Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Алкӕддӕр игъосӕн нӕ Разамонӕгмӕ – Киристемӕ

Алкӕддӕр игъосӕн нӕ Разамонӕгмӕ – Киристемӕ

«Еу Разамонӕг [уин] ес – Киристе» (МАТФ. 23:10).

ЗАРТӔ: 16, 14

1, 2. Моисеййи мӕлӕти фӕсте Йесо Навинбӕл цӕхуӕн устур ихӕс ӕвӕрд ӕрцудӕй?

ЙЕГОВӔ Йесо Навинӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей рамардӕй. Мадта нур исистӕ ӕма еугур аци адӕни хӕццӕ, Израили фуртти хӕццӕ, бахезӕ Иорданбӕл, ӕз син ке дӕттун, еци зӕнхӕмӕ» (Йес. Н. 1:1, 2). Йесо еу 40 анзей бӕрцӕ Моисеййӕн ӕнхус кодта, фал нур ӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта!

2 Ӕвӕдзи, Йесо Навин тухстӕй, израилӕгтӕ еци хабармӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, уобӕл, уомӕн ӕма син Моисей разамонӕгӕй хъӕбӕр берӕ рӕстӕг фӕцӕй (Дук. з. 34:8, 10–12). Библий хабӕрттӕ ка лӕдӕрун кӕнуй, еу уӕхӕн киунуги Йесо Навини 1:1, 2 ци финст ес, уой туххӕй загъд адтӕй: «Рагидзаманти дӕр ӕма нур дӕр адӕнӕн тӕккӕ зиндӕр ӕма тӕссагдӕр фӕууй, еу хецау инней ку феййевуй, еци рӕстӕг».

3, 4. Хуцау Йесо Навинӕн куд райарфӕ кодта, ӕ зӕрдӕ ибӕл ке дардта, уой туххӕй ӕма нӕмӕ цӕхуӕн фарста фӕззиннуй?

3 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Йесо Навинӕн адтӕй, цӕбӕл тухстайдӕ, е. Фал ӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр Йеговӕбӕл дардта ӕма ин ци загъта, уой ӕнхӕст кӕнунмӕ уайтагъд февналдта (Йес. Н. 1:9–11). Хуцау ин райарфӕ кодта, ӕ зӕрдӕ ибӕл ке бадардта, уой туххӕй ӕма ӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй Йесойӕн ӕма израилӕгтӕн разамунд лӕвардтайдӕ. Еци изӕд, ӕвӕдзи, адтӕй Хуцауи фиццаг Фурт, Библи Дзурд ке хонуй, е (Рац. 23:20–23; Иоан. 1:1).

4 Йегови фӕрци израилӕгтӕ хуарз цӕстӕй ракастӕнцӕ, ӕндӕр разамонӕг син ке фӕззиндтӕй, уомӕ. Абони дӕр Хуцауи организаций берӕ устур ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй ӕма, ӕвӕдзи, фӕссагъӕс кӕнис: «Кӕд нӕ организаций берӕ цидӕртӕ ӕййевуй, уӕддӕр нӕ бон цӕмӕн ӕй нӕ Разамонӕг Йесо Киристебӕл ӕууӕндун?» (Бакӕсӕ Матфеййи 23:10.) Цӕмӕй аци фарстабӕл дзуапп базонӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, рагидзаманти устур ӕййивддзийнӕдти рӕстӕг Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд куд дӕттидӕ, уомӕ.

