Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсис?

Фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсис?

«Сумах дӕр фӕразон уотӕ» (ИАК. 5:8).

ЗАРТӔ: 114, 79

1, 2. а) Цӕмӕн нӕмӕ фӕззиннуй уӕхӕн фарста, «цӕйбӕрцӕ ма», зӕгъгӕ? б) Рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгути цӕветтонтӕ нӕ куд федар кӕнунцӕ?

«ЦӔЙБӔРЦӔ МА?» Аци фарста тухсун кодта еузӕрдон пахампартӕ Исай ӕма Аввакуми (Ис. 6:11; Ав. 1:2). 13 псаломи дӕр уӕхӕн фарста цуппар хатти финст ӕрцудӕй, ӕма бӕрӕг ӕй, Давиди дӕр ке тухсун кодта (Пс. 13:1, 2). Сауӕнгӕ ма Йесо дӕр, ӕууӕндундзийнадӕ кӕмӕ нӕ фагӕ кодта, уонӕн загъта, «цӕйбӕрцӕ ма уин бухсдзӕн», зӕгъгӕ (Матф. 17:17). Мадта дессаг нӕй, махмӕ дӕр хатгай уӕхӕн фарста ке фӕззиннуй, е.

2 Уӕхӕн фарста нӕмӕ цӕмӕн фӕззиннуй? Ка ’й зонуй, ӕнӕфудӕй ӕфхуӕрд ӕййафӕн кенӕ ести нези хӕццӕ тох кӕнӕн кенӕ ба нӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ. Гӕнӕн ес, ӕма нӕ тухсун кӕна, «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг» ке цӕрӕн, е дӕр (2 Тим. 3:1). Кенӕ ба, ӕвӕдзи, нӕ алливарс адӕн ци зундбӕл хуӕст ӕнцӕ, уомӕ кӕсунӕй бауӕгӕ ан. Цийфӕнди ма уа, уӕддӕр ӕй зонӕн: Йеговӕ рагидзаманти ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕн некӕд бауайдзӕф кодта, уӕхӕн фарста имӕ ке лӕвардтонцӕ, уой туххӕй.

3. Зин бафӕразӕн кӕмӕн ӕй, уӕхӕн уавӕри нин ци банхус кӕндзӕй?

3 Зин бафӕразӕн кӕмӕн ӕй, уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй? Киристей ӕнсувӕр Иаков Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинста: «Ме ’нсувӕртӕ, нӕ Хецау цалинмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ уотӕ фӕразон» (Иак. 5:7). Мадта гъӕуама фӕразон уӕн. Фал фӕразондзийнадӕ ци ӕй ӕма нӕ бон куд ӕй еци хуарз менеуӕг ӕвдесун?

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ ЦИ ӔЙ?

4, 5. а) Фӕразондзийнадӕ ци ӕй, ӕма ’й нӕ бон куд ӕй ӕвдесун? б) Еци менеуӕг балӕдӕрун кӕнунмӕ Иаков цӕхуӕн цӕветтон ӕрхаста? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

4 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ фӕразондзийнадӕ ӕй, сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеуӕг. Ӕнӕ Хуцауи ӕнхусӕй ӕнӕнхӕст адӕймаги бон нӕй хъӕбӕр зин уавӕрти фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун. Еци менеуӕг Хуцауи лӕвар ӕй, ӕма фӕразон ку уӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, Йегови дӕр ӕма адӕни дӕр ке уарзӕн. Фал нин фӕразондзийнадӕ ку нӕ фагӕ кӕна, уӕдта нӕ уарзондзийнадӕ дӕр ӕруазал уодзӕй (1 Кор. 13:4; Гал. 5:22). Фӕразондзийнадӕмӕ ма ци хауй? Фӕразон адӕймаг зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй ӕ нифс сӕттун нӕ уадзуй (Кол. 1:11; Иак. 1:3, 4). Фӕразон ку уӕн, уӕд нин ӕнцондӕр уодзӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун ӕма маст есунӕй нӕхе хезун. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн. Уой туххӕй финст ӕй Иакови 5:7, 8. (Ба сӕ кӕсӕ.)

