Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи Дзурдӕн аргъ кӕнис?

Хуцауи Дзурдӕн аргъ кӕнис?

«Хуцауи дзурд ку фегъустайтӕ, уӕд ӕй... банимадтайтӕ... ӕцӕгӕй ци ӕй, уобӕл – Хуцауи дзурдбӕл» (1 ФЕС. 2:13).

ЗАРТӔ: 96, 94

1–3. Еводи ӕма Синтихий астӕу цӕхуӕн хабар рауадайдӕ? Мах уӕхӕн уавӕри ку бахауӕн, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

МАХ Библийӕн хъӕбӕр устур аргъ кӕнӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, Хуцауӕй ке ӕй. Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ нӕ Библий унаффитӕ арӕх фӕгъгъӕунцӕ. Еци унаффитӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсӕн? Ӕркӕсӕн, фиццаг ӕноси дууӕ исӕрст силгоймаги, Еводи ӕма Синтихий, хабармӕ. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ цӕбӕлдӕр рабуцӕу ӕнцӕ, фал цӕй туххӕй, е ба бӕрӕг нӕй. Цума сӕбӕл ци ’рцудайдӕ? Гъӕйдӕ ибӕл расагъӕс кӕнӕн.

2 Ӕвӕдзи Еводи хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти сӕхемӕ рабадунмӕ ӕрбахудта, фал Синтихимӕ ба нӕ фӕдздзурдта. Фӕстӕдӕр ӕй Синтихи иннетӕй ку фегъуста, куд игъӕлдзӕг бад фӕккодтонцӕ, уӕд ин е хъӕбӕр гъулӕг адтӕй. Ӕвӕдзи, расагъӕс кодта: «Еводи мӕнмӕ куд нӕ фӕдздзурдта! Ӕз ӕй мӕ хуӕздӕр ӕмбалбӕл ку нимадтон». Синтихи Еводийӕй фӕффудӕнгъӕл ӕй, ӕма си ӕхе еуварс дарун райдӕдта. Уомӕ гӕсгӕ Синтихи дӕр хуӕртӕ ма ӕнсувӕрти сӕхемӕ ӕрбахудта, фал Еводимӕ ба нӕ фӕдздзурдта. Еводи ӕма Синтихи кӕрӕдзей ке нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, уой туххӕй ӕмбурди фарнӕн дӕр тӕссаг адтӕй. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Павел еци хуӕртӕн унаффӕ равардта ӕма сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй бафедудтайуонцӕ. Еци хабар цӕбӕл фӕцӕй, уой туххӕй Библий неци финст ес, фал, ӕвӕдзи, Павели унаффӕмӕ байгъустонцӕ ӕма идарддӕр Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кодтонцӕ (Фил. 4:2, 3).

3 Абони дӕр фӕууй уотӕ, ӕма хуӕртӕй кенӕ ӕнсувӕртӕй еске хӕццӕ кӕрӕдзей нӕ балӕдӕрӕн. Ӕма Библий унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд ӕй зондзиан, уӕхӕн уавӕр куд исраст кӕнӕн ес, уой, кенӕ ба си уогӕ дӕр нӕ бахаудзиан. Уомӕй уӕлдай ма бӕрӕг уодзӕй, Хуцауи Дзурдӕн ӕцӕгӕйдӕр ке аргъ кӕнӕн (Пс. 27:11).

БИБЛИ НӔ АХУР КӔНУЙ НӔХЕБӔЛ ХУӔЦУН

4, 5. Цӕмӕй нӕхебӕл хуӕцун зонӕн, уой туххӕй нин Библийӕй цӕхуӕн унаффӕ банхус кӕндзӕй?

4 Хебӕл хуӕцун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Нӕ адӕнихатт, не ’гъдӕуттӕ кенӕ нӕ бакасти туххӕй нӕмӕ еске сӕрӕй бунмӕ ку фӕккӕсуй кенӕ нӕбӕл хӕранӕй ку рацӕуй, уӕд нин хъӕбӕр зин фӕууй ӕма мӕстгун дӕр рауӕн. Фал нин уӕхӕн миутӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске ку ракӕнуй, уӕдта нин дууӕ хатти зиндӕр фӕууй. Уӕхӕн уавӕри нин Хуцауи Дзурди унаффитӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?

