Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Ӕцӕгӕйдӕр аргъ кӕмӕн ес, уӕхӕн хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнтӕ

Ӕцӕгӕйдӕр аргъ кӕмӕн ес, уӕхӕн хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнтӕ

«Искӕнтӕ уӕхецӕн ӕмбӕлттӕ мӕнгард гъӕздугдзийнади фӕрци» (ЛУК. 16:9).

ЗАРТӔ: 122, 129

1, 2. Аци дуйней мӕгур адӕн алкӕддӕр цӕмӕн уодзӕй?

АЦИ дуйней экономикон системӕ хъӕбӕр мӕнгард ӕма ӕнӕхатир ӕй. Ӕригӕнтти бон арӕх куст иссерун нӕ фӕууй. Беретӕ ба гъӕздуг бӕстӕмӕ бафтуйуни туххӕй ма сӕ цард дӕр тӕссаг уавӕри багӕлдзунцӕ. Гъӕздуг бӕстити дӕр берӕ мӕгур адӕн цӕруй. Ӕгас дуйнебӕл дӕр гъӕздуг адӕн бонӕй-бонмӕ гъӕздугдӕр кӕнгӕ цӕунцӕ, мӕгуртӕ ба – мӕгурдӕр. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ зӕнхӕбӕл тӕккӕ гъӕздугдӕр адӕнӕй 1 процент ку райсай, уӕд сӕ есбон тагъд рӕстӕги исуодзӕй, иннӕ 99 процентти адӕнмӕ цидӕриддӕр есбон ес, уойбӕрцӕ. Цийфӕнди ма уа, уӕддӕр зӕнхӕбӕл цалдӕр миллиард адӕймаги фурмӕгур цард кӕнунцӕ, уотемӕй ба иннетӕ се ’хцатӕ ци фӕккӕнонцӕ, уой зонгӕ дӕр нӕбал фӕккӕнунцӕ. Киристе дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕгуртӕ алкӕддӕр уӕ хӕццӕ ’нцӕ» (Мар. 14:7). Цума адӕни уавӕр уотӕ хъӕбӕр цӕмӕн хецӕн кӕнуй?

2 Киристе ӕй зудта, уӕхӕн уавӕр ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ ке исраст кӕндзӕй. Библимӕ гӕсгӕ «зӕнхон сӕудегертӕ», гъома ӕхцай хӕццӕ цидӕриддӕр гъуддӕгтӕ баст ес, етӕ, удта мӕнгӕ динтӕ ӕма политикӕ хаунцӕ Сайтани дуйнемӕ (Рарг. 18:3). Ӕма кӕд Хуцауи адӕн мӕнгӕ динӕй, удта политики гъуддӕгтӕй сӕхе райеуварс кодтонцӕ, уӕддӕр син ӕхцай хӕццӕ баст гъуддӕгти ба бар-ӕнӕбари дӕр архайгӕ ӕй.

3. Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Киристӕнттӕ гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй аци дуйней ӕхцай гъуддӕгти хӕццӕ ӕгӕр баст ма уонцӕ. Алкедӕр ӕхе бафӕрсӕд: «Мӕ бон куд ӕй, ци мӕмӕ ес, уомӕй уотӕ пайда кӕнун, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке дӕн? Мӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй аци ӕхцауарзагӕ дуйнейӕй никки еуварсдӕр лӕууон? Аци хийнӕйдзаг ӕма ӕнӕхатир дуйней киристӕнттӕ сӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Хуцаубӕл ке дарунцӕ, е цӕхуӕн хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй?»

МӔНГАРД УНАФФӔГӔНӔГИ ХАБАР

4, 5. а) Киристе ке кой ракодта, еци унаффӕгӕнӕг цӕхуӕн уавӕри бахаудтӕй? б) Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути цӕмӕ разӕнгард кодта?

