Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Фӕразонӕй тиллӕг ка дӕттуй, уони Йеговӕ уарзуй

Фӕразонӕй тиллӕг ка дӕттуй, уони Йеговӕ уарзуй

«Хуарз зӕнхӕбӕл ци нӕмгутӕ ӕрхаудтӕй, етӕ ба... фӕразон ке фӕуунцӕ, уой фӕрци раттунцӕ тиллӕг» (ЛУК. 8:15).

ЗАРТӔ: 68, 72

1, 2. а) Адӕн лӕгъуз кӕми игъосунцӕ, уӕхӕн рауӕн ка игъосун кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти цӕветтонтӕ нин нӕ нифс цӕмӕн федар кӕнунцӕ? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Райгурӕн бӕсти игъосун кӕнун куд ӕй, уой туххӕй Киристе ци загъта? (Кӕсӕ феппайуйнаг.)

ЕУГОНД Штатти ка цӕруй, еу уӕхӕн лӕг ӕма уосӕ, Серджио ӕма Олиндӕ, лӕггадӕ кӕнунцӕ пионертӕй. Сӕ дууебӕл дӕр 80 анземӕй фулдӕр цӕуй. Сӕ къӕхтӕ ке ресунцӕ, уой туххӕй син цӕун зин ӕй. Фал уӕддӕр берӕ ӕнзти дӕргъи куд кодтонцӕ, уотӕ нур дӕр сӕумӕ 7 сахаттебӕл сӕ горӕти фӕзӕмӕ рацӕунцӕ ӕма остановки рази ислӕуунцӕ. Уоми, сӕ рӕзти ка рацӕуй, еци адӕнӕн Библибӕл арӕзт публикацитӕ фӕддӕттунцӕ. Фулдӕр адӕн сӕмӕ кӕсгӕ дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ, фал Серджио ӕма Олиндӕ уӕддӕр фӕллӕуунцӕ ӕма сӕмӕ ка бакӕсуй, уонӕмӕ баходунцӕ. Рӕфтӕмӕ хӕстӕгдӕр ба сабургай сӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхунцӕ. Иннӕ сӕумӕ дӕр бабӕй уотӕ. Ӕма гъе уотӕ берӕ ӕнзти дӕргъи къуӕремӕ ӕхсӕз бони игъосун кӕнунцӕ.

2 Серджио ӕма Олинди хузӕн берӕ еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ сӕ райгурӕн бӕсти берӕ ӕнзти дӕргъи игъосун кӕнунцӕ, кӕд сӕмӕ адӕн нӕ фегъосунцӕ, уӕддӕр. Ка ’й зонуй, ду дӕр уӕхӕн рауӕн лӕггадӕ кӕнис. Кӕд уотӕ ’й, уӕд растауйнаг дӕ, уомӕн ӕма уӕхӕн уавӕри дӕр фӕразонӕй игъосун кӕнис *. Дӕумӕ кӕсгӕй беретӕн сӕ нифс бафедар уй, сауӕнгӕ ма фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр. Ӕркӕсӕн, уой фӕдбӕл районон цӕстӕдаргутӕ ци зӕгъунцӕ, уомӕ. Сӕ еу загъта: «Уӕхӕн еузӕрдон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ку фӕллӕггадӕ кӕнун, уӕд мӕмӕ нӕуӕгӕй хъауритӕ фӕззиннуй». Иннӕ ба уотӕ: «Сӕ еузӕрдондзийнадӕ мӕн дӕр разӕнгард кӕнуй, идарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕма нифсгунӕй игъосун кӕнун». Ӕндӕр цӕстӕдарӕг ба загъта: «Сӕ цӕветтон мин мӕ зӕрдӕ тавуй».

3. Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕ равзардзиан ӕма цӕмӕн?

3 Аци статьяй равзардзиан, идарддӕр дӕр нин Киристей фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайун ка банхус кӕндзӕй, ӕртӕ уӕхӕн фарстай: еуӕй-еухатт нӕ нифс цӕмӕн басӕттуй? Нӕ бон куд ӕй «тиллӕг» дӕттун? Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕразонӕй тиллӕг дӕттӕн?

