Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Йерусалими ковӕндони фонс ка уӕйӕ кодта, еци уӕйӕгӕнгути «абӕргутӕ» исхонӕн цӕмӕн адтӕй?

МАТФЕЙЙИ Евангелий финст ӕй: «Йесо бацудӕй ковӕндонӕмӕ ӕма си уӕйӕгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй кадӕриддӕр адтӕй, уони се ’гасейдӕр ратардта, ӕхцаййевгутӕн рахъан кодта се стъӕлттӕ, бӕлӕутӕ ка уӕйӕ кодта, уонӕн ба – сӕ бадӕнтӕ. Ӕма син загъта: „Уотӕ финст ӕй: „Мӕ хӕдзарӕ мин хондзӕнцӕ ковӕн хӕдзарӕ“, сумах ба си абӕргути лӕгӕт аразетӕ“» (Матф. 21:12, 13).

Историйӕй куд зиннуй, уотемӕй, уӕйӕгӕнгутӕ алцидӕр хъӕбӕр устур аргъӕй уӕйӕ кодтонцӕ ӕма уотемӕй ковӕндонӕмӕ ка ӕрбацӕуидӕ, уони ӕстъигътонцӕ. Зӕгъӕн, бӕлӕутӕ хъӕбӕр аслан ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ мӕгур адӕймагӕн дӕр ӕ бон адтӕй балхӕнун ӕма сӕ нивонди ӕрхӕссун. Фал дзиуиттаг раввинти финстити дзурд цӕуй, фиццаг ӕноси уӕхӕн рӕстӕг дӕр ке адтӕй, ӕма дууӕ бӕлӕуемӕн сӕ аргъ адтӕй ӕнӕгъӕнӕ сугъзӕрийнӕ динар – е адтӕй 25 боней куст. Бӕлӕутӕ уӕхӕн хъазар иссӕнцӕ, ӕма сӕ мӕгур адӕймаги бон ӕлхӕнун нӕбал адтӕй (Лев. 1:14; 5:7; 12:6–8). Гъуддаг уотӕ ке адтӕй, уой туххӕй Симеон, Гамалиили фурт, хъӕбӕр мӕстгун кодта, ӕма ӕнӕмӕнгӕ хӕссун ке гъудӕй, еци нивӕндтӕ фӕмминкъийдӕр кодта, ӕма уӕд бӕлӕути аргъд дӕр еци фӕдбӕл сӕдӕ хатти фӕййасландӕр ӕй.

Мадта бӕрӕг ӕй, ковӕндони ци уӕйӕгӕнгутӕ адтӕй, етӕ адтӕнцӕ зудӕгӕнагӕ ӕма цъамар адӕн. Ӕма сӕ Йесо дӕр «абӕргутӕ» дзӕгъӕли не ’схудта.