5 Йеговӕ ’й зонуй, адӕймаг ӕхебӕл ку нӕ хуӕца, уӕд е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой. Мӕстгунӕй адӕймаг цитӕ ракӕнуй ӕма цитӕ радзоруй, уобӕл уой фӕсте фӕсмон фӕккӕнуй. Библий хуарз унаффӕ ес, нӕ бон куд ӕй нӕхе уорамун, уой фӕдбӕл: «Минкъий нецӕй туххӕй дӕр ма фӕббостӕ уисӕ». Расагъӕс кӕнӕ, цӕйбӕрцӕ минкъийдӕр буцӕутӕ уодзӕй, аци унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн ӕма бостӕ кӕнунмӕ тагъд ку нӕ кӕнӕн, уӕд! (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 16:32; Екклесиаст 7:9.) Библи ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй иннетӕн хатир кӕнӕн. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ иннетӕн ку нӕ хатир кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ дӕр нӕ хатир кӕндзӕй (Матф. 6:14, 15). Цума дӕу ба иннетӕн фулдӕр бухсун ӕма фулдӕр хатир кӕнун нӕ гъӕуй?

6. Нӕхебӕл хуӕцун ку нӕ зонӕн, уӕд нӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй?

6 Нӕхебӕл хуӕцун ку нӕ зонӕн, уӕд нӕ хурфи маст ниббаддзӕй ӕма ма ескӕмӕй не ’сӕфт уинун дӕр райдайдзиан. Уӕхӕн зундахаст, гӕнӕн ес, ӕма ӕмбурди иннетӕбӕл дӕр рабӕрӕг уа. Адӕймаг ӕ маст кудфӕнди ма римӕхса, уӕддӕр ӕй еу афони хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ балӕдӕрдзӕнцӕ, ӕма си сӕхе еуварс дарун райдайдзӕнцӕ (Ӕмб. 26:24–26). Уӕхӕн адӕймагӕн хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Библий фӕрци банхус кӕндзӕнцӕ ӕ зӕрдӕй маст рандӕ кӕнун ӕма иннетӕн хатир кӕнун райдайун (Лев. 19:17, 18; Ром. 3:11–18). Хестӕр нӕлгоймӕгти унаффитӕмӕ ку игъосӕн, уӕд Хуцауи Дзурди разамундмӕ гӕсгӕ архайдзиан.

ЙЕГОВӔ ӔЙ НӔ РАЗАМОНӔГ

7, 8. а) Йеговӕ ӕ организаций зӕнхон хаййӕн разамунд куд дӕттуй? б) Хуцауи Дзурди амундтӕй еуӕй-еуетӕ цӕхуӕнттӕ ’нцӕ, ӕма сӕмӕ цӕмӕн гъӕуама игъосӕн?

7 Абони Йеговӕ ӕ зӕнхон организаций ка ӕй, еци адӕни раст надбӕл аразуй ӕма сӕ ахур кӕнуй. Кутемӕй? Йеговӕ ӕмбурди сӕргълӕууӕгӕй иснисан кодта Киристей. Киристе ба иснисан кодта «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари», цӕмӕй Хуцауи адӕни ахур кӕна ӕма син разамунд дӕтта (Матф. 24:45–47; Еф. 5:23). Фиццаг ӕноси разамонӕг совети хузӕн, аци цагъар дӕр Библийӕн хъӕбӕр устур аргъ кӕнуй, уомӕн ӕма е Хуцауи Дзурд ӕй. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13.) Цума Библий амундтӕй еуӕй-еуетӕ цӕхуӕнттӕ ’нцӕ?

