Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кӕрӕдзей нифс «никки хъӕбӕрдӕр» федар кӕнӕн

Кӕрӕдзей нифс «никки хъӕбӕрдӕр» федар кӕнӕн

«Нӕ кӕрӕдзебӕл гъуди кӕнӕн... кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн, ӕма, еци бон куд хӕстӕг кӕнуй, уой цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр уинӕн, уойбӕрцӕ никки хъӕбӕрдӕр» (ДЗИУИТ. 10:24, 25).

ЗАРТӔ: 90, 87

1. Апостол Павел дзиуиттаг киристӕнтти цӕмӕн разӕнгард кодта кӕрӕдзей нифс «никки хъӕбӕрдӕр» федар кӕнун?

ФИЦЦАГ ӕноси апостол Павел дзиуиттаг киристӕнттӕн уӕхӕн унаффӕ равардта: «Нӕ кӕрӕдзебӕл гъуди кӕнӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей разӕнгард кӕнӕн уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ, еуӕй-еуетӕ куд ахур ӕнцӕ, уотӕ не ’мбурдтӕ ма цох кӕнӕн, фал кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауӕн, ӕма, еци бон куд хӕстӕг кӕнуй, уой цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр уинӕн, уойбӕрцӕ никки хъӕбӕрдӕр» (Дзиуит. 10:24, 25). Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, ӕвӕдзи, сагъӕс кодтонцӕ, цума нин Павел цӕмӕн бафӕдзахста кӕрӕдзей «никки хъӕбӕрдӕр» федар кӕнун, зӕгъгӕ. Уобӕл фондз анзи дӕр нӕ рацудӕй, ӕма гъе уӕд балӕдӕрдтӕнцӕ, Павел уотӕ цӕмӕн дзурдта, уой. Йерусалими ка цардӕй, еци киристӕнттӕ ’й уидтонцӕ, Йегови тӕрхони бон хӕстӕг ке ӕй, уой ӕма ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, Киристе син куд бафӕдзахста, уотӕ сӕ горӕтӕй ледзун ке гъӕуй (Гъуд. 2:19, 20; Лук. 21:20–22). Еци бон ӕрхъӕрдтӕй нӕ эри 70 анзи, ромӕгтӕ Йерусалим ку ниппурхӕ кодтонцӕ, уӕд.

2. Абони кӕрӕдзей нифс федар кӕнун уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр цӕмӕн ӕй?

2 Абони махӕн дӕр нӕ уавӕр уотӕ ’й. Йегови «устур бон, адӕймагбӕл тас [ка] ӕфтауй», еци бон хӕстӕгдӕргӕнгӕ цӕуй (Иоил 2:11). Пахампар Софони загъта: «Йегови устур бон хӕстӕг ӕй. Хӕстӕг ӕй ӕма хъӕбӕр тагъд кӕнуй» (Соф. 1:14). Аци дзурдтӕ мах рӕстӕгмӕ дӕр хаунцӕ, ӕма уомӕ гӕсгӕ гъӕуама «нӕ кӕрӕдзебӕл гъуди кӕнӕн, цӕмӕй кӕрӕдзей разӕнгард кӕнӕн уарзондзийнадӕмӕ ӕма хуарз гъуддӕгтӕмӕ» (Дзиуит. 10:24). Абони уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕмӕ лӕмбунӕг ун, цӕмӕй сӕ багъӕуаги нӕ бон уа бафедар кӕнун.

Ӕ НИФС ФЕДАР КӔНУН КӔМӔН ГЪӔУЙ

3. Ӕ нифс бафедар кӕнун кӕмӕн гъӕуй, уой туххӕй апостол Павел ци загъта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

3 «Сагъӕстӕй адӕймаги зӕрдӕ бамӕгур уй, хуарз дзурдӕй ба зӕрдӕбӕл базуртӕ базайуй» (Ӕмб. 12:25). Алкӕмӕндӕр ни рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕгъгъӕуй нӕ нифс бафедар кӕнун. Павели дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, иннети федар кӕнуни ихӕс кӕбӕл ес, уонӕн сӕхе нифс дӕр бафедар кӕнун ке фӕгъгъӕуй. Роми ка цардӕй, еци киристӕнттӕмӕ уотӕ ниффинста: «Хъӕбӕр бӕллун уӕ фӕууинунмӕ, цӕмӕй уин бахай кӕнон, Хуцауӕй ка цӕуй, еци хуарздзийнӕдтӕй, ӕма исфедар уайтӕ. Уогӕ, растдӕр уайдӕ зӕгъун, цӕмӕй кӕрӕдзей ӕууӕндундзийнадӕй бафедар уӕн – ӕз сумах ӕууӕндундзийнадӕй, сумах ба мӕн ӕууӕндундзийнадӕй» (Ром. 1:11, 12). Куд ӕй уинӕн, уотемӕй хатгай Павелӕн дӕр гъудӕй ӕ нифс бафедар кӕнун. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 15:30–32.)

