Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кадӕ кӕнун кӕмӕн гъӕуй, уонӕн кадӕ кӕнӕ

Кадӕ кӕнун кӕмӕн гъӕуй, уонӕн кадӕ кӕнӕ

«Паддзахбадӕнбӕл ка бадуй, устур хъаури хецау ка ӕй, уомӕн ӕма Уӕриккӕн уӕд арфӕ, кадӕ ӕма намус ӕносӕй-ӕносмӕ» (РАРГ. 5:13).

ЗАРТӔ: 10, 16

1. Еуӕй-еу адӕнӕн кадӕ цӕмӕн фӕккӕнунцӕ? Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

ЕСКӔМӔН кадӕ кӕнун ма нисан кӕнуй нимайун дӕр. Адӕймагӕн кадӕ фӕккӕнунцӕ, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ ке искодта, уой туххӕй кенӕ, цӕхуӕндӕр бунат ке ахӕссуй, уой туххӕй. Уомӕ гӕсгӕ ӕвзуруй фарста: кӕмӕн гъӕуама кадӕ кӕнӕн ӕма цӕмӕн?

2, 3. а) Йеговӕ уӕлдай кади аккаг цӕмӕн ӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Раргомадӕ 5:13 ке кой цӕуй, еци Уӕриккӕ ка ӕй ӕма кади аккаг цӕмӕн ӕй?

2 Раргомади 5:13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ кадӕ кӕнун гъӕуй, «паддзахбадӕнбӕл ка бадуй... уомӕн ӕма Уӕриккӕн». Еци кади аккаг Йеговӕ цӕмӕн ӕй, уой туххӕй финст ӕй Раргомади 4 сӕри. Уӕлӕрвти устур бунат кӕмӕн ес, еци изӕдтӕ Йеговӕн, «ӕносӕй-ӕносмӕ ка цӕруй», еци Хуцауӕн еумӕйагӕй кадӕ кодтонцӕ: «О Йегова, нӕ Хуцау, ду дӕ кадӕ ӕма намуси аккаг, уомӕн ӕма ду дӕ устур хъаури хецау, ӕма алцидӕр ду сфӕлдистай ӕма алцидӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕй ӕма фӕззиндтӕй» (Рарг. 4:9–11).

3 Раргомади ци Уӕрикки кой цӕуй, е ӕй Йесо Киристе. Е ӕй «Хуцауи Уӕриккӕ... дуйней тӕрегъӕдтӕ» ка фӕххаста, е (Иоан. 1:29). Йесо, зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр паддзӕхтӕ адтӕй, уонӕй еугуремӕйдӕр уӕлдӕр ӕй. Библи зӕгъуй: «Е ӕй паддзӕхти Паддзах ӕма хецӕутти Хецау, еунӕг е ӕй ӕнӕмӕлгӕ, е цӕруй, бацӕуӕн кумӕ нӕййес, уӕхӕн рохси, еу адӕймаг дӕр ӕй нӕ фӕууидта, ӕма ’й ӕ бон фӕууинун дӕр некӕмӕн ӕй» (1 Тим. 6:14–16). Адӕни тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй исуӕгъдӕ кӕнуни туххӕй ӕ цард барвӕндонӕй ка равардтайдӕ, уӕхӕн паддзах Йесойӕй ӕндӕр н’ адтӕй. Ӕма нӕ нӕ зӕрдӕ разӕнгард кӕнуй, банимайӕн дӕр ке нӕййес, еци изӕдти хӕццӕ зӕрдиагӕй зӕгъун: «Ке равгарстонцӕ, еци Уӕриккӕ уой аккаг ӕй, цӕмӕй райса хъаурӕ, гъӕздугдзийнӕдтӕ, зунд, гъомус, намус, кадӕ ӕма арфӕ» (Рарг. 5:12).

