Уӕ кӕрӕдзей алли бон дӕр федар кӕнтӕ
«Кӕд уӕ адӕни бафедар кӕнунмӕ ести зӕгъун фӕндуй, уӕд табуафси» (ГЪУД. 13:15).
ЗАРТӔ: 121, 45
1, 2. Иннети федар кӕнун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
«МӔ НИЙЙЕРГУТӔ мӕ некӕд нецӕбӕл фестаунцӕ, фал цӕхуӕн лӕгъуз дӕн, уой ба мин алкӕддӕр дзорунцӕ. Сӕ дзурдтӕй мин мӕ зӕрдӕ хъӕбӕр фӕрресун кӕнунцӕ. Некӕд, дан, исзундгин уодзӕнӕ ӕма ди некӕд неци рауайдзӕй, удта ма мӕ ставд дӕр фӕххонунцӕ. Ӕз дӕр мӕхецӕн фӕккӕун, удта архайун, цӕмӕй уӕлдай хатт сӕ хӕццӕ мацӕбӕл дзорон. Мӕхемӕ хъӕбӕр нецӕййаг кӕсун»,– зӕгъуй 18 анздзуд Кристинӕ 1. Ка дӕ бафедар кӕна, уӕхӕн дӕ фарсмӕ ку неке уа, уӕд уотемӕй зин цӕрӕн ӕй.
2 Адӕймаги фӕлмӕн дзурдӕй ку бафедар кӕнай, уӕд ин хъӕбӕр банхус кӕндзӕнӕ. Рубен зӕгъуй: «Берӕ ӕнзти дӕргъи мӕхемӕ нецӕййаг кастӕн. Фал еу хатт еу хестӕр нӕлгоймаги хӕццӕ игъосун кодтан ӕма ’й балӕдӕрдтӕй мӕхе кеми ке н’ адтӕн ӕма мӕ бафарста, естӕбӕл тухсис, зӕгъгӕ. Ӕз дӕр ин мӕ сагъӕстӕ радзурдтон, ӕма мӕмӕ хъӕбӕр лӕмбунӕг байгъуста. Уой фӕсте ба мин мӕ хуарз гъуддӕгтӕ ранимадта. Удта мин Киристей дзурдтӕ мӕ зӕрди ӕрӕфтуйун кодта, „сумах берӕ сирддон цъеутӕй дӕр хъазардӕр айтӕ“, зӕгъгӕ. Еци стих мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр багъардта, ӕма ’й нур дӕр арӕх ӕргъуди кӕнун. Матф. 10:31).
Еци ӕнсувӕри дзурдтӕ мӕ цардбӕл хъӕбӕр рабӕрӕг ӕнцӕ» (3. а) Апостол Павел иннети федар кӕнуни туххӕй ци загъта? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ кӕрӕдзей гъӕуама алкӕддӕр федар кӕнӕн. Апостол Павел дзиуиттӕгтӕмӕ ниффинста: «Мадта уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, ме ’нсувӕртӕ, цӕмӕй уи уодӕгас Хуцауӕй маке раидард уа ӕма ӕ зӕрдӕ ма исуа ихӕлд ӕма, ӕууӕндундзийнадӕ кӕми нӕййес, уӕхӕн. Ӕма... алли бон дӕр уӕ кӕрӕдзей фӕдзӕхсетӕ [кенӕ «федар кӕнтӕ»], цӕмӕй уи тӕрегъӕд ӕ фӕдбӕл маке расайа ӕма ӕ зӕрдӕ макӕмӕн ниддор уа» (Дзиуит. 3:12, 13). Кӕд дин ескӕд еске де ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кодта, уӕд ӕй зондзӕнӕ, иннети федар кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Не ’нсувӕрти федар кӕнун нӕ цӕмӕн гъӕуй? Еци гъуддаги нин Йеговӕ, Йесо ӕма Павел цӕмӕй фӕнзуйнаг ӕнцӕ? Удта нӕ бон куд ӕй ӕнтӕстгунӕй иннети федар кӕнун? Гъӕйдӕ мадта аци фарстатӕмӕ ӕркӕсӕн.
