Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауи Дзурди амундтӕмӕ гӕсгӕ ка архайуй, еци адӕн

Хуцауи Дзурди амундтӕмӕ гӕсгӕ ка архайуй, еци адӕн

«Йеговӕ зунди фӕрци исӕвардта зӕнхӕн бундор, арфуинундзийнади фӕрци исфедар кодта арв» (ӔМБ. 3:19).

ЗАРТӔ: 6, 24

1, 2. а) Хуцауӕн организаци уа, уой туххӕй еуӕй-еуетӕ ци гъуди кӕнунцӕ? б) Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

ЦУМА Хуцауӕн организаци ес? Еуӕй-еуетӕ фӕззӕгъунцӕ: «Хуцаумӕ дин куд ковгӕ ӕй, уой дин еске цӕмӕн гъӕуама дзора? Дӕхуӕдӕг имӕ зӕрдиагӕй ковӕ, ӕндӕр си неци гъӕуй». Цума еци гъуди раст ӕй? Бӕлвурдгӕнӕнтӕ цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

2 Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, Йеговӕн ӕ алли гъуддаг дӕр уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке ӕй ӕма ӕ адӕнӕн дӕр бӕлвурд разамунд ке дӕттуй, уобӕл. Удта ма ӕркӕсдзиан, Йегови организаций амундтӕмӕ игъосун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уомӕ (1 Кор. 14:33, 40). Йегови адӕн фиццаг ӕноси Финстади амундтӕмӕ гӕсгӕ ке архайдтонцӕ, уой фӕрци хуарз хабар берӕ рауӕнти фегъосун кодтонцӕ. Уотӕ мах дӕр архайӕн Библий амундтӕмӕ гӕсгӕ, удта Хуцауи организаций разамундмӕ дӕр игъосӕн. Уой фӕрци нӕ бон ӕй хуарз хабар ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр игъосун кӕнун, удта не ’мбурдти дӕр ес кӕдзосдзийнадӕ, фарнӕ ӕма еудзийнадӕ.

ЙЕГОВӔ ӔЙ ӔГЪДАУӔВӔРӔГ ХУЦАУ

3. Йеговӕмӕ алцидӕр бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

3 Йегови сфӕлдистадӕмӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд ӕй хуарз фӕууинӕн, алцидӕр си ӕхе бунати ке ӕй. Библий финст ес: «Йеговӕ зунди фӕрци исӕвардта зӕнхӕн бундор, арфуинундзийнади фӕрци исфедар кодта арв» (Ӕмб. 3:19). Уотемӕй ба ин ӕ «нӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ кӕрӕнттӕ» уинӕн ӕма ин «ӕ кой ӕрмӕстдӕр нӕ гъоси кӕронӕй ниййахӕстан» (Иов 26:14). Дун-дуйней алцидӕр куд конд ӕй, уой туххӕй берӕ нӕ зонӕн, фал ци зонӕн, уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, алцидӕр си бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке ӕй (Пс. 8:3, 4). Уӕлӕрвти милиуангай стъалутӕ зелдогъ кӕнунцӕ, сӕхе кӕрӕдзебӕл не ’скъуӕрунцӕ, уотемӕй. Нӕ хори системи планетитӕй дӕр алкӕцидӕр хори алливарс зелуй ӕхе орбитӕбӕл. Дун-дуйне куд конд ӕй, уомӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ зӕнхӕ ӕма «уӕлӕрвтӕ устур зундӕй ке сфӕлдиста», ӕма уой аккаг ке ӕй, цӕмӕй ин кадӕ кӕнӕн, еузӕрдон ибӕл уӕн ӕма ин ковӕн (Пс. 136:1, 5–9).

4. Ахургӕндти бон цӕмӕннӕ ӕй берӕ ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл дзуапп раттун?

