Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Аци дуйней зундахастӕй ма фегъӕстӕ уо

Аци дуйней зундахастӕй ма фегъӕстӕ уо

«Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ зундгин дзурдтӕй ӕма хийнӕйбид, ревӕд ахурӕдтӕй маке расайа ӕма уӕ ма ӕрахӕсса. Етӕ... ӕнцайунцӕ... аци дуйней уагӕвӕрдтӕбӕл» (КОЛ. 2:8).

ЗАРТӔ: 38, 31

1. Колоссӕгтӕмӕ Павел цӕхуӕн финстӕг ниффинста? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

АПОСТОЛ Павел Колоссти цӕрӕг киристӕнттӕмӕ ӕ финстӕг ниффинста, Роми ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд. Е адтӕй нӕ эри еу 60–61 ӕнзти. Еци финстӕги балӕдӕрун кодта, куд ӕхсидзгӕ син ӕй, «сугъдӕг хъаурӕ ци лӕдӕргӕдзийнадӕ дӕттуй», уомӕ гӕсгӕ архайун, гъома алцӕмӕдӕр Йегови цӕстӕй кӕсун (Кол. 1:9). Павел загъта: «Уони туххӕй ба уин уомӕн дзорун, цӕмӕй уӕ рӕсугъд дзубандитӕй маке расайа. Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ зундгин дзурдтӕй ӕма хийнӕйбид, ревӕд ахурӕдтӕй маке расайа ӕма уӕ ма ӕрахӕсса. Етӕ Киристей ахурадӕбӕл не ’нцайунцӕ, фал адӕймаги ӕримисгӕ ӕгъдӕуттӕбӕл ӕма аци дуйней уагӕвӕрдтӕбӕл» (Кол. 2:4, 8). Уой фӕсте Павел балӕдӕрун кодта, адӕни астӕу уотӕ парахат ка адтӕй, еци гъудитӕ раст цӕмӕннӕ ’нцӕ, фал уӕддӕр берети зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕунцӕ, уой. Зӕгъӕн, уӕхӕн рӕдуд гъудитӕбӕл хуӕст ка ӕй, етӕ сӕхе иннетӕй хуӕздӕр фенгъӕлунцӕ. Ӕма Павел колоссаг ӕнсувӕртӕмӕ ци финстӕг ниффинста, е син гъӕуама банхус кодтайдӕ уӕхӕн зундахастӕй ма фегъӕстӕ ун (Кол. 2:16, 17, 23).

2. Адӕн цӕхуӕн рӕдуд гъудитӕбӕл хуӕст ӕнцӕ, уонӕмӕ ӕркӕсун пайда цӕмӕн уодзӕй?

2 Аци дуйней зундӕй ка цӕруй, уонӕмӕ Хуцауи уагӕвӕрдтӕ нимади дӕр нӕ ’нцӕ, ӕма къӕрцгъос ку нӕ уӕн, уӕд мах дӕр, Хуцау нӕ ци зундбӕл аразуй, уобӕл гурусхӕ кӕнун райдайдзиан. Уӕхӕн зундахастӕй фегъӕстӕ уӕн ес телевизорӕй, интернетӕй, скъолай кенӕ кусти. Аци статьяй базондзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй аци дуйней зундахастӕй ма фегъӕстӕ уӕн. Мах равзардзиан, аци дуйне ци рӕдуд гъудитӕбӕл хуӕст ӕй, уонӕй фондз, удта базондзиан, еци рӕдуд гъудити нихмӕ куд ес фӕллӕууӕн, уой.

ХУЦАУБӔЛ ӔУУӔНДУН ӔНӔМӔНГӔ ГЪУДДАГ ӔЙ?

3. Беретӕ цӕхуӕн гъудибӕл хуӕст ӕнцӕ ӕма цӕмӕн?