4 Бакӕсӕ Лукай 16:1–9. Киристе ци мӕнгард унаффӕгӕнӕги кой ракодта, уомӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Еци унаффӕгӕнӕгбӕл ку багъаст кодтонцӕ, фӕллойнӕ бахуардта, зӕгъгӕ, уӕд ӕй ӕ хецау тӕрунвӕндӕ искодта *. Фал унаффӕгӕнӕг сӕрӕн разиндтӕй. Цалинмӕ ’й кустӕй нӕ ратардтонцӕ, уӕдмӕ балимӕн ӕй, уой фӕсте ин ка банхус кодтайдӕ, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Йесо аци хабар уой туххӕй нӕ радзурдта, цӕмӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр уӕхӕн мӕнгард миутӕ кӕнонцӕ. Уотӕ ка кӕнуй, уони Йесо исхудта «аци дуйней адӕн». Фал син ӕй уой туххӕй радзурдта, цӕмӕй еу ӕхсидзгӕ гъуди балӕдӕрдтайуонцӕ.

5 Йесо ӕй зудта, еци унаффӕгӕнӕги хузӕн ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ дӕр аци дуйней цардамӕлттӕ кӕнгӕй хӕрандзийнадӕбӕл ке ӕмбӕлдзӕнцӕ. Ӕма син уомӕ гӕсгӕ загъта: «Искӕнтӕ уӕхецӕн ӕмбӕлттӕ мӕнгард гъӕздугдзийнади фӕрци, цӕмӕй уӕмӕ гъӕздугдзийнадӕ ку нӕбал уа, уӕд уӕ етӕ [Йеговӕ ӕма Йесо] баиуазӕг кӕнонцӕ ӕносон цӕрӕнбунӕтти». Аци фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун нӕ бон куд ӕй?

6. Дуйне ӕхцабӕл баст ке ӕй, е Хуцауи фӕндон ке н’ адтӕй, уой кӕцӕй зонӕн?

6 Йесо нӕ балӕдӕрун кодта, гъӕздугдзийнадӕ «мӕнгард» цӕмӕн исхудта, уой. Фал уӕддӕр Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, дуйне ӕхцабӕл баст ке ӕй, е Хуцауи фӕндон н’ адтӕй. Йеговӕ Адам ӕма Еви Эдеми дзӕхӕрадони ку ӕрцӕрун кодта, уӕд син алцидӕр фӕндон равардта (Райд. 2:15, 16). Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ку исхайгин ӕнцӕ, уӕд уой фӕсте «сӕ еу дӕр уотӕ нӕ дзурдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхе ӕй, фал син алцидӕр адтӕй еумӕйаг» (Гъуд. 4:32). Пахампар Исай дӕр дзурдта, уӕхӕн рӕстӕг, дан, ӕрцӕудзӕй, ӕма еугур адӕн дӕр зӕрдидзӕбӕхӕн цӕрдзӕнцӕ ӕма пайда кӕндзӕнцӕ, зӕнхӕ цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй (Ис. 25:6–9; 65:21, 22). Фал цалинмӕ еци рӕстӕг нӕма ӕрцудӕй, уӕдмӕ Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ гъӕуама уонцӕ «сӕрӕн», цӕмӕй «мӕнгард гъӕздугдзийнади» фӕрци къӕбӕри фагӕ дӕр косонцӕ ӕма Хуцауӕн дӕр лӕггадӕ кӕнонцӕ.

МӔНГАРД ГЪӔЗДУГДЗИЙНАДӔЙ ЗУНДӔЙ ПАЙДА КӔНТӔ

7. Лукай 16:10–13 цӕхуӕн унаффӕ ес?

7 Бакӕсӕ Лукай 16:10–13. Киристей фӕсномуг дзурди унаффӕгӕнӕг ӕхе сагъӕс кодта, ӕма уой туххӕй иссирдта ӕхецӕн ӕмбӕлттӕ. Фал Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути разӕнгард кодта, цӕмӕй уӕлӕрвти сӕхецӕн ӕмбӕлттӕ раст зӕрдӕй агоронцӕ. Йесо унаффӕгӕнӕги хабарӕй балӕдӕрун кодта, «мӕнгард гъӕздугдзийнадӕй» куд пайда кӕнӕн, уомӕй дӕр бӕрӕг ке уодзӕй, Хуцаубӕл куд еузӕрдон ан, е. Ӕндӕр загъдӕй «мӕнгард гъӕздугдзийнадӕй» нӕ бон ӕй раст пайда кӕнун. Цума кутемӕй?

