Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи ’стур хуарзӕнхи фӕрци иссайтӕ сӕребарӕ

Хуцауи ’стур хуарзӕнхи фӕрци иссайтӕ сӕребарӕ

«Гъӕуама уӕбӕл тӕрегъӕди барӕ ма цӕуа, уомӕн ӕма сумах... айтӕ... Хуцауи ’стур хуарзӕнхи дӕлбарӕ» (РОМ. 6:14).

ЗАРТӔ: 46, 127

1, 2. Ромӕгтӕмӕ 5:12 Йегови Ӕвдесӕнтӕн ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

РОМӔГТӔМӔ 5:12 финст ӕй: «Еу адӕймаги фудӕй дуйнемӕ ӕрцудӕй тӕрегъӕд, тӕрегъӕди туххӕй ба – мӕлӕт, ӕма уотемӕй мӕлӕт рапурхӕ ’й ӕгас адӕнбӕл, уомӕн ӕма еугурӕйдӕр ракодтонцӕ тӕрегъӕд». Аци стих хъӕбӕр хуарз зонӕн ӕма си игъосун кӕнгӕй арӕх фӕппайда кӕнӕн.

2 Дӕ сувӕллӕнтти кенӕ ӕндӕр еске хӕццӕ Библи ку фӕййахур кӕнис, уӕд, ӕвӕдзи, Ромӕгтӕмӕ 5:12 стихи кой еу ӕма дууӕ хатти не ’скӕнис. Зӕгъӕн, Хуцаумӕ зӕнхи туххӕй ци фӕндӕ ес, Киристей нивонд цӕмӕн багъудӕй ӕма адӕн цӕмӕн мӕлунцӕ, уой ку фӕллӕдӕрун кӕнис, уӕд. Фал дӕхецӕн Йегови рази цӕхуӕн ном ес, дӕ гъуддӕгтӕ цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ ӕма дӕмӕ разӕй цӕхуӕн цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнис, уӕддӕр аци стих арӕх ӕрлӕууй дӕ зӕрдӕбӕл?

3. Тӕрегъӕдгун ке ан, уомӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

3 Гъигагӕн еугурӕйдӕр тӕрегъӕдгун ан, ӕма алли бон дӕр рӕдуйгӕ кӕнӕн. Фал Йеговӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуцау ӕй ӕма нин хатир кӕнуй, уомӕн ӕма ’й зонуй, ругӕй конд ке ан (Пс. 103:13, 14). Киристе дӕр нин бафӕдзахста, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕдти туххӕй, Хуцауӕй хатир корӕн (Лук. 11:2–4). Мадта нин Йеговӕ нӕ тӕрегъӕд ку ниххатир кӕнуй, уӕд гъӕуама нӕхе мабал хуӕрӕн. Ӕркӕсӕн, Йеговӕ нин куд хатир кӕнуй, уомӕ.

Е ’СТУР ХУАРЗӔНХИ ФӔРЦИ НИН НИХХАТИР КОДТА

4, 5. а) Ромӕгтӕмӕ 5:12 хуӕздӕр цӕй фӕрци лӕдӕрӕн? б) Ромӕгтӕмӕ 3:24 ци «’стур хуарзӕнхи» кой цӕуй, е ци нисан кӕнуй?

4 Ромӕгтӕмӕ финстӕги, уӕлдайдӕр ба 6-аг сӕри фӕрци нӕ бон ӕй фӕууинун, Йеговӕ нин куд хатир кӕнуй, уой, удта Ромӕгтӕмӕ 5:12 финст дзурдтӕ балӕдӕрун. Зӕгъӕн, 3-аг сӕри финст ӕй: «Се ’гас дӕр тӕрегъӕд ракодтонцӕ... Гъема рӕстгӕнгутӕбӕл нимад ке ӕрцудӕнцӕ, е син ӕй лӕвар – е ’стур хуарзӕнхӕмӕ гӕсгӕ, Йесо Киристе сӕ ке балхӕдта ӕма ке иссӕребарӕ ’нцӕ, уой фӕрци» (Ром. 3:23, 24). Дзурдбастӕй «е ’стур хуарзӕнхӕмӕ гӕсгӕ», ци грекъаг дзурд тӕлмацгонд ӕрцудӕй, уомӕн ӕ гъуди уотӕ ’й, ӕма кӕмӕндӕр цидӕр хуарздзийнадӕ кӕнис, фӕстӕмӕ имӕ нецӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсис, уотемӕй.

