Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Нифсхаст... уо ӕма гъуддагмӕ бавналӕ»

«Нифсхаст... уо ӕма гъуддагмӕ бавналӕ»

«Нифсхаст ӕма федар уо ӕма гъуддагмӕ бавналӕ. Ӕппундӕр мацӕмӕй тӕрсӕ, уомӕн ӕма Йеговӕ Хуцау... дӕ хӕццӕ ’й» (1 АНЗ. 28:20).

ЗАРТӔ: 38, 34

1, 2. а) Соломонбӕл цӕхуӕн устур ихӕс ӕвӕрд ӕрцудӕй? б) Давид Соломонбӕл цӕмӕн тухстӕй?

СОЛОМОНӔН адтӕй еу ӕхсидзгӕ ихӕслӕвӕрд. Йеговӕ ин баихӕс кодта Йерусалими ковӕндонӕ исаразун. Е адтӕй, историй дӕргъи тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр арӕзтадон проектитӕй сӕ еу! Еци ковӕндонӕ гъӕуама «уӕхӕн устур ӕма уӕхӕн рӕсугъд» адтайдӕ, цӕмӕй «ӕ кой ӕгас бӕститӕбӕл дӕр райгъустайдӕ». Фал сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма еци ковӕндонӕ гъӕуама иссайдӕ «ӕцӕг Хуцау Йегови хӕдзарӕ» (1 Анз. 22:1, 5, 9–11).

2 Паддзах Давид ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, Йеговӕ Соломонӕн еци гъуддаги ке банхус кӕндзӕй, уобӕл. Фал ма Соломон «ӕригон ӕма ӕвӕлтӕрд» адтӕй. Цума еци устур ихӕс исӕнхӕст кӕнунмӕ ӕ нифс бахӕсдзӕй? Ӕви ин къулумпий хуасӕ исуодзӕй, ӕригон ӕма ӕвӕлтӕрд ке ӕй, е? Цӕмӕй Соломон еци ковӕндонӕ исаразтайдӕ, уой туххӕй ӕй гъудӕй нифсхаст ун ӕма гъуддагмӕ равналун.

3. Соломон ци зудтайдӕ, ӕ фидӕ цӕхуӕн нифсхаст лӕг адтӕй, уой туххӕй?

3 Соломон ӕй берӕ хӕттити фегъустайдӕ, ӕ фидӕ цӕхуӕн нифсхаст лӕг адтӕй, уой туххӕй. Давид ма ӕригон ку адтӕй, уӕд ӕ фиди дзогӕ гъӕддаг сирдтӕй фӕййервӕзун кӕнидӕ (1 Сам. 17:34, 35). Еухатт ба рацудӕй, уӕйуги асӕ ӕфсӕддон Голиафи нихмӕ. Хуцауи хъаури фӕрци ӕй Давид еунӕг тъӕпӕн дорӕй ӕрбамардта (1 Сам. 17:45, 49, 50).

4. Соломон нифсхаст цӕмӕн гъӕуама адтайдӕ?

4 Куд ӕй уинӕн, уотемӕй Давидӕй хуӕздӕр Соломонӕн неке банхус кодтайдӕ, еци ковӕндонӕ исаразунмӕ ӕ нифс бахӕссун. (Бакӕсӕ 1 Анзфинстити 28:20.) Соломон нифсхаст ку нӕ разиндтайдӕ амӕ ку фӕттарстайдӕ, уӕд ӕ бон неци адтайдӕ искӕнун. Ӕма уӕд е ба адтайдӕ, гъуддагмӕ ку бавналдтайдӕ, фал ин си ку неци рауадайдӕ, уомӕй дӕр фуддӕр.

5. Нифсхаст цӕмӕн гъӕуама уӕн?

5 Соломони хузӕн мах дӕр Йегови ӕнхус гъӕуй, цӕмӕй нифсхаст уӕн ӕма нин ци куст баихӕс кодта, уой ӕнхӕст кӕнӕн. Мадта ӕркӕсӕн, рагидзаманти ка цардӕй, уонӕй нифсхаст ка адтӕй, уони хабӕрттӕмӕ. Ӕма расагъӕс кӕнӕн, нӕ бон куд ӕй нифсгунӕй архайун ӕма нӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун.

