Идарддӕр дӕр «берӕ рӕзӕ» цӕмӕн хӕссӕн?
«Берӕ рӕзӕ ку хӕссайтӕ ӕма, мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой гъуддагӕй ку ’вдесайтӕ, уӕд уомӕй мӕ Фидӕ искадгин уодзӕй» (ИОАН. 15:8).
1, 2. а) Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр Киристе ӕ апостолти хӕццӕ цӕбӕл дзурдта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Цӕмӕн игъосун кӕнӕн, уой иронх кӕнун цӕмӕннӕ гъӕуй? в) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
ЙЕСО, ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр ӕ апостолти хӕццӕ берӕ фӕдздзубанди кодта. Куд берӕ сӕ уарзуй, уой син балӕдӕрун кодта. Уомӕй уӕлдай ма син радзурдта, айразиккон статьяй ке кой кодтан, еци сӕнӕфсери талай хабар. Йесой фӕндадтӕй, цӕмӕй сӕ баразӕнгард кодтайдӕ идарддӕр дӕр «берӕ рӕзӕ» хӕссун, гъома Паддзахади хабар фӕразонӕй игъосун кӕнун (Иоан. 15:8).
2 Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн, ци кӕнун сӕ гъудӕй, айдагъ уой нӕ радзурдта, фал ма сӕ еци гъуддаги архайун цӕмӕн гъудӕй, уой дӕр. Ба син ӕй лӕдӕрун кодта, идарддӕр дӕр цӕмӕн гъӕуама игъосун кӕнонцӕ, уой. Мах дӕр цӕмӕн игъосун кӕнӕн, уой нӕ зӕрдӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕ е разӕнгард кӕндзӕй идарддӕр дӕр фӕразонӕй хуарз хабар хӕссун, цӕмӕй ӕй «еугур адӕнихӕттитӕ дӕр фегъосонцӕ» (Матф. 24:13, 14). Аци статьяй ӕркӕсдзиан, адӕнӕн игъосун кӕнунмӕ нӕ ка разӕнгард кӕнуй, цуппар уӕхӕн гъуддагемӕ. Удта цӕмӕй нӕ бон уа идарддӕр дӕр рӕзӕ хӕссун, уой туххӕй нин Йеговӕ цӕхуӕн цуппар лӕвари искодта, уобӕл дӕр радзордзиан.
КАДГИН КӔНӔН ЙЕГОВИ
3. а) Иоанни 15:8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ игъосун кӕнун цӕмӕн гъӕуй? б) Киристей цӕветтони цопӕлттӕ цӕмӕ амонунцӕ ӕма е хуарз рабарст цӕмӕн ӕй?
3 Игъосун кӕнуни гъуддаги фиццагидӕр архайӕн, Йегови кадгин кӕнун ӕма ин ӕ ном рохс кӕнун нӕ ке фӕндуй, уой туххӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 15:1, 8.) Киристе сӕнӕфсери талай туххӕй цӕветтон ку ’рхаста, уӕд си Йегови рабарста сӕнӕфсери кустгӕнӕги хӕццӕ, ӕхе – сӕнӕфсери талай хӕццӕ, ӕ фӕдбӕлдзӕугути ба – еци талай къалиутти хӕццӕ (Иоан. 15:5). Мадта уӕд сӕнӕфсери цопӕлттӕ ӕнцӕ, Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ци рӕзӕ хӕссунцӕ, е, гъома игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайунцӕ. Йесо ӕ апостолтӕн загъта: «Берӕ рӕзӕ ку хӕссайтӕ... уӕд уомӕй мӕ Фидӕ искадгин уодзӕй». Сӕнӕфсерӕбӕл берӕ цопӕлттӕ ку ’рзайуй, уӕд е сӕнӕфсери кустгӕнӕгӕн кадӕ хӕссуй. Уотӕ мах дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд уомӕй Йегови кадгин кӕндзиан (Матф. 25:20–23).
4. а) Хуцауи ном кутемӕй рохс кӕнӕн? б) Хуцауи ном рохс кӕнуни кадӕ дӕмӕ ке ӕрхаудтӕй, уой туххӕй ци гъуди кӕнис?