5 Йеговӕ гъуддагмӕ кӕд равналдзӕй, уомӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун цӕмӕн гъӕуй? Иаков цӕветтонӕн ӕрхаста, зӕнхи куст ка кӕнуй, уӕхӕн адӕймаги. Еци адӕймаг зӕрдиагӕй фӕййархайуй, цӕмӕй хуарз тиллӕг исеса, фал бонигъӕдӕ куд уодзӕй кенӕ ци ниййаразта, е куд тагъд исирӕздзӕй, уобӕл ба ӕ барӕ нӕ цӕуй. Удта рӕстӕг фӕттагъддӕр кӕнун дӕр ӕ бон нӕй. Е фӕразонӕй фенгъӕлмӕ кӕсуй «зӕнхи хъазар тиллӕгмӕ». Уотӕ мах дӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, уомӕ, фал ма ес, нӕ бон кӕмӕн неци ӕй бакӕнун, берӕ уӕхӕн гъуддӕгтӕ дӕр (Мар. 13:32, 33; Гъуд. 1:7). Мах дӕр еци зӕнхкосӕги хузӕн гъӕуама фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн.

6. Пахампар Михеййи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Абони мах дӕр арӕх бахауӕн, пахампар Михей ци уавӕрти бахаудтӕй, уӕхӕн уавӕрти. Михей цардӕй, лӕгъуз паддзах Ахази рӕстӕг. Еци паддзахи рӕстӕг израилӕгтӕ хъӕбӕр тӕрегъӕдгун гъуддӕгти бафтудӕнцӕ. «Лӕгъуздзийнадӕ кӕнунмӕ дӕсни ’нцӕ», зӕгъгӕ, финст ӕрцудӕй Библий. (Бакӕсӕ Михей 7:1–3.) Михей ӕй лӕдӕрдтӕй, уавӕр раййевун ӕ бон ке нӕй, уой. Мадта ци кодта? Михей загъта: «Мӕнӕн ба мӕ каст уодзӕй Йеговӕмӕ. Цӕйбӕрцӕ гъӕуа, уойбӕрцӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн мӕ ервӕзунгӕнӕг Хуцаумӕ. Мӕ Хуцау мӕ фегъосдзӕй» (Мих. 7:7). Михеййи хузӕн мах дӕр гъӕуама фӕразонӕй «ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн».

7. Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, уомӕ куд гъӕуама ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн?

7 Махӕн дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ Михеййи ӕууӕндундзийнади хузӕн федар ку уа, уӕд Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзиан. Мах уавӕр, мӕлӕти тӕрхон кӕмӕн рахастонцӕ, уӕхӕн ахӕст лӕги уавӕри хузӕн нӕй. Фӕндӕуа ӕй, ӕви ма фӕндӕуа, уӕддӕр ин еци бон хезгӕ ’й. Расагъӕс кӕнӕ, уӕхӕн адӕймаги сӕри цӕхуӕн тар гъудитӕ фӕууй. Фал мах уавӕр ба ӕндӕрхузи ӕй. Мах Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, ӕ рӕстӕги ӕ зӕрдӕвӕрд ке исӕнхӕст кӕндзӕй ӕма ни алкедӕр ӕносон цардӕй ке исхайгин уодзӕй! Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй «цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй кӕронмӕ федар фӕллӕуун» (Кол. 1:11, 12). Фал цалинмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕдмӕ ба гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй хъур-хъур кӕнун ма райдайӕн, рӕстӕг ӕгӕр ниддаргъ ӕй, зӕгъгӕ, уомӕн ӕма ни уӕд Йеговӕ арази нӕбал уодзӕй (Кол. 3:12).

ФӔРАЗОНӔЙ КА ӔНГЪӔЛМӔ КАСТӔЙ, УОНИ ЦӔВЕТТОНТӔ

8. Нӕ бон цӕбӕл ӕй сагъӕс кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн?

8 Ци нин банхус кӕндзӕй Йеговӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун? Рагидзаманти ка цардӕй, еци еузӕрдон нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгти цӕветтонтӕ. Етӕ дӕр ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Йеговӕ син зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, уомӕ. (Ром. 15:4). Ӕма нӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг ӕма куд зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, удта син Йеговӕ куд райарфӕ кодта, уобӕл.

Авраами берӕ ӕнзтӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун гъудӕй, цалинмӕ ин фуртифурттӕ Исав ӕма Иаков райгурдӕнцӕ, уӕдмӕ (кӕсӕ 9, 10 абзацтӕ)

9, 10. Авраам ӕма Сарри цӕйбӕрцӕ рӕстӕг багъудӕй Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун?