НӔ НИФС ЦӔМӔН БАСӔТТУЙ

4. а) Дзиуиттӕгтӕ хуарз хабармӕ лӕгъуз цӕстӕй ке ракастӕнцӕ, е Павелбӕл куд рабӕрӕг ӕй? б) Павелӕн зин цӕмӕн адтӕй?

4 Адӕн хуарз хабармӕ лӕгъуз кӕми игъосунцӕ, уӕхӕн рауӕн игъосун кӕнгӕй, ӕвӕдзи, дӕ нифс басӕттуй. Кӕд уотӕ ’й, уӕд апостол Павели хуарз балӕдӕрдзӕнӕ. Павел 30 анзей дӕргъи игъосун кодта ӕма уой фӕрци беретӕ иссӕнцӕ киристӕнттӕ (Гъуд. 14:21; 2 Кор. 3:2, 3). Фал дзиуиттӕгтӕй ба киристон ка иссӕй, етӕ хъӕбӕр минкъий адтӕнцӕ. Павелмӕ сӕ фулдӕр игъосгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ, кадӕртӕ ба ма ӕ фӕдбӕл дӕр зилдӕнцӕ (Гъуд. 14:19; 17:1, 4, 5, 13). Цума ибӕл е куд рабӕрӕг ӕй? Ӕхуӕдӕг уотӕ загъта: «Куд Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг, уотӕ, ӕцӕгӕй ци ӕй, уой зӕгъун... хъӕбӕр зин мин... ӕй ӕма ӕдзох мӕ зӕрдӕ... ресуй» (Ром. 9:1–3). Цума ин зин цӕмӕн адтӕй? Уомӕн ӕма ӕцӕгӕйдӕр уарзта игъосун кӕнун, удта адӕни дӕр уарзта. Дзиуиттӕгтӕбӕл тухстӕй ӕма ин зин адтӕй, Хуцауи хуарзӕнхӕй сӕхе ӕнӕхай ке кодтонцӕ, е.

5. а) Игъосун кӕнуни гъуддаги архайунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй? б) Еуӕй-еухатт нӕ нифс ке басӕттуй, е дессаг цӕмӕннӕ ’й?

5 Павели хузӕн мах дӕр адӕнбӕл тухсӕн, ӕма нӕ банхус кӕнун ке фӕндуй, уой туххӕй син игъосун кӕнӕн (Матф. 22:39; 1 Кор. 11:1). Мах ӕй нӕхецӕй зонӕн, Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ цӕхуӕн амондгун фӕуунцӕ, уой. Ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй уой иннетӕ дӕр бавзаронцӕ. Уомӕ гӕсгӕ сӕ идарддӕр дӕр разӕнгард кӕнӕн, цӕмӕй базононцӕ Йегови ӕма имӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, уой. Зӕгъӕн ес, ӕма син уотӕ фӕдздзорӕн: «Дессаги лӕвар дин ӕрбахастан ӕма ’й, дӕ хуарзӕнхӕй, райсӕ». Мадта дессаг нӕй, адӕн еци лӕвар ку нецӕмӕ ӕрдарунцӕ, уӕд махӕн дӕр Павели хузӕн зин ке фӕууй. Уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ нӕмӕ ке фӕззиннуй, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин ӕууӕндундзийнадӕ нӕ фагӕ кӕнуй, фал адӕнбӕл ке тухсӕн, уобӕл. Мадта кӕд еуӕй-еухатт нӕ нифс дӕр басӕттуй, уӕддӕр идарддӕр игъосун кӕнӕн. Ӕвӕдзи ни беретӕ исарази уодзӕнцӕ, 25 анзи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ, Еленӕ, ци загъта, уой хӕццӕ: «Игъосун кӕнун ӕнцон нӕй. Фал мӕ ӕндӕр гъуддаги архайун ба уӕддӕр нӕ фӕндадтайдӕ».

НӔ БОН КУД ӔЙ ТИЛЛӔГ ДӔТТУН

6. Цӕхуӕн фарстамӕ ӕркӕсдзиан?

