Ӕфсымӕр доны был нӕлгоймагӕн Библийӕ стих кӕсы

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕйы кадджын кӕн пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ

Йегъовӕйы кадджын кӕн пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ

Израилӕгтӕ Йегъовӕйы цӕй тыххӕй кадджын кодтаиккой, уый сын уыд. Уый сӕ Египетӕй ракодта ӕмӕ сӕ фараоны ’фсадӕй аирвӕзын кодта! (Рц 15:1, 2). Йегъовӕ абоны онг дӕр йӕ адӕмӕн хорздзинад аразы. Бузныг дзы кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? (Пс 116:12).

Зӕгъӕм, дӕ бон у ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Дӕ бон у кувын, цӕмӕй дӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай (Фп 2:13). Бирӕтӕ фыццаг райдайынц ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Дӕ бон у мартъийы, апрелы ӕмӕ уын уе ’мбырд районон цӕстдарӕг куы бӕрӕг кӕна, уыцы мӕй 30 сахаты кӕнӕ 50 сахаты хъусын кӕнын. Ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый дӕхиуыл куы бавзарай, уӕд дӕ, чи зоны, бафӕнда ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Къуыри фондз боны чи кусы кӕнӕ йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, суанг уыцы хъусынгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ свӕййынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ (mwb16.07 8). Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм ӕмӕ ууыл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм! (1Аз 16:25).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРТӔ ХОЙЫ МОНГОЛИЙӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Къам видеороликӕй «Ӕртӕ хойы Монголийӕ». Пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕртӕ хойӕ иу, Ундрӕ, автобусы сбадынмӕ хъавы

    Ацы ӕртӕ хойы цавӕр цӕлхдурты сӕрты ахызтысты, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтаиккой?

  • Къам видеороликӕй «Ӕртӕ хойы Монголийӕ». Пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕртӕ хойӕ иу, Оюн, Вефилы хӕрӕндоны кусы

    Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты?

  • Къам видеороликӕй «Ӕртӕ хойы Монголийӕ». Пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕртӕ хойӕ иу, Доржханд, уацамынды нӕлгоймагӕн хъусын кӕны

    Ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы сын лӕггад кӕнынӕн цавӕр ног фадӕттӕ фӕзынд?

  • Къам видеороликӕй «Ӕртӕ хойы Монголийӕ». Пионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы ӕртӕ хойы сӕ мадимӕ

    Сӕ цӕвиттон иннӕтыл куыд фӕзынд?