Абони Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй?
«Ма иронх кӕнтӕ, разамунд уин ка дӕттуй... уони» (ДЗИУИТ. 13:7).
ЗАРТӔ: 123, 126
1, 2. Йесо Киристе уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, уой фӕсте апостолтӕ цӕбӕл сагъӕс кодтайуонцӕ?
АПОСТОЛТӔ лӕудтӕнцӕ Оливӕбӕлӕсти хонхбӕл ӕма кастӕнцӕ, Йесо уӕлӕрвтӕмӕ куд иссудӕй ӕма ’й мегътӕ куд рамбарзтонцӕ, уомӕ (Гъуд. 1:9, 10). Дууӕ анзей дӕргъи сӕ Йесо ахур кодта, федар сӕ кодта ӕма син разамунд лӕвардта. Фал нур ба сӕ хӕццӕ нӕбал ӕй. Цума идарддӕр ци кӕндзӕнцӕ?
2 Уӕлӕрвтӕмӕ иссӕуни разӕй, Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта: «Уодзиайтӕ [мин] ӕвдесӕнтӕ Йерусалими, удта ӕгас Иудейи ӕма Самарий, ӕма сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» (Гъуд. 1:8). Цума син еци ихӕс исӕнхӕст кӕнун куд гъӕуама бантӕстайдӕ? Йесо син зӕрдӕ байвардта, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ син ке ӕнхус кӕндзӕй (Гъуд. 1:5). Фал сӕ уӕддӕр разамунд гъудӕй, цӕмӕй сӕ бон иссайдӕ хуарз хабар ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр фегъосун кӕнун. Апостолтӕ, ӕвӕдзи, сагъӕс кодтонцӕ, кӕд Йеговӕ рагидзаманти ӕ адӕнӕн разамонгути исӕвӕридӕ, уӕд цума нур ба еске равзардзӕй.
3. а) Йесо уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, уой фесте еузӕрдон апостолтӕ цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ? б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Йесо уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, уобӕл дууӕ къуӕрей ӕнхӕст Гъуд. 1:15–26). Цума еци унаффӕ рахӕссун уонӕн дӕр ӕма Йеговӕн дӕр уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг цӕмӕн адтӕй? Апостолтӕ гъӕуама 12 адтайуонцӕ *. Йесо сӕ уой туххӕй нӕ равзурста, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ӕ хӕццӕ цудайуонцӕ, фал сӕ гъӕуама исахур кодтайдӕ, цӕмӕй син уой фесте хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодтайдӕ. Цума е цӕхуӕн гъуддаг адтӕй, ӕма сӕ Йеговӕ, удта Йесо еци гъуддагмӕ куд бацӕттӕ кодтонцӕ? Абони ба цума, еци ихӕс ка ӕнхӕст кӕнуй, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ ес? Удта нӕ бон куд ӕй, «разамунд нин ка дӕттуй», уони ма иронх кӕнун, уӕлдайдӕр ба «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари»? (Дзиуит. 13:7; Матф. 24:45).
нӕма рацудӕй, уотемӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ Финстадӕмӕ лӕмбунӕг ӕркастӕнцӕ, Хуцаумӕ искувтонцӕ ӕма Иуда Искариоти бӕсти дууадӕсӕймаг апостолӕн Матфиййи равзурстонцӕ (ЙЕСО РАЗАМУНД ЛӔВАРДТА РАЗАМОНӔГ СОВЕТӔН
4. Фиццаг ӕноси апостолтӕбӕл ӕма сӕмӕ ка ӕрбайеу ӕй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл цӕхуӕн ихӕстӕ адтӕй?
