Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм
93 (211) зарӕг
Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм
1. Цӕрӕм мах хуымгӕрдӕны афон,
Нӕхицӕн уый кадыл хынцӕм.
Ныр зӕдтӕ дӕр хуымтӕ ӕфснайынц,
Хуымгӕрдӕны мах дӕр кӕрдӕм.
Уыд куыстӕн сӕрӕвӕрӕг Йесо —
Ныппӕрста нӕмыг хуымы уӕд.
Ныр хуымтӕ кӕрдынмӕ ысты цӕттӕ.
Цӕй, райгӕйӕ ’фснайӕм тыллӕг.
2. У мӕнӕуӕй дзаг абон хордон,
Хӕмпӕлтӕ бӕрӕгӕй зынынц.
Ӕртхъирӕн ’мӕ ’рдиаг кӕнгӕйӕ,
Хъыгдарой нӕ, уымӕ тырнынц.
Иегъовӕйы адӕм та ’гас бон
Сӕ куысты нӕ зонынц фӕллад,
Фысау сабыр адӕм сты бирӕ ’цӕг —
Дӕттӕм сын ӕххуысы къух мах.
3. Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзӕм,
Гъе уымӕн нӕ хуымтӕм тындзӕм.
Фӕстӕ кӕнӕн нӕй абон ’ппындӕр —
Кӕронмӕ хӕстӕг ныр ыстӕм.
Хуымгӕрдӕны фӕудмӕ ӕххуыс уӕм
Ӕппӕтӕн, чи агура зонд.
У цины хос, ногтӕ куы базонынц,
Ныр чи у ’цӕг «мӕнӕуы» къорд.
4. Чырысти у хуымтӕн сӕ Хицау,
Уыны — афон у ныр кӕрдын.
Ныннӕрстысты ’фсиртӕ — хъӕуы нӕ
Ныр бирӕты ахуыр кӕнын!
Куыд цин кӕнӕм, уымӕн зӕгъӕн нӕй —
Хуыцауы ӕмкусджытӕ стӕм!
Зӕрдӕрайгӕйӕ ’мӕ ӕнувыдӕй,
Цӕй, дарддӕр дӕр хуымтӕ кӕрдӕм!