4 Ахургӕндтӕ берӕ цидӕртӕ базудтонцӕ Дун-дуйне ӕма зӕнхи туххӕй, удта уони фӕрци нӕ цард кӕмидӕр ӕнцондӕр фӕцӕй. Фал берӕ ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл ба сӕ бон дзуапп раттун нӕй. Зӕгъӕн, астрономти бон нӕй бӕлвурдӕй зӕгъун, Дун-дуйне куд фӕззиндтӕй кенӕ зӕнхӕбӕл цард цӕмӕн ес, уой. Удта адӕймаги ӕносмӕ цӕрун уотӕ хъӕбӕр цӕмӕн фӕндуй, уой дӕр неке бон ӕй балӕдӕрун кӕнун (Еккл. 3:11). Ахургӕндтӕ уотӕ ке дзорунцӕ, Хуцау нӕййес, зӕгъгӕ, ӕма эволюций теори размӕ ке тӕрунцӕ, уой туххӕй аци ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл берети бон дзуапп иссерун нӕй. Фал нин Хуцау ӕ Дзурди дӕттуй дзуӕппитӕ.

5. Адӕн сӕ зӕрдӕ ӕрдзи закъӕнттӕбӕл кӕд фӕддарунцӕ?

5 Йеговӕ ӕрдзи берӕ закъӕнттӕ ӕрфедар кодта. Ӕма еци закъӕнттӕ ӕййевгӕ нӕ кӕнунцӕ. Электриктӕ, сантехниктӕ, пилоттӕ, хирургтӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн косгутӕ, сӕ куст кӕнгӕй сӕ зӕрдӕ еци закъӕнттӕбӕл фӕддарунцӕ. Зӕгъӕн, хирург ӕй фӕззонуй, алли адӕймагӕн дӕр ӕ зӕрдӕ еци еу рауӕн ке ӕй, ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ агорун нӕ фӕгъгъӕуй. Мах ӕрдзи закъӕнттӕ нӕ ихалӕн, уомӕн ӕма е нӕ цардӕн тӕссаг ӕй. Алкедӕр ӕй зонуй, хемӕласуни закъон ку фехалӕн, уӕд нӕхе ке бабун кӕндзиан.

ХУЦАУ БӔЛВУРД ӔГЪДАУМӔ ГӔСГӔ ЦИ ИСКОДТА?

6. Кӕцӕй ӕй зонӕн, Йегови уотӕ ке фӕндуй, цӕмӕй ин адӕн бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кӕнонцӕ?

6 Йеговӕ Дун-дуйней алцидӕр бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ искодта. Мадта дессаг нӕй, уотӕ ’й ке фӕндуй, цӕмӕй ин адӕн бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кӕнонцӕ. Уой туххӕй нин равардта Библи. Библи ӕма ӕ организаций фӕрци нин дӕттуй разамунд, ӕма еци разамундмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд уодзиан амондгун.

7. Библи куд финст ӕрцудӕй, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?

7 Библи Хуцауи лӕвар ӕй ӕма ’й рабарӕн дӕр нецӕй хӕццӕ ес. Еуӕй-еу ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ, Библи, дзиуиттаг ӕма киристон финсгути киунугутӕ еумӕ кӕми ӕрӕмбурд кодтонцӕ, уӕхӕн киунугӕй ӕндӕр неци ӕй. Фал Библий киунугутӕ баст ӕнцӕ еу гъудийӕй. Йеговӕ ӕхуӕдӕг хаста унаффӕ, ӕ киунугӕ ин ка финсдзӕй, кӕд финсдзӕй ӕма си ци финсдзӕй, уой фӕдбӕл. Уомӕ гӕсгӕ нин Библий алли киунугӕ дӕр лӕдӕрун кӕнуй Хуцауи хабар. Райдайӕнӕй Раргомади уӕнгӕ си дзурд цӕуй, зӕнхӕбӕл фӕстӕмӕ дзенет ка искӕндзӕй, еци «байзӕддаги» туххӕй. Ӕма ’й мах базудтан, еци «байзӕддаг» Йесо Киристе ке ӕй, ӕма ӕ Паддзахади фӕрци исбӕлвурд кӕндзӕй, Йеговӕ тӕккӕ хуӕздӕр Разамонӕг ке ӕй, уой. (Бакӕсӕ Райдайӕн 3:15; Матфеййи 6:10; Раргомадӕ 11:15.)

8. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма израилӕгтӕмӕ алцидӕр бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адтӕй?