4 Апостолтӕ киристон ӕмбурдӕн разамунд дӕттун райдӕдтонцӕ н. э. 33 анзи Фӕндзайӕймаг бон. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, «Петур еуӕндӕс апостолей хӕццӕ» берӕ адӕни размӕ рацудӕй ӕма син дзурдта, сӕ цард кӕмӕй кӕнгӕ адтӕй, еци рӕстдзийнадӕ (Гъуд. 2:14, 15). Еци адӕнӕй беретӕ иссӕнцӕ киристӕнттӕ, ӕма уой фӕсте дӕр «апостолтӕ ци амудтонцӕ, уомӕ зӕрдиагӕй игъустонцӕ» (Гъуд. 2:42). Апостолтӕн ма сӕ ихӕс адтӕй ӕмбурди ӕхцатӕбӕл дзуапп дӕттун (Гъуд. 4:34, 35). Уомӕй уӕлдай ма Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ апостолтӕ сӕ рӕстӕг ӕма сӕ хъауритӕ равардтонцӕ «ковунмӕ ӕма Хуцауи дзурд амонунмӕ» (Гъуд. 6:4). Удта ма фӕлтӕрдгун киристӕнтти иснисан кӕниуонцӕ нӕуӕг рауӕнти игъосун кӕнунмӕ (Гъуд. 8:14, 15). Фӕстӕдӕр апостолтӕмӕ ӕрбайеу ӕнцӕ ӕндӕр исӕрст хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Етӕ дӕр хаудтӕнцӕ разамонӕг советмӕ ӕма ӕмбурдтӕн разамунд лӕвардтонцӕ (Гъуд. 15:2).
5, 6. а) Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма разамонӕг советӕн Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ӕнхус кодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Изӕдтӕ разамонӕг советӕн куд ӕнхус кодтонцӕ? в) Разамонӕг совет, Хуцауи Дзурди ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ куд архайдта?
5 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ федарӕй ӕууӕндтӕнцӕ, Йеговӕ син разамунд Киристей фӕрци ке дӕттуй, разамонӕг совет ба Киристей дӕлбарӕ ке ӕй. Цума ’й уотӕ федарӕй кӕцӕй зудтонцӕ? Ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ. Фиццаг: разамонг совет хайгин адтӕй Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй (Иоан. 16:13). Ӕнӕуой, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй хайгин адтӕнцӕ еугур исӕрст киристӕнттӕ дӕр, фал уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Йерусалими, уомӕн ӕма сӕ Хуцауи адӕнӕн разамунд дӕттун гъудӕй. Зӕгъӕн, н. э. 49 анзи сугъдӕг хъаурӕ разамонӕг советӕн банхус кодта сонӕт кӕнуни туххӕй раст унаффӕ рахӕссун. Ӕмбурдтӕ еци унаффӕмӕ байгъустонцӕ, ӕма уой фӕрци сӕ «ӕууӕндундзийнадӕ федардӕр кодта ӕма бонӕй-бонмӕ фулдӕр кодтонцӕ» (Гъуд. 16:4, 5). Цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ, уой фӕдбӕл ӕмбурдтӕмӕ ци финстӕг рарвистонцӕ, уомӕй бӕрӕг адтӕй, разамонӕг совети ӕнсувӕртӕмӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй ка цӕуй, еци менеугутӕ ке адтӕй, зӕгъӕн, уарзондзийнадӕ ӕма ӕууӕндундзийнадӕ (Гъуд. 15:11, 25–29; Гал. 5:22, 23).
6 Дуккаг: разамонӕг советӕн ӕнхус кодтонцӕ изӕдтӕ. Зӕгъӕн, изӕд Корнилийӕн загъта, цӕмӕй апостол Петури иссирдтайдӕ. Фӕстӕдӕр Петур Корнилийӕн ӕма ӕ хеуӕнттӕн ку игъосун кодта, уӕд уонӕбӕл дӕр сугъдӕг хъаурӕ ӕрцудӕй, кӕд сӕ нӕлгоймӕгтӕ Гъуд. 11:13–18). Уомӕй уӕлдай ма изӕдтӕ ӕнхус кодтонцӕ игъосун кӕнуни гъуддагӕн, разамонӕг совет разамунд кӕмӕн лӕвардта, еци гъуддагӕн (Гъуд. 5:19–20). Ӕртиккаг: разамонӕг совет архайдта, Хуцауи Дзурди куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ. Еци исӕрст хестӕр нӕлгоймӕгти киристон ахурӕдти кенӕ ӕмбурди гъуддӕгти фӕдбӕл ести ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ку гъӕуидӕ, уӕд алкӕддӕр кастӕнцӕ, Финстадӕ куд зӕгъуй, уомӕ (Гъуд. 1:20–22; 15:15–20).