8, 9. Радзорӕ еуӕй-еуетӕ сӕ «мӕнгард гъӕздугдзийнадӕй» куд пайда кӕнунцӕ.

8 Хуцаубӕл еузӕрдон ке ан, уой бавдесунмӕ еу хуарз фадуат ӕй нисайнаг дӕттун, Киристе ке кой кодта, еци игъосун кӕнуни гъуддагӕн (Матф. 24:14). Индийӕй еу минкъий кизгӕн адтӕй минкъий копилкӕ ӕма си листӕг ӕхцатӕ ниггӕлдзидӕ. Ӕмбурд сӕ ке кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕхецӕн гъазӕнтӕ дӕр нӕбал ӕлхӕнун кодта. Ӕ копилкӕ ку байдзаг ӕй, уӕдта еци ӕхца ӕгас дуйнебӕл игъосун кӕнуни гъуддагӕн равардта. Индий ма еу ӕнсувӕрмӕ ес, кокостӕ кӕми ирӕзуй, уӕхӕн зӕнхӕ. Еухатт си дзӕбӕх устур хай рарвиста малаялаймаг тӕлмацгӕнгути офисӕн. Еци ӕнсувӕр уотӕ расагъӕс кодта: офис ӕнӕуой дӕр кокостӕ фелхӕнуй, ӕма син сӕ ӕз ку балӕвар кӕнон, уӕд е ӕхцай нисайнагӕй хуӕздӕр уодзӕй. Уой исхонӕн ес «сӕрӕндзийнадӕ», кенӕ курухон зунд. Гъе уотӕ Греций ӕнсувӕртӕ дӕр Вефили бийнонтӕн ӕдзох рарветунцӕ оливи сойнӕ, цихт ӕма ӕндӕр уӕхӕн хуӕруйнӕгтӕ.

9 Шри-Ланкайӕй еу ӕнсувӕр, нур ӕндӕр бӕсти цӕруй, фал бауагъта, цӕмӕй ин ӕ хӕдзари ӕмбурдтӕ ӕма конгресстӕ уадзонцӕ, удта си ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕ цӕронцӕ. Е ӕнсувӕрӕн ӕхцай гъуддаги неци пайда хӕссуй, фал бунӕттон игъосунгӕнгутӕн ба хъӕбӕр устур ӕнхус ӕй, уомӕн ӕма хъӕбӕр тухст ӕнцӕ. Хецауадӕ игъосун кӕнуни барӕ кӕми нӕ дӕттуй, еци бӕститӕй сӕ еуеми ӕнсувӕртӕ бауадзунцӕ, цӕмӕй син сӕ хӕдзӕртти ӕмбурдтӕ уадзонцӕ. Уой фӕрци сӕ, ӕмбурд кӕми уадзонцӕ, уӕхӕн бунатбӕл федун нӕ гъӕуй ӕма пионертӕбӕл, удта ӕхца берӕ кӕмӕ нӕййес, еци игъосунгӕнгутӕбӕл ӕхцай уаргъ нӕ уӕзӕ кӕнуй.