4 Хуцауи ном ӕнӕуой дӕр рохс ӕй ӕма ’й уомӕй фулдӕр нӕ бон нӕй исрохс кӕнун. Мадта уӕд игъосун кӕнгӕй Хуцауи ном кутемӕй рохс кӕнӕн? Пахампар Исай загъта: «Гъӕуама ӕрмӕстдӕр ӕфсӕдти хецау Йегови ном рохс кӕнайтӕ» (Ис. 8:13). Хуцауи ном иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр ке ӕй, уой ку лӕдӕрӕн ӕма уой иннетӕн дӕр ку амонӕн, уӕд ин уотемӕй ӕ ном рохс кӕнӕн (Матф. 6:9). Зӕгъӕн, адӕнӕн ӕ дессаги менеугути, удта имӕ адӕни туххӕй ци фӕндӕ ес, уой ке дзорӕн, уой фӕрци ӕй уинунцӕ, Сайтан Йегови туххӕй цидӕриддӕр фӕдздзурдта, етӕ мӕнгӕттӕ ке ’нцӕ (Райд. 3:1–5). Йеговӕ ӕй «кадӕ ӕма намуси аккаг», уомӕн ӕма ӕй «устур хъаури хецау». Ӕма уой адӕнӕн ку дзорӕн уӕд ин уотемӕй дӕр ӕ ном рохс кӕнӕн (Рарг. 4:11). 16 анзи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ, Ране, зӕгъуй: «Дун-дуйней Сфӕлдесӕги Ӕвдесӕн ке дӕн, уомӕн хъӕбӕр устур аргъ кӕнун. Е мӕ разӕнгард кӕнуй идарддӕр дӕр адӕнӕн игъосун кӕнун».
УАРЗӔН ЙЕГОВИ ӔМА Ӕ ФУРТИ
5. а) Игъосун кӕнунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй, уой туххӕй Иоанни 15:9, 10 ци финст ес? б) Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн куд балӕдӕрун кодта, фӕразондзийнадӕ сӕ ке гъӕудзӕй, уой?
5 Бакӕсӕ Иоанни 15:9, 10. Адӕнӕн нӕ игъосун кӕнунмӕ ка разӕнгард кӕнуй, еци гъуддӕгтӕй дуккаг ӕй, Йегови ӕма Йесой ке уарзӕн, е (Мар. 12:30; Иоан. 14:15). Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Идарддӕр дӕр уотӕ хайгин мӕ уарзондзийнадӕй». Цума син уотӕ цӕмӕн загъта? Уомӕн ӕма ’й зудта, ӕ фӕдбӕлдзӕугути ӕцӕг киристӕнтти цард кӕнунмӕ фӕразондзийнадӕ ке гъӕудзӕй. Иоанни 15:4–10 Киристе дзурдбастӕй, «идарддӕр дӕр», зӕгъгӕ, арӕх пайда кодта, цӕмӕй ӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ балӕдӕрдтайуонцӕ, фӕразондзийнадӕ сӕ ке гъӕудзӕй, уой.
6. Идарддӕр дӕр нӕ Киристей уарзондзийнадӕй хайгин ун ке фӕндуй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
6 Идарддӕр дӕр нӕ Киристей уарзондзийнадӕй хайгин ун ӕма ин ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй? Коммӕгӕс ин ке уодзиан, уомӕй. Киристе ӕхуӕдӕг куд архайдта, мах дӕр уомӕ разӕнгард кодта. Ӕма уомӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз мӕ Фиди фӕдзӕхститӕ куд ӕнхӕст кӕнун ӕма ӕ уарзондзийнадӕй хайгин куд дӕн, уотӕ сумах дӕр мӕ фӕдзӕхститӕ... ӕнхӕст кӕнтӕ». Киристе нин еци гъуддаги хуарз цӕветтон ниууагъта (7. Коммӕгӕсдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ куд баст ӕнцӕ?
7 Коммӕгӕсдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕ куд баст ӕнцӕ, уой балӕдӕрун кӕнунмӕ Киристе загъта: «Мӕ фӕдзӕхститӕ мин ӕ зӕрдӕмӕ ка есуй ӕма сӕ ка ӕнхӕст кӕнуй, е мӕ уарзуй» (Иоан. 14:21). Киристей фӕдзӕхститӕ ӕ Фидӕй цӕунцӕ, ӕма ин ӕ фӕдзӕхст ке ӕнхӕст кӕнӕн, гъома игъосун кӕнуни гъуддаги ке архайӕн, уомӕй ӕвдесӕн, Йегови дӕр ке уарзӕн, уой (Матф. 17:5; Иоан. 8:28). Мадта Йегови ӕма Йесой ке уарзӕн, е нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ку уа, уӕд нӕ идарддӕр дӕр сӕ уарзондзийнадӕй хайгин кӕндзӕнцӕ.