9 Ӕркӕсӕн Авраам ӕма Сарри хабармӕ. Етӕ дӕр хаунцӕ, Хуцау «се ’ууӕндундзийнадӕ ӕма сӕ фӕразондзийнади туххӕй хуарздзийнӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн байвардта», уонӕмӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Авраам «фӕразондзийнадӕ ку бавдиста», уӕд ин Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, ке ин райарфӕ кӕндзӕй ӕма си ӕнӕгъӕнӕ адӕнихатт ке рацӕудзӕй (Дзиуит. 6:12, 15). Авраами фӕразондзийнадӕ цӕмӕн гъудӕй? Уомӕн ӕма рӕстӕг гъудӕй, цӕмӕй еци зӕрдӕвӕрд исӕнхӕст адтайдӕ. Н. э. размӕ 1943 анзи 14 нисани Йегови зӕрдӕвӕрд ӕнхӕст кӕнун райдӕдта. Еци бон Авраам, Саррӕ ӕма сӕ хӕдзаронтӕ цӕугӕдон Евфратбӕл бахизтӕнцӕ ӕма Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бацудӕнцӕ. Фал ма уой фӕсте Авраами 25 анзи ӕнгъӕлмӕ кӕсун багъудӕй, цалинмӕ ӕ фурт Исаак райгурдӕй, уӕдмӕ, ӕ фуртифурттӕ Исав ӕма Иаков ба 60 анзей фӕсте райгурдӕнцӕ (Дзиуит. 11:9).

10 Цума Авраамбӕл Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕй цӕйбӕрцӕ ӕруадӕй? Библий финст ес, зӕгъгӕ, Йеговӕ «ин си уӕд бунӕн неци равардта, къахи буни асӕ дӕр. Фал ин зӕрдӕ байвардта, еци зӕнхӕ ин ӕхецӕн ӕма ӕ байзӕддӕгтӕн бунӕн ке ратдзӕй, кӕд ин зӕнӕг нӕма адтӕй, уӕддӕр» (Гъуд. 7:5). Аци дзурдтӕ исӕнхӕст ӕнцӕ, Авраам Евфратбӕл ку бахизтӕй, уобӕл ма 430 анзи ку рацудӕй, уӕд. Еци рӕстӕгмӕ ӕ байзӕддӕгтӕ иссӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ адӕнихатт ӕма гъӕуама еци зӕнхӕ байахӕстайуонцӕ (Рац. 12:40–42; Гал. 3:17).

11. Авраам зӕрдиагӕй цӕмӕн ӕнгъӕлмӕ кастӕй ӕма ин Йеговӕ куд райарфӕ кодта?

11 Авраам зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уомӕн ӕма ’й федарӕй зудта, Йеговӕ ӕ дзурд ке исӕнхӕст кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:8–12.) Авраам хъӕбӕр амондгун адтӕй, кӕд Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ еугурӕй ӕ рӕстӕги не ’сӕнхӕст ӕнцӕ, уӕддӕр. Фал расагъӕс кӕнӕ, дзенети зӕнхӕбӕл ку райгас уа, уӕд куд цийнӕ кӕндзӕй, уобӕл. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ин уодзӕй ӕ царди ӕма ӕ бийнонти хабӕрттӕ Библий бакӕсун *. Удта, Йеговӕ Киристей фӕрци ӕ фӕндон куд ӕнхӕст кодта ӕма Авраам еци фӕндони ци бунат ахӕста, уой ку базона, уӕд дӕр, ӕвӕдзи, хъӕбӕр дес кӕндзӕй! Гъе уӕд ӕй никки хъӕбӕрдӕр балӕдӕрдзӕй, дзӕгъӕли ке не ’нгъӕлмӕ кастӕй, уой.

12, 13. Иосифи фӕразондзийнадӕ цӕмӕн гъудӕй ӕма гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй?

12 Авраами фуртифурт Иосиф дӕр зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Иосиф ӕнӕфудӕй берӕ ӕфхуӕрд баййафта. Фиццаг ӕй е ’нсувӕртӕ цагъарӕй рауӕйӕ кодтонцӕ, еу-17 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Уой фӕсте ба ибӕл ӕ хецауи уосӕ хӕранӕй рацудӕй, тухмиуӕ мин кӕнунмӕ гъавта, зӕгъгӕ, ӕма ’й ахӕстдонӕмӕ багӕлстонцӕ (Райд. 39:11–20; Пс. 105:17, 18). Фиццаг бакастӕй адӕймаг зӕгъдзӕй, зӕгъгӕ, Иосиф ӕ еузӕрдондзийнади туххӕй арфӕгонд нӕ, фал ӕлгъист ӕрцудӕй. Фал 13 анзей фӕсте уавӕр цӕхгӕрмӕ раййивта. Иосифи ахӕстдонӕй исуӕгъдӕ кодтонцӕ ӕма Египети иссӕй фараони фӕсте дуккаг адӕймаг (Райд. 41:14, 37–43; Гъуд. 7:9, 10).