5 Еу ахургонд Джон Паркхерст загъта: «Дзурд Хуцаубӕл кенӕ Киристебӕл ку фӕццӕуй, уӕд дзурдбаст „стур хуарзӕнхӕ“ арӕхдӕр фӕййамонуй, ке аккаг нӕ ан, еци хуарздзийнадӕмӕ, гъома, Хуцау ӕма Киристе адӕни тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй фӕййервӕзун кӕнуни туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕ». Фал Хуцау е ’стур хуарзӕнхӕ бӕлвурдӕй куд бавдиста, уой фӕрци абони цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕй хайгин ан ӕма нин федӕнӕй цӕхуӕн нифс ес? Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн.

6. Хуцауи ’стур хуарзӕнхи фӕрци адӕнӕн цӕхуӕн фадуат ес?

6 «Еу адӕймаги фудӕй» зӕнхӕбӕл тӕрегъӕд ӕма мӕлӕт рапурхӕ ’й. Еци адӕймаг адтӕй Адам. Уотемӕй «тӕрегъӕд уомӕ ӕркодта, ӕма еци еуей фудӕй мӕлӕт паддзах» иссӕй. Фал ма Павел финста, «еу адӕймаги, Йесо Киристей фӕрци» Хуцау адӕни «рӕдауӕй е ’стур хуарзӕнхӕй» ке исхайгин кодта (Ром. 5:12, 15, 17). «Еу адӕймаг [Йесо] коммӕгӕс ке адтӕй, уой фӕрци беретӕ исуодзӕнцӕ рӕстгӕнгутӕ». Хуцау нӕ е ’стур хуарзӕнхӕй исхайгин кодта, ӕма адӕнӕн ес фадуат, цӕмӕй «Йесо Киристей фӕрци... ӕносмӕ цӕронцӕ» (Ром. 5:19, 21).

7. Хуцау ӕ Фурти адӕни туххӕй ке равардта, е е ’стур хуарзӕнхӕбӕл дзорӕг цӕмӕн ӕй?

7 Йеговӕн ӕ бон адтӕй ӕ Фурти зӕнхӕмӕ ма рарветун. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ ӕма Йесо ци искодтонцӕ, уой аккаг мах, ӕнӕнхӕст ӕма тӕрегъӕдгун адӕн, уогӕ дӕр н’ адтан. Н’ адтан уой аккаг, цӕмӕй Хуцау мах туххӕй ӕ Фурти цард равардтайдӕ, ӕма нӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд цудайуонцӕ. Фал нин Хуцау е ’стур хуарзӕнхи фӕрци нӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кодта ӕма нин ӕносон царди нифс равардта. Еци лӕварӕн гъӕуама аргъ кӕнӕн ӕма ’й макӕд иронх кӕнӕн.

ХУЦАУИ ’СТУР ХУАРЗӔНХӔН АРГЪ КӔНӔН

8. Нӕхе цӕхуӕн зундахастӕй гъӕуама хезӕн?

8 Адами байзӕддӕгтӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ тӕрегъӕд нӕ тоги ӕй, ӕма уой туххӕй рӕдуйӕн. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма гъӕуама уотӕ сагъӕс кӕнӕн, зӕгъгӕ, кӕд ести фӕррӕдудтӕн, уӕд гъӕуама ӕгӕр ма тухсон, уомӕн ӕма мин уӕддӕр Хуцау ниххатир кӕндзӕй. Гъигагӕн, уотӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕй дӕр беретӕ сагъӕс кодтонцӕ. (Бакӕсӕ Иуди 4.) Ӕвӕдзи, зӕгъгӕ уотӕ некӕд кӕндзиан, фал, гӕнӕн ес, ӕма уӕхӕн сагъӕстӕ минкъийгай нӕ сӕри муггӕгти хузӕн ирӕзун райдайонцӕ.

9, 10. Павел ӕма ӕндӕр киристӕнттӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй куд исуӕгъдӕ ’нцӕ?

9 Павел хуарз балӕдӕрун кодта, уотӕ ке гъӕуама ма сагъӕс кӕнӕн, ӕма Хуцау хатиргӕнагӕ ӕй ӕма нин цийфӕнди дӕр ниххатир кӕндзӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ киристӕнттӕ «тӕрегъӕдӕн рамардӕнцӕ». (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 6:1, 2.) Фал ма кӕд фиццаг ӕноси киристӕнттӕ зӕнхӕбӕл цардӕнцӕ, уӕд Павели дзурдтӕ, «тӕрегъӕдӕн рамардан», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ?

10 Хуцау Киристей нивонди фӕрци Павели ӕма иннӕ киристӕнтти тӕрегъӕдтӕ ниххатир кодта, ӕ сугъдӕг хъаурӕй сӕ байсарста ӕма сӕ ӕ фурттӕбӕл банимадта. Кӕронмӕ еузӕрдонӕй ка байзадайдӕ, е Киристей хӕццӕ уӕлӕрвти паддзах иссайдӕ. Кӕд ма нур киристӕнттӕ зӕнхӕбӕл адтӕнцӕ, уӕддӕр Павели бон адтӕй зӕгъун, «тӕрегъӕдӕн рамардан», зӕгъгӕ. Цӕветтонӕн ӕрхаста Киристей хабар. Йесо зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд адтӕй адӕймаг, фал ӕй Хуцау уӕларвон цардмӕ райгас кодта ӕма ибӕл «мӕлӕти барӕ... нӕбал цӕуй». Уотӕ исӕрст киристӕнттӕн дӕр загъд адтӕй: «Тӕрегъӕдӕн уӕхе нимайетӕ мӕрдтӕбӕл ӕма цӕретӕ Хуцауи туххӕй Йесо Киристей фӕрци» (Ром. 6:9, 11). Сӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта, уомӕн ӕма сӕ тӕрегъӕдгун монцти фӕдбӕл нӕбал цудӕнцӕ. Етӕ сӕ раздӕриккон цардӕн рамардӕнцӕ.

11. Абони киристӕнттӕ тӕрегъӕдӕн куд рамардӕнцӕ?

11 Махӕй ба ци ес зӕгъӕн? Донаргъуди размӕ мах дӕр арӕх рӕдудан, ӕма ’й зонгӕ дӕр нӕ кодтан, Хуцау еци гъуддӕгтӕй е ’сӕфт ке уинуй, уой. Мах нӕ «бауӕртӕ цъумур миутӕ ӕма фудгъуддӕгтӕн цагъарти хузӕн» лӕвардтан (Ром. 6:19, 20). Фал Библий рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд нӕ цард раййивтан, нӕхе Хуцауӕн иснивонд кодтан ӕма донаргъуд райстан. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуцауи амундтӕ ӕма уагӕвӕрдтӕмӕ «зӕрдӕй игъосӕн». Павел загъта: «Тӕрегъӕдӕй ке иссӕребарӕ айтӕ, уомӕ гӕсгӕ иссайтӕ рӕстдзийнади цагъартӕ» (Ром. 6:17, 18). Мадта махӕй дӕр ес зӕгъӕн, «тӕрегъӕдӕн рамардан», зӕгъгӕ.

12. Алкӕмӕндӕр ни ӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй?

12 Нур ба Павели дзурдтӕбӕл расагъӕс кӕнӕ: «Мадта тӕрегъӕд уӕ зӕнхон бауӕртӕн паддзах мабал уӕд, цӕмӕй уӕ бауӕри монцти фӕдбӕл ма цӕуайтӕ» (Ром. 6:12). Не ’нӕнхӕст бауӕри монцти фӕдбӕл ку фӕццӕуӕн, уӕд тӕрегъӕдӕн барӕ дӕттӕн, цӕмӕй нин «паддзах» уа. Тӕрегъӕд нӕбӕл хецауеуӕг кӕндзӕй ӕви нӕ, е нӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Мадта расагъӕс кӕнӕ, дӕ зӕрдӕ дӕ цӕмӕ ивазуй, уобӕл. Дӕхе бафӕрсӕ: «Ескӕд бауӕри монцти туххӕй уой уӕнгӕ баун, цӕмӕй мӕ тӕрегъӕд искӕнунмӕ берӕ мабал гъӕуа? Ӕви тӕрегъӕдӕн рамардтӕн ӕма Йесо Киристей фӕрци Хуцауӕн цӕрун?» Аци фарстати фӕрци нӕ бон ӕй базонун, Хуцау нин е ’стур хуарзӕнхи фӕрци ке хатир кӕнуй, уомӕн цӕхуӕн аргъ кӕнӕн, уой.

ДӔ БОН ӔЙ ФӔУУӔЛАХЕЗ УН

13. Тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕн ниууадзӕн ке ес, уой кӕцӕй зонӕн?

13 Йегови ка базудта ӕма ’й ка бауарзта, еци адӕн сӕ раздӕриккон гъуддӕгтӕ ниууагътонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Ка ’й зонуй, раздӕр мӕлӕти аккаг тӕрегъӕдтӕ кодтонцӕ, ӕма сӕ нур дӕр уой туххӕй сӕ цӕсгон хуӕруй (Ром. 6:21). Фал сӕ цард раййивтонцӕ. Уӕхӕн хабар ӕрцудӕй, Павел кӕмӕ финста, уонӕбӕл, Коринфи ӕмбурдбӕл. Кадӕртӕ си раздӕр мӕнгӕ хуцӕуттӕн кувтонцӕ, хаттӕнцӕ, давтонцӕ, фудниуӕзт кодтонцӕ, удта адтӕнцӕ гомосексуалисттӕ. Фал етӕ сӕ тӕрегъӕдтӕй «ӕхснад» ӕрцудӕнцӕ ӕма «искӕдзос» ӕнцӕ (1 Кор. 6:9–11). Роми киристӕнттӕ дӕр уӕхӕн уавӕри адтӕнцӕ. Павел сӕмӕ сугъдӕг хъаури разамундӕй ниффинста: «Уӕ бауӕртӕ тӕрегъӕди къохмӕ ма дӕттетӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ, фал, мард ка адтӕй ӕма цардмӕ ка раздахтӕй, уонӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ уӕхе раттетӕ Хуцауи къохмӕ, ӕма уӕ бауӕртӕ дӕр раттетӕ Хуцауи къохмӕ раст гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ» (Ром. 6:13). Павел федарӕй зудта, сӕ бон ке уодзӕй се ’ууӕндундзийнадӕ тӕрегъӕдгун гъуддӕгтӕй багъӕуай кӕнун, ӕма сӕ Хуцау идарддӕр дӕр е ’стур хуарзӕнхӕй ке хайгин кӕндзӕй.

14, 15. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл нӕ гъӕуй расагъӕс кӕнун?

14 Абони дӕр уотӕ ’й. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ раздӕр Коринфи ӕмбурди киристӕнтти хузӕн тӕрегъӕдгун цард кодтонцӕ. Фал Йегови ку базудтонцӕ, уӕд сӕ цард раййивтонцӕ ӕма «ӕхснад» ӕрцудӕнцӕ. Кӕд ду дӕр дӕ цард раййивтай, уӕд дин нур Хуцауи рази цӕхуӕн ном ес? Хуцау нин е ’стур хуарзӕнхи фӕрци хатир кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама Павели фӕдзӕхстмӕ игъосӕн: «Уӕ бауӕртӕ тӕрегъӕди къохмӕ ма дӕттетӕ... фал, мард ка адтӕй ӕма цардмӕ ка раздахтӕй, уонӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ уӕхе раттетӕ Хуцауи къохмӕ».