4, 5. Мах рӕстӕги ӕ нифс бафедар кӕнун кӕмӕн фӕгъгъӕуй ӕма цӕмӕн?

4 Сӕ нифс федар кӕнун ма гъӕуй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕн дӕр, зӕгъӕн, пионертӕн. Етӕ сӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа еци хузи лӕггадӕ кӕнун. Е хауй миссионертӕмӕ, районон цӕстӕдаргутӕ ӕма сӕ бийнойнӕгтӕмӕ, удта филиалти ӕма тӕлмацгӕнгути офисти ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕмӕ дӕр. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕхе цӕмӕйдӕрти ке фӕццох кодтонцӕ, уой фӕрци сӕ бон ӕй Хуцауи гъуддаги фулдӕр архайун. Мадта син гъӕуама сӕ нифс федар кӕнӕн. Ес ма, раздӕр ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кодта, фал нур ӕ уавӕртӕ кӕмӕн нӕбал амонунцӕ, уӕхӕнттӕ дӕр. Ӕма еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр сӕ нифс ку федар кӕнӕн, уӕд ни хъӕбӕр боз уодзӕнцӕ.

5 Нифс бафедар кӕнун ма фӕгъгъӕуй, бийнонтӕ кӕмӕн нӕма ес, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр. Етӕ бийнонтӕ не ’скӕнунцӕ, цӕмӕй, Йеговӕ куд бафӕдзахста, уомӕ гӕсгӕ сӕ цард байеу кӕнонцӕ, «Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг» ка ӕй, ӕрмӕстдӕр уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ (1 Кор. 7:39). Бийнонти хестӕртӕ дӕр сӕ бийнойнӕгтӕн ку дзоронцӕ, ке сӕ уарзунцӕ ӕма син аргъ ке кӕнунцӕ, уой, уӕд син уомӕй сӕ нифс федар кӕндзӕнцӕ (Ӕмб. 31:28, 31). Ӕфхуӕрд ка ӕййафуй кенӕ ести нези хӕццӕ ка тох кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр фӕгъгъӕуй сӕ нифс бафедар кӕнун (2 Фес. 1:3–5). Йеговӕ ӕма Йесо ӕгас еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн дӕр сӕ нифс федар кӕнунцӕ. (Бакӕсӕ 2 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:16, 17.)

ХЕСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ НИН НӔ НИФС ФЕДАР КӔНУНЦӔ

6. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд архайунцӕ, уой туххӕй Исаййи 32:1, 2 финст дзурдтӕй ци ес базонӕн?

6 Бакӕсӕ Исаййи 32:1, 2. Хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг ке цӕрӕн, уой туххӕй нӕбӕл арӕх ӕрцӕуй, нӕ нифс ке туххӕй басӕттуй, уӕхӕн хабӕрттӕ. Фал нин Киристе нӕ нифс федар кӕнуй ӕ исӕрст ӕнсувӕрти, удта еузӕрдон «къниӕзти», гъома хестӕр нӕлгоймӕгти фӕрци. Еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕн сӕхе нӕ «хецау кӕнунцӕ», фал ӕнцӕ, нӕ цийнӕбӕл нин цийнӕ ка ӕфтауй, уӕхӕн «ӕмкосгутӕ» (2 Кор. 1:24).

7, 8. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ иннети дзурдӕй ӕма гъуддагӕй куд бафедар кӕнунцӕ?

7 Ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун куд гъӕуй, уой туххӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн апостол Павел хуарз цӕветтон ниууагъта. Еухатт Фессалоники ка цардӕй ӕма ӕфхуӕрд ка ӕййафта, еци киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Уотӕ хъӕбӕр уӕ уарзӕн, ӕма айдагъ уомӕ н’ адтан цӕттӕ, цӕмӕй уин Хуцауи хуарз хабар фегъосун кодтайанӕ, фал ма цӕттӕ адтан сумахӕн нӕ уодтӕ раттунмӕ дӕр, уомӕн ӕма нӕ зӕрдитӕн иссайтӕ хъазар» (1 Фес. 2:8).