АЛКЕДӔР НИ ГЪӔУЙ ФЕДАР КӔНУН
4. Федар кӕнун ке гъӕуй? Абони адӕн кӕрӕдзей федар кӕнун цӕмӕннӕ зонунцӕ?
4 Федар кӕнун алкедӕр гъӕуй, уӕлдайдӕр ба сувӕллӕнтти. Еу ахургӕнӕг, Тимоти Эванс, загъта: «Дидинӕгбӕл дон ракӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, сувӕллони растаун дӕр уотӕ ӕхсидзгӕ ’й. Уӕд ӕй сувӕллон лӕдӕрдзӕй аргъ ин ке кӕнунцӕ ӕма ’й ке уарзунцӕ, уой». «Фӕстаг бӕнтти» ке цӕрӕн, уомӕ гӕсгӕ фулдӕр адӕн ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кӕнунцӕ ӕма бийнонти астӕу уарзондзийнадӕ нӕбал ес (2 Тим. 3:1–5). Еуӕй-еу ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти некӕд фестаунцӕ, уомӕн ӕма сӕ сӕхе ниййергутӕ дӕр некӕд ӕстудтонцӕ. Федар кӕнун хестӕрти дӕр гъӕуй. Зӕгъӕн, беретӕ гъаст кӕнунцӕ сӕ кусти сӕ ке некӕд фестаунцӕ, уой туххӕй.
5. Иннети федар кӕнунмӕ ма ци хауй?
5 Цӕмӕй адӕймаги бафедар кӕнай, уой туххӕй айдагъ растаун фагӕ нӕй. Иннети ма федар кӕндзиан, цӕхуӕн хуарз менеугутӕ сӕмӕ ес, уой син ку дзорӕн, удта син уодӕнцойни хуасӕ ку уӕн, уӕд (1 Фес. 5:14). Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ ӕмгуст ке кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ нин берӕ фадуӕттӕ фӕууй, цӕмӕй сӕ бафедар кӕнӕн. (Бакӕсӕ Екклесиаст 4:9, 10.) Дӕхе бафӕрсӕ: Адӕймагӕн цӕмӕн аргъ кӕнун ӕма ’й цӕмӕн уарзун, уой зӕгъунмӕ мин фадуат ку фӕззиннуй, уӕд ин ӕй фӕззӕгъун? Мадта нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн Библий финст дзурдтӕ: «Куд хуарз ӕй, ӕ афони ке зӕгъай, уӕхӕн дзурд!» (Ӕмб. 15:23).
6. Сайтан нӕ нифс басӕттунбӕл цӕмӕн архайуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
6 Ӕмбесӕндти 24:10 финст ӕй: «Зин сахат дӕ нифс ку басӕтта, уӕд дӕмӕ хъаурӕ кӕцӕй уодзӕй?» Сайтан ӕй зонуй, нӕ нифс басӕттун ин ку бантӕса, уӕд Йеговӕй ке раидард уодзиан. Сайтан Иовӕн берӕ гъезӕмӕрттӕ бавзарун кодта, цӕмӕй ин ӕ нифс басастайдӕ, фал ин си неци рауадӕй. Иов Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзадӕй (Иов 2:3; 22:3; 27:5). Мах дӕр Сайтани нихмӕ федар фӕллӕудзиан, нӕ бийнонти, удта не ’мбурди кӕрӕдзей ку федар кӕнӕн, уӕд. Уотемӕй нӕ хӕдзари дӕр ӕма не ’мбурди дӕр уодзӕй фарнӕ ӕма си алкӕмӕндӕр уодзӕй хуарз.
НӔ БОН КЕ ӔЙ ФӔНЗУН?