4. Йеговӕн ӕма Киристейӕн кадӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

4 Йеговӕн ӕма Йесойӕн кадӕ кӕнун ӕнӕмӕнгӕ гъуддаг ӕй. Иоанни 5:22, 23 финст ӕй, Йеговӕ ӕ Фурти ӕгас адӕнӕн дӕр тӕрхонгӕнӕгӕй ке исӕвардта. Ӕма уомӕ гӕсгӕ гъӕуама Киристейӕн кадӕ кӕнӕн. Уотемӕй ба кадӕ кӕндзиан Йеговӕн дӕр. Йесойӕн ӕма ӕ Фидӕн ку кадӕ кӕнӕн, уӕд хайгин уодзиан ӕносон цардӕй. (Бакӕсӕ Псалом 2:11, 12.)

5. Адӕн дӕр уой аккаг цӕмӕн ӕнцӕ, цӕмӕй син кадӕ кӕнӕн ӕма сӕ нимайӕн?

5 Хуцау адӕни «ӕхемӕ гӕсгӕ» сфӕлдиста (Райд. 1:27). Уомӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ес, ӕма фулдӕр адӕн цӕмӕйдӕр Хуцауи хузӕн ӕнцӕ. Зӕгъӕн, сӕ бон ӕй уарзун, тӕрегъӕд кӕнун ӕма иннетӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ун. Йеговӕ адӕнӕн равардта ӕфсарӕ, ӕма уой фӕрци сӕ бон ӕй лӕдӕрун, раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой, удта ци федауй ӕма ци нӕ федауй, уой дӕр (Ром. 2:14, 15). Адӕн сӕ фулдӕр аргъ кӕнунцӕ кӕдзосдзийнадӕ ӕма рӕсугъддзийнадӕн. Удта алкедӕр фӕндуй фӕрнӕй цӕрун. Кӕд ӕй сӕхуӕдтӕ нӕ лӕдӕрунцӕ, уӕддӕр еци гъуддӕгти Йегови хузӕн ӕнцӕ ӕма уомӕ гӕсгӕ адӕн дӕр уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй син кадӕ кӕнӕн ӕма сӕ нимайӕн (Пс. 8:5).

КАДӔ КӔНУН КӔМӔН, УДТА КУД ГЪӔУЙ?

6, 7. Йегови Ӕвдесӕнтӕ иннӕ адӕнӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

6 Иннетӕн куд кадӕ кӕнӕн, уомӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсун гъӕуй. Абони фулдӕр адӕн Сайтани дуйней цӕрунцӕ ӕма уой зундӕй архайунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ дессаг дӕр нӕй, еуӕй-еу адӕни ӕгӕр ке искадгин кӕнунцӕ, е. Дини разамонгути, политикти, удта спорт, кино ӕма шоу-бизнеси берӕ кӕмӕн бантӕстӕй, уони ӕма ӕндӕр зундгонд адӕни, зӕгъӕн ес, ӕма хуцӕутти бунати исӕвӕрунцӕ. Беретӕ сӕ фӕнзун райдайунцӕ сӕ миутӕй, гъуддӕгтӕй ӕма хъӕппӕли кондӕй дӕр.

7 Фал ӕцӕг киристӕнттӕ адӕнӕн уӕхӕн кадӕ нӕ кӕнунцӕ. Алли гъуддагӕй дӕр фӕнзуйнаг ка ӕй, уӕхӕн адӕймаг зӕнхӕбӕл ӕрмӕстдӕр еунӕг адтӕй – Йесо Киристе (1 Пет. 2:21). Адӕнӕн ӕгӕр устур кадӕ ку кӕнӕн, уӕд уомӕй Йегови зӕрдихудти цӕуӕн. Удта гъӕуама уой дӕр ма иронх кӕнӕн, ӕма еугур адӕн дӕр «тӕрегъӕд ракодтонцӕ ӕма сӕ бон нӕй Хуцауи дессаги менеугутӕ ӕвдесун» (Ром. 3:23). Мадта еунӕг адӕймаг дӕр уой аккаг нӕй, цӕмӕй ин Хуцауи хузӕн кадӕ кӕнӕн.