8 Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕуӕн (Дзиуит. 10:24, 25). Уой фӕрци не ’гас дӕр еу гъудибӕл хуӕст ан (1 Кор. 1:10). Удта ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Хуцауи Паддзахади гъуддаг нӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрӕн (Матф. 6:33). Библи ма нин зӕгъуй, цӕмӕй игъосун кӕнӕн хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ, берӕ адӕн кӕми ес, уӕхӕн бунӕтти ӕма нин фадуат кӕми фӕззиннуй, уоми (Матф. 28:19, 20; Гъуд. 5:42; 17:17; 20:20). Хуцауи Дзурди ма ес, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмбурди кӕдзосдзийнадӕ гъӕуай кӕнунмӕ ка ӕнхус кӕнуй, уӕхӕн амундтӕ (1 Кор. 5:1–5, 13; 1 Тим. 5:19–21). Финст ма си ес, нӕ бауӕр кӕдзос ке гъӕуама уа, удта, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъудитӕ ӕма ӕгъдӕуттӕй нӕхе еуварс ке гъӕуама дарӕн (2 Кор. 7:1).

9. Йесо нин Хуцауи Дзурд ке фӕрци лӕдӕрун кӕнуй?

9 Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Библи ӕнӕ еске ӕнхусӕй дӕр ӕнгъезуй балӕдӕрун. Фал 1919-аг анзӕй фӕстӕмӕ Йесо Киристе «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» фӕрци ӕ адӕнӕн ӕнхус кӕнуй Библий ахурӕдтӕ ӕма амундтӕ лӕдӕрун. Библий унаффитӕмӕ ку игъосӕн, уӕд не ’мбурди уодзӕй кӕдзосдзийнадӕ, фарнӕ ӕма еудзийнадӕ. Уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуама ӕхе бафӕрса: «Йесо ке исӕвардта, еци „ӕууӕнкгун цагъари“ амундтӕмӕ игъосун?»

ЙЕГОВИ УӔРДУН ЕУ РАУӔН НӔ ЛӔУУЙ

10. Йезекили киунуги Йегови организаций уӕларвон хай куд ӕвдист цӕуй?

10 Библийӕй зонӕн, уӕлӕрвти Йегови лӕггадгӕнгутӕн алцидӕр уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке ӕй. Зӕгъӕн, Йезекил цӕстӕбӕлуайӕни фӕууидта Йегови уӕрдун. Еци уӕрдун амонуй Йегови организаций уӕларвон хаймӕ, ӕма еци хай Йегови разамундмӕ гӕсгӕ уайтагъд архайун райдайуй (Йез. 1:4–28). Йеговӕ еци уӕрдунӕн ӕ цуд ӕхуӕдӕг аразуй ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци. Ӕ организаций уӕларвон хай куд архайуй, е бӕрӕг кӕнуй ӕ зӕнхон хайбӕл дӕр. Расагъӕс кӕнӕ, Хуцауи организаций фӕстаг дӕс анзей дӕргъи цӕйбӕрцӕ ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, уобӕл. Иронх ди ма уӕд, етӕ Йегови разамундмӕ гӕсгӕ ке цудӕнцӕ. Тагъд рӕстӕги Йесо ӕма ӕ изӕдтӕ аци фуддуйнейӕн кӕрон искӕндзӕнцӕ ӕма Йегови ном ка ӕгадӕ кӕнуй, удта ин ӕ разамунд ка фауй, уонӕй еунӕг дӕр нӕбал байзайдзӕй!

Мах хъӕбӕр боз ан, арӕзтадон гъуддӕгти барвӕндонӕй ӕма зӕрдиагӕй ка архайуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй! (кӕсӕ 11 абзац)

11, 12. Йегови организацийӕн аци фӕстаг бӕнтти ци бантӕстӕй?