6 Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма кӕмифӕнди ма игъосун кӕнӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй еци гъуддаги ӕнтӕстгунӕй архайун? Цӕмӕй аци ӕхсидзгӕ фарстабӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, «тиллӕг дӕттун» цӕмӕн гъӕуй, уой туххӕй Киристе ци дууӕ цӕветтони ӕрхаста, уомӕ (Матф. 13:23). Фиццаг цӕветтон ӕй сӕнӕфсери талай туххӕй.

7. а) «Сӕнӕфсери кустгӕнӕг», «сӕнӕфсери тала» ӕма «къалиуттӕ» кӕмӕ ӕмонунцӕ? б) Цӕхуӕн фарстабӕл нӕ гъӕуй дзуапп базонун?

7 Бакӕсӕ Иоанни 15:1–5, 8. Аци цӕветтони Йесо балӕдӕрун кодта, «сӕнӕфсери кустгӕнӕг» Йеговӕ ке ӕй, «сӕнӕфсери тала» – ӕхуӕдӕг, «къалиуттӕ» ба – ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ *. Ӕма уой фӕсте ӕ апостолтӕн загъта: «Берӕ рӕзӕ ку хӕссайтӕ ӕма, мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой гъуддагӕй ку ’вдесайтӕ, уӕд уомӕй мӕ Фидӕ искадгин уодзӕй». Цума рӕзӕ хӕссунмӕ ци хауй? Еци рӕзӕ ци адтӕй, уой Йесо нӕ загъта, фал цидӕр ба уӕддӕр загъта, ӕма уой фӕрци нӕ бон уодзӕй аци фарстабӕл дзуапп базонун.

8. а) Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма Киристей цӕветтони «рӕзӕ хӕссунмӕ» ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун нӕ хауй? б) Йеговӕ ни ци агоруй, уой туххӕй ци ес зӕгъӕн?

8 Йесо ӕ Фиди туххӕй загъта: «Къалиуттӕй рӕзӕ ка нӕ хӕссуй, уой ралух кӕнуй». Ӕндӕр загъдӕй, Йеговӕ нӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл нимайдзӕй, рӕзӕ ку хӕссӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матф. 13:23; 21:43). Мадта аци цӕветтони рӕзӕ хӕссунмӕ, ахуркӕнуйнӕгтӕ ке гъӕуама цӕттӕ кӕнӕн, е нӕ хауй (Матф. 28:19). Уотӕ ку адтайдӕ, уӕд ахуркӕнуйнӕгтӕ бацӕттӕ кӕнун кӕмӕн нӕ бантӕстӕй, еци еузӕрдон Ӕвдесӕнтӕ адтайуонцӕ, рӕзӕ ка нӕ хӕссуй, уӕхӕн къалиуттӕ. Фал е уотӕ нӕй! Мах бон нӕй адӕймагӕй тухӕй дӕр Киристей ахуркӕнуйнаг рауайун кӕнун. Удта Йеговӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй ӕма нӕ бон ци нӕй, уой ни некӕд байагордзӕй (Дук. з. 30:11–14).

9. а) Нӕ бон куд ӕй рӕзӕ хӕссун? б) Цӕхуӕн цӕветтонмӕ ӕркӕсдзиан ӕма цӕмӕн?

9 Мадта ци рӕзӕ гъӕуама хӕссӕн, е ци ӕй? Е ӕй, Йеговӕ нин ке баихӕс кодта ӕма ни алке бон дӕр кӕнун ке ӕй, еци куст. Цӕхуӕн? Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнун (Матф. 24:14) *. Ӕма е бӕрӕг ӕй Киристе итауӕги туххӕй ци цӕветтон ӕрхаста, уомӕй. Гъӕйдӕ мадта еци цӕветтон лӕмбунӕгдӕр рартасӕн.

10. а) Нӕмуг ӕма зӕнхӕ цӕмӕ амонунцӕ? б) Мӕнӕуи ӕфсерӕ цӕхуӕн тиллӕг равардта?