8 Израилӕгтӕ Хуцауи закъонмӕ гӕсгӕ ке цардӕнцӕ, уой фӕрци сӕмӕ алцидӕр ӕгъдаубӕл адтӕй. Зӕгъӕн, адтӕй сӕмӕ, «ӕмбурди цатури бахезӕни рази бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ка лӕггадӕ кодта», уӕхӕн силгоймӕгтӕ (Рац. 38:8). Израилӕгтӕн адтӕй бӕлвурд амундтӕ еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ куд гъӕуама цудайуонцӕ, удта Хуцауи цатур дӕр куд гъӕуама хастайуонцӕ, уой фӕдбӕл. Фӕстӕдӕр паддзах Давид дӕр ковӕндони цӕхуӕндӕр куст кӕнунмӕ левиттӕ ӕма саугинти ӕрӕмбурд кодта (1 Анз. 23:1–6; 24:1–3). Израилӕгтӕ Йеговӕмӕ ку игъустонцӕ, уӕд син арфӕ кодта ӕма сӕмӕ алцидӕр адтӕй бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, удта сӕ астӕу адтӕй фарнӕ ӕма еудзийнадӕ (Дук. з. 11:26, 27; 28:1–14).

9. Фиццаг ӕноси ӕмбурдти алцидӕр бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке адтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

9 Фиццаг ӕноси ӕмбурдти дӕр алцидӕр бӕлвурд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адтӕй. Адтӕй син разамонӕг совет – разамунд син ка лӕвардта, уӕхӕн нӕлгоймӕгти къуар. Фиццӕгти еци къуари адтӕй ӕрмӕстдӕр апостолтӕ, уой фӕсте ба сӕбӕл ӕндӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр бафтудӕй (Гъуд. 6:1–6; Гъуд. 15:6). Йеговӕ разамонӕг совети ӕнсувӕртӕн, удта сӕ хӕццӕ ӕмгуст ка кодта, уонӕн дӕр бафӕдзахста, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ амундтӕ ӕма унаффити хӕццӕ финстӕгутӕ ӕрвистайуонцӕ (1 Тим. 3:1–13; Тит. 1:5–9). Ӕмбурдтӕ еци разамундмӕ гӕсгӕ ке архайдтонцӕ, е син ци пайда хаста?

10. Фиццаг ӕноси ӕмбурдтӕ разамонӕг совети унаффитӕмӕ гӕсгӕ ке архайдтонцӕ, е син ци пайда хаста? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

10 Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 16:4, 5. Фиццаг ӕноси еуӕй-еу ӕнсувӕртӕ ӕмбурдтӕ бӕрӕг кодтонцӕ, цӕмӕй син фегъосун кодтайуонцӕ, «Йерусалими апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ци унаффитӕ рахастонцӕ, уони», гъома разамонӕг совети унаффитӕ. Ӕмбурдтӕ еци разамундмӕ гӕсгӕ ке архайдтонцӕ, уой фӕрци се ’ууӕндундзийнадӕ «федардӕр кодта ӕма бонӕй-бонмӕ фулдӕр кодтонцӕ». Мах рӕстӕги ӕмбурдтӕ еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

ДУ БА РАЗАМУНДМӔ ИГЪОСИС?

11. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕ Хуцауи организаций амундтӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсонцӕ?

11 Филиалти кенӕ бӕстити комитетти ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕрти, удта районон цӕстӕдаргути ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти гъӕуй Хуцауи организаций амундтӕмӕ игъосун. Хуцауи Дзурди куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама игъосӕн, разамунд нин ка дӕттуй, уонӕмӕ (Дук. з. 30:16; Дзиуит. 13:7, 17). Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, етӕ ӕ разамунди нихмӕ нӕ цӕунцӕ ӕма ибӕл нӕ хъур-хъур кӕнунцӕ. Мах нӕ фӕндуй Диотрефи хузӕн ун, ӕма нин разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕрти нихмӕ цӕун. (Бакӕсӕ 3 Иоанни 9, 10.) Разамунд нин ка дӕттуй, уонӕмӕ ку игъосӕн, уӕд не ’мбурди уодзӕй фарнӕ ӕма еудзийнадӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти разӕнгард кӕнун, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдон уонцӕ? Хуцауи организаций амундтӕмӕ еци фӕдбӕл байгъосун?»

12. Хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрти куд райдӕдтонцӕ нисан кӕнун?

12 Ӕрӕги Разамонӕг совет ӕййивддзийнӕдтӕ искодта, хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрти ӕмбурдти куд нисан кӕндзӕнцӕ, уой фӕдбӕл. 2014-аг анзи 15 ноябри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», рубрики «Кӕсгути фарстатӕ» дзурд цудӕй, фиццаг ӕноси разамонӕг совет цӕуӕг цӕстӕдаргутӕн барӕ ке лӕвардта, цӕмӕй хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрти ӕмбурдти нисан кодтайуонцӕ. Ӕма 2014-аг анзи 1 сентябрӕй районон цӕстӕдаргутӕ дӕр райдӕдтонцӕ гъе уотӕ архайун. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ районон цӕстӕдарӕгӕн фӕззӕгъунцӕ, се ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕй кенӕ кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ цӕттӕ ка ӕй, уони туххӕй. Уӕд районон цӕстӕдарӕг дӕр байархайуй, цӕмӕй еци ӕнсувӕрти ӕма сӕ бийнонти туххӕй фулдӕр базона. Зӕгъӕн, ӕ бон ӕй сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ фӕццӕун (1 Тим. 3:4, 5). Уой фӕсте районон цӕстӕдарӕг ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фембӕлунцӕ ӕма лӕмбунӕг ӕркӕсунцӕ, Библимӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймаг ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕрмӕ цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуама уа, уомӕ (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; 1 Пет. 5:1–3).

13. Хестӕр нӕлгоймӕгти разамундмӕ ке игъосӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

13 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин Библийӕй разамунд дӕттунцӕ, уомӕн ӕма нӕбӕл тухсунцӕ. Мах ба сӕмӕ гъӕуама игъосӕн, уомӕн ӕма еци разамунд нӕхе пайдайӕн фӕууй (1 Тим. 6:3). Фиццаг ӕноси еуӕй-еуетӕ кодтонцӕ, «ка не ’мбӕлуй», уӕхӕн миутӕ. Етӕ косгӕ нӕ кодтонцӕ, фал иннети гъуддӕгти сӕхе тъунстонцӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ архайдтонцӕ, цӕмӕй сӕ исраст кодтайуонцӕ, фал син сӕ унаффитӕ нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ. Павел ӕмбурдӕн балӕдӕрун кодта, сӕхе уӕхӕнтти хӕццӕ куд гъӕуама дардтайуонцӕ, уой ӕма загъта: «Уӕ гъос [сӕмӕ] лӕмбунӕг даретӕ ӕма сӕ хӕццӕ мабал еу кӕнтӕ». Аци унаффӕмӕ гӕсгӕ си гъӕуама сӕхе еуварс дардтайуонцӕ, фал сӕмӕ знаги цӕстӕй кӕсун дӕр нӕ гъудӕй (2 Фес. 3:11–15). Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ архайунцӕ, цӕмӕй Хуцауи уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, (зӕгъӕн, Ӕвдесӕн ка нӕй, уой хӕццӕ ӕмбӕлун ка райдайуй) уой бараст кӕнонцӕ (1 Кор. 7:39). Фал адӕймаг ку нӕ раст кӕна, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕ баунаффӕ кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй радзубанди бацӕттӕ кӕнонцӕ. Еци радзубандий ӕмбурдӕн балӕдӕрун кӕндзӕнцӕ, уӕхӕн миути туххӕй иннетӕ ӕмбурди фудкой ке кӕндзӕнцӕ. Де ’мбурди уӕхӕн радзубанди ку уа, ӕма си цӕй кой кӕнунцӕ, е кӕмӕ хауй, уой ку балӕдӕрай, уӕд куд бакӕндзӕнӕ? Байархайдзӕнӕ, цӕмӕй дӕмӕ еци адӕймаги хӕццӕ еумӕйагӕй мацибал уа? Уотемӕй адӕймагӕн банхус кӕндзӕнӕ балӕдӕрун, ӕхецӕн фуддӕр ке кӕнуй, удта Йегови зӕрдӕ дӕр ке ресун кӕнуй, ӕма, ка ’й зонуй, ӕ зундахаст дӕр раййева 1.