НИФСХАСТ АДӔН

6. Иосиф куд нифсгун адтӕй, е дӕмӕ дессаг цӕмӕй кӕсуй?

6 Иосиф нифсхаст ке адтӕй, уой бавдиста, Потифари уосӕ ӕй ӕрсайунмӕ ку гъавта, уӕд. Лӕдӕрдтӕй ӕй, ку ин нӕ бакома, уӕд ӕ цард тӕссаг уавӕри ке гӕлдзуй. Фал е уомӕй нӕ фӕттарстӕй ӕма раст куд адтӕй, уотӕ бакодта (Райд. 39:10, 12).

7. Раав нифсхаст ке адтӕй, уой куд бавдиста? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

7 Раав дӕр нифсхаст силгоймаг адтӕй. Дууӕ израилаг ӕсгарӕги ин Йерихони ӕ хӕдзарӕмӕ ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд нӕ фӕттарстӕй ӕма сӕ нӕ рарвиста. Фал Раав ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл бадардта ӕма сӕ ӕ хӕдзари баримахста, удта син раледзунмӕ дӕр банхус кодта (Йес. Н. 2:4, 5, 9, 12–16). Раав ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ӕцӕг Хуцау ке ӕй ӕма ӕ адӕнӕн, зӕрдӕ син кӕмӕй байвардта, еци зӕнхӕ ке ратдзӕй, уобӕл. Е нӕ фӕттарстӕй, нӕдӕр адӕнӕй, нӕдӕр Йерихони паддзах ӕма ӕ лӕггадгӕнгутӕй. Уӕхӕн нифсхаст ке разиндтӕй, уой фӕрци ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ бийнонтӕ дӕр фӕййервазтӕнцӕ (Йес. Н. 6:22, 23).

8. Йесой цӕветтон ӕ апостолтӕн куд ӕнхус кодта?

8 Киристей еузӕрдон апостолтӕ дӕр хъӕбӕр нифсхаст адтӕнцӕ. Йесо ӕхуӕдӕг цӕхуӕн нифсгун адтӕй, уой хуарз зудтонцӕ ӕма ӕ цӕветтон уонӕн дӕр ӕнхус кодта нифсгунӕй архайун (Матф. 8:28–32; Иоан. 2:13–17; 18:3–5). Саддукейтӕ сӕ нихмӕ ку рацудӕнцӕ, уӕддӕр апостолтӕ нӕ фӕттарстӕнцӕ ӕма идарддӕр дӕр Йесой номӕй адӕни ахур кодтонцӕ (Гъуд. 5:17, 18, 27–29).

9. 2 Тимофеймӕ 1:7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нифсхаст цӕй фӕрци уодзиан?

9 Иосифӕн, Раавӕн, удта Йесойӕн ӕма ӕ апостолтӕн сӕ федар фӕндӕ адтӕй, раст куд ӕй, уотӕ архайун. Етӕ сӕ зӕрдӕ, сӕхе зунд ӕма хъауритӕбӕл нӕ дардтонцӕ, фал Йеговӕбӕл, ӕма уой фӕрци адтӕнцӕ уӕхӕн нифсхаст. Мах дӕр нифсгун кӕми гъӕуама уӕн, уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ гъӕуама Йеговӕбӕл дарӕн. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 1:7.) Мадта ӕркӕсӕн, нӕ бийнонти ӕма ӕмбурди медӕг нӕ бон куд ӕй нифсхаст ун, уомӕ.

НИФСХАСТ КӔД ГЪӔУАМА УӔН?

10. Ӕригон киристӕнттӕ нифсгун цӕмӕн гъӕуама уонцӕ?

