЕУЗӔРДОН УН

Айразиккон статьяй бакастан, Йесо ци цӕветтон ӕрхаста, уой: «Цардмӕ ка кӕнуй, еци над ба унгӕг ӕй, ӕма дуар дӕр нарӕг ӕй, ӕма еци над беретӕ не ’ссерунцӕ» (Матфеййи 7:13, 14). Цӕмӕй еци надбӕл цӕугӕй нӕ фӕндӕ нӕ къохи бафтуйа, гъома ӕносон цардӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй гъӕуама цӕуӕн, над хуарз ка зонуй, уой хӕццӕ. Мадта гъӕуама алкӕддӕр архайӕн, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕг уӕн (Псалом 16:8). Фал уомӕн куд ес гӕнӕн?

Алли бон дӕр нӕ берӕ гъуддӕгтӕ бакӕнун фӕгъгъӕуй, уонӕй уӕлдай ба ма нӕ фӕффӕндуй, нӕхе зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци гъуддӕгтӕн дӕр рӕстӕг иссерун. Гъема хабӕрттӕ уойбӕрцӕ исунцӕ, ӕма нин рӕстӕг нӕбал байзайуй, Хуцау нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл расагъӕс кӕнунмӕ. Библи дӕр нин уомӕ гӕсгӕ зӕгъуй: «Мадта, куд цӕретӕ, уомӕ лӕмбунӕг кӕсетӕ, цӕмӕй ӕнӕзунд ма уайтӕ, фал зундгинтӕ, ӕма уӕ рӕстӕгӕй, хуӕздӕр куддӕриддӕр ӕй, уотӕ пайда кӕнтӕ, уомӕн ӕма лӕгъуз рӕстӕги цӕрӕн» (Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16). Царди нин уомӕй сӕйрагдӕр ку неци уа, цӕмӕй Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн ӕма е ’мбӕлттӕ уӕн, уӕд си некӕд раидард уодзиан (Матфеййи 6:33).

ЦИ РАВЗАРДЗӔНӔ?

Кӕд, раздӕр ци адтӕй, уой дӕ бон раййевун нӕй, уӕддӕр дӕ бон ӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй дӕхецӕн дӕр ӕма берӕ ке уарзис, уонӕн дӕр хуарз федӕн уа. Библий финст ӕй, нӕ уӕларвон Фидӕ, Йеговӕ Хуцау нӕ берӕ ке уарзуй ӕма нин дзоруй, цӕмӕ нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Дӕ гъос ӕрдарай, пахампар Михей ци загъта, уомӕ:

«О адӕймаги фурт, загъта дин, хуарз ци ӕй, уой. Рӕстӕй архайӕ, хӕларзӕрдӕ уо ӕма дӕ Хуцауи хӕццӕ бонзонгӕй цо – ӕндӕр ди Йеговӕ ести агоруй?» (Михей 6:8).

Йеговӕ ӕносон арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй ӕ хӕццӕ ка цӕуй, уони. Фӕндуй дӕ ӕ хӕццӕ цӕун? Е дӕхецӕй кӕнгӕ ’й!