7, 8. а) Иннети федар кӕнун Йеговӕн куд ӕхсидзгӕ ’й, е цӕхуӕн цӕветтонтӕй бӕрӕг ӕй? б) Ниййергути бон куд ӕй Йегови фӕнзун? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)
7 Йеговӕ федар кӕнуй адӕни. Псаломзаргӕнӕг финста: «Йеговӕ хӕстӕг ӕй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уонӕмӕ, ӕма, нифссаст ка ӕй, уони ервӕзун кӕнуй» (Пс. 34:18). Пахампар Йереми ку фӕттарстӕй ӕма ӕ нифс ку басастӕй, уӕд ӕй Йеговӕ бафедар кодта (Йер. 1:6–10). Каргун пахампар Данелӕн дӕр ӕ нифс кунӕг нӕ бафедар ӕй, Хуцау имӕ изӕди ку рарвиста, уӕд. Еци изӕд ин загъта, зӕгъгӕ, «Хуцауӕн хъӕбӕр хъазар... адӕймаг» дӕ (Дан. 10:8, 11, 18, 19). Дӕу бон ба н’ адтайдӕ иннети федар кӕнун, уӕлдайдӕр ба пионерти, удта, раздӕри хузӕн лӕггадӕ кӕнун ӕ бон кӕмӕн нӕбал ӕй, еци каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти?
8 Кӕд Йеговӕ ӕма Йесо хъӕбӕр берӕ ӕнзти дӕргъи еумӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд Йеговӕ уотӕ нӕ сагъӕс кодта, ӕма ’й ӕ фурти федар кӕнун нӕбал гъӕуй. Киристе дууӕ хатти фегъуста, ӕ Фидӕ имӕ уӕлӕрвтӕй куд ӕрдзурдта: «Айӕ ӕй мӕ Фурт, берӕ ке уарзун ӕма арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт» (Матф. 3:17; 17:5). Аци дзурдтӕ Йесой хъӕбӕр бафедар кодтайуонцӕ. Фиццаг хатт ин сӕ Йеговӕ загъта, Йесо зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдта, уӕд, дуккаг хатт ба ма зӕнхӕбӕл фӕстаг анз ку лӕггадӕ кодта, уӕд. Уомӕй уӕлдай ма имӕ ӕ мӕлӕти разӕй, еци ӕхсӕвӕ Йеговӕ изӕди дӕр рарвиста, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ (Лук. 22:43). Ниййергутӕ, сумах бон дӕр ӕй Йегови фӕнзун ӕма уӕ сувӕллӕнтти ӕдзох федар кӕнун. Ӕстауетӕ сӕ, ести хуарз ку ракӕнунцӕ, уӕд. Уӕлдайдӕр ба скъолай ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлунцӕ, уӕд уӕ бон ци ӕй, уой кӕнтӕ, цӕмӕй син федар фӕллӕуунмӕ банхус кӕнайтӕ.
9. Йесо ӕ апостолтӕн куд адтӕй, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
9 Йесо дӕр нин хуарз цӕветтон ниууагъта. Ӕ мӕлӕти разӕй, еци ӕхсӕвӕ Йесо ӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ нихснадта ӕма син балӕдӕрун кодта, сӕрниллӕг гъӕуама ке уонцӕ. Фал етӕ ба уӕддӕр сӕ сӕрбӕрзонддзийнади туххӕй рабуцӕу ӕнцӕ, ка си уӕлдӕр ӕй, уобӕл. Петур ба ма ӕхе Киристейӕн ӕстудта, некӕд дӕ ниууадздзӕн, зӕгъгӕ (Лук. 22:24, 33, 34). Кӕд уотӕ адтӕй, уӕддӕр син Йесо сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ нӕ кастӕй, фал ма сӕ ӕстаугӕ дӕр ракодта, ӕ фӕлварӕнти рӕстӕг ӕ фарсмӕ ке адтӕнцӕ, уой туххӕй. Удта ма син зӕрдӕ байвардта ӕхуӕдӕг ке искодта, уомӕй устурдӕр гъуддӕгтӕ ке кӕндзӕнцӕ, ӕма син загъта, Хуцау сӕ ке уарзуй (Лук. 22:28; Иоан. 14:12; 16:27). Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Цума ӕз ба иннети сӕ хуарз гъуддӕгти туххӕй растаун ӕви син фулдӕр сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ фӕккӕсун?»
10, 11. Павел е ’нсувӕрти федар кӕнун ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ке нимадта, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?