сонӕтгонд н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр. Ӕндӕр адӕнихӕттитӕй киристон дин ка райста, уонӕй фиццаг адтӕй Корнилий. Апостолтӕ ӕма ӕндӕр ӕнсувӕртӕ еци хабар ку фегъустонцӕ, уӕд Хуцауи фӕндонбӕл исарази ’нцӕ, ӕма ӕндӕр адӕнихӕттитӕй ка адтӕй ӕма сонӕтгонд ка н’ адтӕй, уони ӕмбурдмӕ хонун райдӕдтонцӕ (7. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма фиццаг ӕноси киристӕнттӕн разамунд Киристе лӕвардта?
7 Кӕд фиццаг ӕноси разамонӕг совети ӕнсувӕртӕн устур бартӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕнцӕ, сӕ разамонӕг Йесо Киристе ке ӕй. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Апостол Павел загъта: «[Киристе] ӕмбурдӕн ке равардта, уонӕй еуетӕ ӕнцӕ апостолтӕ». Удта ма загъта, Киристе «бауӕрӕн ӕ сӕр» ке ӕй, гъома ӕмбурди разамонӕг (Еф. 4:11, 15). Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ «Хуцауи фӕндӕй ахуркӕнуйнӕгти... исхудтонцӕ киристӕнттӕ», ескӕци зундгонд апостоли фӕдбӕлдзӕугутӕ нӕ, фал (Гъуд. 11:26). Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, апостолтӕ, удта ма ӕмбурдтӕн разамунд ка лӕвардта, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ Финстадӕй ци ахурӕдтӕ амудтонцӕ, уонӕбӕл федар хуӕцун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Фал уӕддӕр загъта: «Фӕндуй [мӕ], цӕмӕй ӕй зонайтӕ, ӕма алли нӕлгоймагӕн дӕр ӕ хецау ӕй Киристе». Еци нӕлгоймӕгтӕмӕ хаудтӕнцӕ разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ дӕр. Удта ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Киристейӕн ба ӕ хецау ӕй Хуцау» (1 Кор. 11:2, 3). Ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕ ӕмбурди разамонӕгӕй исӕвардта Йесо Киристей.
«АЦИ ГЪУДДАГ АДӔЙМАГИ ГЪУДДАГ НӔЙ»
8, 9. Ӕнсувӕр Расселл цӕхуӕн куст кодта?
8 1870 анзи Чарлз Тейз Расселли ӕма е ’мбӕлтти фӕндадтӕй, сӕхецӕн дӕр ӕма иннетӕн дӕр банхус кӕнун, цӕмӕй базудтайуонцӕ, Хуцауӕн Библимӕ гӕсгӕ раст ковун куд гъӕуй, уой. Цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл игъустгонд цудайдӕ, уой туххӕй 1884 анзи арӕзт ӕрцудӕй «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуги ӕма трактатти Ӕхсӕнадӕ». Ӕ президент ба иссӕй ӕнсувӕр Расселл *. Ӕнсувӕр Расселл Библи хъӕбӕр лӕмбунӕг ӕртаста, ӕма нӕ тарстӕй, аргъауӕни ахурӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст ке нӕ ’нцӕ, уой ӕргом дзорун. Уонӕмӕ хаудтӕнцӕ Троицӕ, удта ӕнӕмӕлгӕ уоди туххӕй ахурӕдтӕ. Удта ма балӕдӕрдтӕй, Йесойӕн е ’рцуд ӕнӕуингӕ ке уодзӕй ӕма «адӕнихӕттитӕн сӕ рӕстӕг» 1914 анзи ке фӕууодзӕй (Лук. 21:24). Ӕнсувӕр Расселл иннетӕн рӕстдзийнадӕ амонуни туххӕй ӕ рӕстӕг, е ’хца ӕма ӕ хъауритӕ не ’вгъау кодта. Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма ин еци ӕхсидзгӕ рӕстӕг ӕнхус кодтонцӕ Йеговӕ ӕма ӕмбурди разамонӕг Йесо Киристе.