ХУЦАУИ АДӔНИ ЗӔРДӔВӔРД ЗӔНХӔМӔ КА ХУДТА

5. Йерихони размӕ Йесо Навинбӕл цӕхуӕн дессаги хабар ӕрцудӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

5 Израилӕгтӕ Иордани иннӕ фарсмӕ ку бахизтӕнцӕ, уой фӕсте Йесо Навинбӕл еу дессаги хабар ӕрцудӕй. Горӕт Йерихонмӕ хӕстӕг ибӕл рамбалдӕй, ӕ къохи хъӕма кӕмӕн адтӕй, уӕхӕн нӕлгоймаг. Йесой ӕй нӕ зудта, ка адтӕй, уой ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ бафарста: «Мах фарс дӕ ӕви не знӕгти фарс?» Ӕма Йесо хъӕбӕр фӕддес ӕй, еци нӕлгоймаг ин уӕхӕн дзуапп ку равардта: «Нӕ, ӕз дӕн Йегови ӕфсади сӕргълӕууӕг». Еци изӕд цӕттӕ адтӕй Хуцауи адӕни гъӕуай кӕнунмӕ. (Бакӕсӕ Йесо Навин 5:13–15.) Библий ӕндӕр стихти уотӕ финст ес, ӕма Йеговӕ ӕхуӕдӕг дзурдта Йесо Навини хӕццӕ, фал ӕ хӕццӕ изӕд дзурдта Йегови номӕй, ӕндӕр хӕттити куд уидӕ, уотӕ (Рац. 3:2–4; Йес. Н. 4:1, 15; 5:2, 9; Гъуд. 7:38; Гал. 3:19).

6–8. а) Йегови амундтӕй кӕцидӕртӕ израилӕгтӕмӕ ӕнахур цӕмӕн фӕккастайуонцӕ? б) Еци амундтӕ раст ӕма афойнадӕбӕл лӕвӕрд ке адтӕнцӕ, уой кӕцӕй зонӕн? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)

6 Изӕд Йесойӕн балӕдӕрун кодта, цӕмӕй Йерихонбӕл фӕууӕлахез адтайуонцӕ, уой туххӕй сӕ ци кӕнун гъудӕй, уой. Фиццаг бакастӕй, еци амундтӕ адӕймагмӕ хъӕбӕр ӕнахур фӕккастайуонцӕ. Зӕгъӕн, изӕд Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй ӕгас нӕлгоймӕгтӕн дӕр сонӕт искодтайуонцӕ. Е ба уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма цалдӕр бони тохунгъон н’ адтайуонцӕ. Цума е хуарз рӕстӕг адтӕй сонӕт кӕнунмӕ? (Райд. 34:24, 25; Йес. Н. 5:2, 8).

7 Израилаг нӕлгоймӕгтӕ, ӕвӕдзи, тарстӕнцӕ, се знӕгтӕ сӕмӕ ку ’рбалӕборонцӕ, уӕд сӕ бийнонти багъӕуай кӕнун ке нӕ бафӕраздзӕнцӕ. Фал, удта уӕхӕн хабар райгъустӕй, зӕгъгӕ, «Израили фуртти тӕссӕй Йерихони цӕргутӕ сӕ горӕти колдуӕрттӕ федар нихгӕдтонцӕ» (Йес. Н. 6:1). Еци хабари фӕрци ’й, ӕвӕдзи, балӕдӕрдтӕнцӕ, Йегови амундтӕбӕл гурусхӕ кӕнун ке нӕ гъӕуй, уой.

8 Уомӕй уӕлдай ма изӕд Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй израилӕгтӕ Йерихони хӕццӕ тохун ма райдӕдтайуонцӕ, фал горӕти алливарс бонмӕ еу зилд ӕркодтайуонцӕ. Ӕма уотӕ ӕхсӕз боней дӕргъи, ӕвдӕймаг бон ба – авд зилди. Ӕфсӕддонтӕ, ӕвӕдзи, расагъӕс кодтайуонцӕ: «Нӕ хъауритӕ ӕма нӕ рӕстӕг дзӕгъӕли цӕбӕл харз кӕнӕн?» Фал ӕй израилӕгти ӕнӕуингӕ Разамонӕг Йеговӕ зудта, ци кӕнгӕ ӕй, уой. Еци амундтӕмӕ ке байгъустонцӕ, уой фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ бафедар ӕй ӕма сӕ Йерихони нихмӕ тохун дӕр нӕ багъудӕй (Йес. Н. 6:2–5; Дзиуит. 11:30) *.

