ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Октябрь 2018

Аци брошюри ес, 2018 анзи 3–30 декабри ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

Раст ци ӕй, уой дзорӕ

Адӕн кӕрӕдзей цӕмӕн сайунцӕ ӕма е цӕмӕ ӕркӕнуй? Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй кӕрӕдземӕн раст ци ӕй, уой дзорӕн?

Рӕстдзийнадӕ амонетӕ

Игъосун кӕнунмӕ ма нин ци рӕстӕг байзадӕй, еци рӕстӕгӕй гъӕуама пайда кӕнӕн, цӕмӕй адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амонӕн. Еци гъуддаги нин куд банхус кӕндзӕнцӕ, рӕстдзийнадӕ амонунмӕ нӕмӕ ци косӕндзаумӕуттӕ ес, етӕ?

Алкӕддӕр игъосӕн нӕ Разамонӕгмӕ – Киристемӕ

Хуцауи организаци размӕ устур къахдзӕфтӕй ке цӕуй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, абони нӕ нӕ Разамонӕг Киристебӕл нӕ зӕрдӕ дарун цӕмӕн гъӕуй, уобӕл.

Дӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнӕ, дӕ цард кудфӕнди ма раййева, уӕддӕр

Нӕ царди ӕнӕнгъӕлти устур ӕййивддзийнӕдтӕ ку ’рцӕуй, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма хъӕбӕр истухсӕн. Уӕхӕн рӕстӕгути нин Хуцауи фарнӕ куд банхус кӕндзӕй?

БИОГРАФИ

Йеговӕ мин мӕ унаффӕн рӕдауӕй райарфӕ кодта

Ӕригон Чарлз Молохени фӕндадтӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнун ӕма Вефилмӕ курдиадӕ балӕвардта. Йеговӕ ин ӕ унаффи туххӕй рӕдауӕй райарфӕ кодта.