10 Ӕригон киристӕнттӕ хъӕбӕр арӕх бахаунцӕ, нифсгунӕй архайун кӕми фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕрти. Ӕма уӕд сӕ бон ӕй зундӕй архайун, Соломон ковӕндонӕ аразгӕй зундӕй куд архайдта, уотӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕригӕнттӕ гъӕуама игъосонцӕ сӕ ниййергутӕ син ци дзорунцӕ, уомӕ, фал царди сӕйраг унаффитӕ ба уӕддӕр сӕхецӕн хӕсгӕ ’нцӕ (Ӕмб. 27:11). Цӕмӕй хуарз ӕмбӕлттӕ ӕма ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаронцӕ, кӕдзос цард кӕнонцӕ ӕма донаргъуд райсонцӕ, уой туххӕй гъӕуама уонцӕ нифсхаст, уомӕн ӕма етӕ цӕунцӕ Сайтани фӕндони нихмӕ, Хуцауӕн федистӕ ка кӕнуй, уой нихмӕ.

11, 12. а) Моисей нифсхаст ке адтӕй, уой куд бавдиста? б) Ӕригӕнтти бон куд ӕй Моисеййи фӕнзун?

11 Ӕригон киристӕнттӕ ма гъӕуама еу ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссонцӕ, сӕ царди цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвӕрдзӕнцӕ, уой туххӕй. Кӕцидӕр бӕстити ӕригӕнтти фӕрразӕнгард кӕнунцӕ уӕлдӕр ахурадӕ райсунмӕ, цӕмӕй син уой фӕсте хуарз куст уа. Экономикон уавӕр хуӕздӕр гъӕуагӕ кӕми ӕй, еци бӕстити ба ӕригӕнттӕ сӕ сӕйраг ихӕсбӕл нимайунцӕ сӕ бийнонтӕн ӕхцайӕй ӕнхус кӕнун. Кӕд ду дӕр уӕхӕн уавӕри дӕ, уӕд расагъӕс кӕнӕ Моисеййи цардбӕл. Моисеййи фараони кизгӕ исгъомбӕл кодта ӕма ӕ бон адтӕй хъӕбӕр гъӕздуг кенӕ зундгонд адӕймаг исун. Фал нифсхаст разиндтӕй ӕма Хуцауи адӕнмӕ ӕрбайеу ӕй. Е Египети гъӕздугдзийнӕдтӕ ниууагъта ӕма ӕ цард Йегови барӕ бакодта (Дзиуит. 11:24–26). Йеговӕ ин уой туххӕй хъӕбӕр райарфӕ кодта, никки фулдӕр арфӕдзийнӕдтӕ ба ма ’й хезуй федӕни.

12 Уотӕ абони дӕр Йеговӕ ӕригӕнттӕн райарфӕ кӕндзӕй, сӕ разӕй хуарз нисӕнттӕ ку ӕвӕронцӕ ӕма Паддзахади гъуддӕгтӕ сӕ царди фиццаг бунати ку уонцӕ, уӕд. Йеговӕ син ӕнхус кӕндзӕй ӕма син сӕ бийнонтӕбӕл дӕр батухсдзӕй. Фиццаг ӕноси ӕригон Тимофеййӕн дӕр ӕ царди фиццаг бунати Хуцауи гъуддаг адтӕй, ӕма ’й дӕу бон дӕр ӕй фӕнзун *. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:19–22.)

Цӕттӕ дӕ царди алли уавӕри дӕр нифсгунӕй архайунмӕ? (кӕсӕ 13–17 абзацтӕ)

13. Еу ӕригон хуӕрӕ нифсхаст ке разиндтӕй, уой фӕрци ӕ нисӕнттӕ ӕ къохи куд бафтудӕнцӕ?

13 Алабамӕй (АЕШ) еу хуӕри гъудӕй нифсхаст ун, цӕмӕй Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ исӕвардтайдӕ. Е зӕгъуй: «Сувӕллонӕй хъӕбӕр ӕфсӕрмигӕнагӕ адтӕн. Ӕмбурди дӕр ма мин иннети хӕццӕ дзорун зин адтӕй. Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ цо ӕма ӕнӕзонгӕ адӕни хӕццӕ дзубанди кӕнун райдайӕ, уобӕл ба дзоргӕ дӕр нӕбал кӕнун». Фал ӕ ниййергути, удта ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци еци хуӕрӕн ӕ нисан ӕ къохи бафтудӕй ӕма иссӕй пионер. Е загъта: «Сайтани дуйне уӕлдӕр ахурадӕ, кадӕ ӕма ӕхцатӕ хонуй, тундзун кӕмӕ гъӕуй, уӕхӕн нисӕнттӕ». Фал ӕй хуӕрӕ фӕууидта, еци нисӕнттӕ фулдӕр адӕнӕн сӕ къохи ке некӕд бафтуйунцӕ, ӕма ма син берӕ маст ӕма рист дӕр ке ӕрхӕссунцӕ. Удта ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй хъӕбӕр амондгун дӕн, удта мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рохс кӕнуй».