8, 9. а) Йегови Ӕвдесӕнтӕ хецауадӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсунцӕ? б) Хецауади закъӕнттӕ ӕнхӕст кӕнгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

8 Бартӕ ке къохи ’нцӕ, етӕ дӕр уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй син кадӕ кӕнӕн ӕма сӕ нимайӕн. Хецауади косгутӕн сӕ куст уой медӕги ӕй, цӕмӕй адӕни ӕдасдзийнадӕ гъӕуай кӕнонцӕ, удта сӕ цӕрунмӕ ци гъӕуй, е син уа. Ӕма е алкӕмӕндӕр пайда хӕссуй. Апостол Павел дӕр киристӕнттӕн уомӕ гӕсгӕ загъта, цӕмӕй сӕмӕ «хецӕутти» цӕстӕй кӕсӕн ӕма сӕмӕ игъосӕн. Павел ниффинста: «Алкӕмӕндӕр дӕттетӕ, ци ин ӕмбӕлуй, уой: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлуй, уомӕн хъалон... кадӕ кӕнун кӕмӕн гъӕуй, уомӕн кадӕ кӕнтӕ» (Ром. 13:1, 7).

9 Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр архайунцӕ, цӕмӕй хецӕутти нимайонцӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, алли бӕсти дӕр сӕхе закъӕнттӕ ес, ӕма еу рауӕн еу хузи фӕуунцӕ иннӕ рауӕн ба ӕндӕр хузи. Ӕма бартӕ ке къохти ’нцӕ, етӕ сӕ ихӕстӕ ку фенхӕст кӕнунцӕ, уӕд мах цӕттӕ фӕууӕн, мӕхӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой кӕнунмӕ. Фал еци закъӕнттӕ Йегови уагӕвӕрдти нихмӕ ку цӕуонцӕ, уӕдта фиццагидӕр игъосӕн, Хуцау ци зӕгъуй, уомӕ, адӕймаг ци зӕгъуй, уомӕ нӕ фал. (Бакӕсӕ 1 Петури 2:13–17.)

10. Рагидзаманти Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ нин цӕмӕй фӕнзуйнаг ӕнцӕ?

10 Рагидзаманти Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ хецауади косгутӕн кадӕ кодтонцӕ, ӕма нин еци гъуддаги фӕнзуйнаг ӕнцӕ. Роми император бардзурд равардта, цӕмӕй ӕ паддзахади адӕн нимад ӕрцудайуонцӕ. Иосиф ӕма Марийӕ еци бардзурдмӕ байгъустонцӕ ӕма Вифлееммӕ сӕхе фӕббӕрӕг кӕнунмӕ рандӕ ’нцӕ, кӕд Марийӕн мӕнӕ-мӕнӕ гъӕуама ӕ фиццаг сувӕллон райгурдайдӕ, уӕддӕр (Лук. 2:1–5). Павел дӕр хуарз цӕветтон ниууагъта. Уӕззау фудракӕнди ’й ку фӕффудгин кодтонцӕ, уӕд ӕ хабар уӕзданӕй балӕдӕрун кодта паддзах Ирод Агриппӕн ӕма Роми дӕлбарӕ бӕстӕ Иудейи хецау Фестӕн (Гъуд. 25:1–12; 26:1–3).

11, 12. а) Дини разамонгутӕн уӕлдай кадӕ цӕмӕннӕ кӕнӕн? б) Австрийӕй еу зингзӕрдӕ Ӕвдесӕн хецауади косӕги хӕццӕ уӕзданӕй ке дзурдта, е цӕмӕ ӕркодта?