10 Апостол Павел дӕр е ’нсувӕрти хуарзи кой кодта. Кедӕрти хӕццӕ си берӕ ӕнзти дӕргъи аллихузи бӕстӕмӕ игъосун кӕнунмӕ цудӕй ӕма син сӕ гъӕндзийнӕдтӕ дӕр куд нӕ зудтайдӕ, фал син уӕддӕр ӕрмӕстдӕр сӕ хуарзи кой кодта. Зӕгъӕн, Павел Тимофеййи исхудта «мӕ уарзон ӕма мӕ еузӕрдон бӕдолӕ нӕ Хецауи гъуддаги», удта ма иннӕ киристӕнттӕбӕл зӕрдиагӕй ка тухсуй, уӕхӕн адӕймаг (1 Кор. 4:17; Фил. 2:19, 20). Титти туххӕй ба Коринфи ӕмбурдмӕ ниффинста, зӕгъгӕ, «е ӕй ме ’мбал ӕма ме ’мкосӕг, е дӕр мӕн хузӕн сумах туххӕй хъиамӕт кӕнуй» (2 Кор. 8:23). Ӕвӕдзи, Тит ӕма Тимофеййӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, Павел сӕбӕл уотӕ ке дзурдта, е.
11 Павел ӕма Варнавӕ се ’нсувӕрти бафедар кӕнуни туххӕй ма сӕ цард тӕссаг уавӕри дӕр багӕлстонцӕ. Сӕ дууӕ дӕр ӕй зудтонцӕ, Листри сӕ беретӕ марунмӕ ке агурдтонцӕ. Фал уӕддӕр фӕстӕмӕ еци горӕтмӕ раздахтӕнцӕ, цӕмӕй си нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгти бафедар кодтайуонцӕ ӕма син банхус кодтайуонцӕ Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун (Гъуд. 14:19–22). Уой фӕсте ба Павели Ефеси адӕн дӕр марунмӕ гъавтонцӕ. Гъуддӕгти 20:1, 2 финст ӕй: «Адӕн ку ’рсабур ӕнцӕ, уӕд Павел ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ фӕдздзурдта ӕма сӕ бафедар кодта, удта син хуӕрзбон загъта ӕма рараст ӕй Македонимӕ. Еци рауӕнти цӕугӕй Павел ахуркӕнуйнӕгти берӕ хуарз дзурдтӕй федар кодта. Ӕма уой фӕсте рандӕ ’й Грецимӕ». Куд ӕй уинӕн, уотемӕй Павел иннети федар кӕнун хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл нимадта.
КӔРӔДЗЕЙ ФЕДАР КӔНТӔ
12. Ӕмбурдтӕмӕ цӕун хуарз цӕмӕн ӕй?
12 Йегови зӕрдӕ нин ӕрмӕстдӕр хуарз зӕгъуй, ӕма нӕ уомӕ гӕсгӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кӕнӕн. Не ’мбурдти нӕ бон ӕй Йегови туххӕй фулдӕр базонун ӕма кӕрӕдзей федар кӕнун (1 Кор. 14:31; бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25). Кристинӕ, статьяй райдайӕни ке кой кодтан, е загъта: «Ӕмбурди мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр цӕуй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ мӕ ке уарзунцӕ ӕма мӕ ке бафедар кӕнунцӕ, е. Еуӕй-еухатт ӕмбурдмӕ нифссастӕй ку ’рбацӕун, уӕд мӕмӕ хуӕртӕ алкӕддӕр ӕрбацӕунцӕ, ра мин хъури кӕнунцӕ ӕма мин фӕззӕгъунцӕ, ци рӕсугъд дӕ, зӕгъгӕ. Удта ма мин фӕззӕгъунцӕ, берӕ мӕ ке уарзунцӕ ӕма син хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ке ӕй, Хуцауи организаций размӕ къахдзӕфтӕ ке кӕнун, е. Еци дзурдти фӕсте мин дзӕвгарӕ хуӕздӕр фӕууй!» Мадта бӕрӕг ӕй, кӕрӕдзей федар кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, е (Ром. 1:11, 12).
13. Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, уони федар кӕнун цӕмӕн гъӕуй?