ДЕ ’МБУРДИ КӔДЗОСДЗИЙНАДӔ, ФАРНӔ ӔМА ЕУДЗИЙНАДӔ ГЪӔУАЙ КӔНӔ

14. Нӕ бон куд ӕй не ’мбурди кӕдзосдзийнадӕ гъӕуай кӕнун?

14 Хуцауи Дзурд нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ни алкедӕр не ’мбурд цъумурдзийнадӕй гъӕуай кӕна. Ӕркӕсӕн, Коринфи ӕмбурди ци ’рцудӕй, уомӕ. Павел еци ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти берӕ уарзта. Рӕстдзийнадӕ базонунмӕ си беретӕн банхус кодта (1 Кор. 1:1, 2). Мадта расагъӕс кӕнӕ, кадӕр си ӕнӕгъдау цъумур цард ке кӕнуй ӕма ӕнсувӕртӕ еци гъуддагмӕ ке нӕ кӕсунцӕ, уой ку базудта, уӕд ин е куд зин адтайдӕ! Павел хестӕр нӕлгоймӕгтӕн бафӕдзахста, цӕмӕй еци адӕймаги «Сайтани барӕ» бакодтайуонцӕ – еци адӕймаги гъудӕй ӕмбурдӕй рацох кӕнун (1 Кор. 5:1, 5–7, 12). Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ унаффӕ рахӕссунцӕ, цӕмӕй ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ка нӕ фӕсмон кӕнуй, уой ӕмбурдӕй рацох кӕнонцӕ. Еци адӕймаги хӕццӕ нӕхе куд дардзиан? Библи нин куд зӕгъуй, уотӕ ку архайӕн, уӕд ӕмбурди кӕдзосдзийнадӕ багъӕуай кӕндзиан. Удта ма, ка ’й зонуй, еци адӕймагӕн дӕр банхус кӕндзиан, цӕмӕй ӕ гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕна, ӕма ин Йеговӕ ниххатир кӕна.

15. Не ’мбурди фарнӕ куд багъӕуай кӕндзиан?

15 Фал ма Коринфи уомӕй уӕлдай еу ӕркӕсуйнаг гъуддаг дӕр адтӕй. Ӕнсувӕртӕ кӕрӕдзебӕл тӕрхондонӕмӕ гъаст кодтонцӕ. Павел сӕ бафарста: «Хуӕздӕр нӕ уайдӕ, ӕма ӕфхуӕрди бунати ку байзадайайтӕ?» (1 Кор. 6:1–8). Абони дӕр ӕнсувӕрти астӕу уӕхӕн гъуддаг арӕх рауайуй. Ести кусти фӕдбӕл бадзубанди кӕнунцӕ, ӕма гъуддаг уони куд фӕндадтӕй, уотӕ ку нӕ рауайуй ӕма ӕхца дӕр ку фесафунцӕ, уӕд кӕрӕдзей фудгин кӕнун райдайунцӕ. Уотӕ дӕр фӕууй, ӕма еу ӕнсувӕр иннебӕл тӕрхондонӕмӕ багъаст кӕнуй. Уӕхӕн хабари туххӕй адӕнӕн рӕуонӕ фӕууй Йегови ӕма ӕ лӕггадгӕнгути фудкой кӕнунмӕ. Фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи ном фегадӕ кӕнуни бӕсти ӕма ӕмбурди фарнӕ фехалуни бӕсти ӕфхуӕрди бунати дӕр байзайӕ 2. Уӕхӕн уавӕрти хуӕздӕр уодзӕй Киристей унаффитӕмӕ гӕсгӕ архайун. (Бакӕсӕ Матфеййи 5:23, 24; 18:15–17.) Уотемӕй ӕмбурди фарнӕ ӕма еудзийнадӕ багъӕуай кӕндзиан.

16. Хуцауи адӕни астӕу еудзийнадӕ цӕй фӕрци ес?

