Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стырдӕр динты ӕууӕндынц, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙЫ ЦАРД ӔМӔ МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ ЦЫ ФЫСТ ИС?

Хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм фарста

Хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм фарста

АДӔМ цард ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕндӕр буары кӕнӕ ӕндӕр ран кӕй фӕцӕры. Чидӕртӕ та хъуыды кӕнынц, мӕлӕты фӕстӕ ногӕй цавӕрдӕр буары кӕй райгуырдзысты. Иннӕтӕ та зӕгъынц, мӕлӕты фӕстӕ кӕй ницыуал вӕййы.

Чи зоны, цы бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ кӕнӕ цы адӕмыхаттӕй дӕ, уымӕй кӕнгӕ у, ацы фарстайы фӕдыл, цы хъуыды кӕныс, уый. Мӕлӕты фӕстӕ цы ӕрцӕуы, уый тыххӕй бирӕ алыхуызон хъуыдытӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ кӕм ис ссарӕн, ӕууӕндӕн кӕуыл уа, ахӕм дзуапп?

Ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕ адӕмы ахуыр кӕнынц, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис. Стырдӕр динты – чырыстон, индуизм, иудаизм, пысылмон ӕмӕ ма ӕндӕрты – ӕууӕндынц, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, мӕлӕты фӕстӕ буарӕй кӕй фӕхицӕн вӕййы ӕмӕ уӕлӕрвты кӕй фӕцӕры. Буддисттӕ та ӕууӕндынц, адӕймаг цалдӕр хатты кӕй райгуыры ног тыхтӕ кӕнӕ ног зондимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй царды сагъӕстӕй кӕй ссӕрибар вӕййы, ома нирванӕйы вӕййы.

Ахӕм ахуырӕдты тыххӕй ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕры уырны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕндӕр дунейы кӕй фӕцӕры. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ мӕлӕтмӕ хуымӕтӕг цӕстӕй нӕ кӕсынц, афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ адӕм кӕй мӕлынц, уый Хуыцауы фӕндон у. Фӕлӕ цымӕ Библи та цы зӕгъы? Дӕ хорзӕхӕй, иннӕ статья дӕр бакӕс. Ацы фарстайӕн дзы цы дзуапп ис, уый дӕм диссаг фӕкӕсдзӕн.