10 Бакӕсӕ Лукай 8:5–8, 11–15. Аци цӕветтони Киристе балӕдӕрун кодта, нӕмуг «Хуцауи дзурд», кенӕ Паддзахади хабар ке ӕй. Зӕнхӕ ба амонуй адӕймаги зӕрдӕмӕ. Хуарз зӕнхбӕл ка ӕрхаудтӕй, еци нӕмуг едӕгтӕ рауагъта, тала исуагъта ӕма си, зӕгъӕн, мӕнӕуи ӕфсерӕ исирӕзтӕй. Уой фӕсте ба еци ӕфсерӕ «сӕдӕ хатти фулдӕр» тиллӕг равардта. Цума цӕхуӕн тиллӕг? Мӕнӕуи нӕуӕг ӕфсертӕ? Нӕъ, мӕнӕуи ӕфсерӕ равардта нӕуӕг нӕмгутӕ. Еци нӕмгутӕ дӕр фӕстӕдӕр талатӕ исуагътонцӕ ӕма бабӕй си мӕнӕуи ӕфсертӕ иссудӕй. Йесой цӕветтони еу нӕмуг равардта сӕдӕ нӕмуги. Цума аци хабар нӕ лӕггадӕмӕ куд хауй?

Фӕразон ке ан, уой фӕрци тиллӕг куд дӕттӕн? (кӕсӕ 11 абзац)

11. а) Итауӕги туххӕй цӕветтон нӕ лӕггадӕмӕ куд хауй? б) Нӕуӕг нӕмгутӕ ке итауӕн, е цӕмӕ амонуй?

11 Нӕ ниййергутӕй кенӕ ӕндӕр Ӕвдесӕнтӕй фиццаг хатт Хуцауи Паддзахади хабар ку фегъустан, уӕд нӕмуг хуарз зӕнхӕмӕ ӕрхаудтӕй. Хуарз хабар нӕ зӕрдӕмӕ куд райстан, уомӕ кӕсгӕй, нӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, етӕ хъӕбӕр цийнӕ кодтонцӕ. Еци нӕмуг нӕ зӕрди ирӕзун райдӕдта ӕма ӕхуӕдӕг тиллӕг дӕттунмӕ исцӕттӕ ’й. Ӕма раздӕр ке кой кодтан, еци ӕфсерӕ нӕуӕг ӕфсертӕ нӕ, фал нӕуӕг нӕмгутӕ куд равардта, уотӕ мах дӕр нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ нӕ дӕттӕн, фал нӕуӕг нӕмгутӕ аразӕн *. Кутемӕй? Аллихатт дӕр адӕни хӕццӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй ку фӕдздзорӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма нӕхе зӕрдӕмӕ ка бахаудтӕй, уӕхӕн нӕмгутӕ итауӕн (Лукай 6:45; 8:1). Мадта Хуцауи Паддзахади туххӕй цӕйбӕрцӕ игъосун кӕнӕн, тиллӕг дӕр фӕразонӕй уойбӕрцӕ дӕттӕн.

12. а) Киристе сӕнӕфсери талай ӕма итауӕги туххӕй ци цӕветтонтӕ ӕрхаста, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Еци цӕветтонтӕ дин цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

12 Киристе сӕнӕфсери талай ӕма итауӕги туххӕй ци цӕветтонтӕ ӕрхаста, уонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Тиллӕг дӕттӕн ӕви нӕ, е, адӕн хуарз хабармӕ куд игъосунцӕ, уомӕй кӕнгӕ нӕй, фал син идарддӕр игъосун кӕнӕн ӕви нӕ, уомӕй. Павел дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта: «Алкедӕр райсдзӕй ӕхе хуӕрзеуӕг, куд бахъиамӕт кӕна, уомӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8). Мадта нин Йеговӕ, куд бахъиамӕт кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ райарфӕ кӕндзӕй, цӕхуӕн тиллӕг ӕрхастан, уомӕ гӕсгӕ нӕ, фал. 20 анзи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ, Матильдӕ, загъта: «Йеговӕ нин арфӕ нӕ хъиамӕтти туххӕй ке кӕнуй, е мин устур цийнӕ хӕссуй».

ФӔРАЗОНӔЙ ТИЛЛӔГ КУД ДӔТТӔН

13, 14. Ромӕгтӕмӕ 10:1, 2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел игъосун кӕнуни гъуддаги ӕ къохтӕ цӕмӕннӕ ӕруагъта?