11 Ӕркӕсӕн, Йегови организацийӕн аци фӕстаг бӕнтти ци бантӕстӕй, уомӕ. Арӕзтадон гъуддӕгтӕ. Сӕдӕгай хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зӕрдиагӕй аразунцӕ Йегови Ӕвдесӕнти нӕуӕг сӕйраг хайадӕ Уорвикки (Нью-Йорк, АЕШ). Мингай ӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ба ӕгас дуйнебӕл барвӕндонӕй аразунцӕ Йегови Ӕвдесӕнти залтӕ ӕма филиалтӕ. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн разамунд дӕттуй проектти ӕма арӕзтади ӕгас дуйнеуон хайадӕ. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй мах хъӕбӕр боз ан! Уомӕй уӕлдай ма Йегови лӕггадгӕнгутӕ ӕгас дуйнебӕл дӕр, сӕ бон цӕйбӕрцӕ ’й, уойбӕрцӕ нисайнаг дӕттунцӕ, цӕмӕй уӕхӕн бунӕттӕ арӕзт цӕуонцӕ. Йеговӕ ӕ адӕнӕн арфӕ кӕнуй, уӕхӕн сӕрниллӕг ӕма еузӕрдон ке ’нцӕ, уой туххӕй (Лук. 21:1–4).

12 Ахурадӕ. Йеговӕ уарзуй ӕ адӕни ахур кӕнун (Ис. 2:2, 3). Расагъӕс кӕнӕ, цӕйбӕрцӕ аллихузи скъолатӕ нин ес, уобӕл. Зӕгъӕн, Пионерти скъола, Хуцауи Паддзахадӕ игъосунгӕнгути скъола, Галаади скъола, Вефили нӕуӕг лӕггадгӕнгути скъола, Скъола районон цӕстӕдаргутӕн ӕма сӕ уоститӕн, Хестӕр нӕлгоймӕгти скъола, Бӕрнон ӕнсувӕрти скъола ӕма Скъола филиалти комитетти иуӕнгтӕн ӕма сӕ уоститӕн. Уомӕй уӕлдай ма нин ес сайт ӕма си нӕ бон ӕй иссерун Библи ӕма ӕндӕр публикацитӕ сӕдӕгай ӕвзӕгтӕбӕл. Еци сайти ес иссерӕн ӕрмӕг сувӕллӕнттӕн ӕма бийнонтӕн, удта ма си ес нӕуӕг хабӕрттӕ дӕр. Ду ба игъосун кӕнгӕй ӕма дӕ бийнонти ахури рӕстӕг нӕ сайтӕй фӕппайда кӕнис?

ЙЕГОВӔБӔЛ ЕУЗӔРДОН УО ӔМА ИН Ӕ ОРГАНИЗАЦИЙӔН ӔНХУС КӔНӔ

13. Йегови адӕнбӕл цӕхуӕн ихӕс ес?

13 Мах нӕхецӕн хъӕбӕр устур кадӕбӕл нимайӕн, Йегови организаций ке ан ӕма нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой ке зонӕн! Хуцауи зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уой ке базудтан, уомӕ гӕсгӕ нӕ ихӕс ӕй, цӕмӕй ин нӕ гъуддӕгтӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕн ӕма раст ци ӕй, уой кӕнӕн. Кӕд фулдӕр адӕн фудгъуддӕгтӕ кӕнунцӕ, уӕддӕр мах ба гъӕуама Йегови хузӕн «лӕгъуздзийнадӕй не ’сӕфт уинӕн» (Пс. 97:10). «Хуарз лӕгъуз ка хонуй, лӕгъуз ба – хуарз», уони хузӕн гъӕуама макӕд уӕн (Ис. 5:20). Махӕн нӕ федар фӕндӕ ӕй, нӕ алли гъуддаги дӕр кӕдзос ун, уомӕн ӕма нӕ фӕндуй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун (1 Кор. 6:9–11). Йеговӕ нин Библий цидӕриддӕр зӕгъуй, е нӕхе пайдайӕн ӕй. Мах ӕй уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдон уӕн. Уомӕ гӕсгӕ ин ӕ разамундмӕ алкӕддӕр игъосӕн, хӕдзари, ӕмбурди, кусти, скъолай ӕма кӕмифӕнди ма уӕн, уӕддӕр (Ӕмб. 15:3). Ӕркӕсӕн, Йеговӕбӕл еузӕрдон ун нӕ бон цӕхуӕн гъуддӕгти ӕй, уонӕй цалдӕремӕ.