11 Дини разамонгутӕй ба ци ес зӕгъӕн? Цӕхуӕн кадӕ син гъӕуама кӕнӕн? Етӕ иннӕ адӕнӕй нецӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ ӕма иннӕ адӕнӕн куд кадӕ кӕнӕн, уотӕ кадӕ кӕнӕн, уонӕн дӕр. Фал уӕлдай кади аккаг ба нӕ ’нцӕ, кӕд сӕхецӕн уӕхӕн кадӕ фӕййагорунцӕ, уӕддӕр. Мӕнгӕ динтӕ Хуцауи ном ӕгадӕ кӕнунцӕ ӕма Библий ахурӕдтӕ раст нӕ лӕдӕрун кӕнунцӕ. Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд уони туххӕй ӕргом дзурдта ӕма сӕ худта дудзӕсгӕнттӕ, удта хъӕрӕу разамонгутӕ (Матф. 23:23, 24). Фал хецӕуадӕн цӕхуӕн кадӕ ӕмбӕлуй, уӕхӕн кадӕ ке кӕнӕн, уой фӕрци нин еуӕй-еухатт ӕнхус дӕр бакӕнунцӕ.

12 Ӕркӕсӕн, Австрийӕй еу зингзӕрдӕ Ӕвдесӕни хабармӕ, Леопольд Энглайтнер, зӕгъгӕ. Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг ӕй нациститӕ поезди рарвистонцӕ Бухенвальди концлагермӕ. Ӕма еу вагони бафтудӕй Австрий политик Генрих Глайсснери хӕццӕ. Е дӕр цидӕр гъуддаги фӕдбӕл нацистити цӕсти бафтудӕй. Надбӕл ӕнсувӕр Леопольд ӕ хӕццӕ уӕзданӕй рӕстдзийнади туххӕй радзубанди кодта ӕма имӕ Генрих лӕмбунӕг байгъуста. Тугъди фӕсте еци политик ӕ бартӕй еу ӕма дууӕ хатти не ’спайда кодта, цӕмӕй Австрий Ӕвдесӕнтӕн банхус кодтайдӕ. Ӕвӕдзи, ду дӕр зонис, Йегови Ӕвдесӕнтӕ хецауади хӕццӕ уӕзданӕй ке дзурдтонцӕ, уой фӕрци хуарз ка ниллух ӕй, уӕхӕн хабӕрттӕ.

КАДИ АККАГ МА КА ӔЙ?

13. Кади аккаг ма уӕлдай хъӕбӕрдӕр ка ӕй ӕма цӕмӕн?

13 Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ дӕр уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй син кадӕ кӕнӕн ӕма сӕ нимайӕн. Уӕлдайдӕр ба е хауй, разамунд нин ка дӕттуй, уонӕмӕ, зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ, районон цӕстӕдаргутӕмӕ, удта филиалти комитетти ӕма Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕмӕ. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 5:17.) Етӕ еугурӕйдӕр Хуцауи адӕнбӕл тухсунцӕ ӕма сӕ Библи хонуй «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Мах еци ӕнсувӕртӕн аргъ кӕнӕн ӕма нӕ кӕсӕн, ци адӕнихаттӕй ӕнцӕ, цӕхуӕн бунат син ес, цӕйбӕрцӕ ӕхца косунцӕ, удта ахургонд ӕнцӕ ӕви нӕ, уомӕ. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ дӕр бӕрнон ӕнсувӕрти нимадтонцӕ ӕма сӕ абони мах дӕр нимайӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Хуцауи бунати сӕ не ’вӕрӕн, удта сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй дӕр нӕ кӕсӕн, цума изӕдтӕ ’нцӕ. Фал сӕ нимайӕн, сӕрниллӕгӕй ке хъиамӕт кӕнунцӕ, уой туххӕй ӕма син устур аргъ кӕнӕн. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 1:24; Раргомадӕ 19:10.)

14, 15. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дини разамонгутӕй цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?

14 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнцӕ сӕрниллӕг фиййӕутти хузӕн. Етӕ сӕхецӕн уӕлдай кадӕ нӕ агорунцӕ, ӕма уомӕй хецӕн кӕнунцӕ нӕ рӕстӕги, удта фиццаг ӕноси дини разамонгутӕй. Йесо дини разамонгути туххӕй загъта: «Етӕ уарзунцӕ фингтӕбӕл уӕллӕй бадун, ӕмбурдгӕнӕнти ба – разӕй. Уарзунцӕ, цӕмӕй син базарти адӕн сӕ сӕрӕй ковонцӕ ӕма сӕмӕ, ахургӕнӕг, зӕгъгӕ, дзоронцӕ» (Матф. 23:6, 7).