10. Рӕдау ку уӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

10 Аци цӕветтонтӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ «минкъий гъуддӕгти [дӕр] ӕууӕнкгун» ке ӕнцӕ (Лук. 16:10). Етӕ, ци сӕмӕ ес, уомӕй иннети хуарзӕн пайда кӕнунцӕ. Цума син сӕ рӕдаудзийнадӕ ци пайда хӕссуй? Сӕ зӕрдӕ цийнӕйдзаг ӕй, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрунцӕ, уотемӕй «ӕцӕг» хӕзнатӕ ке ӕмбурд кӕнунцӕ уӕлӕрвти (Лук. 16:11). Еу хуӕрӕ Хуцауи Паддзахади гъуддагӕн ӕдзохдӕр нисайнаг ниггӕлдзуй. Ӕма ин Хуцау куд арфӕ кӕнуй, уой туххӕй зӕгъуй: «Цалдӕр анзмӕ еу цидӕр балӕдӕрдтӕн: аци гъуддаги куд рӕдаудӕр фӕуун, уотӕ рӕдаудӕр исун ӕндӕр гъуддӕгти дӕр, зӕгъӕн, иннетӕн фулдӕр хатир кӕнун, сӕ рӕдудтитӕмӕ син ӕгӕр нӕ кӕсун, удта унаффӕмӕ дӕр хуӕздӕр байгъосун». Беретӕ ’й балӕдӕрдтӕнцӕ, рӕдау ку фӕуунцӕ, уӕд е сӕхецӕн дӕр пайда ке ӕрхӕссуй (Пс. 112:5; Ӕмб. 22:9).

11. а) «Сӕрӕндзийнадӕ» нӕмӕ ке ес, е ма цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? б) Абони Хуцауи адӕни астӕу «уӕргътӕ ӕмхузӕн» куд ӕнцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

11 «Сӕрӕндзийнадӕ» нӕмӕ ке ес, е ма бӕрӕг уодзӕй ӕндӕр гъуддаги дӕр. Кӕд нӕхецӕн ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун кенӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уӕхӕн бӕстӕмӕ рандӕ ун нӕ уайуй, уӕддӕр нӕ бон ӕй, игъосун кӕнуни гъуддагӕн нисайнӕгтӕй ӕнхус кӕнун (Ӕмб. 19:17). Уой фӕрци мӕгур бӕстити игъосунгӕнгутӕн ес литературӕ, игъосун кӕнуни гъуддаг размӕ цӕуй ӕма беретӕ рӕстдзийнадӕ базонунцӕ. Зӕгъӕн, Конго, Мадагаскар ӕма Руанди Библитӕ хъӕбӕр хъазар ӕнцӕ – еу къуӕре кенӕ мӕйи кусти бӕрцӕ. Арӕх ӕнсувӕрти равзарун фӕгъгъӕуидӕ, Библи балхӕнонцӕ ӕви сӕ бийнонтӕн хуӕруйнаг. Фал ӕгас дуйнебӕл ци нисайнӕгтӕ ӕрӕмбурд уй, уони фӕрци, удта ӕхца уотӕ харзгонд ке цӕунцӕ, «цӕмӕй уӕргътӕ ӕмхузӕн уонцӕ», уой фӕрци дӕр Йегови организацийӕн ӕ бон ӕй Библитӕ тӕлмац кӕнун ӕма сӕ лӕвар дӕттун бийнонтӕй алкӕмӕндӕр, удта Библи ка ахур кӕнуй, уонӕн дӕр. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:13–15.) Уотемӕй, дӕтгӕ кӕмӕн кӕнунцӕ ӕма дӕтгӕ ка кӕнуй, етӕ дӕр исунцӕ Йегови ӕмбӕлттӕ.

АЦИ ДУЙНЕМӔ «ӔХЦА БАКОСУНИ ТУХХӔЙ» ӔГӔР МА ХӔСТӔГ КӔНТӔ

12. Авраам ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дардта, уой куд бавдиста?