АДӔНИ ФӔДЗӔХСӔН
8, 9. а) Игъосун кӕнунмӕ ма нӕ никкидӕр ци разӕнгард кӕнуй? б) Йезекили 3:18, 19 ӕма 18:23 финст Йегови дзурдтӕ нӕ адӕнӕн игъосун кӕнунмӕ куд разӕнгард кӕнунцӕ?
8 Игъосун кӕнуни гъуддаги архайунмӕ нӕ ка разӕнгард кӕнуй, еци гъуддӕгтӕй ӕртиккаг ӕй, адӕни фӕдзӕхсун нӕ ке фӕндуй, е, уомӕн ӕма Хуцауи бон хӕстӕгдӕр кӕнуй. Библи Ноййи хонуй «рӕстдзийнадӕ игъосунгӕнӕг». (Бакӕсӕ 2 Петури 2:5.) Дони хъиамӕти разӕй Ной адӕнӕн дзурдта, тагъд устур бӕллӕх ке ’рцӕудзӕй. Мах ба адӕнӕн цӕмӕн игъосун кӕнӕн? Киристе загъта: «Дони хъиамӕти размӕ адӕн хуардтонцӕ ӕма ниуазтонцӕ, уоститӕ курдтонцӕ ӕма киндзи цудӕнцӕ, цалинмӕ Ной науӕмӕ нӕ бацудӕй, уӕдмӕ. Ӕма сӕмӕ нимади дӕр неци адтӕй, цалинмӕ дони хъиамӕт нӕ райдӕдта ӕма се ’гасей дӕр нӕ фӕлласта. Гъе уотӕ уодзӕй, Адӕймаги Фурт ку ’рцӕуа, еци рӕстӕг дӕр» (Матф. 24:38, 39). Кӕд адӕн Ноймӕ нӕ игъустонцӕ, уӕддӕр сӕ е ба идарддӕр дӕр Йегови дзурдмӕ гӕсгӕ фӕдзахста.
9 Мах ба абони игъосун кӕнӕн Паддзахади хабар, ӕма уой фӕрци адӕн базонунцӕ, Хуцаумӕ федӕни туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес, уой. Йегови хузӕн мах дӕр фӕндуй, цӕмӕй адӕн байгъосонцӕ ӕма фӕййервӕзонцӕ (Йез. 18:23). Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ кенӕ ӕндӕр рауӕнти игъосун кӕнгӕй архайӕн, цӕмӕй фулдӕр адӕнӕн фегъосун кӕнӕн, Хуцауи Паддзахадӕ аци фуддуйнейӕн кӕрон ке искӕндзӕй (Йез. 3:18, 19; Дан. 2:44; Рарг. 14:6, 7).
АДӔНИ УАРЗӔН
10. а) Матфеййи 22:39 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ игъосун кӕнунмӕ ци разӕнгард кӕнуй? б) Павел ӕма Силӕ Филиппти ахӕстдонгӕсӕн куд банхус кодтонцӕ?
10 Адӕни ке уарзӕн е ӕй, игъосун кӕнунмӕ нӕ ка разӕнгард кӕнуй, еци гъуддӕгтӕй цуппӕрӕймаг (Матф. 22:39). Мах син идарддӕр дӕр игъосун кӕнӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, адӕймагӕн ӕ уавӕртӕ ку раййевунцӕ, уӕд берӕ цӕмӕдӕрти ӕндӕр цӕстӕй кӕсун ке райдайуй, уой. Уӕхӕн хабар Павел ӕма Силӕбӕл ӕрцудӕй, Филиппти ахӕстдонӕмӕ ку бахаудтӕнцӕ, уӕд. Ӕхсӕвӕ еу афони зӕнхӕ базмалдӕй, ӕма ахӕстдони дуӕрттӕ фегон ӕнцӕ. Ахӕстдонгӕсмӕ ба уотӕ фӕккастӕй, цума ахӕститӕ ралигъдӕнцӕ ӕма ӕхе марунмӕ гъавта. Фал имӕ Павел фӕгъгъӕр кодта: «Дӕхецӕн маци бакӕнӕ!» Фӕстӕдӕр сӕ ахӕстдонгӕс бафарста: «Ци кӕнун мӕ гъӕуй, цӕмӕй фӕййервӕзон?» Ӕма ин Павел ӕма Силӕ балӕдӕрун кодтонцӕ: «Баууӕндӕ Хецау Йесобӕл, ӕма фӕййервӕздзӕнӕ дӕхуӕдӕг дӕр ӕма дӕ хӕдзаронтӕ дӕр» (Гъуд. 16:25–34).
