Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Алцигъон Хуцау ӕй хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ

Алцигъон Хуцау ӕй хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ

«[Йеговӕ] хуарз зонуй, цӕмӕй конд ан, уой, сикъит ке ан, е си иронх нӕй» (ПС. 103:14).

ЗАРТӔ: 30, 10

1, 2. а) Йеговӕ цӕмӕй хецӕн кӕнуй, аци дуйней бартӕ ӕма хъаурӕ кӕмӕ ес, уонӕй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

ФУЛДӔР бартӕ ӕма хъаурӕ кӕмӕ ес, еци адӕн иннетӕбӕл хецауеуӕг фӕккӕнунцӕ, хатгай ба сӕ ӕфхуӕргӕ дӕр бакӕнунцӕ (Матф. 20:25; Еккл. 8:9). Фал Йеговӕй уотӕ зӕгъӕн нӕййес. Кӕд Алцигъон Хуцау ӕй ӕма Дун-дуйней уомӕй фулдӕр хъаурӕ некӕмӕ ес, уӕддӕр ӕнӕнхӕст адӕни хуарз лӕдӕруй. Уомӕй уӕлдай ма фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй ӕма ци гъӕуагӕ фӕууӕн кенӕ цӕбӕл фӕттухсӕн, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй. Йеговӕй иронх нӕй, сикъитӕй ӕндӕр ке неци ан, ӕма нӕ бон ци ӕй, уомӕй фулдӕр ни некӕд агоруй (Пс. 103:13, 14).

2 Йеговӕ ӕ адӕни хӕццӕ куд лӕдӕргӕй архайдта, е бӕрӕг ӕй, Библий ци хабӕрттӕ финст ес, уонӕй. Ӕма еци хабӕрттӕй ӕртебӕл радзубанди кӕндзиан. Фиццаг бал ӕркӕсдзиан, Йеговӕ Самуилӕн куд банхус кодта, цӕмӕй Илийӕн тӕрхони хабар фегъосун кодтайдӕ. Уой фӕсте ба базондзиан, Моисеймӕ куд фӕразонӕй игъуста, ци гъуддаг ин баихӕс кодта, уой исӕнхӕст кӕнунмӕ ӕ нифс ку нӕ хаста, уӕд. Фӕстагмӕ ба ӕркӕсдзиан, Йеговӕ израилӕгти Египетӕй ку ракодта, уӕд син куд ӕнхус кодта, уомӕ. Цума Йеговӕ куд архайдта, е нин цӕбӕл дзорӕг ӕй?

БИЦЦЕУИ САГЪӔС РАКОДТА

3. Ӕригон Самуилбӕл цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй ӕма уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн фарста ӕвзуруй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

3 Самуил Хуцауи цатури лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдта, уӕд ма минкъий биццеу адтӕй (1 Сам. 3:1). Еухатт ба ӕхсӕвӕ Самуил ку ниххустӕй, уӕд ӕрцудӕй еу дессаги хабар *. (Бакӕсӕ 1 Самуили 3:2–10.) Ӕ гъостӕбӕл рауадӕй, кадӕр имӕ ӕ номӕй ке дзоруй. Самуил фӕггӕпп кодта ӕма хестӕр саугин Илиймӕ бауадӕй. Уотӕ имӕ фӕккастӕй, ӕма имӕ е фӕдздзурдта ӕма ин загъта: «Мӕнӕ дӕн. Дзурдтай мӕмӕ?» Фал ин Илий загъта, нӕ дӕмӕ дзурдтон, зӕгъгӕ. Гъе уотӕ ма имӕ дууӕ хатти кадӕр ку фӕдздзурдта, уӕд ӕй Илий балӕдӕрдтӕй Хуцау имӕ ке дзоруй, ӕма ин байамудта, ку ма имӕ фӕдздзора, уӕд ин ци зӕгъгӕ уодзӕй, уой. Цума имӕ Йеговӕ фиццаг хатт ку исдзурдта, уӕд ин ӕй цӕмӕннӕ загъта, ӕхуӕдӕг имӕ ке дзоруй? Библий уой туххӕй неци финст ес. Фал, ӕвӕдзи, Йеговӕ Самуилбӕл расагъӕс кодта, ӕма е бӕрӕг ӕй, идарддӕр ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕй.