13 Ци нин банхус кӕндзӕй фӕразонӕй тиллӕг дӕттун? Павели хабармӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн. Куд ӕй базудтан, уотемӕй Павелӕн ӕ нифс басастӕй, дзиуиттӕгтӕ Хуцауи Паддзахади хабармӕ ке нӕ байгъустонцӕ, уой туххӕй. Фал Павел уӕддӕр ӕ къохтӕ не ’руагъта. Ци зӕрдӕ сӕмӕ дардта, уой туххӕй ниффинста: «Ме ’нсувӕртӕ, фӕндгӕ дӕр мӕ кӕнуй ӕма Хуцауӕн дӕр уой туххӕй фӕллигъстӕ кӕнун, цӕмӕй етӕ фӕййервӕзонцӕ. Уони туххӕй мӕ бон ӕй зӕгъун, ӕма Хуцаубӕл хъӕбӕр ӕновуд ӕнцӕ, фал, ка ӕй, уой бӕлвурдӕй нӕ зонунцӕ» (Ром. 10:1, 2). Мадта син Павел идарддӕр дӕр цӕмӕн игъосун кодта?

14 Фиццагидӕр ӕй «фӕндгӕ» кодта дзиуиттӕгтӕн хуарз хабар дзорун. Хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй етӕ дӕр фӕййервӕзонцӕ (Ром. 11:13, 14). Уомӕй уӕлдай ма Павел «Хуцауӕн... фӕллигъстӕ кӕнидӕ», цӕмӕй дзиуиттӕгтӕй уӕддӕр еуӕй-еуетӕн банхус кодтайдӕ Паддзахади хабар сӕ зӕрдӕмӕ райсун. Удта ма сӕмӕ Павел, хуарзӕй ци ес, уой уидта, уотӕ дӕр ма загъта, «Хуцаубӕл хъӕбӕр ӕновуд ӕнцӕ», зӕгъгӕ. Павел ӕхуӕдӕг дӕр уӕхӕн адтӕй. Ӕма ’й зудта, етӕ дӕр Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ ку исуонцӕ, уӕд Хуцауӕн зингзӕрдӕй ке лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ.

15. Нӕ бон куд ӕй Павели хузӕн архайун? Ӕрхӕссӕ цӕветтонтӕ.

15 Мах бон ба куд ӕй Павели хузӕн архайун? Фиццаг, гъӕуама нӕ фӕндӕуа, «ӕносон царди надӕбӕл цӕун ке фӕндуй», уӕхӕн адӕни агорун. Дуккаг, Йеговӕн лигъстӕ кӕнӕн, цӕмӕй адӕн хуарз хабармӕ байгъосонцӕ (Гъуд. 13:48; 16:14). Пионерӕй еу 30 анзей бӕрцӕ ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ, Силванӕ, зӕгъуй: «Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнуни размӕ Йеговӕмӕ исковун, цӕмӕй мин банхус кӕна адӕни хӕццӕ зӕрдиагӕй дзорун». Уӕмӕй уӕлдай ма Йеговӕй фӕккорӕн, цӕмӕй нин ӕ изӕдтӕ банхус кӕнонцӕ, байгъосунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уӕхӕн адӕни иссерун (Матф. 10:11–13; Рарг. 14:6). Роберт пионерӕй 30 анземӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнуй, ӕма зӕгъуй: «Кӕмӕ фӕццӕуӕн, уонӕн сӕ царди туххӕй изӕдтӕ алцидӕр фӕззонунцӕ. Ӕма сӕ хӕццӕ ӕмгуст ке кӕнӕн, е дессаг цидӕр ӕй!» Ӕртиккаг, мах архайӕн, цӕмӕй, адӕнмӕ хуарзӕй ци ес, уой уинӕн ӕма нӕ зӕрдӕ дарӕн, етӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун ке райдайдзӕнцӕ. 50 анземӕй фулдӕр донаргъуд ка ӕй, еу уӕхӕн хестӕр нӕлгоймаг, Карл, зӕгъуй: «Адӕймагӕн фӕлмӕн цӕстингас ку фӕууй кенӕ мӕмӕ ӕнӕхийнӕ фарста ку раттуй, уӕд ӕй балӕдӕрун, кӕдзосзӕрдӕ ке ӕй». Мадта мах бон дӕр ӕй Павели хузӕн фӕразон ун ӕма тиллӕг дӕттун.