11, 12. а) Ахӕстдонгӕси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? б) Идарддӕр дӕр нӕ игъосун кӕнун цӕмӕн фӕндуй?
11 Ахӕстдонгӕси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй ахӕстдонгӕс ӕ гъуди раййивта ӕма ӕнхус ракурдта, зӕнхӕ ку базмалдӕй, ӕрмӕстдӕр уой фӕсте. Гъе уотӕ абони дӕр Библий хабармӕ ка нӕ фегъосуй, уонӕй еуей-еуетӕн сӕ царди ести хабар ку ’рцӕуй, уӕд сӕ гъуди раййевунцӕ. Зӕгъӕн, кадӕр ӕнӕ кустӕй байзайуй кенӕ ӕ бийнонти цард фехӕлуй. Кӕмӕндӕр ба ӕ зӕрдӕ ӕрмӕгур уй, уӕззау нез имӕ ке иссирдтонцӕ кенӕ ба ӕ хеуӕнттӕй кадӕр ке фӕззиан ӕй, уой туххӕй. Уӕхӕн хабӕрттӕ кӕбӕл ӕрцӕуй, етӕ сагъӕс кӕнун райдайунцӕ, раздӕр сӕ гъудий дӕр ка некӕд адтӕй, уӕхӕн фарстатӕбӕл. Ка ’й зонуй, етӕ дӕр ахӕстдонгӕси хузӕн бафӕрсонцӕ: «Ци кӕнун мӕ гъӕуй, цӕмӕй фӕййервӕзон?» Ӕма сӕбӕл нӕуӕгӕй ку фембӕлӕн, уӕд сӕ, гӕнӕн ес, ӕма фиццаг хатт бафӕндӕуа, нифс ка дӕттуй, уӕхӕн хабармӕ байгъосун.
12 Мадта игъосун кӕнуни гъуддаги идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй ку архайӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй, уодӕнцойни хабармӕ байгъосунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уонӕн банхус кӕнун (Ис. 61:1). Шарлоттӕ пионерӕй 38 анзи лӕггадӕ кӕнуй ӕма зӕгъуй: «Фӕстаг рӕстӕг адӕн хъӕбӕр тухст ӕнцӕ. Ӕма син гъӕуама хуарз хабар фегъосунмӕ фадуат уа». 34 анзи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн ӕнсувӕр, Эйвор, ба зӕгъуй: «Адӕн абони куд зӕрдӕрист ӕнцӕ, уотӕ некӕдма. Мӕн ба фӕндуй, цӕмӕй син банхус кӕнон. Ӕма син хуарз хабар дӕр уой туххӕй дзорун». Ӕцӕгӕйдӕр, адӕни ке уарзӕн, е нӕ идарддӕр дӕр игъосун кӕнунмӕ разӕнгард кӕнуй!
ФӔРАЗОНӔЙ ИГЪОСУН КӔНУНМӔ НИН КА ӔНХУС КӔНУЙ, УӔХӔН ЛӔВӔРТТӔ
13, 14. а) Иоанни 15:11 цӕхуӕн лӕвари кой цӕуй? б) Киристей хузӕн цийнӕдзийнадӕ нӕмӕ цӕй фӕрци уодзӕй? в) Цийнӕдзийнадӕ нӕ лӕггадӕбӕл куд бӕрӕг кӕнуй?
13 Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр ма Киристе ӕ апостолтӕн ракодта, идарддӕр дӕр син рӕзӕ хӕссунмӕ ка банхус кодтайдӕ, уӕхӕн лӕвӕртти кой. Цума цӕхуӕн лӕвӕртти кой кодта, ӕма еци лӕвӕрттӕ абони махӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?