13 Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи ка лӕггадӕ кӕнуй, сауӕнгӕ ма уони дӕр гъӕуй федар кӕнун. Ӕркӕсӕн Йесо Навини цӕветтонмӕ. Йесо берӕ ӕнзти дӕргъи Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Фал имӕ Йеговӕ уӕддӕр Моисеййи барвиста, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ, ӕма ин загъта: «Йесой разамонӕгӕй исӕвӕрӕ, ӕ нифсбӕл ин нифс бафтауӕ ӕма ’й бафедар кӕнӕ, уомӕн ӕма иннӕ фарсмӕ аци адӕни разӕй е рахездзӕй ӕма сӕ е бакӕндзӕй, ке фӕууиндзӕнӕ, еци зӕнхӕмӕ, цӕмӕй ӕй бунӕн райсонцӕ» (Дук. з. 3:27, 28). Еци рӕстӕг Йесо Навинбӕл хъӕбӕр устур ихӕс адтӕй. Е гъӕуама израилӕгти разамонӕг иссайдӕ ӕма сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ бакодтайдӕ. Йесой гъудӕй берӕ знӕгти хӕццӕ тохун, еу уӕхӕн тугъди ба хуӕрди дӕр фӕцӕнцӕ (Йес. Н. 7:1–9). Мадта дессаг нӕй, Йесо Навини бафедар кӕнун ке гъудӕй, е! Мах бон дӕр ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма районон цӕстӕдаргути федар кӕнун, уомӕн ӕма Хуцауи адӕнбӕл зӕрдиагӕй тухсунцӕ. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:12, 13.) Еу районон цӕстӕдарӕг зӕгъуй: «Еуӕй-еухатт нин ӕнсувӕртӕ гӕгъӕдибӕл ниффинсунцӕ, куд ӕхцӕуӕн син ӕй ке сӕ бабӕрӕг кодтан, е ӕма нин фӕййарфитӕ кӕнунцӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нифссаст ку фӕууӕн, уӕд еци финстӕгутӕ фӕккӕсӕн ӕма си бафедар уӕн».
14. Цӕмӕй бӕрӕг ӕй адӕймаги ку растауай, уӕд дин дӕ унаффӕмӕ хуӕздӕр ке байгъосдзӕй, е?
14 Еухатт апостол Павел коринфӕгти растудта, уомӕн ӕма ин ӕ унаффӕмӕ байгъустонцӕ (2 Кор. 7:8–11). Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма сӕ уотемӕй баразӕнгард кодта идарддӕр рӕстӕй архайунмӕ. Абони, хестӕр нӕлгоймӕгти ӕма ниййергути бон дӕр ӕй Павели фӕнзун. Дууӕ сувӕллони кӕмӕн ес, уӕхӕн фидӕ, Андреас, зӕгъгӕ, загъта: «Сувӕллӕнтти ку федар кӕнай, уӕд се ’ууӕндундзийнадӕ ирӕзуй ӕма нифсгундӕр кӕнунцӕ. Ести унаффӕ дӕтгӕй сувӕллони ку растауай, уӕд дӕмӕ хуӕздӕр байгъосдзӕй. Раст ци ӕй, уой хуарз фӕззонунцӕ, фал уомӕ гӕсгӕ архайун ба райдайдзӕнцӕ, ку сӕ ӕстауӕн ӕма сӕ ку федар кӕнӕн, уӕд».
ДӔ БОН КУД ӔЙ ИННЕТИ ӔНТӔСТГУНӔЙ ФЕДАР КӔНУН?
15. Иннети федар кӕнун нӕ бон куд ӕй?
15 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕстауӕ сӕ хъиамӕт ӕма сӕ хуарз менеугути туххӕй (2 Анз. 16:9; Иов 1:8). Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд фӕнзӕн Йегови ӕма Йесой. Етӕ хъӕбӕр аргъ кӕнунцӕ, Хуцауи Паддзахади туххӕй цидӕриддӕр кӕнӕн, уомӕн, цӕйбӕрцӕ нӕ фӕффӕндуй, уойбӕрцӕ кӕнун нӕ бон ку нӕ фӕууй, уӕддӕр. (Бакӕсӕ Лукай 21:1–4; 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:12.) Зӕгъӕн, нӕ хъазар каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ берӕ хъауритӕ харз кӕнунцӕ, цӕмӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕуонцӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги архайонцӕ. Нӕ бон сӕ н’ адтайдӕ уой туххӕй растаун?