3 «Ӕнӕ Хуцауӕй дӕр дӕ бон ӕй хуарз адӕймаг ун». Уӕхӕн гъудибӕл абони берӕ бӕстити адӕн хуӕст ӕнцӕ. Ка ’й зонуй, Хуцау ес ӕви нӕ, уобӕл лӕмбунӕг некӕд сагъӕс кодтонцӕ ӕма сӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, цидӕриддӕр сӕ фӕндуй, уой сӕ бон кӕнун ке ӕй, е. (Бакӕсӕ Псалом 10:4.) Иннетӕ ба сӕ зӕрдӕ фӕддарунцӕ сӕхе зундбӕл, ӕма фӕззӕгъунцӕ: «Цӕмӕй ӕгъдаугин цард кӕнай, уой туххӕй Хуцаубӕл ӕууӕндун ӕнӕмӕнгӕ нӕй».

4. Сфӕлдесӕгбӕл ка не ’ууӕндуй, уӕхӕн адӕймагӕн нӕ бон ци ӕй зӕгъун?

4 Цума Сфӕлдесӕг ке нӕййес, уобӕл ӕууӕндун зундбӕл дзорӕг ӕй? Цард куд фӕззиндтӕй, уой туххӕй ахургӕндтӕн сӕ бон нӕй бӕлвурд дзуапп раттун. Фал ин ӕцӕгӕй ба дзуапп иссерун уотӕ зин нӕй. Хӕдзарӕн аразӕг ку нӕ уа, уӕд ӕхегъӕди нӕ фӕззиндзӕй. Мадта цард дӕр ӕхегъӕди нецихузи фӕззиндтайдӕ. Зӕнхӕбӕл зайӕгойтӕй ӕма цӕрӕгойтӕй цидӕриддӕр ес, етӕ хӕдзарӕй берӕ дессагдӕр конд ӕнцӕ. Зӕгъӕн, адӕймаг ӕ къох ку ралух кӕна, уӕд ин цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ӕхуӕдӕг исдзӕбӕх уодзӕй. Хӕдзарӕ ба ку рафӕсхъӕ уа, уӕдта ӕхегъӕди нецихузи ’срӕвдзӕ уодзӕй. Мадта нӕ цума уӕхӕн дессаги конд ка искодта? Библий уомӕн ес дзуапп: «Алли хӕдзарӕ дӕр кадӕр искӕнуй, алци искӕнӕг ба ӕй Хуцау» (Дзиуит. 3:4).

5. Адӕймагӕн ӕхе бон ӕй раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ӕртасун, зӕгъгӕ, уой туххӕй нӕ бон ци ӕй зӕгъун?

5 Беретӕ уотӕ гъуди кӕнунцӕ, ӕма адӕймаг Хуцаубӕл ку не ’ууӕнда, уӕддӕр ӕ бон ӕй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ӕртасун. Уӕхӕн гъудий фӕдбӕл ба нӕ бон ци ӕй зӕгъун? Библимӕ гӕсгӕ, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндуй, уони астӕу дӕр берӕ хуӕрзӕгъдау адӕн разиннуй (Ром. 2:14, 15). Зӕгъӕн, беретӕ сӕ ниййергути уарзунцӕ ӕма син аргъ кӕнунцӕ. Фал адӕймаг Йеговӕй ӕвӕрд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ку нӕ цӕра, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма хъӕбӕр рӕдуд унаффӕ дӕр рахӕсса (Ис. 33:22). Лӕмбунӕг ка сагъӕс кӕнуй, уонӕй беретӕ исарази уодзӕнцӕ, зӕнхӕ ци лӕгъуз уавӕри ӕй, уой ӕрмӕстдӕр Хуцауи ӕнхуси фӕрци ке ес исраст кӕнӕн. (Бакӕсӕ Йереми 10:23.) Уомӕ гӕсгӕ уотӕ гъӕуама макӕд сагъӕс кӕнӕн, ӕма Хуцаубӕл ку не ’ууӕндӕн, удта ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ку нӕ цӕрӕн, уӕддӕр нӕ бон уодзӕй, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой ӕртасун (Пс. 146:3).

ӔНӔМӔНГӔЙДӔР ЦӔХУӔНДӔР ДИНБӔЛ ГЪӔУАМА ХУӔСТ УАЙ?

6. Адӕнӕй беретӕ дини туххӕй ци гъуди кӕнунцӕ?

6 «Цӕмӕй амондгун уай, уой туххӕй дӕ дин нӕ гъӕуй». Уотӕ гъуди кӕнунцӕ, дин ке нӕ гъӕуй, ӕма ’й ӕнӕпайдабӕл ка нимайуй, етӕ. Берети зӕрдӕмӕ ба динтӕ сӕ мӕнгӕ ахурӕдти туххӕй нӕ цӕунцӕ, зӕгъӕн, зиндони ахурадӕ. Кедӕрти зӕрдӕмӕ ба нӕ цӕуй, дӕсӕймаг хай дӕттун ке гъӕуй кенӕ саугинтӕ кӕцидӕр политикти фарс ке фӕххуӕцунцӕ, е. Уомӕ гӕсгӕ фулдӕр адӕн уотӕ гъуди кӕнун райдайунцӕ, ӕма ӕнӕ динӕй дӕр сӕ бон ӕй амондгун цард кӕнун. Арӕх уотӕ дӕр фӕззӕгъунцӕ: «Хуцауи туххӕй дзорун уарзун, фал цӕхуӕндӕр динмӕ бацӕун ба мӕ нӕ фӕндуй».

7. Раст дин адӕни амондгун куд кӕнуй?

7 Ӕцӕгӕйдӕр нӕ бон ӕй ӕнӕ динӕй амондгун цард кӕнун? Мӕнгӕ дини кой ку кӕнӕн, уӕд гъо. Фал адӕймаг ӕцӕг амондгун нӕ уодзӕй, «амондгун Хуцау» Йегови ӕмбал ку не ’суа, уӕд (1 Тим. 1:11). Хуцау цидӕриддӕр кӕнуй, е иннетӕн хӕссуй пайда. Ӕ лӕггадгӕнгутӕ дӕр амондгун ӕнцӕ, уомӕн ӕма иннетӕн фенхус кӕнунцӕ (Гъуд. 20:35). Расагъӕс кӕнӕ, раст дин бийнонтӕн куд ӕнхус кӕнуй, уобӕл. Раст дин адӕймаги ахур кӕнуй ӕ цардӕмбалӕн кадӕ ӕма аргъ кӕнун, еузӕрдон ибӕл ун, ӕ цӕуӕти раст гъомбӕл кӕнун ӕма ӕ бийнонти уарзун. Ӕма уой фӕрци Йегови адӕн ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр се ’мбурдти Хуцауӕн еумӕ фӕрнӕй ӕма кӕрӕдзей уарзгӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ. (Бакӕсӕ Исай 65:13, 14.)

8. Матфеййи 5:3 нин куд лӕдӕрун кӕнуй, амонд цӕмӕй кӕнгӕ ӕй, уой?

8 Адӕймаг Хуцауӕн ку нӕ лӕггадӕ кӕна уӕд ӕцӕг амондгун уодзӕй? Амондгун цард цӕмӕй кӕнгӕ ’й? Кӕмӕндӕр ӕ царди сӕйрагдӕр фӕууй куст, спорт кенӕ ерхӕфсӕнтӕ. Кӕмӕндӕр ба бийнонтӕ ӕма ӕмбӕлттӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еци хабӕрттӕ нин нӕ цард амондгундӕр кӕнунцӕ, фал цӕмӕй ӕцӕг амондгун уай, уой туххӕй ба фулдӕр цидӕр гъӕуй. Махӕн нӕ бон ӕй Хуцауи туххӕй фулдӕр базонун ӕма ин лӕггадӕ кӕнун ӕма цӕрӕгойтӕй дӕр уомӕй хецӕн кӕнӕн. Гъе уой фӕрци уодзиан ӕцӕг амондгун, уомӕн ӕма уотӕ конд ан. (Бакӕсӕ Матфеййи 5:3.) Зӕгъӕн, Йеговӕн ковунмӕ еумӕ ку ӕрӕмбурд уӕн, уӕд кӕрӕдзебӕл бацийнӕ кӕнӕн ӕма бафедар уӕн (Пс. 133:1). Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн нин ӕй, ӕгас дуйнебӕл дӕр нин уойбӕрцӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке ес, е. Уомӕй уӕлдай ма нӕ царди ес нисан, федӕнӕй ба – дессаги нифс.

ӔГЪДАУИ ФӔДБӔЛ НӔ УАГӔВӔРДТӔ ГЪӔУЙ?

9. а) Абони фулдӕр адӕн хӕтундзийнадӕмӕ, цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ? б) Хуцауи Дзурд хӕтундзийнади нихмӕ карзӕй цӕмӕн дзоруй?

9 Цардӕмбал дин ка нӕй, уой хӕццӕ лӕг ӕма уоси цард кӕнун лӕгъуз ӕй? Адӕн фӕззӕгъунцӕ: «Дууӕ бони цӕрӕн ӕма ма уомӕй дӕр нӕхе фенӕхай кӕнӕн? Адӕймаги ку уарзай, уӕд уоми лӕгъузӕй ци ес?» Фал киристӕнттӕ хӕтундзийнадӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй гъӕуама ма кӕсонцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма Библи хӕтундзийнади нихмӕ карзӕй дзоруй *. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 4:3–8.) Йеговӕ не Сфӕлдесӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ ин ес барӕ, цӕмӕй нин закъӕнттӕ дӕтта. Хуцау лӕг ӕма уоси цард кӕнуни барӕ равардта, ӕрмӕстдӕр лӕг ӕма уосӕ ка ӕй, уонӕн. Е бийнонти цардӕн сӕйраг уагӕвӕрд ӕй. Хуцау нӕ уарзгӕ ке кӕнуй, уой туххӕй нин равардта, пайда нин ка ’нцӕ, еци закъӕнттӕ? Хуцауи закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ци бийнонтӕ цӕрунцӕ, етӕ кӕрӕдзей уарзунцӕ, нимайунцӕ ӕма син сӕ цардӕн фехӕлунӕй тӕссаг нӕй. Хуцау тӕрхон кӕндзӕй, зӕнгӕ-зонгӕй ин ӕ закъӕнтти сӕрти ка хезуй, уонӕн (Дзиуит. 13:4).

10. Киристонӕн ӕ бон куд ӕй ӕхе ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕй бахезун?

10 Хуцауи Дзурд нӕ ахур кӕнуй хӕтундзийнади скъӕппӕги куд ма бахауӕн, уобӕл. Уой туххӕй гъӕуама нӕ гъос дарӕн, нӕ цӕститӕ цӕмӕ кӕсунцӕ, уомӕ. Киристе загъта: «Силгоймагмӕ ка кӕсуй ӕма имӕ ӕхе ка мондаг кӕнуй, е фӕххадтӕй ӕ хӕццӕ ӕ зӕрди медӕг. Мадта дӕ кӕд дӕ рахес цӕстӕ рӕдуйун кӕнуй, уӕд ӕй искъахӕ ӕма ’й рагӕлдзӕ» (Матф. 5:28, 29). Уомӕ гӕсгӕ киристӕнттӕ гъӕуама порнографимӕ ма кӕсонцӕ, удта ихӕлд миути туххӕй кӕми зарунцӕ, уӕхӕн зартӕмӕ ма игъосонцӕ. Апостол Павел финста: «Рамаретӕ уӕ зӕнхон бауӕри фӕндтӕ: хӕтундзийнадӕ» (Кол. 3:5). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама нӕ гъос дарӕн, ци дзорӕн ӕма цӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, уомӕ дӕр (Еф. 5:3–5).

КУСТИ МЕДӔГ ӔНТӔСТДЗИЙНӔДТӔ – ХУАРЗ НИСАН ӔЙ?

11. Берети цӕмӕн фӕндуй, цӕмӕй сӕ кусти ӕнтӕстгун уонцӕ?

11 «Амондгун уодзӕнӕ, дӕ кусти ӕнтӕстгун ку уай, уӕд». Беретӕ уотӕ сагъӕс кӕнунцӕ, уомӕн ӕма, дан, уӕд уодзӕнӕ гъӕздуг ӕма дин адӕни астӕу уодзӕй кадӕ ӕма бартӕ. Уомӕ гӕсгӕ киристӕнттӕн дӕр тӕссаг ӕй уотӕ сагъӕс кӕнун ку райдайонцӕ, ӕма ӕцӕг амонд кустӕй кӕнгӕ ’й.

12. Кусти берӕ кӕмӕн бантӕсуй, е ӕцӕгӕйдӕр амондгун исуй?

12 Ӕцӕгӕйдӕр адӕймагӕн ӕ кусти берӕ ку бантӕса ӕма кадгин, удта бартӕ кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕймаг ку исуа, уӕд амондгун уодзӕй? Расагъӕс кӕнӕ Сайтани хабарбӕл. Уой фӕндадтӕй, цӕмӕй ин устур бартӕ ӕма кадӕ уа. Фал уой фӕрци амондгундӕр иссӕй? Ӕ зӕрди фуддзийнадӕй ӕндӕр неци ес (Матф. 4:8, 9; Рарг. 12:12). Нур ба расагъӕс кӕнӕ, куд амондгун фӕууӕн, адӕнӕн ке игъосун кӕнӕн, уой фӕрци кадӕртӕ Хуцауи ӕма нин ци дессаги федӕн ӕрцӕттӕ кодта, уой ку базонунцӕ, уӕд. Еунӕг куст дӕр уӕхӕн цийнӕдзийнадӕ нӕ хӕссуй. Аци дуйней берӕ кӕмӕн бантӕсуй, еци адӕн арӕх исунцӕ хилӕмондаг, удта кӕрӕдзей хӕццӕ ерис фӕккӕнунцӕ ӕма сӕ зӕрдӕ иннетӕн хуарз нӕбал фӕззӕгъуй. Фал еци гъуддӕгтӕ, Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ дунгӕ сорунӕй ӕндӕр неци ’нцӕ (Еккл. 4:4).

13. а) Нӕ кустмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн? б) Павел фессалоникӕгтӕмӕ ци ниффинста, уомӕй куд зиннуй, амондгун цӕй фӕрци адтӕй, е?

13 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнӕ кустӕй дӕр цӕрӕн нӕййес, ӕма нӕ куст нӕ зӕрдӕмӕ ку цӕуа, уӕд уоми лӕгъузӕй неци ес. Фал кустӕн царди фиццаг бунат гъӕуама ма уа. Киристе загъта: «Еу адӕймагӕн дӕр ӕ бон нӕй, цӕмӕй дууӕ хецауей цагъар уа – сӕ еуемӕй е ’сӕфт уиндзӕй, инней ба уарздзӕй, сӕ еуебӕл ӕновуд уодзӕй, инней ба нецӕмӕ дардзӕй. Уӕ бон нӕй, цӕмӕй Хуцауи цагъартӕ дӕр уайтӕ ӕма Гъӕздугдзийнади цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕма иннети хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй мах хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнӕн. Уӕхӕн цийнӕ ма ӕхебӕл бавзурста апостол Павел дӕр. Ӕригон ма ку адтӕй, уӕд ӕ сӕйраг нисан адтӕй дини гъуддӕгти ӕнтӕстгундӕр исун. Фал фӕстӕдӕр ба ӕцӕг амондгун иссӕй, уомӕн ӕма ’й уидта, кӕмӕн игъосун кодта, еци адӕнӕн Хуцауи Дзурд сӕ цард куд ӕййевуй, уой. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13, 19, 20.) Аци дуйней еунӕг куст дӕр адӕймаги уӕхӕн амондгун не ’скӕндзӕй.

Иннетӕн Хуцауи туххӕй базонун ке ӕнхус кӕнӕн, уой фӕрци ан ӕцӕг амондгун (кӕсӕ 12, 13 абзацтӕ)

ЦУМА АДӔНИ БОН ӔЙ ДУЙНЕЙ УАВӔР ФӔХХУӔЗДӔР КӔНУН?

14. Адӕн цӕмӕн ӕууӕндунцӕ, дуйней уавӕр фӕххуздӕр кӕнун сӕхе бон ке ӕй, уобӕл?

14 «Адӕнӕн сӕхе бон дӕр ӕй дуйней уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнун». Аци гъуди берети зӕрдӕмӕ цӕуй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма уӕд уотӕ уайуй, ӕма нӕ Хуцауи разамунд нӕ гъӕуй ӕма нӕ бон ӕй, нӕхе цидӕриддӕр фӕндуй, уой кӕнун. Еуӕй-еухатт фегъосӕн ес, зӕгъгӕ, абони тугъдтитӕ, фудракӕндтӕ, незтӕ ӕма мӕгурдзийнадӕ минкъийдӕргӕнгӕ цӕунцӕ. Еу статьяй финст адтӕй: «Гъуддаг фӕррӕстмӕ кӕнуй, уомӕн ӕма адӕн исфӕндӕ кодтонцӕ дуйне фӕххуӕздӕр кӕнун». Цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ӕй? Адӕн ӕцӕгӕйдӕр дуйней уавӕр мӕнӕ-мӕнӕ фӕххуӕздӕр кӕндзӕнцӕ? Ӕркӕсӕн, гъуддаг ӕцӕгӕй куд ӕй, уомӕ.

15. Бӕрӕггӕнӕнтӕ дуйней уавӕри туххӕй цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

15 Тугъдтитӕ. Бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, Фиццаг ӕма Дуккаг дуйнеуон тугъдтити рӕстӕг фӕммардӕй 60 милиуан адӕймагемӕй фулдӕр. Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Дуккаг дуйнеуон тъугъди фӕсте тугъдтитӕн ӕрмӕстдӕр сӕ кой байзадӕй. 2015 анзи уӕнгӕ тугъд ӕма ӕфхуӕрди туххӕй ӕ цӕрӕнбунат ниууадзун багъудӕй еу 65 милиуан адӕймагей. Айдагъ 2015 анзи сӕ райгурӕн бӕстӕй фӕллигъдӕнцӕ 12,4 милиуан адӕймаги. Фудракӕндтӕ. Кӕд еуӕй-еу бӕстити цӕхуӕндӕр фудракӕндтӕ фӕмминкъийдӕр ӕнцӕ, уӕддӕр терракттӕ, коррупци, фудракӕндтӕ бийнонти медӕг ӕма фудракӕндтӕ интернети фулдӕрӕй-фулдӕр кӕнунцӕ. Аци гъуддӕгти нихмӕ адӕни бон неци ӕй. Незтӕ. Адӕн еуӕй-еу незтӕ дзӕбӕх кӕнун базудтонцӕ. Фал 2013 анзи еу хигъдмӕ гӕсгӕ зӕрди незӕй, инсультӕй, раккӕй, рӕугути незтӕй ӕма диабетӕй алли анз дӕр рамӕлуй еу 9 милиуан адӕймаги, 60 анземӕй фулдӕр кӕбӕл цудӕй, етӕ нимад нӕ цӕунцӕ, уотемӕй. Мӕгурдзийнадӕ. Ӕгасдуйнеуон банкки бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ айдагъ Африки фурмӕгур цард ка кӕнуй еци адӕн 1990 анзи адтӕнцӕ 280 милиуани, 2012 анзи ба иссӕнцӕ 330 милиуани.

16. а) Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма адӕни сӕ зиндзийнӕдтӕй ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй? б) Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ цард цӕхуӕн уодзӕй, уой туххӕй псаломзаргӕнӕг ӕма пахампар Исай ци дзурдтонцӕ?

16 Дуйне уӕхӕн лӕгъуз уавӕри ке ӕй, е махмӕ дессаг нӕ кӕсуй. Абони политики ӕма экономики гъуддӕгти ка архайуй, еци адӕн фулдӕр сӕхе сагъӕс кӕнунцӕ. Мадта дессаг дӕр нӕй, сӕ бон тугъдтитӕн, фудракӕндтӕн, незтӕн ӕма мӕгурдзийнадӕн кӕрон искӕнун ке нӕй. Уӕхӕн хъаурӕ ес ӕрмӕстдӕр Хуцауи Паддзахадӕн. Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ адӕнӕн цӕхуӕн цард искӕндзӕй, уобӕл. Тугъдтитӕ. Тугъдмӕ ка ’ркӕнуй, еци гъуддӕгтӕй фӕд дӕр нӕбал байзайдзӕй, уонӕмӕ хауй хевастдзийнадӕ коррупци, ниционализм, мӕнгӕ динтӕ ӕма Сайтан дӕр (Пс. 46:8, 9). Фудракӕндтӕ. Хуцауи Паддзахади фӕрци милиуангай адӕн исахур ӕнцӕ, кӕрӕдзей уарзун ӕма кӕрӕдзебӕл ӕууӕндун. Зӕнхон хецӕудтӕй, уӕхӕн гъуддаг некӕмӕн бантӕстӕй (Ис. 11:9). Незтӕ. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн балӕвар кӕндзӕй ӕнӕнездзийнадӕ (Ис. 35:5, 6). Мӕгурдзийнадӕ. Йеговӕ мӕгурдзийнадӕн искӕндзӕй кӕрон. Адӕнӕн амондгун цард кӕнунмӕ алцидӕр уодзӕй. Фал сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма Хуцаумӕ уодзӕнцӕ хӕстӕг, уой ба нецӕхуӕн гъӕздугдзийнӕдти хӕццӕ ес рабарӕн (Пс. 72:12, 13).

ЗОНЕТӔ, КӔМӔН ЦӔХУӔН ДЗУАПП РАТТУН ГЪӔУЙ, УОЙ

17. Нӕ бон куд ӕй нӕхе аци дуйней зундахастӕй гъӕуай кӕнун?

17 Адӕн ци гъудитӕбӕл хуӕст ӕнцӕ, уонӕй ескӕци де ’ууӕндундзийнадӕн фӕлварӕн ку исуа, уӕд ӕркӕсӕ, Библи еци гъуддаги фӕдбӕл ци зӕгъуй, уомӕ. Дӕ бон ма ӕй радзорун, е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕмӕн ӕй, уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри хӕццӕ. Расагъӕс кӕнӕ, адӕни зӕрдӕмӕ еци гъуди цӕмӕн цӕуй, раст цӕмӕннӕ ӕй ӕма си дӕ бон куд ӕй дӕхе бахезун. Цӕмӕй аци дуйней зундахастӕй нӕхе багъӕуай кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама архайӕн Павели дзурдтӕмӕ гӕсгӕ: «Ӕндагонти хӕццӕ уотӕ зундгин... цӕмӕй зонайтӕ, кӕмӕн цӕхуӕн дзуапп раттун гъӕуй, уой» (Кол. 4:5, 6).

^ 9 абз. Беретӕ Иоанни 7:53–8:11 финст хабармӕ фӕййамонунцӕ, зӕгъгӕ, дан, хӕтгӕ ка кӕнуй, уой тӕрегъӕдгун исхонуни барӕ ес, ӕрмӕстдӕр ӕхуӕдӕг ӕнӕтӕрегъӕд ка ӕй, уомӕн. Аци скъуддзаг кӕцидӕр Библий тӕлмацти рамбӕлуй, фал фиццаг къохфинстити ба финст н’ адтӕй. Йеговӕ израилӕгтӕн ци закъон равардта, уоми ба загъд адтӕй: «Нӕлгоймаг еске уоси хӕццӕ ӕмуат ку ’рцӕуа, уӕд дууӕ дӕр гъӕуама рамӕлонцӕ: силгоймаги хӕццӕ ӕмуат ка ’рцудӕй, еци нӕлгоймаг дӕр ӕма силгоймаг дӕр» (Дук. з. 22:22).