14 Цийнӕ. Цума нин игъосун кӕнуни гъуддаг уаргъи хузӕн ӕй? Уотӕ зӕгъӕн нӕййес. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн сӕнӕфсери талай туххӕй цӕветтон ку ’рхаста, уӕд син зӕрдӕ байвардта, игъосун кӕнуни гъуддаг син цийнӕдзийнадӕ ке хӕсдзӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 15:11.) Уомӕн куд ес гӕнӕн? Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн еци цӕветтони Йесо ӕхе сӕнӕфсери талай хӕццӕ ке рабарста, ӕ фӕдбӕлдзӕугути ба – къалиутти хӕццӕ. Еци къалиуттӕ цалинмӕ талабӕл цӕфст уонцӕ, уӕдмӕ донӕй ӕфсес уодзӕнцӕ. Уотӕ мах дӕр, цалинмӕ Киристей хӕццӕ еудзийнади уӕн ӕма ӕ фӕдбӕл цӕуӕн, уӕдмӕ хайгин уодзиан ӕ цийнӕй – Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнун ци цийнӕ хӕссуй, уомӕй (Иоан. 4:34; 17:13; 1 Пет. 2:21). Ханне пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй 40 анземӕй фулдӕр ӕма зӕгъуй: «Игъосун кӕнунмӕ ку рандӕ ун, уӕд алкӕддӕр цийнӕгӕнгӕй раздӕхун ӕма мӕ еци цийнӕдзийнадӕ идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ разӕнгард кӕнуй». Нӕ зӕрди цийнӕдзийнадӕ ку уа, уӕд идарддӕр дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайдзиан, адӕн нӕмӕ ӕппун ку нӕ игъосонцӕ, уӕддӕр (Матф. 5:10–12).
15. а) Иоанни 14:27 цӕхуӕн лӕвари кой цӕуй? б) Фарнӕ нин куд ӕнхус кӕнуй идарддӕр дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайун?
15 Фарнӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 14:27.) Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр Йесо ӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ фарнӕ уин дӕттун». Йесой фарнӕ нин куд банхус кӕндзӕй идарддӕр дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги архайун? Хуарз хабар ку фегъосун кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрди фарнӕ фӕууй, уомӕн ӕма ’й фӕззонӕн, уотемӕй Йесой ӕма Йегови зӕрдӕ ке фӕррохс кӕнӕн (Пс. 149:4; Ром. 5:3, 4; Кол. 3:15). 45 анзи пионерӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн ӕнсувӕр, Ульф, зӕгъуй: «Игъосун кӕнгӕй фӕллайгӕ дӕр куд нӕ бакӕнун, фал аци гъуддаги ке архайун, уой фӕрци мӕ цардӕй ӕцӕгӕйдӕр мӕ зӕрдӕ рохс кӕнуй». Уӕхӕн фарнӕй хайгин ке ан, уой туххӕй Хуцауӕй хъӕбӕр боз ан.
16. а) Иоанни 15:15 цӕхуӕн лӕвари кой цӕуй? б) Апостолти ци кӕнун гъудӕй, цӕмӕй Киристей ӕмбӕлттӕй байзадайуонцӕ?
16 Лимӕндзийнадӕ. Киристе ӕ апостолтӕн цийнӕдзийнади кой ку ’скодта, уӕд син ӕй уой фӕсте балӕдӕрун кодта, уодуӕлдай уарзтӕй уарзунмӕ сӕ еци менеуӕг цӕмӕн гъӕуй, уой (Иоан. 15:11–13). Йесо син загъта: «Ӕз [уӕ] хонун ме ’мбӕлттӕ». Киристей ӕмбал уо, е дессаги лӕвар ӕй. Фал цӕмӕй апостолтӕ еци лӕвар ма фесафтайуонцӕ, уой туххӕй гъӕуама идарддӕр дӕр «берӕ рӕзӕ» хастайуонцӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 15:14–16.) Уомӕй дууӕ анзи раздӕр Йесо ӕ апостолтӕн загъта: «Цотӕ ӕма адӕнӕн дзоретӕ, уӕларвон паддзахадӕ ӕрхӕстӕг ӕй, зӕгъгӕ» (Матф. 10:7). Ӕ мӕлӕти размӕ, еци изӕр дӕр сӕ уомӕ гӕсгӕ разӕнгард кодта идарддӕр дӕр фӕразонӕй Паддзахади хабар игъосун кӕнун (Матф. 24:13; Мар. 3:14). Йесо ӕй зудта, ӕнцон син ке нӕ уодзӕй. Фал уомӕн адтӕй гӕнӕн, ӕма уой фӕрци е ’мбӕлттӕй байзадайуонцӕ. Цума кутемӕй? Ӕндӕр лӕвари фӕрци.