9. Алкӕддӕр Йегови организаций амундтӕмӕ гӕсгӕ архайун цӕмӕн гъӕуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

9 Аци хабар нин цӕбӕл дзорӕг ӕй? Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Йегови организаций цӕхуӕндӕр ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй, ӕма сӕ, ӕвӕдзи, алкӕд нӕ фӕллӕдӕрӕн. Зӕгъӕн, фиццӕгти нӕ неци уотӕ фӕндадтӕй Библи ахур кӕнгӕй, игъосун кӕнгӕй кенӕ ӕмбурдти рӕстӕг планшеттӕй ӕма телефонтӕй пайда кӕнун. Фал ӕй нур уинӕн, е ци пайда хӕссуй, уой. Ӕййивддзийнӕдтӕ цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнунцӕ, уой ку фӕууинӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ ӕма нӕ еудзийнадӕ никки федардӕр исуй.

КИРИСТЕ РАЗАМУНД ЛӔВАРДТА ФИЦЦАГ ӔНОСИ ӔМБУРДТӔН

10. Йерусалими разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ сонӕт кӕнуни туххӕй фарста ке фӕрци ниллух кодтонцӕ?

10 Ӕндӕр адӕнихаттӕй ка адтӕй ӕма сонӕтгонд ка н’ адтӕй, еци нӕлгоймаг Корнилий киристон дин кӕдӕй райста, уӕдӕй 13 анзи рацудӕй, фал дзиуиттаг киристӕнттӕ уӕддӕр нӕ арази кодтонцӕ, сонӕт кӕнун ӕнӕмӕнгӕ гъуддаг ке нӕбал ӕй, уобӕл (Гъуд. 15:1, 2). Уой туххӕй ма Антиохий ӕнсувӕртӕ буцӕу кӕнун дӕр райдӕдтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ баунаффӕ кодтонцӕ Павели Йерусалиммӕ рарветун, цӕмӕй еци гъуддаги фӕдбӕл разамонӕг совети ӕнсувӕрти бафарстайдӕ. Фал еци унаффӕ кӕмӕй рацудӕй? Павел зӕгъуй: «Цӕугӕ ба фӕккодтон, уӕларвӕй мин уотӕ ке раргом ӕй, уой туххӕй». Бӕрӕг ӕй, Киристе гъуддӕгтӕ уотӕ ке аразта, цӕмӕй разамонӕг совет еци фарста ниллух кодтайдӕ (Гал. 2:1–3).

Киристе разамунд лӕвардта фиццаг ӕноси ӕмбурдӕн (кӕсӕ 10, 11 абзацтӕ)

11. а) Дзиуиттаг киристӕнттӕ сонӕт кӕнуни гъуддагмӕ идарддӕр дӕр цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ? б) Павел ӕй куд бавдиста, Йерусалими хестӕр нӕлгоймӕгти ке нимайуй, уой? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг дӕр.)

11 Киристей фӕрци разамонӕг совет ӕмбурдтӕн балӕдӕрун кодта дзиуиттаг ка н’ адтӕй, еци киристӕнтти сонӕт кӕнун ке нӕ гъудӕй (Гъуд. 15:19, 20). Фал ма уой фӕсте дӕр дзиуиттаг киристӕнттӕй беретӕ сӕ фурттӕн сонӕт кодтонцӕ. Йерусалими хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ку фегъустонцӕ, Павел, дан, Моисеййи закъон нецӕмӕ даруй, уӕд ин загътонцӕ, цӕмӕй еу цидӕр бакодтайдӕ (Гъуд. 21:20–26) *. Гъӕуама ӕ хӕццӕ цуппар лӕги райстайдӕ, ковӕндонӕмӕ бацудайдӕ ӕма ӕхе искӕдзос кодтайдӕ, цӕмӕй ӕй иннетӕ фӕууидтайуонцӕ, Моисеййи закъон ке нимайуй, уой. Павели бон адтӕй расагъӕс кӕнун: «Уотӕ цӕмӕн гъӕуама бакӕнон? Дзиуиттаг киристӕнттӕ сонӕт кӕнуни туххӕй фарста раст ке нӕ лӕдӕрунцӕ, е мӕн фуд ӕй?» Фал ӕй Павел лӕдӕрдтӕй, хестӕр нӕлгоймӕгти фарнӕ багъӕуай кӕнун ке фӕндадтӕй ӕма син сӕ унаффӕмӕ сӕрниллӕгӕй байгъуста. Ка ’й зонуй нӕмӕ дессаг фӕккӕсдзӕй, Киристе еци гъуддагӕн уойбӕрцӕ рӕстӕг цӕмӕн бухстӕй, кӕд ӕма ӕ мӕлӕти фӕсте Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕбал гъудӕй (Кол. 2:13, 14).