14. Киристон ниййергути кӕд фӕгъгъӕуй нифсхаст ун?

14 Киристон ниййергутӕ дӕр гъӕуама нифсхаст уонцӕ. Зӕгъӕн, дӕ кусти хецау дӕ арӕх фӕскуст кенӕ уолӕфӕн бӕнтти косун кӕнуй. Ду ба еци рӕстӕг рахецӕн кодтай бийнонти ахурӕн, ӕмбурдӕн кенӕ игъосун кӕнунӕн. Цӕмӕй дӕ хецауӕн «нӕъ» зӕгъай, ӕма дӕ сувӕллӕнттӕн фӕнзуйнаг уай, уой туххӕй дӕ гъӕуй нифсхаст ун. Кенӕ ба зӕгъӕн, ӕмбурди ниййергутӕй кадӕртӕ сӕ сувӕллӕнттӕн ци уадзунцӕ кӕнун, уой ду дӕ сувӕллӕнттӕн нӕ уадзис. Ӕма дӕ еци ниййергутӕ ку фӕрсонцӕ, уотӕ цӕмӕн кӕнис, зӕгъгӕ, уӕд дӕмӕ нифс разиндзӕй, цӕмӕй син ӕй уӕзданӕй балӕдӕрун кӕнай?

15. Псалом 37:25 ӕма Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:5 ниййергутӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?

15 Ниййергутӕ дӕр гъӕуама нифсхаст уонцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнонцӕ Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун ӕма еци нисӕнттӕмӕ тундзун. Зӕгъӕн, еуӕй-еу ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти нӕ фӕрразӕнгард кӕнунцӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уордӕмӕ рандӕ унмӕ, Вефили лӕггадӕ кӕнунмӕ кенӕ нӕ арӕзтадон гъуддӕгти архайунмӕ. Ка ’й зонуй, тӕрсгӕ фӕккӕнунцӕ, ку базӕронд уонцӕ, уӕд сӕмӕ фӕккӕсӕг ке нӕ уодзӕй, уомӕй. Фал идардмӕ уинӕг ниййергутӕ уӕхӕн цӕмӕйдӕрти нӕ тӕрсунцӕ, ӕма федарӕй ӕууӕндунцӕ, Йеговӕ син зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл. (Бакӕсӕ Псалом 37:25; Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:5.) Ниййергутӕ нифсхаст ку уонцӕ ӕма сӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку даронцӕ, уӕд сӕ сувӕллӕнтти дӕр уомӕ разӕнгард кӕндзӕнцӕ (1 Сам. 1:27, 28; 2 Тим. 3:14, 15).

16. Еуӕй-еу ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнттӕн сӕ рази хуарз нисӕнттӕ исӕвӕрун куд банхус кодтонцӕ ӕма син е цӕхуӕн пайда ӕрхаста?