9 Ӕнсувӕр Расселл ӕхецӕн кадӕ некӕд агурдта. 1896 анзи уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕхецӕн дӕр, удта нӕ куститӕн дӕр уӕлдай кадӕ кенӕ табу кӕнонцӕ; удта нӕ уотӕ дӕр нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ „Сугъдӕг фидӕ“ кенӕ „Раввин“ хононцӕ, уӕлдайдӕр ба цӕмӕй ести къуар сӕхе нӕ номӕй исхононцӕ». Фӕстӕдӕр ба загъта: «Аци гъуддаг адӕймаги гъуддаг нӕй».
10. а) Йесо «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» кӕд исӕвардта? б) Ӕнсувӕртӕ куд балӕдӕрдтӕнцӕ, Разамонӕг совет «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнадӕй» ке хецӕн кӕнуй, уой? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
10 Ӕнсувӕр Расселл рамардӕй 1916 анзи. Ӕртӕ анзей фӕсте, 1919 анзи Киристе исӕвардта Матф. 24:45). Еци рӕстӕг Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕн ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг лӕвардта исӕрст ӕнсувӕрти минкъий къуар. Етӕ лӕггадӕ кодтонцӕ сӕйраг хайади Бруклини (Нью-Йорк). Дзурдбаст «разамонӕг совет» нӕ публикацити фӕззиндтӕй 1940 анзти, фал уӕди рӕстӕги Разамонӕг совет баст адтӕй «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги, Библити ӕма трактатти Ӕхсӕнади» хӕццӕ. 1971 анзи ба ӕнсувӕртӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Разамонӕг совет «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнадӕй» ке хецӕн кӕнуй, уомӕн ӕма «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнадӕ» дзуапп дӕттуй юридикон хабӕрттӕбӕл. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Разамонӕг совети адтӕй ӕрмӕстдӕр исӕрст ӕнсувӕртӕ ӕма «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнади» директортӕ нӕбал адтӕнцӕ. Абони ба «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги Ӕхсӕнади» ӕма Хуцауи адӕнӕн ци ӕндӕр корпорацитӕ ес, уони директортӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, «ӕндӕр фустӕмӕ» ка хауй, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ. Уой фӕрци Разамонӕг советӕн ӕ бон ӕй е ’ргом ӕгасӕйдӕр раздахун Хуцауи адӕнӕн разамунд дӕттунмӕ ӕма сӕ ахур кӕнунмӕ (Иоан. 10:16; Гъуд. 6:4). 2013 анзи 15 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» дзурд цудӕй, «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» исӕрст киристӕнтти минкъий къуар ке ӕй, ӕма етӕ ӕнцӕ Разамонӕг совет.
«ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари». Цӕмӕн? Цӕмӕй ин ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн «хуӕруйнаг афойнадӕбӕл дӕтта» (11. Разамонӕг совет куд архайуй?
11 Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кӕнуй, еци ӕнсувӕртӕ алли къуӕре дӕр фембӕлунцӕ, ӕма ӕхсидзгӕ гъуддӕгти фӕдбӕл унаффитӕ еумӕ рахӕссунцӕ. Еци фӕмбӕлдти фӕрци кӕрӕдзей хӕццӕ ӕмгуст кӕнунцӕ ӕма сӕ астӕу ес еудзийнадӕ (Ӕмб. 20:18). Разамонӕг совети ӕнсувӕртӕй уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма си кадӕр иннетӕй уӕлдӕр ӕй. Уомӕ гӕсгӕ анзӕй-анзмӕ сӕ фембӕлдти сӕрдареуӕггӕнӕги ихӕстӕ кезугай фенхӕст кӕнунцӕ (1 Пет. 5:1). Уотӕ архайунцӕ Разамонӕг совети ӕхсӕз комитети дӕр. Разамонӕг совети ӕнсувӕртӕй ӕхе иннетӕй уӕлдӕр неке ӕвӕруй, уомӕн ӕма си алкедӕр хауй «хӕдзаронтӕмӕ», ӕууӕнкгун цагъар хуӕруйнаг кӕмӕн дӕттуй, уонӕмӕ.