15 Цӕмӕй уотӕ архайӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕхе хезӕн, коринфӕгтӕ ци уӕззау тӕрегъӕдтӕ кодтонцӕ, уонӕй. Кенӕ уотӕ зӕгъӕн нӕ уодзӕй, ӕма Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕй хайгин ан, удта нӕбӕл тӕрегъӕд нӕбал хецауеуӕг кӕнуй. Фал кадӕр устур тӕрегъӕдбӕл ке нӕ нимайуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй ба ци ес зӕгъӕн? Цума уонӕй дӕр нӕхе хезӕн ӕма уотемӕй, Йеговӕмӕ зӕрдӕй ке игъосӕн, уой ӕвдесӕн? (Ром. 6:14, 17).

16. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма киристӕнттӕ сӕхе айдагъ уӕззау тӕрегъӕдтӕй ке гъӕуама ма хезонцӕ?

16 Расагъӕс кӕнӕн Павели цӕветтонбӕл. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9–11 ци уӕззау тӕрегъӕдти туххӕй финст ес, уонӕй идард адтӕй. Фал уӕддӕр ӕхе тӕрегъӕдгун адӕймагбӕл нимадта ӕма загъта: «Ци косун, уой мӕхуӕдӕг дӕр нӕ лӕдӕрун. Ци мӕ фӕффӕндуй, уой нӕ бакӕнун, ме ’сӕфт цӕмӕй уинун, уой ба искӕнун» (Ром. 7:14, 15). Бӕрӕг ӕй, Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕндӕрхузи тӕрегъдтӕ дӕр ке фӕууй ӕма сӕ хӕццӕ тох кодта. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 7:21–23.) Мадта мах дӕр Павели фӕнзӕн ӕма Хуцаумӕ «зӕрдӕй игъосӕн»!

17. Сайун нӕ цӕмӕннӕ фӕндуй?

17 Зӕгъӕн мах ӕй зонӕн, цӕмӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнӕн, уой туххӕй гъӕуама сайгӕ ма кӕнӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 14:5; Ефесӕгтӕмӕ 4:25.) Мах нӕ фӕндуй Сайтани хузӕн ун, уомӕн ӕма е «мӕнгӕдзийнади фидӕ» ӕй. Уомӕй уӕлдай ма нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн Ананий ӕма ӕ уоси хабар. Етӕ сайгӕ ке бакодтонцӕ, уой туххӕй сӕ цард фесафтонцӕ. Мадта мах сайун нӕ фӕндуй (Иоан. 8:44; Гъуд. 5:1–11). Фал адӕймаг сайгӕ ке нӕ кӕнуй, е уобӕл дзорӕг нӕма ’й, ӕма рӕстӕй архайуй. Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд нӕ е разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй алли гъуддаги дӕр рӕстӕй архайӕн.

18, 19. Рӕстӕй архайунмӕ ци хауй?

18 Йеговӕ ӕ адӕни айдагъ ӕргом мӕнгӕттӕ дзорунӕй нӕ фӕдзӕхсуй. Рагидзаманти израилӕгтӕн загъта: «Уотӕ кӕдзос адӕн, уомӕн ӕма ӕз дӕн кӕдзос Хуцау – ӕз, уӕ Хуцау Йеговӕ». Уой фӕсте ба син балӕдӕрун кодта, уомӕ ци хауй, уой: «Давгӕ ма кӕнтӕ, ма сайетӕ, ма кӕнтӕ мӕнгард миутӕ» (Лев. 19:2, 11). Гъигагӕн фӕууй уотӕ, ӕма адӕймаг ӕргом нӕ басайуй, фал ӕ миутӕ ба фӕуунцӕ мӕнгард.