12. Киристе сонӕт кӕнуни туххӕй фарста еци фӕдбӕл цӕмӕннӕ ниллух кодта, уой куд ӕнгъезуй балӕдӕрун кӕнун?

12 Еуӕй-еухатт нӕ фулдӕр рӕстӕг фӕгъгъӕуй, цӕмӕй цӕхуӕндӕр гъуддаг балӕдӕрӕн. Дзиуиттаг киристӕнттӕй дӕр кӕмӕндӕрти фулдӕр рӕстӕг гъудӕй, цӕмӕй ӕй балӕдӕрдтайуонцӕ, Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ сӕ цӕрун ке нӕбал гъудӕй, уой (Иоан. 16:12). Кӕмӕдӕрти ма си уотӕ кастӕй, ӕма сонӕтгонд адӕймаг Хуцауӕн уӕлдай хъазардӕр ӕй (Райд. 17:9–12). Иннети ба нӕ фӕндадтӕй иннӕ дзиуиттӕгтӕй хецӕн кӕнун, уомӕн ӕма тарстӕнцӕ, ӕфхуӕргӕ сӕ ке кӕндзӕнцӕ, уомӕй (Гал. 6:12). Фал син фӕстӕдӕр Киристе Павели финстӕгути фӕрци нӕуӕг амундтӕ равардта (Ром. 2:28, 29; Гал. 3:23–25).

КИРИСТЕ АБОНИ ДӔР ӔМБУРДӔН РАЗАМУНД ДӔТТУЙ

13. Ци нин банхус кӕндзӕй Киристей амундтӕмӕ алкӕддӕр игъосун?

13 Киристе абони дӕр киристон ӕмбурдӕн разамунд дӕттуй. Мадта нӕ организаций цидӕр ӕййивддзийнӕдтӕ цӕмӕн ӕрцудӕнцӕ, уой ку нӕ лӕдӕрӕн, уӕд нӕ бон ӕй расагъӕс кӕнун, рагидзаманти Киристе Хуцауи адӕнӕн разамунд куд лӕвардта, уобӕл. Йесо Навини рӕстӕг дӕр ӕма фиццаг ӕноси дӕр Йесо Йегови лӕггадгӕнгутӕн амундтӕ лӕвардта, цӕмӕй син сӕхе, удта сӕ еудзийнадӕ багъӕуай кодтайдӕ ӕма син се ’ууӕндундзийнадӕ дӕр бафедар кодтайдӕ (Дзиуит. 13:8).

14-16. «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» амундтӕй куд зиннуй, Киристе нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл ке тухсуй, е?

14 Абони дӕр нин Киристе не ’ууӕндундзийнадӕбӕл тухсуй. Ӕма е бӕрӕг ӕй, «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» нин ӕ афони ци амундтӕ раттуй, уомӕй (Матф. 24:45). Марк, цуппар сувӕллоней фидӕ, зӕгъуй: «Сайтан архайуй, цӕмӕй ӕмбурд ӕрлӕмӕгъ уа ӕма ӕ фиццаг цӕф бийнонтӕбӕл ӕй. Фал нин нур алли къуӕре дӕр ес еу изӕр бийнонти ахурӕн. Ӕма ’й бийнонти хестӕртӕ лӕдӕрунцӕ, сӕ бийнонти ӕууӕндундзийнадӕ сӕ гъӕуай кӕнун ке гъӕуй».