8 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн хуарз фӕууайуй иннети дзурдӕй бафедар кӕнун. Фал, цума айдагъ е фагӕ ’й? Павел ефесаг хестӕр нӕлгоймӕгтӕн дзурдта: «Лӕмӕгътӕн... гъӕуама ӕнхус кӕнайтӕ. Ӕма гъӕуама уӕ зӕрдӕбӕл дарайтӕ Хецау Йесой дзурдтӕ, уомӕн ӕма е ӕхуӕдӕг загъта: „Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй“» (Гъуд. 20:35). Павел цӕттӕ адтӕй ӕнсувӕрти туххӕй ӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ. Уотӕ дӕр ма загъта: «Цидӕриддӕр мӕмӕ ес, уой дӕр ӕма мӕхе ӕгасӕйдӕр нӕ бавгъау кӕндзӕн» (2 Кор. 12:15). Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама ӕнсувӕрти нифс айдагъ дзурдтӕй нӕ, фал гъуддӕгтӕй дӕр федар кӕнонцӕ. Уотемӕй ӕвдесдзӕнцӕ, ӕцӕгӕйдӕр сӕбӕл ке тухсунцӕ, уой (1 Кор. 14:3).

9. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй иннетӕн унаффӕ дӕтгӕй сӕ нифс федар кӕнун?

9 Ӕнсувӕрти бафедар кӕнуни туххӕй хестӕр нӕлгоймӕгти еуӕй-еухатт унаффӕ раттун дӕр багъӕуй. Ӕма Библийӕй сӕ бон ӕй базонун, адӕймаги нифс бафедар кӕнун сӕ бон куд ӕй, уой. Еци гъуддаги тӕккӕ хуӕздӕр цӕветтон ниууагъта Киристе. Ку райгас ӕй, уой фӕсте Минкъий Азий кӕцидӕр ӕмбурдтӕн бауайдзӕф кодта. Фал ӕркӕсӕн, еци гъуддаг куд искодта, уомӕ. Ефеси, Пергами ӕма Фиатири ӕмбурдтӕн бауайдзӕф кӕнуни разӕй бал сӕ сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй растудта (Рарг. 2:1–5, 12, 13, 18, 19). Лаодикий ӕмбурдӕн ба загъта: «Ӕз, ке уарзун, уонӕн се ’гасемӕндӕр уайдзӕф бакӕнун ӕма син зунд байамонун. Мадта, зингзӕрдӕ уо ӕма ӕрфӕсмон кӕнӕ» (Рарг. 3:19). Мадта хуарз уайдӕ, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ескӕмӕн уайдзӕф кӕнгӕй Киристей ку фӕнзиуонцӕ.

ИННЕТИ НИФС ФЕДАР КӔНУН АЙДАГЪ ХЕСТӔР НӔЛГОЙМӔГТИ ИХӔС НӔЙ

Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнтти иннети нифс федар кӕнунбӕл ахур кӕнтӕ? (кӕсӕ 10 абзац)

10. Алке бон дӕр ни куд ӕй иннети нифс федар кӕнун?

10 Иннети нифс федар кӕнуни ихӕс айдагъ хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ нӕ хауй. Апостол Павел ӕгас киристӕнтти дӕр разӕнгард кодта: «Дзоретӕ, гъӕугӕ сахат адӕймаги ка бафедар кӕндзӕй, ӕрмӕстдӕр уӕхӕн хуарз дзурдтӕ, ка уӕмӕ игъоса, уонӕн пайда куд фӕууонцӕ» (Еф. 4:29). Алкедӕр ни гъӕуама расагъӕс кӕна, ӕ бон иннетӕн банхус кӕнун цӕмӕй ӕй, уобӕл. Павел дзиуиттаг киристӕнттӕмӕ ниффинста: «Бафедар кӕнтӕ, ӕ къохтӕ ка ӕруагъта ӕма ӕ уӕргутӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕнцӕ, уони. Ӕма уӕхецӕн аразетӕ раст нӕдтӕ, цӕмӕй къулухӕн ӕ къах ма феуӕхст уа, фал исдзӕбӕх уа» (Дзиуит. 12:12, 13). Алкӕмӕндӕр, сауӕнгӕ ма сувӕллӕнттӕн дӕр, сӕ бон ӕй иннети нифс федар кӕнун.

11. Мартӕ ӕхемӕ ку нийгъуста, уӕд ин ци банхус кодта?