«КА ӔЙ ЕЦИ ӔУУӔНКГУН ӔМА ЗУНДГИН ЦАГЪАР»
12. Разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ дӕр рӕдуйгӕ ке кӕнунцӕ, уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн фарста ӕвзуруй?
12 Разамонӕг совети дӕр ӕнӕнхӕст ӕнсувӕртӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Библи ку фӕллӕдӕрун кӕнунцӕ кенӕ унаффитӕ ку фӕххӕссунцӕ, уӕд еуӕй-еухатт рӕдуйгӕ дӕр фӕккӕнунцӕ. Зӕгъӕн, «Индекс публикаций Сторожевой Башни» ку райсӕн, уӕд си ес уӕхӕн дӕлсӕргонд, «Уточнение в понимании», зӕгъгӕ. Еци дӕлсӕргонди ес, 1870 анзӕй нурмӕ Библий хӕццӕ баст фарстатӕ куд лӕдӕрдтан, е куд ӕййевгӕ цудӕй, уой список. Йесо уотӕ нӕ загъта, ӕма ӕууӕнкгун цагъар ци хуӕруйнаг иуардзӕй, е ӕппундӕр неци гъӕуагӕ уодзӕй. Мадта уӕд цӕхуӕн дзуапп раттӕн ес Киристей фарстабӕл: «Ка ӕй еци ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар»? (Матф. 24:45). Цӕмӕй бӕрӕг ӕй, еци цагъари ихӕстӕ Разамонӕг совет ке ӕнхӕст кӕнуй? Ӕркӕсӕн, фиццаг ӕноси разамонӕг советӕн ци ӕртӕ гъуддаги ӕнхус кодтонцӕ, етӕ абони Разамонӕг советӕн дӕр куд ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕ.
13. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ Разамонӕг советӕн куд ӕнхус кӕнуй?
13 Хайгин ӕнцӕ сугъдӕг хъаурӕй. Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ Разамонӕг советӕн ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй хуӕздӕр балӕдӕронцӕ, раздӕр ке нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, еци ахурӕдтӕ Библийӕй. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн ес, уӕлдӕр ци списоки кой кодтан, уой. Еунӕг адӕймаги бон дӕр не ’ссайдӕ ӕнӕ Хуцауи ӕнхусӕй «Хуцауи арф зунд» балӕдӕрун ӕма ма ’й иннетӕн дӕр амонун. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 2:10.) Разамонӕг совети ӕнсувӕрти бон дӕр ӕй апостол Павели хузӕн зӕгъун: «Ӕма уин дзоргӕ дӕр уони туххӕй кӕнӕн, ӕрмӕст, адӕймаги зунди фӕрци ке базудтан, уӕхӕн зундгин дзурдтӕй нӕ, фал, сугъдӕг хъаури фӕрци ке базудтан, уӕхӕн дзурдтӕй» (1 Кор. 2:13). Сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи адӕн мӕнгӕ ахурӕдти уацари адтӕнцӕ. Фал 1919 анзӕй фӕстӕмӕ Библий ахурӕдтӕ хуӕздӕр лӕдӕрун райдӕдтан. Цӕй фӕрци? Разамонӕг советӕн Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ке ӕнхус кодта, уой фӕрци!
14. Раргомади 14:6, 7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ изӕдтӕ Хуцауи адӕнӕн куд ӕнхус кӕнунцӕ?
14 Ӕнхус син кӕнунцӕ изӕдтӕ. Разамонӕг советбӕл хъӕбӕр устур ихӕс ес – гъӕуй сӕ разамунд дӕттун игъосун кӕнуни гъуддагӕн ӕгас дуйнебӕл дӕр. Еци гъуддаги ба архайуй аст милиуанӕй фулдӕр адӕймаги. Цума син е цӕй фӕрци ӕнтӕсуй? Изӕдтӕ син ке ӕнхус кӕнунцӕ, уой фӕрци. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 14:6, 7.) Хъӕбӕр арӕх изӕдтӕ игъосунгӕнгути исаразунцӕ, еци рӕстӕг Хуцауӕй ӕнхус ка курдта, уӕхӕн адӕймаги хӕдзарӕмӕ. Игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаг идарддӕр дӕр размӕ цӕуй, кӕд нӕ нихмӕ фӕццӕунцӕ, уӕддӕр. Мадта бӕрӕг ӕй еци гъуддаги изӕдтӕ дӕр ке архайунцӕ.
15. Разамонӕг совет киристон дини разамонгутӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
15 Игъосунцӕ Хуцау Дзурди разамундмӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 17:17.) Ӕркӕсӕн, 1973 анзи ци хабар адтӕй, уомӕ. 1 июни «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» уӕхӕн фарста адтӕй: «Тамаку думун ка нӕ ниууагъта, е донаргъуд райсунмӕ цӕттӕ ӕй?» Ӕма си адтӕй уӕхӕн дзуапп: «Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ». Статьяй ӕвзурст цудӕй цалдӕр стихи ӕма си финст адтӕй, ӕ тамаку уадзун ке нӕ фӕндуй, уӕхӕн адӕймаги ӕмбурдӕй рацох кӕнун цӕмӕн гъӕуй, уой туххӕй (1 Кор. 5:7; 2 Кор. 7:1). Уотӕ си финст адтӕй: «Уой ӕгӕр карз ӕфхуӕрд исхонӕн нӕййес. Е ӕй Хуцауи фӕндон ӕма финст ӕй ӕ Дзурди». Цума иннӕ динтӕ дӕр, алли гъуддаги дӕр Хуцауи Дзурдмӕ гӕсгӕ фӕййархайунцӕ, е се ’рбацӕуӕггӕгти зӕрдӕмӕ ку нӕ цӕуа, уӕддӕр? Ӕрӕги Еугонд Штатти рацудӕй киунугӕ динти туххӕй, ӕма си финст адтӕй: «Киристон дини разамонгутӕ сӕ ахурӕдтӕ арӕх раййевунцӕ се ’рбацӕуӕггӕгти, удта фулдӕр адӕни цӕстингас ӕма гъудимӕ гӕсгӕ». Фал Разамонӕг совет унаффитӕ фӕххӕссуй, фиццагидӕр Хуцауи Дзурди ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ, фулдӕр адӕни зӕрдӕмӕ ци цӕуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ, фал. Цума уомӕй цӕхуӕн хатдзӕг ес искӕнӕн? Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй?
«МА ИРОНХ КӔНТӔ, РАЗАМУНД УИН КА ДӔТТУЙ», УОНИ
16. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нин разамунд ка дӕттуй, уони ма иронх кӕнӕн?
16 Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:7. Библи зӕгъуй: «Ма иронх кӕнтӕ, разамунд уин ка дӕттуй... уони». Уомӕн еу мадзал ӕй Разамонӕг совети туххӕй ковун (Еф. 6:18). Етӕ берӕ ӕхсидзгӕ ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ, зӕгъӕн, ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг иуарунцӕ, ӕгас дуйнебӕл игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕттунцӕ, удта нӕ организаций нисайнӕгтӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕбӕл харзгонд цӕунцӕ, уомӕ сӕ цӕстӕ дарунцӕ. Мадта Разамонӕг совети туххӕй гъӕуама ӕдзохдӕр ковӕн!
17, 18. а) Разамонӕг совети хӕццӕ ӕмгуст куд кӕнӕн? б) Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги ку фӕййархайӕн, уӕд ӕууӕнкгун цагъарӕн ӕма Йесойӕн ӕнхус кӕнӕн?
17 Разамунд нин ка дӕттуй, уони ке нӕ иронх кӕнӕн, е ма бӕрӕг уодзӕй, Разамонӕг совети амундтӕмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд. Еци амундтӕ фӕуунцӕ нӕ публикацити, удта сӕ фегъосӕн ес не ’мбурдти ӕма конгрессти. Разамонӕг совет ма иснисан кӕнуй районон цӕстӕдаргути, етӕ ба иснисан кӕнунцӕ ӕмбурди хестӕр нӕлгоймӕгти. Ӕма сӕ дууетӕ дӕр Разамонӕг совети ке нӕ иронх кӕнунцӕ, уой ӕвдесунцӕ, сӕ разамундмӕ гӕсгӕ ке архайунцӕ, уомӕй. Удта ни алке бон дӕр ӕй ӕвдесун, нӕ сӕйраг разамонӕг Йесо Киристей ке нимайӕн, разамунд нин ци нӕлгоймӕгти фӕрци дӕттуй, уонӕмӕ ку игъосӕн, уӕд (Дзиуит. 13:17).
18 Разамонӕг совети ке нӕ иронх кӕнӕн, е ма бӕрӕг уодзӕй, игъосун кӕнуни гъуддаги зӕрдиагӕй ку архайӕн, уӕд дӕр. Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:7 нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй разамунд нин ка дӕттуй, уони ӕууӕндундзийнадӕ фӕнзӕн. Разамонӕг совети ӕнсувӕртӕн ба сӕ федар ӕууӕндундзийнадӕ бӕрӕг ӕй, зӕрдиагӕй ке игъосун кӕнунцӕ, ӕма цӕмӕй хуарз хабар игъустгонд цӕуа, уобӕл ке архайунцӕ, уомӕй. Сумах ба син еци ӕхсидзгӕ гъуддаги ӕнхус кӕнтӕ? Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд Йесо махӕн дӕр зӕгъдзӕй: «Мӕ минкъий ӕнсувӕртӕй сӕ еуемӕн ци исаразтайтӕ, уой мӕнӕн исаразтайтӕ» (Матф. 25:34–40).
19. Нӕ сӕйраг разамонӕг Йесо Киристей фӕдбӕл цӕун уӕ федар фӕндӕ цӕмӕн ӕй?
19 Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕмӕ ку иссудӕй, уӕд ӕ фӕдбӕлдзӕугути нӕ ниууагъта (Матф. 28:20). Зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ин разамунд дӕттунмӕ ӕнхус кодтонцӕ Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ, изӕдтӕ ӕма Хуцауи Дзурд. Ӕма абони дӕр Йесо ӕууӕнкгун цагъарӕн еци ӕнхус дӕттуй. Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кӕнуй, етӕ идарддӕр дӕр «Уӕриккӕ [Киристе] кумӕ цӕуй... уордӕмӕ цӕунцӕ ӕ фӕдбӕл» (Рарг. 14:4). Ӕма син мах дӕр сӕ разамундмӕ ку фегъосӕн, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма нӕ сӕйраг разамонӕг Йесо Киристей фӕдбӕл цӕуӕн. Ӕма нӕ е ӕркӕндзӕй ӕносон цардмӕ (Рарг. 7:14–17). Уӕхӕн федӕнӕй нин зӕрдӕ байвӕрун ӕндӕр неке бон ӕй!
^ 3 абз. Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ, 12 апостоли федӕни гъӕуама иссайуонцӕ Нӕуӕг Йерусалими бундори «дууадӕс дори» (Рарг. 21:14). Уомӕ гӕсгӕ еузӕрдон апостолтӕй ескӕмӕн ӕ зӕнхон лӕггадӕ ку фӕууидӕ, уӕд ин ӕ бӕсти ӕндӕр еске агорун нӕбал гъудӕй.
^ 8 абз. 1955 анзӕй хуннун райдӕдта «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги, Библити ӕма трактатти Ӕхсӕнадӕ (Пенсильвани)».