15 Киристе нин разамунд куд дӕттуй, уой ке уинӕн, уой фӕрци ’й лӕдӕрӕн, не ’ууӕндундзийнадӕбӕл нин ке тухсуй. Еу хестӕр нӕлгоймаг Патрик зӕгъуй: «Фиццӕгти еуӕй-еуетӕн зин адтӕй, хуцаубони игъосун кӕнуни фембӕлдмӕ минкъий къуӕрттӕй ӕмбурд кӕнун ке райдӕдтан, е. Фал уӕхӕн ӕййивддзийнӕдти фӕрци никки хъӕбӕрдӕр рабӕрӕг ӕй, Киристе ӕфсӕрмигӕнагӕ ӕма лӕмӕгъдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр ке нӕ иронх кӕнуй. Етӕ дӕр ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, аргъ син ке кӕнунцӕ ӕма уой фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕнун райдӕдта».

16 Уомӕй уӕлдай ма нин Киристе ӕнхус кӕнуй не ’гас хъауритӕ дӕр игъосун кӕнуни гъуддагмӕ исаразун, уомӕн ӕма абони уомӕй ӕхсидзгӕдӕр куст нӕййес. (Бакӕсӕ Марки 13:10.) Ӕрӕги хестӕр нӕлгоймаг ка иссӕй, уӕхӕн ӕнсувӕр Андре алкӕддӕр фӕййархайуй нӕ организаций фӕстаг амундтӕмӕ гӕсгӕ ӕма зӕгъуй: «Вефили ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нимӕдзӕ ке фӕмминкъийдӕр кодтонцӕ, е, кӕрон никки хӕстӕгдӕр ке иссӕй, уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма гъӕуама не ’гас хъауритӕ дӕр игъосун кӕнуни гъуддагмӕ исаразӕн».

КИРИСТЕЙ РАЗАМУНДМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУН НӔ КЕ ФӔНДУЙ, УОЙ НӔ БОН КУД ӔЙ ӔВДЕСУН

17, 18. Нӕ организаций ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцӕуй, етӕ ци пайда ӕрхӕссунцӕ, уобӕл цӕмӕн гъӕуама сагъӕс кӕнӕн?

17 Нӕ паддзах Йесо Киристе нин ци разамунд дӕттуй, е нин пайда хӕсдзӕй абони дӕр ӕма федӕни дӕр. Мадта нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, нӕ организаций фӕстаг ӕййивддзийнӕдтӕ ци пайда ӕрхастонцӕ, уой. Уӕ бийнонти ахури рӕстӕг радзубанди кӕнтӕ, нӕ фембӕлдти кенӕ игъосун кӕнуни гъуддаги ӕрӕги ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, етӕ уин куд банхус кодтонцӕ, уобӕл.

Дӕ бийнонтӕн ӕма иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнис, цӕмӕй Йегови организаций хӕццӕ размӕ цӕуонцӕ? (кӕсӕ 17, 18 абзацтӕ)

18 Нӕ организацийӕй цӕхуӕндӕр амундтӕ цӕмӕн рацӕунцӕ ӕма нин ци пайда хӕссунцӕ, уой ку лӕдӕрӕн, уӕд сӕ никки зӕрдиагдӕрӕй ӕнхӕст кӕндзиан. Зӕгъӕн, публикацитӕ минкъийдӕр мухур кӕнун ке райдӕдтан, уой фӕрци ӕхца дӕр минкъийдӕр харз кӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма нӕуӕг технологитӕй ке пайда кӕнӕн, уой фӕрци нӕ бон ӕй хуарз хабар никки фулдӕр адӕнӕн фегъосун кӕнун. Мадта архайӕн электронон публикацитӕй фулдӕр пайда кӕнун. Уотемӕй ӕвдесдзиан, Киристей разамундмӕ гӕсгӕ ке архайӕн. Уой ба фӕндуй, цӕмӕй нин нӕ организаци цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй зундӕй пайда кӕнӕн.