16. Нӕ бон кӕд ӕй иннети федар кӕнун?
16 Иннети федар кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕ. Адӕймаг цидӕр хуарз ке искодта, уой ку фӕууинай, уӕд ӕй растауӕ. Павел ӕма Варнавӕ Писидий Антиохий ку адтӕнцӕ, уӕд син бунӕттон синагоги хецӕуттӕ загътонцӕ: «Ӕнсувӕртӕ, кӕд уӕ адӕни бафедар кӕнунмӕ ести зӕгъун фӕндуй, уӕд табуафси». Павел еци фадуатӕй испайда кодта, цӕмӕй адӕни бафедар кодтайдӕ (Гъуд. 13:13–16, 42–44). Иннети ку федар кӕнӕн, уӕд нин нӕхе дӕр уотӕ федар кӕндзӕнцӕ (Лук. 6:38).
17. Иннети зӕрдиагӕй ке ӕстауӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
17 Бӕлвурдӕй дзорӕ. Йесо Фиатири киристӕнтти растудта бӕлвурд гъуддӕгти туххӕй. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 2:18, 19.) Нӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун? Зӕгъӕн, ӕ сувӕллони еунӕгӕй ка хӕссуй, уӕхӕн силгоймаги дӕ бон ӕй растаун, уӕхӕн зин уавӕри дӕр ӕй куд гъомбӕл кӕнуй, уой туххӕй. Кӕд дин сувӕллӕнттӕ ес, уӕд сӕ дӕ бон ӕй растаун, Хуцауи гъуддӕгти зӕрдиагӕй ке архайунцӕ, уой туххӕй. Бӕлвурдӕй син дзорӕ, цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕ сӕмӕ уинис, уой. Иннети федар кӕнгӕй бӕлвурдӕй ку дзорӕн, уӕд ӕй уиндзӕнцӕ, нӕ дзурдтӕ зӕрдӕй ке цӕунцӕ.
18, 19. Нӕ бон куд ӕй кӕрӕдземӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн?
18 Йеговӕ Моисеййӕн ӕхуӕдӕг загъта, Йесо Навини бафедар кӕнӕ, зӕгъгӕ. Фал нин абони ба нӕ зӕгъдзӕй, ке бафедар кӕнун гъӕуй, уой. Ӕма Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, иннети бафедар кӕнунбӕл куд архайӕн, уой уинун (Ӕмб. 19:17; Дзиуит. 12:12). Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй ӕнсувӕрӕн зӕгъун, ӕ радзубандий ин нӕхецӕн хуарз унаффӕ ке фегъустан кенӕ Библий кӕцидӕр стих хуӕздӕр лӕдӕрун ке райдӕдтан. Еухатт еу хуӕрӕ, радзубандий хӕццӕ сӕмӕ ка адтӕй, еци ӕнсувӕрмӕ уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Кӕд мӕ хӕццӕ цалдӕр минуттемӕй ӕндӕр нӕ радзурдтай, уӕддӕр ӕй балӕдӕрдтӕ, цидӕр мӕ ке тухсун кӕнуй. Дӕ дзурдтӕ мин уодӕнцойни хуасӕ адтӕнцӕ ӕма мӕ бафедар кодтонцӕ. Мӕхе хӕццӕ ӕма сценӕй дӕр уотӕ фӕлмӕнӕй ке дзурдтай, уой ӕз Йегови лӕварбӕл банимадтон».
19 Апостол Павели унаффӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд берӕ фадуӕттӕ иссердзиан иннети бафедар кӕнунмӕ. Е загъта: «Мадта нур куд кӕнтӕ, уотӕ идарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзей нифсбӕл нифс ӕфтауетӕ ӕма кӕрӕдзей федар кӕнтӕ» (1 Фес. 5:11).
^ 1 1 абзац: кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.