16 Хуцауи Дзурди финс ес: «Уомӕй хуӕздӕр, уомӕй ӕхцӕуӕндӕр неци ес, ӕма ӕнсувӕртӕ еумӕ ӕмвӕнд-ӕмзундӕй ку цӕронцӕ!» (Пс. 133:1). Израилӕгтӕ Хуцауи разамундмӕ ку игъустонцӕ, уӕд сӕмӕ алцидӕр ӕгъдаубӕл адтӕй, удта сӕ астӕу адтӕй фарнӕ. Хуцау ӕ адӕни туххӕй загъта: «Еугурейдӕр еумӕ ӕрӕмбурд кӕндзӕн, ӕма еумӕ уодзӕнцӕ, фустӕ тургъи еумӕ куд фӕуунцӕ, ...уотӕ» (Мих. 2:12). Йеговӕ ма загъта, ӕ адӕн Финстадӕй рӕстдзийнадӕ ке ахур кӕндзӕнцӕ, ӕма ин еумӕйагӕй ке лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Е загъта: «Уӕд ӕз адӕнтӕн ратдзӕн кӕдзос ӕвзаг, цӕмӕй ӕгасӕйдӕр Йеговӕмӕ ӕ номӕй ковонцӕ ӕма ин усхъӕй-усхъӕмӕ лӕггадӕ кӕнонцӕ» (Соф. 3:9). Йеговӕй куд хъӕбӕр боз ан, нӕ бон ин еумӕйагӕй лӕггадӕ кӕнун ке ӕй!

Кӕд адӕймаг, «лӕдӕргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, уотемӕй рӕдуд къахдзӕф искодта», уӕд ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй бараст кӕндзӕнцӕ (кӕсӕ 17 абзац)

17. Ӕмбурди еске уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгтӕ куд гъӕуама бакӕнонцӕ?

17 Еске уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, уӕд ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама ӕвӕстиатӕй ӕма фӕлмӕнӕй бараст кӕнонцӕ. Етӕ ’й зонунцӕ, Йеговӕ ӕмбурди кӕдзосдзийнадӕ ӕма еудзийнадӕбӕл ке тухсуй (Ӕмб. 15:3). Павел уарзта Коринфи цӕрӕг ӕнсувӕрти, ӕма сӕ кӕми гъудӕй, уоми бараст кӕнидӕ. Уой туххӕй ниффинста ӕ фиццаг финстӕги. Мах ӕй зонӕн, еци ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Павели унаффӕмӕ уайтагъд ке байгъустонцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ цалдӕр мӕйи фӕсте дуккаг финстӕг ку ниффинста, уӕд сӕ растудта. Кӕд адӕймаг, «лӕдӕргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, уотемӕй рӕдуд къахдзӕф искодта», уӕд ӕй гъӕуама хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлмӕнӕй бараст кӕнонцӕ (Гал. 6:1).

18. а) Хуцауи Дзурди амундтӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн куд банхус кодтонцӕ? б) Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

18 Бӕрӕг ӕй, фиццаг ӕноси киристӕнттӕ Хуцауи Дзурди амундтӕмӕ гӕсгӕ ку архайдтонцӕ, уӕд се ’мбурдти кӕдзосдзийнадӕ, фарнӕ ӕма еудзийнадӕ ке адтӕй (1 Кор. 1:10; Еф. 4:11–13; 1 Пет. 3:8). Уой фӕрци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ бон иссӕй, «арви бун ӕгас адӕнӕн дӕр» хуарз хабар фегъосун кӕнун (Кол. 1:23). Абони дӕр Хуцауи адӕни астӕу ес еудзийнадӕ ӕма ӕгъдау, ӕма уой фӕрци ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ. Иннӕ статьяй ӕркӕсдзиан, Дуйнедарӕг Хуцау Йегови кадгин кӕнун ӕма, ӕ Дзурд Библий ци разамунд ес, уомӕ игъосун нӕ ке фӕндуй, е ма цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, уомӕ (Пс. 71:15, 16).

^ 1 13 абзац: кӕсӕ киунугӕ «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 134–136 фӕрстӕ.

^ 2 15 абзац: Еу киристонӕн иннебӕл тӕрхондонӕмӕ гъаст бадӕттун раст кӕд уодзӕй, уой туххӕй бакӕсӕн ес киунуги «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 255 фарс, феппайуйнаг.