Ӕргом сайунӕй ӕма мӕнгард миутӕй дӕр нӕхе хезӕн? (кӕсӕ 19 абзац)

19 Зӕгъӕн, косӕг ӕ хецауӕн кенӕ е ’мкосгутӕн зӕгъуй, дохтирмӕ ’й ке гъӕуй, уомӕ гӕсгӕ кустмӕ ке не ’рбацӕудзӕй кенӕ раздӕр ке рандӕ уодзӕй. Уотемӕй ба ’й ӕрмӕстдӕр аптекӕмӕ бауайун гъӕуй кенӕ дохтирӕй рецепт райсун. Ӕцӕгӕй ба ’й фӕндуй тагъддӕр отпуски рандӕ ун кенӕ ӕ бийнонти хӕццӕ денгизи билӕбӕл рауолӕфун. Кӕд кӕмидӕр раст дзурдта, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма нӕ басайдта? Ӕвӕдзи ма берӕ уӕхӕн цӕветтонтӕ зонис. Гӕнӕн ес, ӕма адӕймаг басайа, цӕмӕй ӕфхуӕрд ма баййафа кенӕ цӕмӕй ескӕмӕй ести ратона. Гъуддаг ӕргом сайуни уӕнгӕ ку не ’рцӕуа, уӕддӕр цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма адӕймаг Хуцауи фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнуй, «ма сайетӕ», зӕгъгӕ? Ромӕгтӕмӕ 6:19 финст ӕй: «Рӕстдзийнадӕн раттетӕ уӕ бауӕртӕ цагъарти хузӕн, цӕмӕй кӕдзос гъуддӕгтӕ кӕнайтӕ».

20, 21. Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд нӕхе цӕхуӕн гъуддӕгтӕй хездзиан?

20 Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд айдагъ хӕтундзийнадӕ, фудниуӕзт ӕма ӕндӕр уӕззау тӕрегъӕдтӕй нӕхе нӕ хездзиан. Зӕгъӕн, хӕтундзийнадӕй уӕлдай ма нӕхе хездзиан, ӕнӕгъдау миутӕ кӕми ес, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕй дӕр. Кенӕ кӕд фудниуӕзт нӕ кӕнӕн, уӕддӕр уойбӕрцӕ нӕ баниуаздзиан, цӕмӕй нӕхе фудконд дарун райдайӕн. Аци гъуддӕгти нихмӕ тох кӕнунмӕ берӕ хъаурӕ гъӕуй, фал сӕбӕл уӕддӕр нӕ бон ӕй фӕууӕлахез ун.

21 Мах гъӕуама нӕхе айдагъ уӕззау тӕрегъӕдтӕй ма хезӕн, фал иннетӕ уотӕ кӕмӕй фӕззӕгъунцӕ, уоми дессагӕй неци ес, зӕгъгӕ, уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнӕрӕдуйгӕ нӕ уодзиан, фал уӕддӕр гъӕуама Павели хузӕн ӕгас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Хуцауи зӕрдихудти ма бацӕуӕн. Павел загъта: «Тӕрегъӕд уӕ зӕнхон бауӕртӕн паддзах мабал уӕд, цӕмӕй уӕ бауӕри монцти фӕдбӕл ма цӕуайтӕ» (Ром. 6:12; 7:18–20). Цийфӕнди тӕрегъӕдгун гъуддӕгти нихмӕ дӕр федарӕй ку фӕллӕууӕн, уӕд уомӕй бавдесдзиан, Хуцау ӕма ӕ Фурт мах туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн ке аргъ кӕнӕн.

22. Хуцауи ’стур хуарзӕнхӕн ка аргъ кӕнуй, уонӕмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй?

22 Хуцау нин нӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кодта, удта нин сӕ идарддӕр дӕр хатир кӕндзӕй е ’стур хуарзӕнхи фӕрци, ӕма си гъӕуама уой туххӕй боз уӕн. Гъӕйдӕ мадта архайӕн, цӕмӕй нӕхе айдагъ уӕззау тӕрегъӕдтӕй нӕ, фал иннетӕ, уотӕ кӕмӕй фӕззӕгъунцӕ, дессагӕй си неци ес, зӕгъгӕ, уонӕй дӕр хезӕн. Ӕма нӕ уӕд цӕхуӕн хуӕрзеуӕг хезуй, уой туххӕй Павел финста: «Тӕрегъӕдӕй ке иссӕребарӕ айтӕ ӕма Хуцауи цагъартӕ ке иссайтӕ, уомӕ гӕсгӕ нур ба уӕ тиллӕг ӕй сугъдӕг цард, ӕма уӕ е кӕнуй ӕносон цардмӕ» (Ром. 6:22).