12 Кӕд нӕ фӕндуй, цӕмӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ уӕн, уӕд гъӕуама аци дуйнемӕ «ӕхца бакосуни туххӕй» ӕгӕр ма хӕстӕг кӕнӕн, фал «ӕцӕг» хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнӕн. Рагидзаманти еузӕрдон Авраам Йеговӕмӕ байгъуста, гъӕздуг горӕт Ур ниууагъта ӕма райдӕдта цатурти царун, уомӕн ӕма ’й фӕндадтӕй Йегови ӕмбал ун (Дзиуит. 11:8–10). Е ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта, ӕ гъӕздугдзийнӕдтӕбӕл нӕ, фал (Райд. 14:22, 23). Йесо еу гъӕздуг ӕригон нӕлгоймаги разӕнгард кодта, цӕмӕй е дӕр Авраами хузӕн ӕууӕндундзийнадӕ бавдистайдӕ ӕма ин загъта: «Кӕд дӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕнхӕст уай, уӕд цо, дӕ фӕллойнӕ рауӕйӕ кӕнӕ ӕма де ’хца мӕгуртӕбӕл байуарӕ, ӕма дин уодзӕй хӕзна уӕлӕрвти. Уой фӕсте ба раздӕхӕ ӕма цо мӕ фӕдбӕл» (Матф. 19:21). Еци ӕригон нӕлгоймагмӕ Авраами хузӕн ӕууӕндундзийнадӕ нӕ разиндтӕй. Фал ес, е ’гас зӕрдӕ дӕр Йеговӕбӕл ка даруй, уӕхӕн адӕн дӕр.

13. а) Павел Тимофеймӕ ци ниффинста? б) Нӕ бон куд ӕй Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун?

13 Тимофей дӕр адтӕй федар ӕууӕндундзийнади хецау. Павел ӕй исхудта «Йесо Киристей бӕгъатӕр ӕфсӕддон» ӕма имӕ финста: «Еунӕг ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр гъуддӕгти фӕдбӕл ӕхца бакосуни туххӕй нӕ рацӕудзӕй, цӕмӕй си, ӕфсадмӕ ’й ка райста, уой зӕрдӕ рохс кӕна» (2 Тим. 2:3, 4). Абони Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ, уони ’хсӕн ба ма милиуанӕй фулдӕр ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгутӕ, сӕ бон ци ӕй, уой кӕнунцӕ, цӕмӕй Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ цӕронцӕ. Аци ӕхцауарзагӕ дуйней рекламити фӕдбӕл нӕ цӕунцӕ, фал сӕ зӕрдӕбӕл дарунцӕ Библий финст уагӕвӕрд: «Ӕфстау ка райста, е ӕй ӕфстаудӕттӕги цагъар» (Ӕмб. 22:7). Сайтан уобӕл архай уй, цӕмӕй нӕ еугур рӕстӕг ӕма не ’гас хъауритӕ дӕр ӕхца бакосунбӕл харз кӕнӕн. Еуӕй-еуетӕ хъӕбӕр устур кредиттӕ райсунцӕ хӕдзарӕ кенӕ машинӕ балхӕнунмӕ, уӕлдӕр ахур райсунмӕ кенӕ сауӕнгӕ устур киндзӕхсӕвӕр искӕнунмӕ дӕр. Лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма берӕ ӕнзтӕмӕ ӕфстӕутти буни ниууӕн. Хумӕтӕг цард ку кӕнӕн, ӕфстӕуттӕ есунӕй нӕхе ку хезӕн ӕма минкъийдӕр ӕхца ку харз кӕнӕн, уӕд е ба зундбӕл дзорӕг уодзӕй. Уой фӕрци аци ӕхцауарзагӕ дуйней цагъӕртӕ нӕ уодзиан, фал Хуцауӕн ӕнӕ уӕлдай сӕринезӕй лӕггадӕ кӕндзиан (1 Тим. 6:10).

14. Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

14 Цӕмӕй хумӕтӕг цард кӕнӕн, уой туххӕй бал гъӕуама исбӕрӕг кӕнӕн, ӕхсидзгӕ ци ӕй ӕма ци нӕй, уой. Еу лӕг ӕма уосӕн адтӕй хуарз бизнес. Фал сӕ хъӕбӕр фӕндадтӕй нӕуӕгӕй ӕнхӕстрӕстӕг лӕггадӕ кӕнун. Уомӕ гӕсгӕ рауӕйӕ кодтонцӕ сӕ бизнес, яхтӕ ӕма ма цидӕр дзаумӕттӕ. Уой фӕсте рандӕ ’нцӕ Уорвикмӕ (Нью-Йорк) сӕйраг хайади арӕзтадон кустити ӕнхус кӕнунмӕ. Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба син е адтӕй, ӕма сӕ кизгӕ, удта сӕ сиахс дӕр уоми лӕггадӕ кодтонцӕ, цалдӕр къуӕрей дӕргъи ба ма лӕгӕн ӕ ниййергутӕ дӕр. Колорадой (АЕШ) еу пионер-хуӕрӕ бони ӕрдӕг куста банкки. Ӕ куст хецауади зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй ӕма ин загътонцӕ, зӕгъгӕ, ӕхца дин ӕртӕ хатти фулдӕр феддзиан, ӕрмӕст ӕгас бон косӕ. Фал хуӕрӕ не ’сарази ӕй, уомӕн ӕма ин уӕд ӕ лӕггадӕ фиццаг бунати нӕбал адтайдӕ. Йегови лӕггадгӕнгутӕй ма беретӕ ӕвдесунцӕ, фиццаг бунати син Паддзахади гъуддаг ке ӕй, уой. Уомӕй бӕрӕг ӕй устур аргъ ке кӕнӕн ӕцӕг хӕзнатӕн, удта нин Йегови хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, уомӕн, аци ӕхцауарзагӕ дуйне нӕ цӕмӕйти сайуй, уомӕн нӕ, фал.

ГЪӔЗДУГДЗИЙНАДӔ КУ НӔБАЛ УА

15. Ӕцӕг амондгун нӕ цӕхуӕн хӕзнатӕ кӕнунцӕ?

15 Адӕймаг гъӕздуг ку уа, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕма ӕй, ӕма ин Хуцау арфӕ кӕнуй. Йеговӕ арфӕ кӕнуй «хуарз гъуддӕгтӕй» гъӕздуг ка ӕй, уонӕн. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 6:17–19.) Еу хуӕрӕ, Лючийӕ *, зӕгъгӕ, базудта, Албаний игъосунгӕнгутӕ ке нӕ фагӕ кӕнуй, уой. Ӕма 1993 анзи Италийӕй уордӕмӕ рандӕ ’й. Куст ин н’ адтӕй, фал ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодта, Йеговӕ ибӕл ке батухсдзӕй. Лючийӕ исахур кодта албайнаг ӕвзаг ӕма адӕнӕн ӕнхус кодта рӕстдзийнадӕ базонун. Библи ке хӕццӕ ахур кодта, уонӕй 60 адӕймагемӕй фулдӕр донаргъуд райстонцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алке уӕхӕн рауӕнти нӕ лӕггадӕ кӕнуй, цӕмӕй ин уойбӕрцӕ ӕнтӕса. Фал иннетӕн ке ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй Йегови базононцӕ ӕма е ’мбӕлттӕ исуонцӕ, уомӕн хъӕбӕр устур аргъ ес. Уой туххӕй цидӕриддӕр кӕнӕн, е ӕносмӕдӕр уодзӕй нӕ хӕзна (Матф. 6:20).

16. а) Аци ӕхцауарзагӕ дуйнемӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? б) Федӕни ци уодзӕй, уой ке зонӕн, е куд гъӕуама бӕрӕг кӕна, гъӕздугдзийнадӕмӕ ци цӕстӕй кӕсӕн, уобӕл?