16 Еугонд Штатти еу лӕг ӕма уосӕ сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кодтонцӕ Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ исӕвӕрун. Лӕг зӕгъуй: «Нӕ сувӕллӕнттӕ къахӕй дӕр ку нӕма рауадӕнцӕ ӕма дзорун дӕр ку нӕма зудтонцӕ, гъеуӕд син райдӕдтан дзорун, пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун куд берӕ цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, уой. Ӕма нур е сӕ нисан иссӕй. Нӕ сувӕллӕнттӕн уӕхӕн нисӕнттӕ ке ес, ӕма сӕбӕл ке архайунцӕ, е син ӕнхус кӕнуй, Сайтани дуйней нихмӕ лӕуун ӕма се ’ргом раздахун ӕцӕг гъӕугӕ гъуддагмӕ – Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ». Дууӕ сувӕллони кӕмӕн ес, иннӕ уӕхӕн фидӕ ба ниффинста: «Берӕ ниййергутӕ сӕ хъауритӕ ӕма се ’хцатӕ не ’вгъау кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕн спорти, ахуради кенӕ аййевадон гъуддӕгти ести бантӕса. Мадта уӕд цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕдӕр ӕй нӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнун, Йегови рази син хуарз ном ке фӕрци уодзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕмӕ тундзун. Еци нисӕнттӕ сӕ къохи куд ӕфтуйунцӕ, уой уинун хъӕбӕр устур цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, раст цума еци арфӕдзийнӕдтӕй нӕхуӕдтӕ дӕр исхайгин уӕн, уотӕ». Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй ке райарфӕ кӕндзӕй, сӕ сувӕллӕнтти хуарз нисӕнттӕмӕ ка разӕнгард кӕнуй ӕма син ка ӕнхус кӕнуй, еци ниййергутӕн.

НИФСХАСТ ӔМБУРДИ МЕДӔГ

17. Ӕмбурди нифсгунӕй архайун ке бон ӕй?

17 Ӕмбурди медӕг дӕр фӕгъгъӕуй нифсхаст ун. Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ еци менеуӕг февдесунцӕ, уӕззау тӕрегъӕд ка искӕнуй, уони гъуддӕгтӕ ку февзарунцӕ, уӕд кенӕ дохтирти ӕнхус ке багъӕуй, уонӕн ку фенхус кӕнунцӕ, уӕд. Еуӕй-еу хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба ахӕстдӕнттӕмӕ дӕр ӕрбацӕунцӕ, ӕма си ахӕстити хӕццӕ Библи фӕййахур кӕнунцӕ кенӕ ӕмбурдтӕ фӕууадзунцӕ. Ӕнӕцуд хуӕртӕй ба ци ес зӕгъӕн? Етӕ дӕр хъӕбӕр нифсхаст ӕнцӕ, ӕма Йеговӕн куд фулдӕр балӕггадӕ кӕнонцӕ, уобӕл архайунцӕ. Беретӕ си лӕггадӕ кӕнунцӕ пионертӕй, рандӕ унцӕ, игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уордӕмӕ, фӕййархайунцӕ арӕзтадон гъуддӕгти ӕма фӕййахур кӕнунцӕ Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъолай. Еуӕй-еу хуӕртӕ ба Галаади скъола дӕр рацӕунцӕ.

18. Каргун хуӕртӕн сӕ бон куд ӕй нифсхаст ун?

18 Каргун хуӕртӕ дӕр ӕмбурдӕн ӕнцӕ ӕцӕг хӕзнатӕ! Кӕд раздӕр Хуцауи гъуддаги цӕйбӕрцӕ кодтонцӕ, уойбӕрцӕ нур сӕ бон нӕбал ӕй, уӕддӕр сӕ бон ӕй ӕвдесун, нифсхаст ке ’нцӕ, уой ӕма архайун. (Бакӕсӕ Титмӕ 2:3–5.) Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймаг каргун хуӕрӕн ку зӕгъа, цӕмӕй ӕригон хуӕри хӕццӕ ӕ уӕледарӕси туххӕй радзора, уӕд ӕй гъӕудзӕй нифсхастдзийнадӕ. Е ӕригон хуӕри уайдзӕфти буни нӕ фӕккӕндзӕй, фал ин фӕлмӕнӕй зӕгъдзӕй, цӕмӕй расагъӕс кӕна, ӕ уӕледарӕси туххӕй ин иннетӕ ци гъуди кӕнунцӕ, уобӕл (1 Тим. 2:9, 10). Каргун хуӕртӕ иннетӕбӕл уотӕ ку тухсонцӕ, уӕд ӕмбурд федар кӕндзӕй.

19. а) Донаргъуд ӕнсувӕрти бон куд ӕй нифсгунӕй архайун? б) Филиппӕгтӕмӕ 2:13 ӕма 4:13 ӕнсувӕрти нифс куд федар кӕнунцӕ?