17, 18. а) Иоанни 15:16 цӕхуӕн лӕвари кой цӕуй? б) Еци лӕвар Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕн куд ӕнхус кодтайдӕ? в) Махӕн ба абони цӕхуӕн лӕвар ӕнхус кӕнуй?
17 Дзуапп нӕ кувдтитӕн. Киристе загъта: «Мӕ Фидӕй цидӕриддӕр ракорайтӕ мӕ номӕй, уой уин ратдзӕй» (Иоан. 15:16). Аци зӕрдӕвӕрд апостолти нифс бафедар кодта! * Кӕд ӕй нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, тагъд Йесо мӕлгӕ ке ракӕндзӕй, уой, уӕддӕр ӕй нур ба зудтонцӕ, ӕнӕ ӕнхусӕй ке нӕ байзайдзӕнцӕ, уой. Йеговӕ син сӕ кувдтитӕн дзуапп дӕттунмӕ цӕттӕ адтӕй, цӕмӕй сӕ бон адтайдӕ идарддӕр дӕр хуарз хабар хӕссун. Киристей мӕлӕти фӕсте апостолтӕ Йеговӕн лигъстӕ кодтонцӕ, цӕмӕй син нифсгунӕй архайунмӕ хъаурӕ равардтайдӕ, ӕма син Йеговӕ сӕ кувдтитӕ фегъуста (Гъуд. 4:29, 31).
18 Махӕн дӕр абони нӕ гъуддаг уотӕ ’й. Идарддӕр дӕр фӕразонӕй хуарз хабар ку игъосун кӕнӕн, уӕд Йесой ӕмбӕлттӕй бӕйзайдзиан. Уомӕй уӕлдай ма игъосун кӕнгӕй ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин Йеговӕ алкӕддӕр нӕ кувдтитӕн дзуапп дӕтдзӕй (Фил. 4:13). Мах хъӕбӕр устур аргъ кӕнӕн, Йеговӕ нин нӕ лигъстӕ ке игъосуй, Йесо ба нӕ е ’мбӕлттӕбӕл ке нимайуй, уомӕн! Уой фӕрци нӕ бон ӕй идарддӕр дӕр рӕзӕ хӕссун (Иак. 1:17).
19. а) Идарддӕр дӕр игъосун кӕнуни гъуддаги цӕмӕн гъӕуама архайӕн? б) Ци ни банхус кӕндзӕй, Хуцау нин ке баихӕс кодта, еци куст кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун?
19 Аци статьяй базудтан, игъосун кӕнунмӕ нӕ ка разӕнгард кӕнуй, цуппар уӕхӕн гъуддаги: Йегови кадгин кӕнӕн ӕма ин ӕ ном рохс кӕнӕн, Йегови ӕма Йесой уарзӕн, адӕни фӕдзӕхсӕн, адӕни уарзӕн. Уомӕй уӕлдай ма базудтан, цӕхуӕн цуппар лӕвари нин ес, уой дӕр: цийнӕдзийнадӕ, фарнӕ, лимӕндзийнадӕ ӕма дзуӕппитӕ нӕ кувдтитӕн. Аци лӕвӕртти фӕрци нӕ бон ӕй кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун, Хуцауи нин ке баихӕс кодта, еци куст. Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, цӕмӕй «берӕ рӕзӕ хӕссӕн», уой туххӕй куд зӕрдиагӕй фӕййархайӕн, уой уинун.
^ 17 абз. Йесо ӕ апостолти хӕццӕ ку дзубанди кодта, уӕд син цалдӕр хатти загъта, Йеговӕ син сӕ кувдтитӕн дзуапп ке дӕтдзӕй (Иоан. 14:13; 15:7, 16; 16:23).