11 Еу рӕстӕги ӕхемӕ ка нийгъуста, уӕхӕн хуӕрӕ Мартӕ * ниффинста: «Еу бон Хуцаумӕ искувтон, цӕмӕй мин мӕ нифс бафедар кодтайдӕ, ӕма еци бон минкъий фӕстӕдӕр фембалдтӕн, мӕнӕй хестӕр ка адтӕй, уӕхӕн хуӕрӕбӕл. Еци хуӕрӕ мӕбӕл зӕрдӕй батухстӕй ӕма мӕ фӕлмӕн дзурдӕй бафедар кодта. Еци рӕстӕг, зӕгъӕн ес, ӕма гъе уӕхӕн ӕнхус гъӕуагӕ адтӕн. Уомӕй уӕлдай ма мин радзурдта, ӕхуӕдӕг дӕр уӕхӕн уавӕри ке адтӕй, ӕма ӕй балӕдӕрдтӕн, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ айдагъ ӕз ке не ’взарун». Еци хуӕрӕ ӕй, ӕвӕдзи, ӕнгъӕл дӕр н’ адтӕй, ӕ дзурдтӕ Мартӕн уотӕ ке банхус уодзӕнцӕ.

12, 13. Нӕ бон куд ӕй Филиппӕгтӕмӕ 2:1–4 финст унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун?

12 Павел, Филиппти ка цардӕй, еци киристӕнттӕн уӕхӕн унаффӕ равардта: «Кӕд, Киристей хӕццӕ еудзийнади ке айтӕ, е уин уӕ зӕрдитӕ федар кӕнуй, кӕд уарзтӕй рӕвдуд айтӕ, кӕд уӕ кӕрӕдзебӕл сагъӕс кӕнтӕ, кӕрӕдзей фӕлмӕн уарзтӕй уарзетӕ ӕма кӕрӕдзей зин лӕдӕретӕ, уӕд мин мӕ цийнӕбӕл никкидӕр бафтауетӕ: ӕмхузӕн сагъӕс кӕнтӕ ӕма ӕмхузӕн уарзетӕ уӕ кӕрӕдзей, уотӕ ӕмвӕндӕ ӕма ӕмзунд. Ма уотӕ загъдгӕнагӕ ӕма кадӕуарзагӕ, фал уотӕ сӕрниллӕг ӕма иннети уӕхецӕй уӕлдӕр ӕвӕретӕ. Уӕхецӕн куд хуӕздӕр уа, айдагъ уобӕл ма сагъӕс кӕнтӕ, фал, иннетӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл дӕр» (Фил. 2:1–4).

13 Гъӕуама не ’гасдӕр кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕн. Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, фӕлмӕн уарзтӕй сӕ ку уарзӕн, ӕма син сӕ зин ку лӕдӕрӕн, уӕд син уотемӕй сӕ нифс федар кӕндзиан.

ИННЕТИ НИФС БАФЕДАР КӔНӔН КУД ЕС

14. Нифс бафедар кӕнунмӕ еу мадзал цӕхуӕн ӕй?

14 Рӕстдзийнади надбӕл ислӕуунмӕ кӕмӕн банхус кодтан, етӕ Хуцауӕн идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой ку фегъосӕн, уӕд нӕ нифс хъӕбӕр бафедар уй. Апостол Иоанн финста: «Мӕ бӕдӕлттӕ рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ ке цӕрунцӕ, уомӕй ӕхцӕуӕндӕр ма мин ци гъӕуама уа!» (3 Иоан. 4). Пионертӕй беретӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй фегъосун, кӕддӕр рӕстдзийнадӕ базонун кӕмӕн банхус кодтонцӕ, етӕ абони уӕнгӕ дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, кадӕртӕ ба ма си пионертӕ дӕр ке иссӕнцӕ. Мадта естӕй туххӕй ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, еци пионерӕн ӕ зӕрдӕбӕл ку ’рлӕуун кӕнӕн, ӕ хъиамӕттӕ ци тиллӕг ӕрхастонцӕ, уой, уӕд ин ӕ нифс бафедар кӕндзиан.

15. Ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кӕнуй, уони нифс нӕ бон куд ӕй бафедар кӕнун?

15 Районон цӕстӕдаргутӕй беретӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕхе, удта сӕ бийнойнӕгти нифс дӕр хъӕбӕр бафедар уй, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ син арфи дзубандитӕ ку рафинсунцӕ, уӕд. Е хауй хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ, миссионертӕмӕ, пионертӕмӕ ӕма вефилӕгтӕмӕ дӕр. Уонӕн дӕр хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, сӕ лӕггади туххӕй син ку райарфӕ кӕнунцӕ, уӕд.