13 Цума уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй Иосифӕн ӕ зӕрдӕ ниддор ӕй? Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма ’й Йеговӕ ниууагъта? Нӕъ. Иосиф фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕй. Цума ин ци ӕнхус кодта? Йеговӕбӕл федарӕй ке ӕууӕндтӕй, е. Лӕдӕрдтӕй ӕй, алцидӕр Йегови къохти ке ӕй. Ӕма е бӕрӕг ӕй, е ’нсувӕртӕн ци загъта, уомӕй: «Ма тӕрсетӕ. Ести ӕз Хуцау дӕн? Сумах мин лӕгъуздзийнадӕ бакӕнунмӕ гъавтайтӕ, фал ӕй нур куд уинетӕ, уотемӕй ӕй Хуцау хуарзӕрдӕмӕ рахадта, цӕмӕй берети фӕййервӕзун кӕна» (Райд. 50:19, 20). Фӕстагмӕ ’й Иосиф балӕдӕрдтӕй, дзӕгъӕли ке нӕ фенгъӕлмӕ кастӕй, уой.

14, 15. а) Давид Йеговӕмӕ куд ӕнгъӕлмӕ кастӕй, е дессаг цӕмӕн ӕй? б) Давидӕн ци ӕнхус кодта зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун?

14 Паддзах Давид дӕр берӕ ӕфхуӕрд баййафта. Йеговӕ Давиди Израили паддзахӕй равзурста, ӕригон ма ку адтӕй, уӕд. Фал цалинмӕ паддзах иссӕй, уӕдмӕ ма ’й 15 анзи ӕнгъӕлмӕ кӕсун багъудӕй, уой дӕр ӕрмӕстдӕр Иуди муггагӕн иссӕй паддзах, ӕхуӕдӕг кӕцӕй рацудӕй, еци муггагӕн (2 Сам. 2:3, 4). Еци рӕстӕг Давид ледзӕггаги цард кодта, уомӕн ӕма ’й паддзах Саул марунмӕ агурдта *. Уомӕ гӕсгӕ Давидӕн ӕхе хӕдзарӕ дӕр н’ адтӕй, ӕма ӕхе кӕми лӕгӕти баримӕхсидӕ, кӕми ба ӕндӕр бӕстӕмӕ фӕлледзидӕ. Фӕстагмӕ Саул тугъди будури фӕммардӕй. Фал цалинмӕ Давид ӕгас Израили паддзах иссӕй, уӕдмӕ ма никкидӕр еу-7 анзей бӕрцӕ рацудӕй (2 Сам. 5:4, 5).

15 Давидӕн ци ӕнхус кодта зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун? Аци фарстабӕл дзуапп ес, цуппар хатти, «кӕдмӕ ма», зӕгъгӕ, кӕми ниффинста, еци псаломи. Давид зӕгъуй: «Ӕз ба мӕ зӕрдӕ дарун де ’новуд уарзтбӕл. Цийнӕ кӕнӕд мӕ зӕрдӕ, ци ервӕзундзийнадӕ дӕттис, уобӕл. Ӕз зардзӕн Йеговӕн, уомӕн ӕма рӕвдуд дӕн ӕ хуарздзийнӕдтӕй» (Пс. 13:5, 6). Давид ӕй зудта, Йеговӕ ’й берӕ ке уарзуй ӕма ибӕл ӕновуд ке ӕй. Е сагъӕс кодта, Йеговӕ ин раздӕр дӕр куд ӕнхус кодта, уобӕл ӕма ӕнгъӕлмӕ кастӕй, ӕ зиндзийнӕдтӕн ин кӕрон кӕд искӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Давид ӕй федарӕй зудта, Йегови арфӕдзийнӕдтӕмӕ цӕйбӕрцӕфӕнди ӕнгъӕлмӕ кӕсун ма багъӕуа, уӕддӕр уой аргъ ке ’нцӕ.