15 Киристон хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ба игъосунцӕ Киристей фӕдзӕхстмӕ: «Фал сумах ахургӕнӕг маке хонӕд, уомӕн ӕма уин еу ахургӕнӕг ес, сумах ба уе ’гас дӕр ӕнсувӕртӕ айтӕ. Удта зӕнхӕбӕл уӕ фидӕ дӕр маке хонетӕ, уомӕн ӕма уин еу Фидӕ ес – уӕларвон Фидӕ. Разамонгутӕ дӕр уӕ маке хонӕд, уомӕн ӕма уин еу Разамонӕг ес – Киристе. Уӕ астӕу уӕлдӕр ка ӕй, е уин уӕд лӕггадгӕнӕг. Ӕхе ка бӕрзонд кӕнуй, е ӕрниллӕг уодзӕй, ӕхе ка ниллӕг кӕнуй, е ба исбӕрзонд уодзӕй» (Матф. 23:8–12). Мадта ’й, ӕвӕдзи, лӕдӕрис, ӕгас дуйнебӕл дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ се ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгти цӕмӕн уарзунцӕ, цӕмӕн син кадӕ кӕнунцӕ ӕма сӕ цӕмӕн нимайунцӕ, уой.

Иннетӕн сӕрниллӕгӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ уой аккаг ӕнцӕ, цӕмӕй сӕ уарзӕн ӕма син кадӕ кӕнӕн (кӕсӕ 13–15 абзацтӕ)

16. Идарддӕр дӕр иннетӕн кадӕ кӕнунбӕл цӕмӕн гъӕуама архайӕн?

16 Кӕмӕн ӕма куд кадӕ кӕнгӕ ’й, уой балӕдӕрунмӕ рӕстӕг гъӕуй. Уобӕл байархайун гъудӕй фиццаг ӕноси киристӕнтти дӕр (Гъуд. 10:22–26; 3 Иоан. 9, 10). Фал ни алкедӕр гъӕуама архайа, цӕмӕй иннетӕн кадӕ кӕна, Библи куд амонуй, уотӕ. Еци гъуддагмӕ раст цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд е берӕ пайда ӕрхӕсдзӕй.  

ИННЕТӔН КЕ КАДӔ КӔНӔН, Е ХУАРЗ ГЪУДДӔГТӔМӔ КӔНУЙ

17. Бартӕ кӕмӕ ес, уони ке нимайӕн, е цӕхуӕн хуарз гъуддӕгтӕмӕ ӕркӕнуй?

17 Хецауади косгутӕн ку кадӕ кӕнӕн ӕма сӕ ку нимайӕн, уӕд нин, ка ’й зонуй, нӕ бартӕ гъӕуай кӕндзӕнцӕ ӕма нӕ бон уодзӕй сӕребарӕй игъосун кӕнун. Уӕхӕн адӕн нӕ арӕх ӕстаугӕ дӕр ракӕнунцӕ, хуарз хабар ке хӕссӕн, уой туххӕй. Цалдӕр анзей размӕ нӕ хуӕрӕ Биргитӕн ӕ кизгӕ скъола фӕцӕй ӕма ӕрбацудӕй, уой фӕдбӕл сӕмӕ ци бӕрӕгбон адтӕй, уордӕмӕ. Скъолай ахургӕнгутӕ Биргитӕн загътонцӕ, хъӕбӕр ӕхцӕуӕн син ке адтӕй, Ӕвдесӕнти сувӕллӕнтти ахур кӕнун. Хъӕбӕр зин, дан, нин адтайдӕ нӕ скъолай уӕхӕн сувӕллӕнттӕ ку н’ адтайдӕ, уӕд. Биргит син загъта: «Мах нӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнӕн Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, ӕма уомӕ хауй ахургӕнгути нимайун ӕма син кадӕ кӕнун дӕр». Еу ахурӕгӕнӕг ин загъта: «Еугур сувӕллӕнттӕ дӕр Ӕвдесӕнти сувӕллӕнтти хузӕн ку адтайуонцӕ, уӕд не скъолайӕй дзенет рауадайдӕ». Уобӕл цалдӕр къуӕрей ку рацудӕй, уӕд еци ахургӕнгутӕй сӕ еу ӕрбацудӕй, горӕт Лейпциги ка цудӕй, еци конгресмӕ.