АЛКЕ БОН ДӔР НИ ӔЙ ИННЕТИ НИФС ФЕДАР КӔНУН

16. Адӕймаги нифс бафедар кӕнун ма куд ӕнгъезуй?

16 Адӕймаг иннети хӕццӕ дзорунмӕ ӕфсӕрми ку кӕна, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ӕ бон еске бафедар кӕнун нӕй. Е уӕхӕн зин гъуддаг нӕй. Еуӕй-еухатт уотид медбилти баходун дӕр фагӕ фӕууй. Фал дӕмӕ е ку нӕ бахода, уӕд, ӕвӕдзи, естӕбӕл тухсуй. Дӕ бон имӕ ӕй лӕмбунӕг байгъосун ӕма ин, ка ’й зонуй, айдагъ уомӕй дӕр фенцондӕр уодзӕй (Иак. 1:19).

17. Еу ӕригон ӕнсувӕри нифс ци бафедар кодта?

17 Еу ӕригон ӕнсувӕр Генрийӕн ӕ зӕрдӕ хъӕбӕр ристӕй, ӕ бийнонтӕй кадӕртӕ рӕстдзийнадӕ ке ниууагътонцӕ, уой туххӕй. Уонӕмӕ хаудтӕй ӕ фидӕ дӕр. Ӕ фидӕ раздӕр хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кодта. Генри цӕхуӕн уавӕри адтӕй, уой районон цӕстӕдарӕг балӕдӕрдтӕй ӕма ’й ӕ хӕццӕ фӕххудта, еумӕ кофе рацумӕн, зӕгъгӕ. Районон цӕстӕдарӕг имӕ лӕмбунӕг байгъуста. Ку радзурдтонцӕ, уӕд ӕй Генри балӕдӕрдтӕй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕн банхус кӕна фӕстӕмӕ ӕмбурдмӕ раздӕхун, уой туххӕй гъӕуама ӕхуӕдӕг идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕна. Ӕ нифс ин хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ Псалом 46, Софони 3:17 ӕма Марки 10:29, 30 стихтӕ.

Алке бон дӕр ни ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун (кӕсӕ 18 абзац)

18. а) Адӕймаги нифс ци бафедар кӕнуй, уой туххӕй паддзах Соломон ци ниффинста? б) Апостол Павел киристӕнтти цӕмӕ разӕнгард кодта?

18 Мартӕ ӕма Генрий хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Алке бон дӕр ни ӕй, нифссаст ка ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти федар кӕнун. Паддзах Соломон финста: «Адӕймаг ци дзуапп раттуй, е ин хӕссуй цийнӕдзийнадӕ, ӕма куд хуарз ӕй, ӕ афони ке зӕгъай, уӕхӕн дзурд! Рохс цӕстингас игъӕлдзӕг кӕнуй адӕймаги зӕрдӕ, хуарз хабар федар кӕнуй стгутӕ» (Ӕмб. 15:23, 30). Ӕ нифс кӕмӕн басастӕй, уӕхӕн еске зонис? Дӕ бон н’ адтайдӕ, зӕгъӕн, нӕ брошюрити кенӕ нӕ сайти ести нифсфедаргӕнӕн дзурдтӕ иссерун ӕма ин сӕ бакӕсун? Адӕймагӕн ма ӕ нифс Паддзахади зартӕ заргӕй дӕр бафедар уй. Е бӕрӕг ӕй апостол Павели дзурдтӕй: «Кӕрӕдзей ахур кӕнтӕ ӕма федар кӕнтӕ псаломтӕй, кади зартӕй ӕма зӕрдӕмӕгъаргӕ дини зартӕй ӕма Йеговӕн зӕрдибунӕй заретӕ» (Кол. 3:16; Гъуд. 16:25).

19. Тагъд рӕстӕги нӕ кӕрӕдзей нифс федар кӕнун никки хъӕбӕрдӕр цӕмӕн гъӕудзӕй ӕма нӕ нур ци кӕнун гъӕуй?

19 Йегови бон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ нӕ кӕрӕдзей нифс федар кӕнун никки хъӕбӕрдӕр гъӕудзӕй (Дзиуит. 10:25). Гъӕйдӕ мадта архайӕн, Павел ӕ рӕстӕги киристӕнттӕн ци унаффӕ равардта, уомӕ гӕсгӕ: «Идарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ» (1 Фес. 5:11).

^ 11 абз. Нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.