Йеговӕ ӕхуӕдӕг ци нӕ бакӕна, уой махӕн нӕ кӕнун кӕндзӕй

16, 17. Йеговӕ Хуцау ӕма Йесо Киристе куд ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, уомӕй фӕнзуйнаг цӕмӕн ӕнцӕ?

16 Йеговӕ ӕхуӕдӕг ци нӕ бакӕна, уой махӕн нӕ кӕнун кӕндзӕй. Ӕма фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун куд гъӕуй, уоми нин ӕхуӕдӕг дӕр фӕнзуйнаг ӕй. (Бакӕсӕ 2 Петури 3:9.) Зӕгъӕн, цалдӕр мин анзей размӕ Едеми дзӕхӕрадони Сайтан Йегови фӕффудгин кодта, рӕстӕй ке нӕ архайуй. Ӕма Йеговӕ «ӕнгъӕлмӕ кӕсуй» ӕ ном кӕронмӕ дӕр кӕд искӕдзос уодзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Фӕстагмӕ ба, «ка имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, етӕ еугурӕйдӕр» дессаги арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕнцӕ (Ис. 30:18).

17 Йесо дӕр зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон адтӕй. Н. э. 33 анзи ба уӕлӕрвти нивонди аргъи хӕццӕ Йегови рази ӕрлӕудтӕй. Фал паддзах ба дзӕвгарӕ фӕстӕдӕр иссӕй, 1914 анзи (Гъуд. 2:33–35; Дзиуит. 10:12, 13). Йесо нур дӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, е ’гас знӕгтӕ дӕр исӕфт кӕд ӕрцӕудзӕнцӕ, еци рӕстӕгмӕ. Е ба уодзӕй ӕрмӕстдӕр ӕ минанзон хецаудзийнади кӕрон (1 Кор. 15:25). Е цубур рӕстӕг нӕй, фал еци арфӕдзийнӕдтӕ бангъӕлмӕ кӕсуни аргъ ӕнцӕ.

ЦИ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ ЙЕГОВӔМӔ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСУН?

18, 19. Ци нин банхус кӕндзӕй фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун?

18 Бӕрӕг ӕй, Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ фӕразонӕй ӕма зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн. Еци гъуддаги нин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕуама Йеговӕй корӕн ӕ сугъдӕг хъаурӕ. Иронх ди ма уӕд, фӕразондзийнадӕ, сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, уӕхӕн менеуӕг ке ӕй (Еф. 3:16; 6:18; 1 Фес. 5:17–19). Мадта Йеговӕн лигъстӕ кӕнӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун.

19 Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, Авраамӕн, Давидӕн ӕма Иосифӕн дӕр Йегови зӕрдӕвӕрдтӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун ци ӕнхус кодта, уой – сӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ. Етӕ, сӕхецӕн куд хуӕздӕр адтайдӕ, уобӕл нӕ сагъӕс кодтонцӕ. Йеговӕ сӕ цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кодта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд махӕн дӕр ӕнцондӕр уодзӕй фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун.

20. Нӕ федар фӕндӕ ци ӕй?

20 Кӕд аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уӕддӕр нӕ федар фӕндӕ ӕй фӕразонӕй «ӕнгъӕлмӕ кӕсун». Ӕвӕдзи ни алкедӕр еуӕй-еухатт фӕззӕгъуй: «Йеговӕ, цӕйбӕрцӕ ма?» (Ис. 6:11). Фал нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ӕнхус кӕндзӕй ӕма мах бон дӕр уодзӕй пахампар Йеремий хузӕн зӕгъун: «Йеговӕ ӕй мӕ хай... ӕма имӕ уой туххӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн» (Йер. гъ. 3:21, 24).

^ 11 абз. Авраами царди хабӕрттӕ Райдайӕни киунуги ахӕссунцӕ 15 сӕри. Уомӕй уӕлдай ма Киристон Грекъаг Финстити дӕр Авраами кой цӕуй 70 хаттемӕй фулдӕр.

^ 14 абз. Саул паддзах ку иссӕй, уобӕл дууӕ анземӕй минкъий фулдӕр рацудӕй ӕма си Йеговӕ арази нӕбал адтӕй. Фал ма ин уӕддӕр 38 анзей бӕрцӕ паддзахеуӕг кӕнуни барӕ равардта, цалинмӕ нӕ рамардӕй, уӕдмӕ (1 Сам. 13:1; Гъуд. 13:21).