«ДӔ КЪОХТӔН ӔНЦОЙНӔ МА ДӔТТӔ»

16, 17. а) Екклесиасти 11:6 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Еуварсӕй нӕмӕ ка кӕсуй, етӕ хуарз хабармӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсунцӕ?

16 Гъӕуама макӕд иронх кӕнӕн, нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг адӕнӕн цӕхуӕн пайда хӕссуй, уой, кӕд нӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма нӕмӕ неке игъосуй, уӕддӕр. (Бакӕсӕ Екклесиаст 11:6.) Адӕн ӕй фӕууинунцӕ, не ’ндаг бакаст цӕхуӕн ӕй ӕма нӕхе куд дарӕн, уой. Рӕстӕг рацӕудзӕй, ӕма, ка ’й зонуй, раздӕр нӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй ка кастӕй, етӕ сӕ гъуди раййевдзӕнцӕ. Статьяй райдайӕни ке кой кодтан, еци Серджио ӕма Олиндӕ уой сӕхебӕл бавзурстонцӕ.

17 Серджио зӕгъуй: «Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг фӕзӕмӕ нӕбал рацудан, сӕйгӕ ке кодтан, уой туххӕй. Уой фӕсте ба ку рацудан, уӕд нӕ, нӕ рӕзти ка рацӕуидӕ, етӕ рафӕрсиуоцӕ: „Кӕми фесавдайтӕ? Ӕрхун кӕнун дӕр ма уӕбӕл ку райдӕдтан“». Олиндӕ дӕр ходгӕй загъта: «Автобусти шофертӕ нӕмӕ идардӕй расалам кӕниуонцӕ кенӕ нӕмӕ рагъӕр кӕниуонцӕ, уӕ куст хуарз кӕнтӕ, зӕгъгӕ. Кадӕртӕ ба ма ни журналтӕ дӕр райстонцӕ». Еу хабар ба син уӕлдай ӕхцӕуӕн адтӕй. Еу нӕлгоймаг сӕ стенди размӕ бацудӕй ӕма син дидингутӕ балӕвар кодта, удта, ци куст кӕнунцӕ, уой туххӕй син райарфӕ кодта.

18. Цӕмӕн дӕ фӕндуй идарддӕр дӕр фӕразонӕй тиллӕг дӕттун?

18 Мадта Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнгӕй нӕ къохтӕн ӕнцойнӕ ке нӕ дӕттӕн, уой фӕрци хуарз хабар ӕгас адӕнихӕттитӕн дӕр игъустгонд ӕрцӕудзӕй (Матф. 24:14). Уомӕй уӕлдай ма уотемӕй Йегови зӕрдӕ ке рохс кӕнӕн, е дӕр нин устур цийнӕ хӕссуй. Йеговӕ уарзуй, фӕразон ка ӕй, ӕма уой фӕрци тиллӕг ка дӕттуй, уони!

^ 2 абз. Йесо дӕр ӕй зудта, «райгурӕн бӕсти» игъосун кӕнун куд зин ӕй, уой. Уой туххӕй финст ӕрцудӕй Евангелитӕй цуппареми дӕр (Матф. 13:57; Мар. 6:4; Лук. 4:24; Иоан. 4:44).

^ 7 абз. «Къалиуттӕ» фиццагидӕр, уӕларвон царди нифс кӕмӕн ес, уонӕмӕ амонунцӕ, фал ни аци цӕветтонӕй алкедӕр берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнуй.

^ 9 абз. «Рӕзӕ хӕссунмӕ» ма хауй, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ нӕ уодигъӕди федар кӕнун. Фал аци, удта иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй, нӕ «цъухидзурдӕй» ци рӕзӕ хӕссӕн, гъома Хуцауи Паддзахади туххӕй ке игъосун кӕнӕн, уобӕл (Гал. 5:22, 23; Дзиуит. 13:15).

^ 11 абз. Ӕндӕр хӕттити дӕр Йесо итаун ӕма кӕрдуни туххӕй цӕветтонтӕй пайда кодта, ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг куд гъӕуама цӕуа, уой ку лӕдӕрун кӕнидӕ, уӕд (Матф. 9:37; Иоан. 4:35–38).