18, 19. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн кадӕ кӕнгӕй нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

18 Хуцауи Дзурди уагӕвӕрдтӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ балӕдӕрун, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн кадӕ кӕнун куд гъӕуй, уой. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:7, 17.) Гъӕуама син сӕ зӕрдиаг хъиамӕти туххӕй арфӕ кӕнӕн, удта син сӕ амундтӕмӕ игъосӕн. Уотемӕй син ӕнхус кӕндзиан идарддӕр дӕр сӕ ихӕстӕ цийнӕгӕнгӕй ӕнхӕст кӕнун. Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма гъӕуама кӕцидӕр «зундгонд» хестӕр нӕлгоймаги фӕнзун райдайӕн, ӕ бакастӕй, ӕ хъӕппӕлӕй кенӕ, сауӕнгӕ куд дзоруй, уомӕй дӕр. Уӕд уотӕ уайуй, ӕма адӕймаги фӕдбӕл цӕуӕн, Киристей фӕдбӕл нӕ, фал. Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр мах хузӕн ӕнӕнхӕст адӕн ке ’нцӕ.

19 Хестӕр нӕлгоймӕгтӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ ку кадӕ кӕнӕн ӕма сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй ку нӕ кӕсӕн, цума зундгонд адӕн ӕнцӕ, уӕд син уомӕй ӕнхус кӕнӕн. Цума куд? Уотемӕй син ӕнцондӕр уодзӕй сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдесун, удта сӕмӕ уотӕ некӕд кӕсдзӕй, ӕма иннетӕй хуӕздӕр ӕнцӕ кенӕ алкӕддӕр раст фӕуунцӕ.

20. Иннетӕн ку кадӕ кӕнӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?

20 Иннетӕн ку кадӕ кӕнӕн, уӕд нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй айдагъ нӕхе сагъӕс ма кӕнӕн, удта нин иннетӕ ку кадӕ кӕнонцӕ, уӕд дӕр цӕмӕй нӕхемӕ ма ниууӕн. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд архайдзиан, Йегови организаци нӕ куд ахур кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ – иннетӕн ӕгӕр устур кадӕ нӕ кӕндзиан, фӕнди Йегови Ӕвдесӕнтӕ уонцӕ, фӕнди нӕ. Е зундбӕл дзорӕг уодзӕй, уомӕн ӕма кадӕ кӕмӕн кӕнӕн, уомӕй ку фӕффудӕнгъӕл уӕн, уӕд нин е къахкъуӕрӕн не ’суодзӕй.

21. Кади аккаг ка ӕй, уонӕн кадӕ кӕнун фиццагидӕр цӕмӕн гъӕуй?

21 Кади аккаг ка ӕй, уонӕн ку кадӕ кӕнӕн, уӕд уомӕй фиццагидӕр Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнӕн. Еци гъуддаги архайӕн, Хуцау нин куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, ӕма уотемӕй ӕвдесӕн, еузӕрдон ибӕл ке ан, уой. Уӕд Йегови бон уодзӕй Сайтани ӕфхуӕрӕн дзубандитӕбӕл дзуапп дӕттун (Ӕмб. 27:11). Аци дуйней фулдӕр адӕн, иннетӕн кадӕ кӕнун куд гъӕуй, уой раст нӕ лӕдӕрунцӕ. Мах ба ’й Йегови фӕрци зонӕн, ӕма си уой туххӕй хъӕбӕр боз ан.