19. Киристей разамундмӕ гӕсгӕ архайун нӕ ке фӕндуй, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

19 Киристей разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд уотемӕй нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕндзиан ӕма нӕ астӕу еудзийнадӕ уодзӕй. Ӕгас дуйнебӕл вефилӕгти нимӕдзӕ ке фӕмминкъийдӕр кодтонцӕ, уой туххӕй Андре загъта: «Еци ӕййивддзийнӕдтӕмӕ Вефили лӕггадгӕнгутӕ раст цӕстӕй ракастӕнцӕ, ӕма син уой туххӕй никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун райдӕдтон, удта Киристебӕл мӕ зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр дарун райдӕдтон. Еци ӕнсувӕртӕ Йегови уӕларвон уӕрдуни фӕсте нӕ изайунцӕ ӕма ӕ организаций цийфӕнди нӕуӕг ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ фӕуунцӕ».

УЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ФЕДАР УӔД ӔМА НӔ РАЗАМОНӔГМӔ АЛКӔДДӔР ИГЪОСЕТӔ

20, 21. а) Нӕ Разамонӕг Киристемӕ алкӕддӕр цӕмӕн гъӕуама игъосӕн? б) Иннӕ статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

20 Тагъд рӕстӕги нӕ Разамонӕг, Йесо Киристе, е ’гас знӕгтӕбӕл дӕр фӕууӕлахез уодзӕй ӕма искӕндзӕй, «адӕймагбӕл тас ка ’фтауй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ» (Рарг. 6:2; Пс. 45:4). Нур ба бал нӕ цӕттӕ кӕнуй нӕуӕг дуйней цардмӕ, удта нӕмӕ ци дессаги куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕ. Гъӕудзӕй нӕ, ка райгас уа, уони ахур кӕнун ӕма зӕнхӕй дзенет аразун.

21 Цӕмӕй нӕуӕг дуйней къӕсӕрӕй бахезӕн, уой туххӕй абони гъӕуама ӕнхӕст кӕнӕн, нӕ Паддзах нин цидӕриддӕр дзоруй, уой, цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр. (Бакӕсӕ Псалом 46:1–3.) Фал, хатгай, нӕ царди ӕнӕнгъӕлти ӕрцӕуй, цӕттӕ кӕмӕ нӕ фӕууӕн, уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ. Ци нин банхус кӕндзӕй, уӕхӕн уавӕрти дӕр нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун ӕма Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарун? Уобӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

^ 8 абз. Йерихони кӕлӕддзӕгти археологтӕ иссирдтонцӕ мӕнӕуӕй идзаг хуардӕнттӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма сӕмӕ ӕвнӕлд дӕр не ’рцудӕй. Ӕма уомӕй бӕрӕг ӕй, Библий Йерихони туххӕй ци хабар финст ес, е раст ке ӕй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ горӕтбӕл ку ӕртухстӕнцӕ, уӕд ӕй берӕ рӕстӕг нӕ фӕддардтонцӕ, удта син Йерихони хуардӕнттӕмӕ ӕвналуни барӕ дӕр н’ адтӕй. Зӕнхӕ байахӕссунмӕ е тӕккӕ хуӕздӕр рӕстӕг адтӕй, уомӕн ӕма тиллӕг ӕмбурд кӕнуни афонӕ адтӕй (Йес. Н. 5:10–12).

^ 11 абз. Кӕсӕ 2003 анзи 15 мартъий «Сторожевая башня», 24 фарс, рамкӕ «Павел смиренно принимает испытание».