16 Йесо «мӕнгард гъӕздугдзийнади» туххӕй загъта, «ку нӕбал уа», зӕгъгӕ (Лук. 16:9). Абони берӕ бӕстити экономикӕ ке ’рхауй ӕма сӕ банктӕ ке нихгӕд унцӕ, е дессаг некӕмӕбал кӕсуй, фал ӕцӕгӕй дессаг хабар федӕни уодзӕй. Сайтани дуйне, гъома политикӕ, динтӕ ӕма ӕхцай хӕццӕ баст гъуддӕгтӕ фесӕфдзӕнцӕ. Пахампар Йезекил ӕма Софони куд дзурдтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ сугъзӕрийнӕ ӕма ӕвзестӕн аргъ нӕбал уодзӕй (Йез. 7:19; Соф. 1:18). Расагъӕс кӕнӕ, куд маст кодтайсӕ, дӕ царди кӕрон ма ’й ку балӕдӕрдтайсӕ, де ’гас цард дӕр ӕцӕг хӕзнати бӕсти «мӕнгард гъӕздугдзийнадӕ» ке фембурд кодтай? Уой ӕнгъезуй рабарун, цард-цӕрӕнбонти ӕхца ка фембурд кодта, уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ. Фӕстагмӕ ба ’й базудта, ӕцӕг ӕхцатӕ ке н’ адтӕнцӕ (Ӕмб. 18:11). Мадта «мӕнгард гъӕздугдзийнадӕ» фӕстагмӕ фесӕфдзӕй, уомӕ гӕсгӕ си гъӕуама абони уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй нин уӕлӕрвти ӕмбӕлттӕ уа. Йегови ӕма ӕ Паддзахади туххӕй цидӕриддӕр кӕнӕн, е нӕ амондгун кӕнуй.

17, 18. Хуцауи ӕмбӕлттӕмӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

17 Зӕнхӕ Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ ку исуа, уӕд нӕ нӕбал гъӕудзӕй арендӕ кенӕ ипотекӕ федун, алкӕмӕндӕр хуӕруйнаг уодзӕй фӕндон, удта дохтирти ӕнхус дӕр некебал гъӕудзӕй. Зӕнхӕ хуарзӕй цидӕриддӕр дӕттуй, е уодзӕй Хуцауи ӕмбӕлтти барӕ. Сугъзӕрийнӕ, ӕвзестӕ ӕма хъазар дортӕ ӕрмӕстдӕр рӕсугъд дзаумӕттӕ кӕнунмӕ уодзӕнцӕ, ӕмбурд кӕнунмӕ нӕ, фал. Ӕгас адӕнӕн дӕр уодзӕй фагӕ хуарз ӕрмӕг хӕдзӕрттӕ кӕнунмӕ – гъӕдӕрмӕг, дор ӕма ӕфсӕйнаг. Ӕмбӕлттӕ уӕхӕн гъуддӕгти кӕрӕдземӕн зӕрдиагӕй ӕнхус кӕндзӕнцӕ, естӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уой туххӕй нӕ, фал. Зӕнхӕ цидӕриддӕр дӕтта, уони еугур адӕнбӕл дӕр ӕмхузӕнӕй дех кӕндзӕнцӕ.

18 Аци гъуддӕгтӕ ӕнцӕ, ӕхецӕн ӕмбӕлттӕ уӕлӕрвти ка агоруй, уонӕмӕ ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ минкъий хай. Хуцауи лӕггадгӕнгути цийнӕн кӕрон дӕр нӕ уодзӕй, Йесой дзурдтӕ ку фегъосонцӕ, уӕд: «Рацотӕ, мӕ Фиди арфӕй хайгин ка ӕй, етӕ! Бунӕн райсетӕ, дуйней фӕззиндӕй фӕстӕмӕ уин цӕттӕ ка ӕй, еци паддзахадӕ» (Матф. 25:34).

^ 4 абз. Йесо бӕлвурдӕй неци загъта, унаффӕгӕнӕги раст фӕффудгин кодтонцӕ ӕви нӕ, уой туххӕй. Лукай 16:1 дзурдбаст «багъаст кодтонцӕ», ци грекъаг дзурдӕй ратӕлмац кодтонцӕ, е ма никкидӕр нисан кӕнуй цъухтӕ хӕссун дӕр. Йесо сӕйрагидӕр, унаффӕгӕнӕг ӕ куст цӕмӕн фесафта, уой кой нӕ кодта, фал уӕхӕн уавӕри куд бакодта, уой кой.

^ 15 абз. Лючийӕ Муссанетти биографи бакӕсӕн ес 2003 анзи 22 июни уагъд журнали «Пробудитесь!», 18–22 фӕрстӕ.