14. Ниййергути бон куд ӕй ӕвдесун, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ’нцӕ, уой?

14 Нӕ сувӕллӕнтти куд гъомбӕл кӕнӕн. Библий фӕрци Йеговӕ ниййергутӕн дӕттуй аллихузи унаффитӕ, сувӕллӕнтти куд гъомбӕл кӕнун гъӕуй, уой фӕдбӕл. Хуарз ниййергутӕ гъӕуама лӕмбунӕг уонцӕ, цӕмӕй сӕбӕл аци дуйней ӕгъдӕуттӕ ма рабӕрӕг уонцӕ (Еф. 2:2). Зӕгъӕн, еуӕй-еу бӕстити фидтӕлтӕ уотӕ фӕссагъӕс кӕнунцӕ: «Сувӕллони ахур кӕнун, силгоймаги ихӕс ӕй». Фал Библи ӕргом зӕгъуй: «Фидтӕлтӕ... уӕ сувӕллӕнтти... гъомбӕл кӕнтӕ, Йеговӕ куд амонуй, уотӕ, ӕма сӕ ӕ зундбӕл аразетӕ» (Еф. 6:4). Йегови ка уарзуй, еци ниййергути фӕндуй, цӕмӕй сӕ сувӕллон минкъий Самуили хузӕн Хуцаумӕ хӕстӕг кӕна (1 Сам. 3:19).

15. Царди ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕсгӕй нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, уой?

15 Унаффитӕ куд хӕссӕн. Царди ести ӕхсидзгӕ унаффӕ хӕсгӕй, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, уой бавдесдзиан, ӕ Дзурд ӕма ӕ организаций разамунд ку агорӕн, уӕд. Зӕгъӕн, ӕндӕр бӕстӕмӕ косунмӕ ка рандӕ ’й, уӕхӕн ниййергутӕй еуӕй-еуетӕн сувӕллон ку райгуруй, уӕд ӕй исфӕндӕ кӕнунцӕ фӕстӕмӕ сӕ хӕстӕгутӕмӕ рарветун. Уотемӕй мадӕ ма фидӕн сӕ бон фӕууй идарддӕр косун. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, е сӕхе гъуддаг ӕй, фал гъӕуама сӕхе бафӕрсонцӕ: «Цума Йеговӕ еци гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?» (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 14:12.) Нӕ куст ӕма нӕ бийнонти хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕсгӕй фиццагидӕр гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, Библи ци зӕгъуй, уобӕл. Уӕхӕн гъуддӕгти нӕ гъӕуй нӕ уӕларвон Фиди ӕнхус, уомӕн ӕма нӕхе бон нӕй нӕ къахдзӕфтӕ аразун (Йер. 10:23).

16. Еу силгоймагӕн сувӕллон ку райгурдӕй, уӕд ӕй куд фӕндадтӕй бакӕнун? Ци ин банхус кодта раст унаффӕ рахӕссун?