4, 5. а) Самуил ӕхе куд бадардта, Йеговӕ ин тӕрхони хабар радзорун ку баихӕс кодта, уӕд? б) Аци хабарӕй Йегови туххӕй ци ес базонӕн?

4 Бакӕсӕ 1 Самуили 3:11–18. Хуцауи закъонмӕ гӕсгӕ сувӕллӕнттӕ гъӕуама хестӕрти нимадтайуонцӕ, уӕлдайдӕр ба цӕхуӕндӕр бартӕ кӕмӕн адтӕй, уони (Рац. 22:28; Лев. 19:32). Мадта Самуилӕн ӕнцон кӕцӕй адтайдӕ сӕумӕй еци нифсгунӕй Илиймӕ бацӕун ӕма ин Йегови тӕрхон радзорун. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Самуил «Илийӕн цӕстӕбӕлуайӕни туххӕй радзорун не ’ндиудта». Фал Йеговӕ Илийӕн балӕдӕрун кодта, Самуилмӕ ӕхуӕдӕг ке фӕдздзурдта, уой. Ӕма Илий дӕр Самуилӕн загъта, цӕмӕй ин алцидӕр радзурдтайдӕ, зӕгъгӕ, «маци ми басосӕг кӕнӕ». Гъема ин Самуил дӕр «алцидӕр радзурдта».

5 Еци хабар Илиймӕ дессаг нӕ фӕккастӕй. Уой размӕ дӕр ма ин «Хуцауӕй ӕрвист лӕг» еци тӕрхони хабар фегъосун кодта (1 Сам. 2:27–36). Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ зундгин ӕма лӕдӕргӕ Хуцау ке ӕй.

6. Хуцау ӕригон Самуилӕн куд банхус кодта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Ӕригӕнттӕ, Самуили хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ сумах уавӕр дӕр ке лӕдӕруй, ӕма ’й уинуй, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлетӕ, уой. Ка ’й зонуй, ӕфсӕрмигӕнагӕ дӕ ӕма дин зин ӕй хестӕртӕн Паддзахади хабар игъосун кӕнун кенӕ дин дӕхе карӕнти астӕу дӕр зин ӕй, уомӕн ӕма уони хузӕн нӕ дӕ. Иронх ди ма уӕд, Йегови фӕндуй дӕуӕн банхус кӕнун, ӕма ин дӕ бон ӕй кувди медӕги дӕ зӕрди ци ес, уой ӕргом кӕнун (Пс. 62:8). Библий Самуили хузӕн ӕригон лӕггадгӕнгути туххӕй ци хабӕрттӕ финст ес, уонӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Ӕмбурди каргун ӕма ӕригон ӕнсувӕрти хӕццӕ дӕр фулдӕр рӕстӕг ӕрветӕ. Ка ’й зонуй си еске дӕу хузӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй, ӕма дин радзордзӕй, Йеговӕ ин, ӕнгъӕл дӕр ӕй куд н’ адтӕй, уотӕ куд банхус кӕнидӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ.

МОИСЕЙЙИ САГЪӔС РАКОДТА

7, 8. Йеговӕ Моисеймӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке адтӕй, уой куд бавдиста?

7 Моисейбӕл 80 анзи ку цудӕй, уӕд ин Йеговӕ хъӕбӕр устур гъуддаг баихӕс кодта – израилӕгти Египетӕй ракӕнун (Рац. 3:10). 40 анзей бӕрцӕ Мадиами фустӕ ка фӕххизта, уомӕ, ӕвӕдзи, еци ихӕс ӕнцон нӕ фӕккастӕй. Моисей загъта: «Ӕз ка дӕн, цӕмӕй фараонмӕ фӕццӕуон ӕма Израили фуртти Египетӕй ракӕнон?» Хуцау ба ин загъта: «Ӕз уодзӕн дӕ хӕццӕ» (Рац. 3:11, 12). Уомӕй уӕлдай ма ин зӕрдӕ байвардта, Израили хестӕр лӕгтӕ дӕр ибӕл ке баууӕнддзӕнцӕ. Фал Моисей уӕддӕр гурусхӕ кодта ӕма загъта: «Ӕма мӕбӕл ку нӕ баууӕндонцӕ ӕма мӕмӕ ку нӕ байгъосонцӕ... удта?» (Рац. 3:18; 4:1). Зӕгъӕн ес, ӕма Моисей Йегови дзурдбӕл нӕ арази кодта. Фал Йеговӕ уӕддӕр ӕ хӕццӕ фӕразонӕй дзурдта. Дессӕгтӕ ӕвдесунмӕ дӕр ма ин хъаурӕ равардта. Библимӕ гӕсгӕ Моисей фиццаг адӕймаг адтӕй, Йеговӕ уӕхӕн хъаурӕ кӕмӕн равардта, уонӕй (Рац. 4:2–9, 21).

8 Фал Моисей уӕддӕр ӕхецӕн рӕуӕнттӕ агурдта. Аци хатт ба загъта, зӕгъгӕ, дзорунмӕ нӕ арӕхсун. Фал ин Йеговӕ загъта: «Ку дзорай, уӕд ӕз уодзӕн дӕ хӕццӕ ӕма дин амондзӕн, ци дзорун дӕ гъӕуй, уой». Цума Моисей исарази ӕй? Ӕвӕдзи нӕ, уомӕн ӕма Йеговӕй уӕзданӕй курдта, цӕмӕй ин ӕ бӕсти ӕндӕр еске рарвистайдӕ. Йеговӕ имӕ фӕстагмӕ рамӕстгун ӕй, фал ин уӕддӕр ӕ гъуддаг фенцондӕр кодта, ӕма ин ӕ хӕццӕ Аарони рарвиста, цӕмӕй ӕ бӕсти дзурдтайдӕ (Рац. 4:10–16).

9. Йеговӕ фӕлмӕн ӕма фӕразон ке адтӕй, е Моисеййӕн ӕ ихӕс исӕнхӕст кӕнунмӕ куд банхус кодта?

9 Аци хабар нин Йегови туххӕй цӕбӕл дзорӕг ӕй? Йеговӕ Алцигъон Хуцау ӕй, ӕма ӕ бон адтӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй ин Моисей ӕнӕ уӕлдай дзорӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст кодтайдӕ. Фал Йеговӕ уотӕ нӕ бакодта. Е ӕ сӕрниллӕг ӕма бонзонгӕ лӕггадгӕнӕгӕн фӕлмӕнӕй ӕма фӕразонӕй балӕдӕрун кодта, ӕнхус ин ке кӕндзӕй. Цума гъуддаг куд рауадӕй? Моисей Хуцауи адӕнӕн хуарз разамонӕг иссӕй. Ӕма е дӕр Йегови хузӕн иннети лӕдӕрдтӕй (Ним. 12:3).

Дӕ бон куд ӕй, иннети хӕццӕ куд фӕдздзорис, уомӕй Йегови фӕнзун? (кӕсӕ 10 абзац)

10. Йегови ку фӕнзӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

10 Аци хабарӕй мах цӕбӕл ахур кӕнӕн? Бийнонти хестӕртӕбӕл, ниййергутӕбӕл ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл Хуцауи рази устур ихӕс ес. Ӕма уомӕ гӕсгӕ уони дӕр гъӕуй Йегови хузӕн архайун – гъӕуй сӕ сӕ бийнойнӕгтӕмӕ, сӕ сувӕллӕнттӕмӕ ӕма ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ лӕмбунӕг, хӕларзӕрдӕ ӕма лӕдӕргӕ ун (Кол. 3:19–21; 1 Пет. 5:1–3). Йегови ӕма Йесо Киристей ку фӕнзай, уӕд иннетӕн ӕнцондӕр уодзӕй нӕ хӕццӕ радзорун, ӕма син нӕ дзурдтӕ сӕ нифс бафедар кӕндзӕнцӕ (Матф. 11:28, 29). Уомӕй уӕлдай ба ма иннетӕн дӕр фӕнзуйнаг уодзӕнӕ (Дзиуит. 13:7).

ХЪАУРӔГИН, ФАЛ ЛӔДӔРГӔ ЕРВӔЗУНГӔНӔГ

11, 12. Йеговӕ ци бакодта, цӕмӕй ӕ адӕн зудтайуонцӕ, гъӕуай сӕ ке кӕнуй, уой?

11 Израилӕгтӕ нӕ эри размӕ 1513 анзи Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд нимӕдзӕй еу ӕртӕ милиуанемӕй фулдӕр адтӕнцӕ. Сӕ астӕу адтӕй берӕ сувӕллӕнттӕ, зӕрӕндтӕ, удта нӕфӕразгӕ ӕма сӕйгитӕ. Египетӕй уойбӕрцӕ адӕн ракӕнун ӕрмӕстдӕр лӕдӕргӕ ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ разамонӕги бон иссайдӕ. Ӕма син гъе уӕхӕн разамонӕг ба Йеговӕ адтӕй, ӕ минӕвар ба – Моисей. Ӕма израилӕгтӕ дӕр сӕ хӕдзарӕбӕл ке нимадтонцӕ, еци бӕстӕй уотӕ нифсгунӕй уой фӕрци рацудӕнцӕ (Пс. 78:52, 53).

12 Цума Йеговӕ ци бакодта, цӕмӕй ӕ адӕн зудтайуонцӕ, гъӕуай сӕ ке кӕнуй, уой? Фиццагидӕр сӕ Египетӕй рахудта, «ӕфсад къуӕрттӕ-къуӕрттӕй куд рацӕуй, уотӕ» (Рац. 13:18). Уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке рацудӕнцӕ, е син, Йеговӕ алцӕмӕдӕр ӕ цӕстӕ ке даруй, уобӕл дзорӕг адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма «Йеговӕ цудӕй сӕ разӕй: бонӕй – мегъи хузӕн цӕгиндзи ӕма син над амудта, ӕхсӕвӕ ба – арти хузӕн содзгӕ цӕгиндзи ӕма син рохс кодта», ӕма син уотемӕй дӕр ӕвдиста сӕ хӕццӕ ке ӕй (Рац. 13:21). Зӕгъӕн ес, ӕма син Йеговӕ дзурдта: «Ма тӕрсетӕ. Ӕз уӕ хӕццӕ дӕн, цӕмӕй уӕ хонон ӕма уӕ гъӕуай кӕнон». Уӕхӕн нифс син ке адтӕй, е сӕ фӕстӕдӕр хъӕбӕр багъудӕй.

Йеговӕ израилӕгтӕбӕл куд батухстӕй, Сурх денгизи рази ку адтӕнцӕ, уӕд? (кӕсӕ 13 абзац)

13, 14. а) Йеговӕ израилӕгти сагъӕс куд бакодта, Сурх денгизи рази ку ’рлӕудтӕнцӕ, уӕд? б) Йеговӕ египеттӕгтӕбӕл ӕ хъаурӕ куд бавдиста?

13 Бакӕсӕ Рацуд 14:19–22. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума ду дӕр израилӕгти астӕу дӕ. Фӕстегӕй уӕ фараон е ’фсади хӕццӕ ӕрбасоруй, уӕ разӕй ба Сурх денгиз. Зӕгъӕн ес, ӕма скъӕппӕги бахаудтайтӕ. Ӕма гъе уӕд гъуддагмӕ равналдта Йеговӕ. Ци мегъӕ уӕ кодта, е сумах ӕма египеттӕгти астӕу ӕрлӕудтӕй, ӕма фараони ӕфсад сауталинги равзурдӕй, сумахӕн ба уӕ над бонигон рохси хузӕн иссӕй. Уой фӕсте ба Моисей ӕ къох денгизмӕ бадардта ӕма скӕсӕнӕй тухдунгӕ исистадӕй ӕма денгизи дӕнттӕ рахецӕн кодта. Гъема ӕгас израилӕгтӕ, ду дӕр, удта дӕ бийнонтӕ дӕр ӕма дӕ фонс, денгизи иннӕ фарсмӕ фӕццотӕ. Цӕугӕ-цӕугӕй ӕй лӕдӕрис, зӕнхӕ лӕкъӕрдӕ ке нӕй ӕма гургӕ дӕр ке нӕ кӕнуй. Уой фӕрци зӕрӕндтӕ ӕма ӕнӕхъаурӕ ка ӕй, етӕ дӕр цӕун фӕразунцӕ, ӕма ӕгасӕйдӕр денгизи иннӕ фарсмӕ дзӕбӕхӕй бахъӕрдтайтӕ.

14 Бакӕсӕ Рацуд 14:23, 26–30. Еци рӕстӕг сӕрбӕрзонд фараон хъӕбӕр ӕнӕзунд миуӕ бакодта – уӕ фӕдбӕл рараст ӕй! Моисей нӕуӕгӕй ӕ къох денгизӕрдӕмӕ бадардта ӕма дӕнттӕ фараон ӕма е ’фсадбӕл фӕстӕмӕ ӕркалдӕнцӕ, ӕма син фӕййервӕзӕн нӕбал адтӕй (Рац. 15:8–10).

15. Аци хабарӕй Йегови туххӕй ци базудтан?

15 Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ уагӕ ӕма ӕгъдауи Хуцау ке ӕй. Мадта нӕ тӕрсун нецӕмӕй гъӕуй (1 Кор. 14:33). Йеговӕ ма ӕхе бавдиста, ӕ лӕггадгӕнгутӕн гъуддагӕй ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн фӕлмӕн фиййауӕй. Уомӕй уӕлдай ма абони дӕр ӕ лӕггадгӕнгути се знӕгтӕй гъӕуай кӕнуй. Уой ке зонӕн, е нин аци фуддуйней кӕрон цӕргӕй устур уодӕнцойнӕ хӕссуй (Ӕмб. 1:33).

16. Йеговӕ израилӕгти куд фӕййервӕзун кодта, уой нӕ зӕрдӕбӕл дарун цӕмӕн гъӕуй?

16 Абони дӕр Йеговӕ ӕ адӕнбӕл тухсуй, цӕмӕй маци гъӕуагӕ уонцӕ ӕма се ’ууӕндундзийнадӕ ма фесафонцӕ. Удта устур бӕллӕхи рӕстӕг дӕр уотӕ архайдзӕй (Рарг. 7:9, 10). Еци рӕстӕг ку ӕрхъӕрта, уӕд фуртӕссӕй тухсун неке райдайдзӕй, нӕдӕр каргунтӕ ӕма сӕйгитӕ, нӕдӕр ӕригӕнттӕ *. Хуцауи адӕнӕн сӕ гъуддаг бустӕги ӕндӕрхузи уодзӕй. Етӕ сӕ зӕрдӕбӕл дардзӕнцӕ Киристей дзурдтӕ: «Уӕхе исӕррӕстӕ кӕнтӕ ӕма уӕ сӕртӕбӕл исхуӕцетӕ, уомӕн ӕма уӕ ервӕзундзийнадӕ ӕрхӕстӕг ӕй» (Лук. 21:28). Сауӕнгӕ ма сӕбӕл Гог ӕхе ку ниццӕва, уомӕн ба ӕ хъаурӕ фараони ’фсадӕй дзӕвгарӕ фулдӕр ӕй, уӕддӕр ӕй федарӕй зондзӕнцӕ, Йеговӕ сӕ ке багъӕуай кӕндзӕй, уой (Йез. 38:2, 14–16). Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма ’й зонунцӕ, Йеговӕ ӕййевгӕ ке нӕ кӕнуй. Хуцау бабӕй нӕуӕгӕй бавдесдзӕй, цӕхуӕн лӕдӕргӕ ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ Ервӕзунгӕнӕг ӕй, уой (Ис. 26:3, 20).

17. а) Йеговӕ ӕ адӕнбӕл куд батухсидӕ, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй? б) Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

17 Йеговӕ ӕ адӕни куд лӕдӕруй, куд фӕлмӕн сӕмӕ ӕй ӕма сӕбӕл куд тухсуй, удта син разамунд куд дӕттуй ӕма сӕ куд ервӕзун кӕнуй, уӕхӕн хабӕрттӕй ӕрмӕстдӕр ӕртемӕ ӕркастан. Библи кӕсгӕй уӕхӕн хабӕрттӕбӕл ку рамбӕлис, уӕд листӕг хабӕрттӕмӕ дӕр дӕ гъос дарӕ, цӕмӕй си Йегови дессаги менеугути туххӕй нӕуӕг ести базонай. Уой фӕрци Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр кӕндзиан ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уодзӕй. Иннӕ статьяй базондзиан, нӕ бон куд ӕй бийнонти медӕг, ӕмбурди ӕма игъосун кӕнгӕй Йегови хузӕн лӕдӕргӕй архайун.

^ 3 абз. Дзиуиттаг историк Иосиф Флавий куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Самуилбӕл уӕд цудӕй 12 анзи.

^ 16 абз. Армагеддони ка фӕййервӕза, уони астӕу ӕнӕхъауритӕ дӕр ке уодзӕй, е дессаг нӕй. Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд «аллихузи незтӕй» дзӕбӕх кодта, ӕма уомӕй бавдиста, Армагеддони ка фӕййервӕза, уонӕн цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй, уой (Матф. 9:35). Ка рамардӕй, етӕ ба нӕуӕг дуйней ӕнӕнезӕй игас кӕндзӕнцӕ.