19 Уомӕй уӕлдай ма донаргъуд ӕнсувӕртӕ дӕр гъӕуама уонцӕ нифсхаст ӕма архайонцӕ. Кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбурдӕн устур пайда ӕнцӕ (1 Тим. 3:1). Фал еуӕй-еуетӕ фулдӕр ихӕстӕмӕ сӕ нифс нӕ фӕххӕссунцӕ. Ка ’й зонуй, ӕнсувӕр раздӕр ци тӕрегъӕдтӕ искодта, уони туххӕй имӕ уотӕ кӕсуй, ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрӕй кенӕ хестӕр нӕлгоймагӕй лӕггадӕ кӕнуни аккаг нӕй. Кӕмӕдӕр ба, ӕвӕдзи, уотӕ кӕсуй, ӕма еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун нӕ бафӕраздзӕй. Кӕд дӕумӕ дӕр уӕхӕн сагъӕстӕ фӕззиннуй, уӕд дин Йеговӕ банхус кӕндзӕй нифсгунӕй архайун. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:13; 4:13.) Моисеймӕ дӕр фиццаг уотӕ кастӕй, ӕма ин Йеговӕ ци баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнун ӕ бон не ’суодзӕй (Рац. 3:11). Фал Йегови фӕрци нифсхаст разиндтӕй ӕма гъуддагмӕ бавналдта. Донаргъуд ӕнсувӕрӕн ба ци банхус кӕндзӕй нифсгунӕй архайун? Йеговӕй ӕнхус ку кора ӕма алли бон дӕр Библи ку кӕса, удта рагидзаманти Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй нифсхаст ка адтӕй, уони хабӕрттӕбӕл ку сагъӕс кӕна. Ӕ бон ма ӕй сӕрниллӕгӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъун, цӕмӕй ӕй ахур кӕнонцӕ, ӕмбурди ци ӕма куд гъӕуй кӕнун, уобӕл, удта ма син ӕ бон ӕй бавдесун, ӕмбурди цийфӕнди гъуддаги дӕр фӕккӕсунмӕ цӕттӕ ке ӕй, уой. Мах еугур донаргъуд ӕнсувӕрти дӕр разӕнгард кӕнӕн, цӕмӕй нифсхаст уонцӕ ӕма ӕмбурди гъуддӕгти зингзӕрдӕй архайонцӕ!

«ЙЕГОВӔ... ДӔ ХӔЦЦӔ ӔЙ»

20, 21. а) Давид Соломонӕн ӕ зӕрди ци ӕрӕфтудта? б) Нӕ бон цӕбӕл ӕй федӕрӕй ӕууӕндун?

20 Паддзах Давид Соломонӕн ӕ зӕрди ӕрӕфтудта, Йеговӕ ӕ фарсмӕ ке уодзӕй, цалинмӕ ковӕндонӕ конд нӕ фӕууа, уӕдмӕ (1 Анз. 28:20). Соломон ӕ фиди дзурдтӕбӕл сагъӕс кодта ӕма ин уой фӕрци къулумпий хуасӕ не ’ссӕй, ӕригон ӕма ӕвӕлтӕрд ке адтӕй, е, фал нифсгунӕй кустмӕ февналдта. Йегови фӕрци еци гъуддагмӕ ӕ нифс бахаста ӕма ковӕндонӕ авд анзи ӕма ӕрдӕгмӕ арӕзт фӕцӕй.

21 Йеговӕ Соломонӕн куд банхус кодта, уотӕ махӕн дӕр банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нифсхаст уӕн ӕма бийнонти, удта ӕмбурди дӕр нин ци ихӕстӕ ес, уони ӕнхӕст кӕнӕн (Ис. 41:10, 13). Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нифсхаст ку уай, уӕд дин ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй нур дӕр ӕма федӕни дӕр. Мадта «нифсхаст... уо ӕма гъуддагмӕ бавналӕ»!

^ 12 абз. Цӕхуӕн нисӕнттӕ ӕнгъезуй равзарун, уой туххӕй хуарз унаффитӕ ес статьяй «Пусть твои духовные цели прославляют Создателя», 2004 анзи 15 июли уагъд «Сторожевая башня».