16 Еу бийнонтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ косунмӕ рандӕ ’нцӕ ӕма син уоми биццеу райгурдӕй. Етӕ исфӕндӕ кодтонцӕ сувӕллони сӕхемӕ ӕ нана ма бабамӕ рарветун. Фал еци рӕстӕг сувӕллони мадӕ Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдта. Ахури рӕстӕг мадӕ базудта, ӕ фурти гъомбӕл кӕнун ӕма ’й раст надбӕл аразун Йегови рази ӕ ихӕс ке ӕй (Пс. 127:3; Ӕмб. 22:6). Еци ӕригон силгоймаг Йеговӕмӕ ковун райдӕдта ӕма ин лигъстӕ кодта, цӕмӕй ин банхус кодтайдӕ раст куд ӕй, уотӕ бакӕнун (Пс. 62:7, 8). Удта ма уой туххӕй радзурдта, ӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, еци хуӕри хӕццӕ ӕма ӕмбурди ӕндӕр кедӕрти хӕццӕ дӕр. Кӕд ин ӕ хӕстӕгутӕ ӕма е ’мбӕлттӕ сувӕллони ӕ нана ма бабамӕ ӕрветун кодтонцӕ, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, уотӕ ку бакӕна, уӕд е раст ке нӕ уодзӕй. Ӕ лӕгмӕ дӕр дессаг кастӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ син сӕхебӕл дӕр ӕма сӕ сувӕллонбӕл дӕр куд тухстӕнцӕ, е. Уомӕ гӕсгӕ е дӕр Библи ахур кӕнун ӕма ӕ бийнонти хӕццӕ ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдта. Расагъӕс кӕнӕ, еци мадӕ куд цийнӕ кодта, Йеговӕ ин ӕ кувдбӕл дзуапп ке равардта!

17. Еске хӕццӕ Библи ку фӕййахур кӕнӕн, уӕд нӕ цӕхуӕн амундтӕмӕ гъӕуй игъосун?

17 Разамундмӕ куд игъосӕн. Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уӕн, уӕд ӕ организацийӕй ка цӕуй, еци разамундмӕ игъосдзиан. Зӕгъӕн, адӕймаги хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтан, ӕма бӕрӕг ӕй идарддӕр нӕ ахур ке цӕудзӕй, е. Уӕд нӕ бон ӕй алли ахури фӕсте дӕр цалдӕр минутти рахецӕн кӕнун, цӕмӕй ӕй Хуцауи организаций хӕццӕ базонгӕ кӕнӕн. Нӕ бон ӕй бавдесун видеоролик «Йегови Ӕвдесӕнти зали ци фӕууй?» ӕма брошюрӕ «Абони зӕнхӕбӕл Йегови фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй?». Цӕмӕй адӕймаг «ӕууӕндундзийнади ӕрфедар уа», уой туххӕй нӕ бон ӕй ӕ хӕццӕ идарддӕр ахур кӕнун киунугӕбӕл «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», донаргъуд ку райса, уӕддӕр (Кол. 2:7). Ду дӕр аци амундтӕмӕ гӕсгӕ архайис?

18, 19. Йеговӕн нӕ бон цӕхуӕн гъуддӕгти туххӕй ӕй арфӕ кӕнун?

18 Хуцау нин ци берӕ хуарздзийнӕдтӕ искодта уой туххӕй си мах хъӕбӕр боз ан. Фиццагидӕр Хуцауи фӕрци «цӕрӕн ӕма змӕлӕн» (Гъуд. 17:27, 28). Уомӕй уӕлдай ма нин балӕвар кодта ӕ Дзурд Библи. Фессалоники киристӕнтти хузӕн мах дӕр еци лӕварӕн хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, уомӕн ӕма нин Хуцауӕй ӕй (1 Фес. 2:13).

19 Библий фӕрци нӕ бон иссӕй Йеговӕмӕ бахӕстӕг ун ӕма нӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг ӕй (Иак. 4:8). Ӕ организацимӕ нӕ ке ӕрбахудта, уой туххӕй си хъӕбӕр боз ан. Ӕма мах бон дӕр ӕй псаломзаргӕнӕги дзурдтӕ зӕгъун: «Арфӕ кӕнтӕ Йеговӕн, уомӕн ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ. Уомӕн ӕма ӕносмӕ ӕй е ’новуд уарзт!» (Пс. 136:1). Аци псаломи алли стихи дӕр ӕмбӕлунцӕ дзурдтӕ, «ӕносмӕ ӕй е ’новуд уарзт», зӕгъгӕ. Аци дзурдтӕ мах нӕхебӕл бавзардзиан, Йеговӕбӕл еузӕрдон ку уӕн ӕма ин ӕ организаций разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд.